Тема урока: Фыдӕлты фыдӕгъдау – иунӕджы хъысмӕт

Раздел Другое
Класс 9 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ: Фыдӕлты фыдӕгъдау - иунӕджы хъысмӕт. (слайд 1)

Тугъанты Батырбеджы радзырд «Ӕгъдауы амӕттаг» ӕмӕ Цӕлыккаты Ахмӕты радзырд «Туг тугӕй ӕхсадӕуы»-мӕ гӕсгӕ

Урочы нысантӕ: Фӕхӕццӕ кӕнын сывӕллӕттӕм тугисыны ӕбуалгъ, ӕгъатыр ӕгъдау. Ӕххӕст ӕмӕ мидисджын дзуӕппытӕ фӕлтӕрын, аив дзурыныл ахуыр кӕнын.

Урочы хуыз: Урок - дискусси.

Урочы ӕрмӕг: Радзырдтӕ, статьятӕ, презентаци.

Урочы эпиграф: (слайд 2)

Урочы цыд:

- Уӕ бон хорз, ме' мбӕлттӕ!

- Ӕгӕс цу!

Ах.:- Лӕмбынӕг мӕм байхъусут ӕмӕ зӕгъут, кӕй ныхӕстӕ сты.

« Мӕнӕ мӕ армы зӕронд бур сыфтӕр. Йӕ къалиуыл ӕй армы хӕссӕгау чи кодта, уыцы бӕласӕй фӕхицӕн… Мӕнӕ адӕмы ӕмӕ сырдты къӕхты бын лӕзӕры. Дымгӕ йӕ дыууӕрдӕм ратӕр-батӕр кӕны. Къӕвда йыл уары, фӕлӕ, кӕм бамбӕхса, йӕ сӕр кӕдӕм фӕхӕсса,уый йын нӕй…Раст уый хуызӕн дӕн ӕз дӕр…»

-Ацы ныхӕстӕ сты Цӕлыккаты Ахмӕты радзырды сӕйраг архайӕг абырӕг Алийы.

Ах.:- Байхъусут дарддӕр. «Ӕмӕ мын уӕд куыд кӕнгӕ у? Мӕ цард ма цард у? Амарын ӕнцон у…Мӕ туджджынтӕй кӕцы фӕндыйы дӕр амардзынӕн. Фӕлӕ дзы цы рамбулдзынӕн? Стӕй дзы кӕмӕн цы пайда ис? Ме'фсымӕрӕн? Стӕй мӕ дин дӕр марыны ныхмӕ у!...»

Ах.- Ацы дзырдтӕ кӕцӕй ист сты?

_-Тугъанты Батырбеджы радзырд «Ӕгъдауы амӕттаг»-ӕй. Фацбайы ныхӕстӕ.

Ах.- Куыд уӕм кӕсы, ацы радзырдты цы иу кӕны?

- Рагон фыдӕлты ӕгъдау. Тугисыны ӕгъдау.

Ах.- Абон нӕ урочы темӕ у «Фыдӕлты фыдӕгъдау - иунӕджы хъысмӕт» (слайд 3) Ирон адӕмы истории куы фӕкӕсӕм, уӕд адӕймаг дисы бацӕуы, ӕнусты сӕрты рахизгӕйӕ, ӕгъатыр хӕстыты бацӕугӕйӕ (гунтимӕ хӕст, тӕтӕр-манг.2 ӕнусы хӕст, мидхӕст, ФСХ) ирон адӕм бахъахъхъӕдтой сӕ культурӕ, се'гъдӕуттӕ. Ацы трагикон цаутӕ арф фӕд ныууагътой ирон адӕмы царды. Бирӕ хӕзнатӕ фесӕфт историйы гуыргъохъ фӕндӕгты. Мӕлинаг ӕгъдӕуттӕ цард йӕхӕдӕг аппӕрста. Абон цы ӕгъдауы кой кӕндзыстӕм, уый дӕр фаг фӕд ныууагъта нӕ историйы.(слайд 4)

- Куыд уӕм кӕсы, цавӕр сӕйраг фӕлгонцтӕ равдыстой фысджытӕ? Ӕппӕрццӕг ӕви ӕвӕрцӕг?

Сывӕллӕттӕй чи ӕппӕрццӕг дзуры, чи ӕвӕрцӕг.

-Дзуапп раттыны разӕй-ма зӕгъӕм, цавӕр удыхъӕды хицау уыдысты сӕйраг архайджытӕ?

Сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынц.

Ӕвӕрцӕг миниуджытӕ

Фацбай Али

Зондджын хъӕддых хъаруджын зондджын ӕмбаргӕ ӕгъдауджын хӕларзӕрдӕ йӕ дзырдӕн хицау хиуылхӕцгӕ ӕмгарджын

Ӕппӕрццӕг миниуджытӕ лӕгмар лӕгмар

Ах.-Зӕгъут-ма, Лӕгмары схонӕн ис ӕвӕрцӕг фӕлгонц?(слайд)

(Сывӕллӕттӕ дыууӕ къордыл адих сты)

1 къорд

-Мах афтӕ хъуыды кӕнӕм, Фацбай ӕмӕ Али дӕр цардысты тызмӕг рӕстӕг,уыдис карз ӕгъдӕуттӕ. Ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Ӕгъдау сӕ домдта.

2 къорд

-Лӕгмар, лӕгмар у! Никӕмӕн ис адӕймаджы цард аскъуыныны бар.

Ах.-Равзарӕм- ма дыууӕ фӕлгонцы хицӕнӕй. Стӕй зӕгъут цы сӕм ис иудзинадӕй? (Кӕсӕм текст)

1 къорд

_Фацбай у зондджын, ӕмбаргӕ. Йӕ мады ныхмӕ рацыд (кӕсӕм текстӕй скъуыддзаг). «Ныууадз, Дзыцца. Нӕ мӕ фӕнӕды туг исын, стай уыцы фӕндагыл ӕндӕр искӕй бафтауынмӕ дӕр нӕ хъавын». Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты ууыл ӕмӕ Фацбай нӕ фӕндыдис марын.

2 къорд

-Фацбай равдыста лӕмӕгъдзинад. Фаг тых ӕм нӕ разынд ӕхсӕнады ныхмӕ стох кӕнынмӕ. Йӕхи нӕ баурӕдта ӕмӕ дзы лӕгмар рауад.

Ах.-Фыццаг ахоссаг уымӕн уыди Фацбайы мад. Закъон ын цы стӕрхон кодта йӕ фырты марӕгӕн, уый йын фаг нӕ уыди. Нудӕсӕм ӕнусы ӕмбисы Кавказы куы ӕрфидар сты тӕрхондӕттӕ, уӕд тугисджытӕн закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ сӕ закъон дӕр нӕ урӕдта, уымӕн ӕмӕ ӕгъдау закъонӕй уӕлдӕр авӕрд уыди адӕмма. (слайд 5)

Фацбай раствӕндагыл лӕуд уыди, фӕлӕ йӕ зонд нӕ фӕтых адӕмы фыдзондыл. Ӕмӕ йӕ принципты сӕрты ахызт. Али та?

1 къорд

-Али у рагон ӕгъдӕуттыл хаст. Уыдис тызмӕг рӕстӕг ӕмӕ йӕ фыды марӕджы ӕнӕфхӕрдӕй ныууадзын уыдис худинагыл нымад.

2 къорд

-Ӕххӕст кодта йӕ фыды фӕдзахст: «Нӕ мыггаджы ма фӕхудинаг кӕн: нӕ туг ӕнӕ истӕй ма ныууадз». Йӕ фыды ингӕны уӕлхъус ард бахордта,алы аз дӕр ын хист кӕй кӕндзӕн.

Ах.- Урок райдыдтон Алийы ныхӕстӕй. Куыд сӕ ӕмбарут? Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ. -Али бары йахи сыфтӕримӕ. Сыфтӕр къалиуӕй фӕхицӕн ӕмӕ йӕ дымгӕ ратӕр-батӕр кӕны.

-Али загъта: «Мӕ цард фӕци, фӕлӕ йыл нӕ мӕт кӕнын. Ӕз фӕцардтӕн, лӕгӕн куыд ӕмбӕлы ,афтӕ…» (кӕсӕм текст) Ӕрыгонӕй уыцы фӕндагыл кӕй ныллӕууыд, ууыл фӕсмон нӕ кӕны. Лӕгдзинад ӕвдыста, афтӕ йӕм каст. Рӕстӕг аивта ,зӕгъгӕ, афтӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ йӕ кӕй амардтой уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, рӕстӕг куыд уыди афтӕмӕй баззад.

- Уӕдӕ цавӕр хатдзӕгтӕм ӕрцыдыстӕм?

1 къорд

-Чи зоны ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд ,дугмӕ, зӕронд ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕйӕ, фӕлӕ Тугъанты Батырбег ӕмӕ Цӕлыккаты Ахмӕт сӕ радзырдты фӕрцы дзурынц адӕмӕн: туг исын фыдӕгъдау у ӕмӕ йӕ ныууадзын хъӕуы.

2 къорд

-Ацы рагон ӕмӕ ӕбуалгъ ӕгъдау хаста фыдбылыз. (слайд 6)

(кӕсӕм слайд « Тугисыны ӕгъдау»)

Куыд федтам, афтӕмӕй уыдис алыхуызон мадзӕлттӕ тугисынӕн «ӕгъгъӕд» зӕгъынмӕ, фӕлӕ сӕ бирӕтӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Хатыр ӕгъатырӕй хуыздӕр. Цас удтӕ, цас мыггӕгтӕ фесӕфт ацы фыдӕгъдауы ахоссагӕй!? Нӕ рухстауӕг фысджытӕ ,ӕхсӕнады рыст кӕмӕ хъардта,уыдон тынг дзырдтой ацы ӕгъдауы ныхмӕ: Коцойта Арсен, Къубалты Алыксандр, Байаты Гаппо,Тугъанты Батырбег, Цӕлыккаты Ахмӕт.

Абон тугисыны ӕгъдау махӕн у ӕнӕуынон, нӕ зонд цы нӕ кӕрды,ахӕм хъуыддаг. Цард ӕй аппӕрста йӕхӕдӕг. Фӕлӕ нӕм ӕнусты сӕрты ӕрбахӕццӕ сты ахӕм ӕгъдӕуттӕ, кӕцыты хъахъхъӕнын хъӕуы цӕсты гагуыйау.(слайд 7)

«Ныхасы фарн» Джыккайты Ш.

«Ивы рӕстӕг, ивы цард, ивынц ӕгъдӕуттӕ. Уыдонимӕ ивынц адӕм дӕр. Фӕлӕ ис ӕнусон чи у,ахӕм монон хӕзнатӕ. Уыдонӕй ӕвзӕрын ӕмӕ фидар кӕнынц адӕмы менталитет,ӕууӕлтӕ, йӕ уды хъӕд…

Алы адӕмӕн дӕр ис йӕхи истории, йӕхи культурӕ. Уыдон иппӕрд не сты иннӕ адӕмты цард ӕмӕ культурӕйӕ, фӕлӕ сын уӕддӕр вӕййы сӕхи сӕрмагонд миниуджытӕ, иннӕ адӕмтӕй сӕ чи хицӕн кӕны ахӕм хуызтӕ. Алы адӕмӕн дӕр ис йӕхи национ цӕсгом. Уый дӕр, мрамор цыртдзӕвӕнау нӕу ӕнусты дӕргъы, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ никуы аивтой сӕ фарны уидӕгтыл - ӕхсар, намыс, уӕздандзинадыл. Уыцы моралон хӕрзтӕ сӕ царды уыдысты фӕтк ӕмӕ традици. Къоста фыста,зӕгъгӕ, хохӕгтӕ «бахъахъхъӕдтой европӕйаг уӕздандӕр, лӕг сӕрыстыр цӕмӕй уыдаид, ахӕм традицитӕ. Ӕнӕрцӕф рыцары намыс сыгъдӕгӕй дарын, хӕс цытимӕ ӕххӕст кӕнын, ныхасыл ӕнувыд уӕвын ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ, уыдонӕн ис ӕрдзон миниуджытӕ, ӕмӕ сын хъӕуы аргъ кӕнын…»

- Саразут ма синквейн дзырдтӕ цард ӕмӕ тугисӕг-ӕн.

-Ныр-та скӕнӕм хатдзӕгтӕ нӕ абоны куыстӕн (рефлексии):

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд… Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд… ӕз базыдтон абон… Урокӕй цӕуын… (слайд 8)

- Стыр бузныг уе'ппӕтӕн дӕр. Хӕрзбон.











© 2010-2022