Обобщение педагогического опыта Коцойты Арсен

Раздел Другое
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:





Ирон литературæйы урок 8-æм къласы

Урочы темæ: « Царды рæсугъд фæрæзтæ Коцойты Арсены сфæлдыстады»





Туаты Фатимæ,

Дзæуджыхъæуы

25-æм скъолайы ахуыргæнæг



Туаты Фатимæ,

Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы ахуыргæнæг



Ирон литературæйы урок 8-æм къласы

Урочы темæ: « Царды рæсугъд фæрæзтæ Коцойты Арсены сфæлдыстады»



  • Нысантæ: Проэктон методы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.

  • Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

  • Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын æнæуынондзинад фæлывд, зыд æмæ давынмæ.

Урочы цыд

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг : Уæ бон хорз, нæ фæрныг уазджытæ æмæ сывæллæттæ!

Абон, литературæйы урочы иннæ хæттытау архайдзыстæм литературон уацмысты уынын, æвзарын æмæ зæрдыл дарын куыд хъæуы цæрын,уый.

Уыимæ,лæмбынæг байхъусут цалдæр зондамонæн базырджын ныхасмæ:

  1. « Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын,никуы никæуыл рацыдтæн хинæй».

Дзаболаты Хазби

  1. « Æз лæгæй лæгдзинад домын,хорзы агурын æмбалæн».

Калоты Хазби

  1. «Уадзын дын, мæ хорз фæдон, мæ фæстæ кады ном зынаргъдæр бынæн æз!».

Бестауты Геуæрги

Ахыргæнæджы фарст:

- Кæд адон цалдæр адæймаджы загътой,уæддæр сæ цавæр фыссæгмæ ис ахæссæн?

Скъоладзау: Коцойты Арсенмæ

Ахуыргæнæг : Тынг раст,бузныг. Уæдæ абон дарддæр ахуыр кæндзыстæм Коцойты Арсены сфæлдыстадон бынтæ.

2. Мотивацион уавæр.

Коцойты Арсены сфæлдыстад у æнæкæрон. Цæмæй дзы бæлвырддæр истæуыл æрлæууæм, уый тыххæй ма экранмæ ракæсут. Цы уынут экраныл?

Скъоладзау: Æхцайы чырын

Обобщение педагогического опыта Коцойты Арсен

Ахуыргæнæг : Цæмæн хъæуы æхца?

Скъоладзау: Цæрынæн

Ахуыргæнæг : Тынг раст. Уæдæ нæ абоны урочы темæ у царды рæсугъдгæнæн фæрæзтæ Коцойты Арсены сфæлдыстады!



  • Нысантæ: Проэктон методы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.

  • Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

  • Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын æнæуынондзинад фæлывд, зыд æмæ давынмæ.



Ахуыргæнæг : Цæмæй бæлвырдæй райдайæм æвзарын, бакæсынмæ уын цы радзырд уыдис уый, уый тыххæй иудзæвгар афæлгæсæм Арсены сфæлдыстадыл.

3.Ног æрмæгыл куыст.

Ахуыргæнæг : Коцойты Арсен уыдис хорз фыссæг. Уымæй уæлдай ма йын йæ цардæй исты зонут?

Скъоладзау: Рухстауæг, публицист,мæлинаг æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг, зондамонæг карикатурæтæ нывгæнæг, куырыхон хистæр, ирон æвзаджы зæрингуырд.

Ахуыргæнæг : Се 'ппæт хæзнатыл нын æрлæууыны фадат нæй,фæлæ йын йæ бынтæй абон æркæсæм карикатурæтæм.

Ахуыргæнæг : Цы у карикатурæ?

Скъоладзау: Рæсугъд худæг ныв,кæцыйы фæрцы адæймаджы фæфæнды цыдæр зæгъын.

Ахуыргæнæг : Тынг раст. Бузныг. Карикатурæтæй алкæйдæр ис схонæн аивадон уацмыс йæ хъуыды æмæ йæ абоны царды ахадындзинадмæ гæсгæ.

- Махæй хуыздæр сæ зоны Аннæ.

Проэктон куыст.

Ахуыргæнæг : Аннæ дæ хорзæхæй.

Скъоладзау дзуры йæ проэктон куыст: (презентаци)

1 карикатурæ

Зианмæ цæуын ирон адæммæ уыдис бæрзонд æвæрд царды. Абон дæр афтæ у,фæлæ хъыгагæн Арсены рæстæджы æмæ абон дæр бирæ ис малхазтæ.

2 карикатурæ

Ирон кæддæриддæр зыдта йæ сæрæн кад кæнын,фæлæ ис уæддæр æмæ нырдæр ахæмтæ, кæцытæ хицауы раз лæууынц сæ уæрджытыл.дæлбармæ та кæсынц æлдары цæстæй.

3 карикатурæ

Дзырд «уæрæседзау» ирон адæммæ æвзæр миниуджытæ амоны. Афтæ уыд Арсены заман, афтæ у нырдæр. Фæлæ хъыгагæн ахæмты нымæц бонæй- бон фылдæр кæны.

4 карикатурæ

Алы адæймаг дæр тырны амондджын цардмæ,уымæн фæрæзтæ ссарыны тыххæй абон дæр ирон адæмæй бирæтæ фæиппæрд вæййынц Фыдыбæстæй. Фæлæ мæнæ ацы дыууæ адæймаджы хуызæн ма хъуамæ кæсой Ирыстонмæ. Хъуамæ фæзмыной Гергиты Валерийы, Дудараты Вероникæйы, Байаты Гаппойы.

5 карикатурæ

Мæ зæрдæмæ æппæтæй тынгдæр цæуы мæнæ ацы карикатурæ. Нæ абоны урочы темæ дæрбаст у уыимæ.Хи фæллойæ адæймаг цы бакуса,æрмæст уый æрхæссы удæнцойдзинаддæр, амонддæр æмæ бæркаддæр.

Ахуыргæнæг : Федтат,зондджын ахуырдзау хъуыддæгтæ кæрæдзиуыл куыд бæтты! Стыр бузныг Аннæ,сбад дæ хорзæхæй.

(уацмысмæ рахизын)

Ахуыргæнæг : Æркæсæм ма уæдæ иуæй- иутæ та куыдæй хъавынц мулк æмæ исбон бакусынмæ.

- Цавæр рæстæджы цаутæ æвдисы фыссæг?

Скъоладзау: Мидхæсты цаутæ

Ахуыргæнæг : Абон дæр ма искуы цæуы мидхæст?

Скъоладзау: Украинæйы

Ахуыргæнæг : Куыд уæм кæсы, хæст æвзæр у,фæлæ æндæр бæстæимæ хæцын æнцондæр у æви иу бæстæйы адæм куы схæцынц кæрæдзиимæ?

Скъоладзау: Æндæр бæстæимæ,мидхæсты бахауынц хæстæджытæ ,хиуæттæ.

Ахуыргæнæг : Куыд уæм кæсы, кæй ис æвзæрдæр схонæн ацы хæсты,хæцæг адæмы æви уыцы хæстæй пайда чи агуры, уыдон?

Скъоладзау: Уыцы хæстæй пайда чи агуры, уыдон.

Ахуыргæнæг : Ныр та бакæнæм ахæм куыст. Дыууæ къордыл ма адих уæм: фыццаг къорд æвзары уацмыс, дыккаг къорд æххæст кæныц фыццаг къорды куыст æмæ аразынц хатдзæгтæ.

(Дыккаг къорд :

Скъоладзау: Уæсмæн йемæ ракодта йе ' 18-аздзыд фырты дæр. Йе 'взæрдзинæдтыл ахуыр кæны йæ фырты дæр).

Ахуыргæнæг : Чи сты архайджытæ,иухатт ма йæ зæгъут?

Скъоладзау: Ирон адæм

Ахуыргæнæг : Цавæр минуджытæ ис архайджытæм? Чиныджы ссарын дæнцæгтæ (зыд,хæлæг,тæрсаг,æдзæстуарзон,æнахуыргонд)

Обобщение педагогического опыта Коцойты Арсен

Ахуыргæнæг : - Куыд уæм кæсы,карикатурæйы кæцы у Сæйтт æмæ Уæсмæны хуызæн?

Ахуыргæнæг : «Давæггаг фарсыл нæ хæцы»-æвзаджы урочы куыд хуыйны ацы хъуыдыйад?

Скъоладзау: Æмбисонд

Ахуыргæнæг : Цы у æмбисонд?

Скъоладзау: Адæмы æхсæн цы баззад уыцы æцæгдзинад.

Ахуыргæнæг : Мæнæ ацы æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнут.Куыд сæ æмбарут? Ис сын ахæссæн радзырдмæ?

  1. Зыд æмæ кæрæф лæг … .

  2. Фыдбон æмæ фыдлæджы митæн кæрон никуы уыдзæн, … .

  3. Ахуырдзинады фæндаг - рухсмæ, ….

Ахуыргæнæг : Лексикæйы цавæр хаимæфембæлдыстут ацы хъуыдыйæдты?

Скъоладзау: Антонимтимæ

Ахуыргæнæг : Иуцалдæр ма зæгъут сымах дæр

Скъоладзау: Хорз-æвзæр,хъæздыг-мæгуыр

Хатдзæгтæ скæнын

Ахуыргæнæг : Уæ цæстыты раз цавæр адæймагæй æрлæууыд Арсен?

Уæдæ уын ныртæккæ æз бакæсдзынæн,йæ хъæуккаг Къусраты Егнат та куыд бахъуыды кодта Арсены,уый.

( уæлæмхасæн æрмæгæй 10 кълас)

Ахуыргæнæг : Цы базыдтат ногæй урочы?

Ахуыргæнæг : Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут раззаг кълæсты уацмыстæ? Скъоладзау: Саломи, цæукъа æмæ фыркъа,Цуанонтæ,Гигойы куадзæн

Ахуыргæнæг : Ацы уацмысты, сымахмæ гæсгæ, Коцойты Арсен цы амоны?

-Кæд фыста йæ уацмыстæ?

Скъоладзау: Сæдæ азы размæ

Ахуыргæнæг : Цæмæн ма сæ ахуыр кæнæм ныр дæр?

Скъоладзау: Уымæн æмæ абондæр сты актуалон.

Ахуыргæнæг : Арсены хъайтартæ цардысты æмæ цæрдзысты алы дугты, уымæн æмæ зæронд нæ кæнынц, фæзынынц цыфæнды æхсæнады дæр, æрмæст рæстæг æмæ уавæртæм гæсгæ ивынц сæ дарæс, сæ гамхудтæ. Уымæн сты цымыдисаг, актуалон.

Арсен йæ радзырды спайда кодта юморæй. Уый у сатирæйы хуыз. Хъæлдзæг нывтæй худæджы хай кæны адæймæгты фæстæзад зондахаст,сæ зыд,сæ хин митæ.

Сатирæ та у аивадон литературæйы хуыз,йæ нысан у царды хъæнтæ хурмæ хæсссын,уыдон æгъатырæй критикæ кæнын,адæймаджы æвзæр миниуджытыл худын. Сатирæимæ базонгæ уыдзыстæм Арсены иннæ уацмысты «Декрет» æмæ «Мырзæджы карьерæ»-йы.

Аулæфт

Ахуыргæнæг : Ныр та иугыццыл ахъазæм. Хъазт « Хорз Дукани»

Æрбакæсут экранмæ. Ацы миниуджытæн зæгъгæ балхæнæн уыд,уæд дзы кæцытæ балхæниккат?

Бæрæгæнæнтæ сæвæрын.

Абон тынг активонæй равдыстой сæхи ………. Æвæрын уын фондзтæ. Бакусын ма хъæуы сæхиуыл……..

Хæдзармæ куыст.

Бакæсын Коцойты Арсены дыууæ радзырды «Декрет» æмæ «Мырзæджы карьерæ»



© 2010-2022