• Преподавателю
  • Другое
  • Тема: Нымæцонты семантикæ, арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ фолькролон текстты

Тема: Нымæцонты семантикæ, арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ фолькролон текстты

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

12

VIII городской конкурс научно-исследовательских работ «Хетагуровские чтения»


Направление:Гуманитарное

Категория:Среднее звено

Тема;Нымæцонты семантикæ, арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ фолькролон текстты.

Автор работы:

Джиоева Лана Альбертовна

МБОУ СОШ №11 им. М.З.Уруймагова,8класс

г.Владикавказ

тел.89627482399

Научный руководитель:

Хуриева Жанна Курмановна

Учитель осетинского языка

89627482399


Владикавказ , 2014-2015уч.г

Сæргæндтæ



Разныхас…………………………………………………………………….3

Сæйраг хай………………………………………………………………….4

Кæронбæттæн……………………………………………………………11

Литературæ………………………………………………………………..12



















РАЗНЫХАС

Хъæздыг æмæ бирæкъабазджын у ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад. Нæ фыдæлтæ цы уыдтой сæ алыварс, цы зыдтой æмæ цы хъуыды кодтой, цæмæ бæллыдысты, уыдон æвдыст æрцыдысты адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады алы жанрты: Нарты кадджыты, аргъæуттæ æмæ таурæгъты, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыциты, зарджытæ æмæ хъарджыты. Нæ адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад махæн дзуры нæ рагфыдæлты истори, сæ царды уаг æмæ сæ ахастыты тыххæй. Уымæн æм ис стыр цымыдисдзинад ахуыргæндты ʼрдыгæй дæр. Уыдон иртасынц адæмон сфæлдыстады алыхуызон фарстатæ, уыимæ фольклорон текстты æвзаджы хицæндзинæдтæ дæр.

Ирон фольклорон текстты æвзаджы фарстатыл бирæ бакуыстой Абайты Васо, Жорж Дюмезиль, Хæмыцаты Тамарæ, Гуыриаты Тамерлан æ. а. д. Фæлæ мах куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй нымæцонты семантикæ, сæ арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ сæрмагондæй иртæстгонд нæма сты. Уымæ гæсгæ нæ иртасæн куысты темæ у актуалон.

Нæ иртасæн куысты объект у ирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад; предмет - нымæцонты семантикæ, сæ арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ фольклорон текстты.

Иртасæн куысты нысан у: сбæрæг кæнын нымæцонты семантикæ, сæ арæзт æмæ функционалон хицæндзинæдтæ фольклорон текстты.

Уый тыххæй сæххæст кæнын хъуыдис ахæм хæстæ:

- рахицæн кæнын нымæцонтæ фольклорон текстты: Нарты кадджыты, аргъæутты, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыциты;

-ирон æвзаджы теорийыл æнцойгæнгæйæ, сбæрæг кæнын нымæцонты семантикæ, сæ арæзт æмæ сæ функцитæ.

Иртасæн куыст кæнгæйæ пайда кодтам æрфыстон æмæ контекстон анализы методтæй.

Нæ иртасæн куыст арæзт у ахæм хæйттæй: разныхас, сæйраг хай, кæронбæттæн æмæ литературæ.

СÆЙРАГ ХАЙ

Хъæздыг æмæ мидисджын у ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад, æвдисы нæ рагфыдæлты истори, сæ царды уаг æмæ сæ ахастытæ. Стыр æргом æм здæхт цæуы ахуыргæндты ʼрдыгæй. Уыдон иртасынц алыхуызон фарстатæ, уыимæ - фольклорон текстты æвзаджы хицæндзинæдтæ дæр. Цымыдисаг у ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстады нымæцонты семантикæ, сæ арæзт æмæ функцитæ, уымæ гæсгæ махæн нæ куыст баст у уыцы фарста иртасынимæ.

Ирон адæм иуæй-иу нымæцтæ дзурынц табугæнгæ. Зæгъæм, цымыдисаг у нымæц æртæ. Ирыстоны тырысайы ис æртæ хуызы: урс, сырх æмæ бур. Нæ фынг у æртæкъахыг. Æртæ чъирийæ кувæм куывдты æмæ чындзæхсæвты. Æртæ чъирийæ уымæн, æмæ нæ рагфыдæлтæ сæ алыварс дуне дих кодтой æртæ хайыл: хур, зæхх, дон. Уымæ гæсгæ зианы фынгыл æвæрынц дыууæ чъирийы (айсынц уæллаг чъири, хур кæцы нысан кæны, уый). Æртæ æртæдзыхонæн та ис ноджы арфдæр нысаниуæг. Уый тыххæй фыссы Цгъойты Хазби афтæ фыссы: «Фынгыл сæ кувгæ-кувын нæ хицæн кæнæм, фæлæ сæ æрзилæм, сæ тигътæ куыд разыной, афтæ. Æмæ нæ цæстыты раз саразынц фарасттигъон стъалы. Кæд, мыййаг, уый нæ фыдæлты стъалы у, æмæ уый æвдисæг фæрæз сты æртæ æртæдзыхоны?» [14, 41 ф.].

Цымыдисаг у нымæцон æртæирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады. Нæртон мыггæгтæ уыдысты æртæ: Борæтæ, Алæгатæ, Æхсæртæгкатæ. Батрадз куы амард, уæд ыл Хуыцау æрæппæрста æртæ цæстысыджы. Афтæмæй равзæрдысты æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыртæ, Таранджелос. Æртæ мыдамæсты ракæны Сатана æмæ скувы Хуыцаумæ. Нæ рагфыдæлтæн суанг сæ фæттæ дæр æртæтигъонтæ - æрттигътæ уыдысты.

Бирæвæрсыг у нымæц авд. Куыд загътам, афтæмæй нымæц æртæ у табуйаг. Уымæ ма бафтыдæуыди нымæц цыппар, кæцы амоны бæстæйы цыппар фарсы: цæгат, хуссар, хурыскæсæн æмæ хурныгуылæн. Авдимæ ис бирæ дзырдбæстытæ. Аргъæутты авд дуары, авд æфцæджы.Авд хохы сæрты ахизы таурæгъы æмæ аргъауы хъæбатыр æ. а. д.

Дзырд «авдæн» дæр арæзт у нымæцон авд-æй, ома авд сывæллонæн. Рагзаманты-иу авд сывæллоны кæмæн уыд, уыдон-иу нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Æвдæм сывæллоныл та дыгурмæ арæх æвæрдтой ном Авдан, ома авд стæм.

Нымæц авд баст у зæдтимæ, кувæндæттимæ: Авд Хуры, Авд Уациллайы, Авд дзуары. «Авд дзуары - сæ рæстæджы алантæ табу кæмæн кодтой, уыцы æппæты рагондæр дзуæрттæ æмæ дауджытæй иу ирон мифологийы. Авд дзуары хауынц, ирон адæм фылдæр кæмæ кувынц, уыцы авд дзуары æмæ дауæджы: Æфсати, Донбеттыр, Реком, Фæлвæра, Уастырджи, Уацилла, Тутыр», - загъд ис «Ирон адæмы этнографи и мифологийы дзырдуат»-ы [12, 10 ф.].

Рагзаманты уырнынадмæ гæсгæ, дунейы сконд у авд дæлдзæхæй æмæ авд уæлдзæхæй. Таурæгъ «Сослан Косеры куыд ракуырдта»-йы кæсæм, Сослан мæрдты бæсты æвдæм дæлдзæхмæ куыд бахаудта, уый. Уым фембæлд хæйрæджытимæ. «Авд дæлдзæхы фæу», ома хæйрæджытæм бахау- ис ахæм æлгъыст.

Нымæцон авд æмбæлы ном Авдиуæг-ы дæр. Æвдудон (авд уды кæмæн ис, уый) у хæйрæг, фæлæ ма афтæ фæзæгъынц гæдыйæ дæр.

Нымæцон авд æмбæлы стъалыты дзыгуыры номы - Авд хойы. Таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй уыдон уыдысты авд хойы. Ис ахæм тагъддзуринаг дæр:

Бынтон - æнафон,

Æнæнтыст фæуой,

Цъæх арвыл кафынц,

Цъæх арвыл симынц

Æнæнтыст хотæ,

Кæсут-ма, авдæй.

Аззæ - сæ хистæр,

Гъе стæй - Уырыззæ.

Уымæй дæлæмæ -

Цицц æмæ Уæрдахъ,

Дæдæкк æмæ Уæдæкк,

Стæй сæ кæстæр - Къæбæда.

Cæ нысаниуæгмæ гæсгæ фольклорон текстты арæхдæр æмбæлынц бæрцон нымæцонтæ, зæгъæм, æмбисæндты: Адæймагæн - иу мадыхай, иу - фыдыхай. Иу, зæгъы, сыдæй марди, иннæ та йын йæ роны гуыдынтæ агуырдта. Иу рæдыдæй рæдыд нæй, иу азымæй - азым. Дыууæ харбызы иу къухы нæ цæуынц. Дыууæмæ хъавæджы иу дæр нæ фæвæййы. Хъайтар иу хатт мæлы, тæппуд - сæдæ хаты. Иу рæдыдæн - барст, дыууæйæн - хатыр, æртыккагæн - уайдзæф.

Æмбисæндты æмбæлынц рæнхъон æмæ дихон нымæцонтæ дæр: Сывæллонæн хуыссæг - йæ дыккаг мад. Адæймагæн - иу йæ зæххы хай, дыккаг - хуры, æртыккаг - Хуыцауы. Дохтыр хосгæнæг у, фæлæ фыццаг хосгæнæг адæймаг - йæхицæн. Хуыцау иу у, зæдтæ æмæ дауджытæ - æвдгæйттæ. Чи иугæйттæй нымайы, чи - къæйттæй. Чи дæсгай нымайы, чи - сæдæгай. Чи мингай нымайы, чи - æрдзæгай.

Бæрцон хуымæтæг нымæцонтыл сæмбæлдыстæм уыци-уыциты дæр: Иу зæронды дысæй дыууадæс цъиуы ратахт. Асиатыл - авд кæрцы.

Цымыдисаг сты нымæцонтæ сæдæ æмæ æрдзæ. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, сæдæ у тынг рагон дзырд, уыдис рагон ирайнаг æмæ индоевропæйаг æвзæгты. Уый тыххæй фыссы: «Как и другие числительные, - иранское и индоевропейское наследие. Восходит к иранскому satam, индоевропейскому kmtom. Представлено во всем индоевропейском мире, а также заимствовано в некоторые соседние языки: персидский, таджикский» [1, с. 53].

Æрдзæ (мин) æмбæлы Нарты кадджыты. Æрдзæтæй нымайынц мард сырдты, стæй - æфсæдты.

Сæ арæзтмæ гæсгæ фольклорон текстты фылдæр бафиппайдтам хуымæтæг нымæцонтæ иу, дыууæ, æртæ, арæхдæр æмбæлынц æмбисæндты:

Иу - æмæ хуызæнæн, бирæ - æмæ ницæййаг. Æгъдау æмæ фæтк - иу æргъомы баст. Æгъдау æмæ фæткæн - иу æфсондз. Æгъдау æмæ фæткæн - иу уаг. Æгъдау æмæ фæткæн - иу сæрбос. Иу цæнгтæй фидар вæййы, иннæ - зæнгтæй. Иу æгадæй тæрсы, иннæ - лæггадæй. Дыууæ файнусты цæрын куы зоной, уæд - хотæ. Лæдзæгæн дыууæ кæроны и, æмæ дзы кæцыйыл фæхæст уай, уый - дæхи. Адæймаджы цард - дыууæ боны. Дыууæ бæх ивæгæй иу йæ саргъ йе ʼккой хæссы. Дыууæ харбызы иу къухы нæ цæуынц. Дыууæмæ хъавæджы иу дæр нæ фæвæййы. Ирон фынгæн - æртæ къахы. Æртæ хорзæй - иу. Кувинагæн - æртæ хорзæхы.

Иуæй-иу æмбисæндты æмбæлы цалдæр нымæцоны: Иу марды дыууæ ныгæды ничи кæны. Дыууæ амондæй - иу. Иу йæхиуыл фæхуды, дыууæ - кæрæдзиуыл, æртæ - искæуыл. Адæймагыл - дыууæ цæсты, адæмыл - сæдæ цæсты. Адæймаг æртæ хатты йæ зæдыхаймæ хъусы, иу хатт - йæ хæйрæджыхаймæ.

Вазыгджын нымæцонтæй сæмбæлдыстæм дыууадæсыл - дыууадæс у вазыгджын дзырд аразæг хай (дыууадæстæнон фæндыр, Нартæн æй балæвар кодта Сырдон), æмæ æстдæсыл, у вазыгджын дзырд аразæг хай - æстдæссион (саг).

Вазыгджын нымæцон æстдæс - æстдæссион саг - æстдæссыкъаджын саг (дыууæрдыгæй дæр ыл ис фарастгай сыкъатæ), хуыдтой ма йæ «сæрджын саг», «æстдæссион», æмбæлы Нарты кадджыты. Кадæг «Сослан мæрдты бæсты»-йы кæсæм: «Бирæ фæхаттæн, фæлæ мыл ахæм æмбисонд никуыма сæмбæлд, - загъта Уырызмæг. - Ацы бон уыдтæн цуаны. Кæсын, æмæ иу ран хуры тынтæ ныккастысты æстдæссион сагмæ».

Нымæцонтæ аразынц æндæр вазыгджын дзырдтæ дæр: Уалынмæ уыдисны рихи-уылынг æртæкъахыг бæх скъæтæй йæ бæттæн раскъуыдта. Сызгъордта уылынг лæгмæ æмæ йыл зæвæтæй балæууыд («Уыдисны рихи-уылынг лæг»). / Æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ ронджы гоцъоби райста æлдарæн йæ астæуккаг чызг, разылд рæнхъытыл æмæ уый дæр йæ хуын иу æлдары фырты раз æрæвæрдта («Æлдар æмæ хæлын барæг»). / Хæдзарæн - æртæкъахыг фынг. (Æмб.) Змæст донæн - дывæрсыг фæрсудзæн. (Æмб.).

Нымæцонтæ фольклорон текстты æххæст кæнынц алыхуызон функцитæ. Зæгъæм, æмбæлынц аргъæутты сæргæндты: «Æртæ æхсинæджы», Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры», «Æлдары æртæ фырты æмæ æртæ чызджы аргъау», «Мæгуыр лæджы æртæ лæппуйы аргъау», «Æртæ æфсымæры», «Æлдары чызг, кæннæ дыууæ æрдхорд æлдары», «Æртæ æфсымæры куыд ссардтой сæ давд бæхтæ».

Арæх æмбæлынц нымæцонтæ адæмон аргъæутты райдианы: Цардысты фондз æмбалы: арс, бирæгъ, рувас, зыгъарæг æмæ теуа («Теуа йе ʼнæзондæй куыд фесæфт»). / Цардис æмæ уыдис иу лæг æмæ иу куыдз («Арс æмæ куыдз»). / Царди æмæ уыдис иу мæгуыр зæрондгомау лæг, Къобала («Къобалайы сæгътæ»). / Арс цуаны рацыд æмæ иу хъуг аргæвста («Арс æмæ мæлдзыг»). / Иу идæдз усæн уыди авд фырты («Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»). / Цардис иу мæгуыр лæг æмæ йын уыдис æртæ чызджы («Æхсарджын чызг»). / Цардысты æмæ уыдысты иу хъæуы æртæ æфсымæры («Фæныкгуыз»). / Борæты къулбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт ацыдысты авд уæйыджы хомæ курæг («Борæты къулбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт»). / Иу æлдар фæцæйцыди йæ хæдзармæ («Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой»).

Æмбæлынц нымæцонтæ Нарты эпосы иуæй-иу кадджыты райдианы дæр: Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас, йæ дидинджытæ-иу æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы («Нарты фæткъуы»). / Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. / («Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой»). / Æхсæртæгкатæ æмæ Борæтæ уыдысты дыууæ мыггаджы («Æхсæртæгкатæ æмæ Борæты хæст»). / Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис («Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд»). / Арвы рухс æмæ зæххы фидауц басгуыхти авд æфсымæры иунæг хо Акула-рæсугъд («Нарты симд»). / Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ («Батрадз æмæ Нарты Уацамонгæ»).

Нымæцонты функционалон нысаниуæгыл дзургæйæ ма зæгъын хъæуы, æмбæлынц куыд хуымæтæг хъуыдыйæдты: Усы авд фырты тыхтæй-амæлттæй уыцы фарс фесты донæн йæ тæнджыты («Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»). / Дыууæ хомæ дæр æрбасидтис æлдар æмæ тæрхоны æрбадт («Æрхуы мæсыджы бадæг бурчызг»). / Æртæ æфсымæры æд лæвæрттæ дыууæ усимæ араст кодтой сæ фыдæлты бæстæм («Æлдар æмæ хæлын барæг»), афтæ вазыгджын хъуыдыйæдты дæр: Æртæ зылды æркодта фыййау дзуджы алыварс æхситтæй заргæ, фæлæ авд барæджы кæхц нæма æртардтой æмбисмæ дæр («Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»). / Дыууæ хатты ма нæм фæзындтæ, фыццаг хатт Сау хохмæ балцы куы ацыдтæ, уый фæстæ («Æлдар æмæ хæлын барæг»).

Хъуыдыйады нымæцонтæ (æндæр ныхасы хæйттимæ иумæ) арæхдæр вæййынц:

сæйраты ролы: Авд æфсымæры кæрæдзимæ бакастысты æмæ сразы сты бæхгæсы дзырдыл («Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»). / Лæг æмæ дыууадæс æмбалы араст сты хæтынмæ («Уæйыджы хъан»). / Цæрынтæ байдыдтой æртæ чызджы сæ фыдыусимæ («Æрхуы мæсыджы бадæг бурчызг»). / Æртæ лæппуйы асæй дæр, уындæй дæр æмæ кондæй дæр уыдысты афтæ æмхуызон, æмæ сæ æцæгæлон адæм нæ, фæлæ сæ ивддзаг кодтой сæ ныййарæг мад æмæ фыд дæр («Æлдар æмæ хæлын барæг»). / Дыууæ лæппуйы Ох-ох æмæ уазæджы раз æрбастадысты æмæ лæууынц цавддуртæй («Ох-ох æмæ мæгуыр лæджы фырт»). / Дыууæ лæппуйы байдыдтой цуан кæнын («Хъараман-паддзахы аргъау»). / Иу, зæгъы, сыдæй марди, иннæ та йын йæ роны гуыдынтæ агуырдта. (Æмб.) Иу йæ низыхатт зоны, иннæ - нæ. (Æмб.) Иу иннæмæн хæдзæрттæ нæ аразы;

вазыгджын зæгъинаджы хай: Мæгуыр мард - дыууæ марды. (Æмб.) Цард - дыууæ боны.(Æмб.);

æххæстгæнæны ролы: Сæхи байстой рæгъаумæ, архъанæй архайынц, фæлæ рæгъауы бæхтæй иу дæр сæ къухы нæ бафтыд: ахсын нæ бакуымдтой авд æфсымæрæн («Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры»);

фадатон дзырдты ролы: Цæйбæрц рацыдаид, чи зоны, фæлæ та æртыккаг хатт скодта фæндыр къулбадæг усы фырт, бирæ хуыздæр раззаг фæндыртæй, йæ бæрæгон бынаты та æрбады мæсыджы фарсмæ, цæгъдын та байдайы йæ фæндырæй («Хæтæг барæг»). / Æртæ боны фæстæ фæзынд хæлын барæг («Æлдар æмæ хæлын барæг»). / Дыккаг райсом ус æмæ лæг сывæллоны хъулон уæлдзармы батыхтой æмæ йæ хъæдмæ ахастой, уым ын кæд авдæн саразиккам, зæгъгæ («Мæгуыр лæг æмæ ус»). / Æртыккаг бон йе ʼфсымæртæ ноджы ацыдысты æмбырдмæ æмæ йæ ныууагътой хæдзары («Мæгуыр лæджы æртæ лæппуйы аргъау»). Аразæг æмæ халæг иу цары бын цæрынц. (Æмб.) Аразæг æмæ халæг иу фæндагыл цæуынц. (Æмб.)

Нымæцонты (уæлдайдæр - фæлхатгонд нымæцонты) функционалон нысаниуджытæм ахæссæн ис, фольклорон текстты æвзаджы экспресси фæтыхджындæр кæнынæн ахъаз кæй сты, уый дæр: Æмæ æртæ æфсæн белы, æртæ æфсæн къахæны февзæрди уæрмы («Æрхуы мæсыджы бадæг бурчызг»); Ай дын нæ ирæд: нæ дыууадæс æфсымæрæй алкæмæн дæр хъуамæ бафидай сæдæ-сæдæ алы маргъы мыггагæй, сæдæ-сæдæ алы фосы мыггагæй, сæдæ-сæдæ алы сырды мыггагæй («Сарты фырт»).

Кæронбæттæны нæ иртасæн куыстæн скæндзыстæм цыбыр хатдзæг. Фольклорон текстты нымæцонтæн ис вазыгджын ахадындзинад æмæ бирæвæрсыг функцитæ. Нымæцонтæ амонынц предметты нымæц, рæнхъæвæрд æмæ дих, аразынц вазыгджын дзырдтæ, сты хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ аразæг хæйттæ; хъуыдыйады (æндæр ныхасы хæйттимæ иумæ) вæййынц куыд сæйраг, афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр.


КÆРОНБÆТТÆН

Иртасæн куыст бакæнгæйæ, мах æрцыдыстæм ахæм хатдзæгтæм.

1. Нымæцонтæн фольклорон тексты ис вазыгджын функцитæ.

2. Арæх æмбæлынц нымæцонтæ Нарты эпосы иуæй-иу кадджыты æмæ адæмон аргъæутты райдианы, стæй аргъæутты сæргæндты.

3. Фольклорон текстты æвзаджы экспресси фæтыхджындæр кæнынæн ахъаз сты фæлхатгонд нымæцонтæ.

4. Сæ арæзтмæ гæсгæ фольклорон текстты арæхдæр æмбæлынц хуымæтæг нымæцонтæ иу, дыууæ, æртæ.

Вазыгджын нымæцонтæй æмбæлынц дыууадæс - дыууадæс у вазыг-

джын дзырд аразæг хай (дыууадæстæнон (фæндыр) æмæ æстдæс, у вазыг-

джын дзырд аразæг хай - æстдæссион (саг).

Нымæцонтæ аразынц æндæр вазыгджын дзырдтæ дæр: æртæкъахыг бæх, æртæ æртæдзыхоны, æртæкъахыг фынг æ. а. д.

5. Фольклорон текстты нымæцонтæ æмбæлынц куыд хуымæтæг, афтæ вазыгджынхъуыдыйæдты дæр.

6. Хъуыдыйады нымæцонтæ вæййынц куыд сæйраг, афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр.



ЛИТЕРАТУРÆ

  1. Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. В 4-х т. Том 3. Л., 1979. - 158 с.

  2. Газданова В.С. Традиционная культура осетин. Владикавказ.: Сем, 2005. - 192 с.

  3. Дарчиева М.В. Символика счета в Нартовском эпосе осетин // Вестник СОГУ. 2012. №2. - С. 296-300.

  4. Дарчиева М.В. Числовая символика в Нартовском эпосе осетин // Нартоведение в XXI веке: современные парадигмы и интерпретации. 2012. № 1. - С. 145-156.

  5. Джусойты К.Г., Дзодзыккаты З.Б., Цопанты Р.Г. Нырыккон ирон æвзаг. Дзæуджыхъæу, 2005. - 307 ф.

  6. Калоев Б.А. Осетины. М.: Наука, 1971. - 355 с.

  7. Нарты кадджытæ. Дзæуджыхъæу.: Аланыстон,1995. - 344 ф.

  8. Ирон адæмон аргъæуттæ / Брытъиаты С. æмæ Берозоты А. Сталинир, 1956. - 301 ф.

  9. Ирон аргъæуттæ / Джыккайты Ш. Орджоникидзе.: Ир, 1983. - 359 ф.

  10. Ирон адæмон аргъæуттæ. Цхинвал.: Ирыстон, 2003. - 311 ф.

  11. Ирон диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ / Айларты И.Х., Гæджынаты Р.Ц., Кцойты Р.А. Дзæуджыхъæу, 2006. - 712 ф.

  12. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологийы дзырдуат / Дзадзиты А., Дзуццаты Х., Хъараты С. Дзæуджыхъæу, 1998. - 284 ф.

  13. Цаллагова З.Б. Афористические жанры осетинского фольклора. Владикавказ.: Ир, 1993. - 198 с.

  14. Цгъойты Х.Ф. Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ царды уаджы дзырдуат.

Дзæуджыхъæу, 2005. - 231 ф.



© 2010-2022