Разработка на тему Технологическая карта

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы технологон картæ

Темæ: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ


Урочы тип: Ног æрмæг ахуыр кæнын

Хæстæ: - сывæллæтты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ базонгæ кæнын, тексты ссарыныл сæ ахуыр кæнын;

- хъуыдыйæдты цавæр уæнгтæ сты, уый зонын;

- аив ӕмӕ интонацион æгъдауæй раст кæсыныл ахуыр кæнын.

Фæстиуджытæ


Предметон



-тексты æмхуызон уæнгтимæ хъуыдыйæдтæ агурын зонын;

-цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый зонын;

-æмхуызон уæнгтӕ ранымады интонациимæ кæсын зонын

Метапредметон

-урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

-хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

-хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

-хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сӕ кæнын

Удгоймагон

-хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын)

Предметты хсæн бастдзинад: литературон кæсынад (хъуыдыйæдтæ аив кæсын)

Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ): ахуыргæнæн чиныг, кусæн тетрад, кусæн программæ

Урочы цыд


Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис


Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци


Ахуыргæнæг сабиты здахы чиныджы мидисмæ (ф.149). Сæ зæрдыл сын лæууын кæны рацыд æрмæг, цавæр темæтыл дзырдтой, уый. Ныр та кæцы хай ахуыр кæндзысты, кæцы фарсыл ис. Темæ сæхæдæг хъуамæ ссарой æмæ ахуырадон хæс сæхæдæг сæ размæ сæвæрой

Ахуыр кæнынц чиныджы æрмæг (ф.149). Бæлвырд кæнынц рацыд æрмæг, темæтæ дзурынц. Цы æрмæг цæудзысты, уыцы хай у «Хъуыдыйад». Цы хъуамæ базоной, уый бæрæг кæнынц. Сæ размæ æвæрынц бæлвырд хæс - цы сты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, тексты сæ агурынц æмæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый бæрæг кæнынц

Зонындзинæдты актуализаци


-Скъоладзаутæн кæсын кæны хъуыдыйæдтæ:

  1. Кæмдæр, дам, хъæд тынг басыгъд

  2. Цалдæр азы дзы къалиузынæг нал уыд

  3. Уый фæстæ зæххæй сзындысты алыхуызон бæлæстæ, æхсæр, заз, нæзы

-Кæсынц хъуыдыйæдтæ. Алы дзырдмæ дæр фарст дæттынц. Агурынц сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ. Дзурынц цы у зæгъинаг æмæ сæйрат. Ахуыргæнæджы фæрстытæн дзуапп дæттынц.

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды арæзт


-Сывæллæтты архайд аразы 291-æм фæлтæрæн сæххæст кæнынмæ. Хъуыдыйады кæцы уæнгтæ хуыйнынц æмхуызон.

-293-æм фæлтæрæн кæнын кæны къæйттæй кусгæйæ. Кæрæдзийы фæрстытæн дзуапп хъуамæ радтой. Хъуыдыйæдты хъуамæ уа æмхуызон уæнгтæ.

-Хибарæй куыстæн дæтты 294-æм фæлтæрæн.

-Уавæртæ аразы сывæллæтты хибарæй куыстæн (фæлт.296).

-Сабитæн дæтты индивидуалон кæнæ къæйттæй кусынмæ кусӕн тетрӕдты баххӕст кӕнинаг фарстатӕ (сæхи фæндонмæ гæсгæ).

Хæдзармæ куыстæн фæлтæрæн æвзары (297-æм).

- Сывæллæттæкæсынц æмæ барынц хъуыдыйæдтæ. Иутæ дзы сты æмхуызон уæнгтимæ, сывæллæттæ сæ агурынц æмæ сæм фæрстытæ дæттынц. Кæрæдзийы дзуæппытæ æххæст кæнынц.

-Фæлтæрæнмæ хæслæвæрд кæсынц. Къайгай агурынц æвæрд фарстмæ дзуапп. Хибарæй хатдзæгтæ кæнынц æмæ сæ барынц 150-æм фарсыл цы таблицæ лæвæрд ис, уыимæ.

-Кæсынц æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц. Куысты кæрон сæ дзуæппытыл бындуронæй кусынц.

-Кæсынц æмæ хæслæвæрд æххæст кæнынц. Куысты кæрон æмбарын кæнынц, цæмæн ахæм кæрон æрхъуыды кодтой радзырдæн.

-Кæсынц хæслæвæрд æмæ куысты хуыз æвзарынц. Хӕслӕвӕрдтӕ æххæст кæнынц.

- Кæсынц хæслæвæрд. Æмбарын кæнынц, цавæр зонындзинæдтæ сæ бахъæудзæн йæ сæххæст кæнынмæ.



Хатдзӕгтӕ скӕнын

- Ахуырадон архайды фӕстиуджытыл аразы афӕлгӕст: фӕрсы - сӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты ӕви нӕ, цавӕр зындзинӕдтыл фембӕлдысты, цавӕр ӕнтыстытӕ сӕ къухы бафтыд. ӕнтыстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕн цавӕр аххосӕгтӕ уыд.

- Цы ногдзинӕдтӕ базыдтой, уыдонӕн хатдзӕгтӕ кӕнынц. Ахуырадон хӕстӕ куыд сӕххӕст кодтой, уый бӕрӕг кӕнынц. Дзурынц, зын сын цы уыд сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, уый. Се 'нтыстдзинӕдтӕ кӕрӕдзийӕн не'вгъау кӕнынц.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг: диктантты ӕмбырдгонд …

Цы фӕстиуджытӕм ӕрцыдысты, уый диагностикӕ: 302-ӕм фӕлт.

Уӕлӕмхасӕн сфӕлдыстадон хӕслӕвӕрд: зӕрдыл бадарын кӕй хъӕуы, уыцы ӕрмӕг ссарын ӕмӕ рафыссын.

Хи куысты анализ


Ӕнтыстдзинӕдтӕ

Зындзинӕдтӕ


Фӕндон




© 2010-2022