• Преподавателю
  • Другое
  • Ход урока по осетинскому языку. Подготовка учащихся к написанию сочинения на тему «Ӕрдз нӕ алыварс»

Ход урока по осетинскому языку. Подготовка учащихся к написанию сочинения на тему «Ӕрдз нӕ алыварс»

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

12


Ирон æвзаг

Темæ. Нывмæ гæсгæ куыст«Æрдз нæ алыварс».

Урочы нысан.

  1. Сколадзауты сфæлдыстадон куыст ныффыссынмæ бацæттæ кæнын.

  2. Дзырдуатон куыст.

  3. Дзургæ ныхасы рæзтыл кусын.

  4. Фæцалх кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон куыстытæ компьютерыл арзын, цæмæй сæ куыстытæ мидисджындæр кæной, cæ хъуыдыкæнинад та бæрзонддæр.

Зонынадон хæс.

1. Нæ фыдæлты царды хабæрттæ 13-æм æнусы райдайæны.

2. Ирыстоны æрдз поэттæ æмæ нывгæнджыты сфæлдыстады.

Хъомыладон хæс.

Рæзæнгард кæнын скъоладзауты райгуырæн бæстæ уарзын, цæсты гагуыйау ын йæ æрдз æмæ йæ хъæздыгдзинæдтæ хъахъхъæнын.

Цæстуынгæ æрмæг.

1. Компьютертæ.

2. Дзырдуæттæ.

3. Тетрæдтæ æмæ ручкæтæ.

4. Х. Къостйы конд нывтæ.

5. Фæйнæгыл Ирыстоны тобæгонд бынæтты ранымад (Заповедники).

Дзырдуат урокмӕ: СÆЛАВЫР - КУНИЦА

ÆРДУЗ - ПОЛЯНА, ЛУЖАЙКА

ÆРЫСКЪÆФТÆ- ЗЕМЛЯНИКА

ДЗÆНÆТ - РАЙ

МУГÆТÆ - МУШМУЛА

Ирыстоны хъӕдты зайынц: ФÆРВ - ОЛЬХА

ХÆРИС - ИВА

ТУЛДЗ - ДУБ

СУСХЪÆД - ЛИПА

ТÆРС - БУК, ЧИНАРА

ФАТХЪÆД - ГРАБ

НÆЗЫ - ЕЛЬ, СОСНА

ЗАЗ - ТИС, ЁЛКА

БÆРЗБÆЛÆСТÆ - БЕРЁЗА

ГÆДЫБÆЛÆСТÆ - ТОПОЛЬ

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæджы разныхас

- Абон нæ урок уыдзæн интегрированный - ирон æвзаг информатикæимæ.

Компьютерон технологиты фæрцы сымах абон æрмæст Ирырыстоны æрдзы нывтæ æмæ хуызистытæ нæ фендзыстут, фæлæ мæ уе 'нкъарæнтæ æмæ уæ сфæлдыстадон курдиат уæхæдæг равдисдзыстут компьютертимæ кусгæйæ. Уыцы хъуыддаджы та уын баххуыс кæндзæн Ольга Ивановна Мельникова.

Хъуысы ирон музыка

ӕмӕ ахуыргӕнӕг дзуры ӕмдзӕвгӕ.

Ам Дуне - аргъау, байгом ис мæ разы! Уыны хæрзæввахс, хурзæрины худт. Дæлиау дымгæ рох къутæрты хъазы

Тæхы кæмдæр арвы цъæхы уд…

Ахуыргæг.

Цӕгъды музыкæ.

Экраныл ӕвдыст цӕуы презентац.

- Ныййарæг зæхх æмæ ныййарæг мад кæрæдзимæ хæстæг лæууынц.

Æнусты дæргъы ирон адæмæн сæ цæрæнбынæттæ бирæ алы рæтты уыдысты.Сæ ном арвнæрæгау хъуыст Ази æмæ Европæйы тыгъд быдырты.Фæлæ 13-æм æнусы нæ фыдæлтыл туджы зæйтæ куы рацыд, монгойлаг æнæнымæц тыхтæ аланты мыггаг быныскъуыд кæнынмæ куы хъавыдысты,уæд сæ сæ хъæбысы арф æрнорстой Кавказы хæхтæ.

Уæдæй фæстæмæ æнусты дæргъы хæхтæ систы нæ фыдæлты цæрæнбынат.

Хæхты цы адæмы фервæзын кодтой, уыдонæн нæ бахæлæг кодтой сæ æрдзон хъæздыгдзинадтæ: хохаг сычъиты дзугтæ, æвдадзы хос чи у, уыцы суартæ æмæ суадæттæ,æнусон хъдты хъæздыг лæврттæ æмæ ма бирæ æндæртæ.

Нæ фыдлты зæрдæтæ алы кæмтты баззадысты, фӕлӕ сæ зынг нæ ахуыссыди абон дæр. Нæй хæхты иу ахæм ком дæр, ирон лæгæн сыгъдæг кувæндон кæм нæй.

Нæй Ирыстоны иу ахæм поэт æмæ фыссæг, кæй зæрдæ нæ бацагайдта Ирыстоны диссаджы æрдз æмæ йæ Ацæмæзау нæ ныззарын кодта.

-Табуафси. Кæй æмдзæвгæтæ бацæттæ кодтат, уыдон нын бакæсут.

1-аг скъ - ау.

- Зæрдæйы æнкъарæнтæ: уарзт, фыдæх, бæллиц æмæ æндæртæ курдиатджын адæймаг аив дзырды фæрцы равдисы.

Х. Къоста

Скъуыддзаг " Хъуыбады-"йæ Бæрзонд урс хæхтæ

Æнкъард къæдзæхтæ

Æгомыг бæлас

Фыййауы уарзынц

Æмæ йын зарынц

Сæ сусæг ныхас.

Цæргæсы бæллын,

Уæлдæфы нæрын,

Дымгæйы хъарæг,

Цæф сæгуытты маст,

Æхсæрдзæны хъазт-

Фыййауы зарæг … .

Фæскъæвда хур бон

Уымæл ривæддон,

Рæсугъд хизæнтæ ……..

2- аг скъ - ау.

Дзасохты Музафер

" Фыдыбæстæ " Ацы дæлвæзтæ, уæлвæзтæ

Ацы зæххау цъæх арв

Ацы хæхта, нæуу, бæлæстæ

Сты æвæрд мæ риуы арф.

………………………………

Ацы къахвæндаг, цæргæстæ,

Ацы къонайы фæздæг

Хонын æз мæ фыдыбæстæ

Адджын райгуырæн уæзæг.

.

3-аг скъ - ау.

- Уæлæрвты æмвæз стахт æмæ уырдыгæй рафæлгæсыд Кавказмæ уырыссаг поэт-гени А.С. Пушкин дæр. Уымæн æмæ уый дæр дисы афтыдтæ Кавказы æрдз.

А. С. Пушкин.

«КАВКАЗ» Скъуыддзаг .

Кавказ надо мною. Один в вышине

Стою над снегами у края стремины;

Орёл, с отдалённой поднявшись вершины,

Парит неподвижно со мной наравне.

Отселе я вижу потоков рожденье

И первое грозных обвалов движенье.

Здесь тучи смиренно идут подо мной;

Сквозь них низвергаясь, шумят водопады;

Под ними утёсов нагие громады;

Там ниже мох тощий, кустарник сухой;

А там уже рощи, зелёные сени,

Где птицы щебечут, где скачут олени.

4-ӕм скъ - ау..

Баситы Мысост

«Къахвæндаг»

Гакъон - макъон къахвæндаг,

Иумæ балцы цом!

Фенæм цъити, тар хъæдтæ,

Ноджы фенæм ком.

Фенæм хохы айнæгæй

Ратæхгæ цæргæс.

Фенæм, чи у арвы бын

Сау мигътæн сæ гæс.

Рауай, фенæм ноджыдæр

Нарты хъазæн фæз.

Демæ уадау згъордзынæн

Алкæдæм æз дæр.

- Баситы Мысост нæ цы къахвæндагыл хоны хæхбæсты æрдз фенынмæ, ууыл уæ искуы исчи ауад?

Скъоладзауты дзуаппытӕ.

5-ӕм скъ - ау.


  1. Уæлладжыры ком.

- Мах арах ваййæм Уæлладжыры комы. Уым хæххон хъæу Зынцъары махæн ис хадзар.Митсæр хæхтæ, рæгъта, фыдуаг Тдæттæ, мах мæнæ мæ хоимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ федтам. Уым, Уæлладжыры комы, цъитийы бынæй цæуы Æрыдоны дон. Уæлладжыры ком тынг рæсугъд у. Æрыдоны доны былтыл æрбынат кодтой хæххон ъхæутæ: Зынцъар, Тæмискъ, Быз, Уынал, Мызур, Нузал, Бурон. Нузал та уыд паддзах Дауыт - Сосланы цӕрӕнбынат.


6 - ӕм скъ - ау.


  1. Куырттаты ком.

- Сæрды улæфты рæстæг мæх ацæуæм Куырттаты комма. Иухатт кæсæнцæстытæй кастæн цъититæм. Хорз мæм зындысты се 'рттиваг цъуппытæ æмæ дæлдæр сæ зайлæбырд фæхстæ. Тынг рæсугъд дзы у.

Цъитийы рæбын, зæххы бынæй хæрдма цæуы Хилачы суар. Ам, цититæй, гуыры æмæ згъоры дæлæмæ Фыййагдоы дон. Уыцы доны былтыл бирæ хæутæ ис, нæ раг фыдæлтæ.

7- ӕм скъ - ау.


  1. Дыгургом.

- Æз мæ бинонтимæ бирæ кæмтты уыдтæн, фæлæ дзы мæ зæрдæмæ тынгдæр Дыгургом фæцыди. Уым ис хæххон хъæу Дзинага. Дзинага тынг рæсугъд æмæ сыгъдæг ран кæй ис, уый тыххæй дзы арæзт æрцыд улæфæн бынæттæ. Дзинагайы алыварс ис хъæд дæр. Зайы дзы нæзы æмæ бæрз бæлæстæ. Дардма дзы æрттивы Къæраугомы цъити.


8-ӕм скъ - ау.


  1. Бехъан.

Æз та уын Бехъаны тыххæй зæгъдзынæн. Уый дæр Ирыстоны æрдзы хъæздыгдзинад авдисæг у. Бехъан лæгъз быдыры ис, фæлæ хохæг хъæдты хуызæн ам дæр зайы бирæ æхсæртæ, кæрдотæ, фæткъуытæ, мугæтæ. Бехъаны зайы мырткæ æмæ цымтæ дæр.

Хъæды æрдузты ис бирæ æрыскъæфтæ. Бехъаны ис сыгъдӕг суадон. Уыцы суадонæй стырдæр Ирыстоны нæй. Зымæг дæр сæлгæ нæ кæны. Бехъаны ис стыр цад дæр. Суадон æмæ цады бирæ алыхуызон кæсæгтæ ис. Хъæды фенӕн ис тæрхъуста, рувæстæ, хъæддаг гæдыта, сæлавыртæ æмæ бирæгътæ.


Ахуыргӕнӕг

-Уӕдӕ, кӕд афтӕ хорз зонут Ирыстоны ӕрдз ӕмӕ кӕмттӕ, уӕд ӕнцонӕй базондзыстут мӕнӕ ацы уыци-уыцитӕ.

1. Ай цы ран хонынц, зæххон

Цъитийы бын рафыхт дон.

/Хъæрмæдон. /

2. Ма бакъуыр дæ сæрæй мæй,

Ацы хъæу та хуыйны.

/Цъæй/

3.Тагъд дæ сæу хæрæгыл абад

Хонынц Алардымæ…

/Цъамад/


  1. Арф Куырттаты комы ис…

У нæ æргом дзуар…

/Дзывгъис/

5.У цъæх фæлыстæй йæ гобан

Уыд Болайы цæрæн…

/Хъобан/

[ экраныл фӕзынд ныв. цæгъды ирон музыкæ ].

Ахуыргӕнӕг.

- Ирыстоны æрдз рагæй дæр дисы æфтауы фыццаг хатт нæм чи æрбафты æндæр рæттæй, уыдоны. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд цæмæн фæзындысты

/Фӕйнӕгыл ӕвдыст цӕуынц хъуыстгонд нывгӕнджыты конд нывтӕ радыгай /

  1. Куинджи Архипы конд ныв « Дайраны ком»

  1. Иван Константинович Айвазовскийы конд ныв " Дайраны ком ".

3. Черенцов Никоноры конд " Дайраны ком ".

- Куыд зонæм афтæмæй, нæ уарзон адæмон поэт Х. Къоста хæхбæстыл æрмæст æмдзæвæгæтæ нæ фыста, фæлæ ма сæ куыд курдиатжын нывгæнæг ныв дæр скодта.

Абон мах фæсаууонмæ абалц кодтам Ирыстоны алы кæмттæм. Нæхи цæстæй федтам цавæр дзæнæтон бынат у нæ фыдæлты зæхх, уый.

Поэттæ йыл æмдзæвгæтæ фыссынц, зындгонд нывгæнджытæ та йыл нывтæ кæнынц.

Мах не стæм поэттæ, не стæм нывгæнджытæ, фæлæ мах дæр бафæлвардзыстæм

нæ рæсугъд дæр кæмттæй иуыл æрфыст саразын.

Уæ разы Дыгургомы рæсугъддæр бынæттæй иу - КЪӔРӔУГОМЫ ЦЪИТИ

Бакусӕм дзырдуатыл.

- Бакусӕм дзырдуатыл.

1.Чи? цы? - йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон нывмæ гæсгæ нымайынц.

  1. Цавӕр? Цыхуызӕн? Предметтæ фæхуызджын кæныны тыххæй сæм æфтауынц предметы æууæл æвдисæг дзырдтæ.

  1. Ныр та сæм бафтауæм мивдисджытæ ама кæм фидауы уым фæрсдзырдта (куыд? кæд? кæдæм? цæмæн?)


  1. Бафтауӕм сӕм РАЗӔВӔРДТӔ ӕмӕ ФӔСӔВӔРДӔ ӕмӕ аразӕм хъуыдыйӕдтӕ.








Чи? Цы?

Цавæр?

Цыхуызæн?

Фæсæвæрдтæ

Фæрсдзырдтæ

Мивдисджытæ

1

уыгæрдæнтæ

1

рог

1

фарсмæ

1

дæлæмæ

1

фæлгæсынц

2

сæрвæттæ

2

уазал

2

цур

2

уæлæмæ

2

ныгъуылынц

3

хæхтæ

3

урс-урсид

3

раз

3

фæстæмæ

3

хъазынц

4

мигътæ

4

æхсырхуыз

4

бын

4

раджы

4

сыбар-сыбур кæнынц

5

фæхстæ

5

бæрзонд

5

сæр

5

комкоммæ

5

улæфынц

6

рæгьтæ

6

хъæдæхгæд

6

фæстæ

6

афтæ

6

æххæсынц

7

къуылдымтæ

7

æввахс

7

…размæ

7

искуы

7

сисынц

8

цъититæ

8

ныллæг

8

сæрты

8

æвиппайды

8

бырсынц

9

хъæдтæ

9

диссаджы

9

…агъоммæ

9

арæхстгай

9

æсхъиуынц

10

æхсæрдзæнтæ

10

тагъд

10

сæрмæ

10

Уадзыгæй лæууы

10

згъорынц

11

дæттæ

12

рагон

11

цурты

11

рагæй

11

æрæнцайынц

12

суадæттæ

13

тызмæг

12

ардыгæй

12

хæццæ кæнынц

13

уæлдæф

15

æгомыг

13

æдзынæг

13

æрттивынц

14

хъæлæба

16

дидинæгджын

14

исдугмæ

14

тайынц

15

улæфт

17

гакъон-макъон

15

æнæбары

15

ленк кæнынц

16

сычъитæ

18

тар

16

цæхæркалгæ

16

абухынц

17

æхситт

19

ирд

17

хæлхæлгæнгæ

17

хъæлæба кæнынц

18

къуыззит

20

æнусон

18

фæйлаугæ

18

тайынц

19

зæлтæ

21

цъæх


19

лæдæрсынц

20

кæрдæг

22

адджын


20

фембæлынц

21

бæлæстæ

23

ныллæг


21

сурынц

22

цæугæдæттæ

24

арф


22

æнхъæвзынц

23

арв

25

сæрыстр


24

цъуппытæ

26

сæууон


25

зарджытæ

27

алыхуызон


26

уынæр

29

цъитиджын


27

пырхæнтæ

30

æнæкæрон


28

айнæг

31

сойджын


29

дари

32

æмбисонд



33

цыргъ








-


Ахуыргӕнӕг.

- Ныр нывма кæсгæ куы нæ кæниккам, фæлæ уым куы фестиккам, уæд не нкъарæнтæ фæфылдæр уаиккой ӕви нӕ? Цӕмӕн?

Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

- Фехъусиккам доны хæл-хæл,

- дымгæйы гуыв-гуыв,

- хъæды мидæг мæргъты алыхузон зард,

- нӕ буарӕй банкъариккам хуры хъарм,

- рог уæлдæфы æндзæвд æмæ æнд.

- нӕ бӕгъӕмвад къӕхты бын та - фӕлмӕн цъӕх кӕрдӕг.

/ Уалынмӕ райхъуыст фонограммӕйыл фыст мӕргъты цъыбар-цъыбур, сыфтӕрты сусу-бусу, доны сӕх-сӕх ӕмӕ рог дымгӕйы уынӕр. /

Ахуыргӕнӕг.

- Абон мах нӕ балцӕй цавӕр хатдзӕгтӕ нӕхицӕн скӕниккам цыбырӕй. Нӕ зӕрдыл дзы тынгдӕр цы бадардтам? Нӕ хъуыдытӕ цыбырӕй ныффысӕм фӕйнӕгыл ӕмӕ нӕ тетрӕдты.

Скъоладзаутӕ дзурын сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ фыссӕм фӕйнӕг ӕмӕ тетрӕдты.

Рауадис сын дзы сфӕлдыстадон куысты пълан.

Пълан.

  1. Ныййарæг зæхх æмæ ныййарæг мад кæрæдзимæ хæстæг лæууынц.

  2. Ирыстоны æрдз - дзæнæты бынат, зарджыты заринаг, таурӕгъты дзуринаг

  3. Дыгургомы фидауц - Къæрæугомы цъити.

  4. Æрдз нæ иумæйаг цæрæнбонат у æмæ йæ иумæ хъуамӕ хъахъхъæнæм.

Ахуыргӕнӕг.

- Нӕ текстӕн ӕрхъуыды кӕнӕм сӕргонд.

- Куыд хъуамӕ хъахъхъæнæм нӕ ӕрдз?

(Скъоладзауты дзуаппытӕ)

- Ӕрдзмӕ нӕхи ирхӕфсынмӕ куы ацӕуӕм, уӕд-иу нӕ фӕстӕ хъуамӕ сыгъдӕг бафснайӕм;

- хъӕуы хъахъхъӕнын бӕлӕстӕ ӕмӕ алыхуызон зайӕгойты;

- не 'мбӕлы ӕнӕхъуаджы бӕлӕсты къалиутӕ сӕттын;

- цъиуты ахстӕттӕ халын дӕр тӕригъӕддзинад у;

- зокъотӕ ӕмбырдгӕнгӕйӕ сын хъахъхъӕнын хъӕуы сӕ уидӕгтӕ, науӕд сӕ мыггаг фесӕфдзӕн.

Ахуыргӕнӕг.

- Ирыстоны цы тобӕгонд, иваргонд бынӕттӕ ис, уыдон хъӕздыг сты хъӕдтӕй, цадтӕй, суартӕ ӕмӕ суадӕттӕй. Цӕрынц дзы алыхуызон сырдтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ, рӕзы дзы алыхуызон бӕласы мыггӕгтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ.

- Уӕдӕ гуырысхйаг никӕмӕн у, нӕ бӕстӕ ӕцӕгӕйдӕр дзӕнӕты бынат кӕй у, уый.

Практикон куыст.

Практикон сфӕлдыстадон куыст скъоладзаутӕ аразынц компьютертыл.

Уыцы хъуыддаджы сын ӕххуыс кӕны информатикӕйы ахуыргӕнӕг Омельченко О.И.

Практикон куысты нысан : Скъоладзауты ИКТ- йӕ пайда кӕнын. Ӕрмӕджытӕ интернеты агурын ӕмӕ дзы призентацитӕ аразын.

Слово учителю информатики.

Практическая работа на компьютере.

Создание презентации «Æрдз нæ алыварс»


Цель работы:

1) cоздать 1-3 слайда, посвященных родному краю, используя операции вырезки или копирования;

2) сохранить файл в папке 7 В класс.

Приложение 1

Ход работы:


1) открыть программу POWERPOINT;

2) вставить из папки «Осетия» фото природы края;

3) растянуть фотографию на весь слайд;

4) открыть файл «ирон» в папке «Осетия»;

5) копировать соответствующее выбранному фото четверостишье в свою презентацию;

6) подобрать размер, цвет, начертания шрифта;

7) настроить анимацию;

8) сохранить презентацию под именем «ирон» свою фамилию;

9) поменять рабочий стол на фоновый рисунок природы Северной Осетии.

Хӕдзармӕ куыст. Нывмӕ гӕсгӕ ныффыссын сфӕлдыстадон куыст «Ӕрдз нӕ алыварс»

Скъоладзаутӕ сарӕзтой презинтацитӕ.

Урочы куыстӕн сын ӕвӕрд ӕрцыд бӕрӕггӕнӕнтӕ.



© 2010-2022