Боциты Барон. «Саст рӕхыс». Цӕлыкк-ног цардаразӕг

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Æвзаджы темæ: Боциты Б. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.

Урочы нысан: Равзарын Цӕлыччы фӕлгонц.Скъоладзауты хъуыдыйы

фидар кæнын ахæм зонд, зæгъгæ, адæймаджы тырнын

хъæуы уымæ, цæмæй уа ныфс йæ бинонтæ æмæ йæ

адæмæн, хъахъхъæна сын сæ сабыр цард. Сӕ ныхас

хъӕздыггӕныныл архайын.

Урочы цыд.

  1. Организацион хай.

  1. Ахуыргӕнӕг. - Цавӕр уавӕрты цардысты нӕ фыдӕлтӕ хохы ?

- Мӕгуыр, ӕххормаг, бӕгънӕг, ӕбар, ӕнӕзӕхх, ӕфхӕрд, ӕнахуыргонд.

- ныффыссут-ма мӕнӕ ацы гӕххӕттытыл цы дзырдтӕ ранымадтат, уыдон. ( Райуарын сывӕллӕттӕн морӕ сыфтӕ. Баныхасын сӕ кӕрӕдзиуыл, цӕмӕй дзы рауайа рӕхыс.)

- Мӕнӕ ацы рӕхысы цӕгтыл куыд ныффыстат, афтӕ цырдысты ирон адӕм. Къоста дӕр, ӕвӕццӕгӕн уымӕн фыста: « Фидар рӕхыстӕй нын не уӕнгтӕ сбастой». Фӕлӕ уыд ахӕмтӕ, кӕцытӕ бӕллыдысты ӕмӕ тырныдтой рухс цардмӕ. Уыдонӕй иуы тыххӕй у абон нӕ ныхас. ( Фӕйнӕгыл баныхасын бур гӕххӕттыл - Цӕлыкк.


  1. - Ахуыргӕнӕг -

- Зӕгъут-ма, кӕм райгуырд Цӕлыкк?

- Куыд арвыста йӕ сабийы бонтӕ? ( Дзуапп дӕттын текстӕй пайда кӕнгӕйӕ.)

1) Искуы ма адӕм цӕры зӕххы цъарыл, уы нӕ зыдта. (329 фарс)

2) Цӕлыкк цӕуыл ахуыр кодтой хъӕууон скъолайы, уыдонӕн ницы бамбӕрста. ( 329 фарс)

3) Уӕдӕ кӕдӕм цӕудзынӕн ахуыр кӕнынмӕ? (333 фарс)

4) Ацы къус мын фесафӕн нал ис, цалынмӕ амӕлон, уӕдмӕ.( 335 фарс)

Хатдзӕг. - Афтӕ арвыста Цӕлыкк йӕ сабийы бонтӕ. Йӕ царды иу этап фӕци. Нал ӕй фӕнды фыййау цӕуын, тырны ахуырмӕ, ӕвзаг зонынмӕ.

Хӕс. Ныффыссӕм ма , цы у зӕгъын нӕ бон Цӕлыккӕй мӕнӕ ацы сыфтыл:

- ӕнахъом, фыййау.

- ахуырмӕ бӕллы.

3. Ахуыргӕнӕг - Цӕлыкк ныууагъта йӕ хъӕу . Араст йӕ фыдимӕ дард ӕмӕ зын фӕндагыл. Райдыдта кусын ӕрзӕтыссӕн фабрикӕйы. Ам федта кусджыты уӕззау, цагъайраджы царды ӕууӕлтӕ. Бамбӕрста, быдираг цард дӕр хохаг цардӕй ӕнцондӕр кӕй нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр тырны размӕ, горӕтмӕ, ахуырмӕ, хуыздӕр уавӕрмӕ.

Фарст.

- Сахары стыр уынджы цӕугӕйӕ цы бафиппайдта Цӕлыкк? ( кӕй йыл

худтысты, уый).

- Чингуыты дуканийы куыд цыд йӕ цард?

- Чи у Зарӕ? Кыд дары йӕхи Цӕлыкк Зарӕимӕ?

- Цӕмӕн ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ Тъӕпӕнхъӕумӕ? (куыстӕй тард ӕрцыд).

Ахуыргӕнӕг. Рацыд та йӕ цардӕй их хай. Зӕгъутӕма, цы зӕгъӕн ис

Цӕлыккӕй?

- куысуарзаг;

- сагъӕсгӕнаг( газетӕ иу уӕйгонд, куы не рцыдысты, уӕд иу йе мбӕлттыл

тыхст)

Хӕс. Ныффыссӕм та ацы дзырдтӕ дӕр мӕнӕ ацы бур сыфыл.


  1. Ахуыргӕнӕг. Цӕлыкк ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ Тъӕпӕнхъӕумӕ.

- Цавӕр адӕймагӕй ӕрыздӕхт, куыд аивта йӕ зондахаст?

- Цӕуыл ныхас кодтой Цӕлыкк ӕмӕ йӕ чындз?

- Чи уыдысты ӕнафоны уазджытӕ? (большевиктӕ)

- Керенскийы кой арӕх цӕуы уацмысы- чи у? Совет

«пяти» ? Временное правительство?

- цӕуыл дзырдтой ? Ссарын чиныджы ( 375 фарс).


  1. Ахуыргӕнӕг. - Хӕдзары хъуамӕ ссардтаиккат тексты ӕмбисӕндтӕ. Чи цӕ пайда кӕны уацмысы? (Цӕлыкк) . Цы зӕгъы йӕхӕдӕг та?

( Уыцы ӕмбисӕндтӕ ӕппындӕр мӕхи зӕрдӕйӕ нӕ исын. Уыдон зӕронд ӕмбисӕндтӕ сты, ӕмӕ, мӕ зӕрдӕ уыдоны карӕн куы уаид, уӕд фыр цинӕй нал фӕразин. (362 фарс

Цӕуыл дзурӕг у уый? (Зоны хорз адӕмон сфӕлдыстад).

Æмбисӕндтӕ.

  1. Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс.

  2. Хорз хоры мыггаг ӕвзӕр сыджытыл не ҆взӕры.

  3. Амонд ракургӕйӕ нӕу.

  4. Иу афӕдз лӕг калм йӕ роны дӕр бадары.

  5. Дыууӕ хохы кӕрӕдзийыл не ҆мбӕлынц, фӕлӕ дыууӕ лӕджы- кӕддӕриддӕр.

  6. Хъӕздыг цы нӕ кӕны, ӕмӕ мӕгуыр цы нӕ ӕвзары.

  7. Хӕрдхуызӕй ӕртхуыз хуыздӕр у.

  8. Мӕстджын- дзураг, стонг хӕраг.

  9. Тых ӕмӕ ныфс ӕфсымӕртӕ сты.

  10. Иу бирӕгъӕн ӕмбисӕндтӕ хаст, ӕмӕ афтӕ зӕгъы, ауадз мӕ, уӕлӕ сӕгъ фӕлидзы.

  11. Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц.

  12. Æнафоны ныхас ӕддӕмӕ хъуысы.

  13. Иунӕджы бон ницы у.

Фарст. Куыд сӕ ӕмбарут сымах та?

  1. Хӕс. Дзургӕйӕ сныв кӕнын Цӕлыччы сурӕт:

- романы райдайӕн;

- романы кӕрон.

7. Синквейн. ( Короткое литературное произведение, характеризующий предмет ( тему) состоящее из 5 строк, который пишется по определенному плану).


  1. Номдар ( 1) 1 Цӕлыкк

  2. Миногонтӕ ( 2) 2 куыстуырзаг, сӕрӕн.

  3. Мивдисӕг ( 3) 3 бӕллын, кусын, тырнын.

  4. Хъуыдыйад (1) 4 Цӕлыкк- ног цардмӕ тырнӕг.

  5. Номдар (5) 5 цардаразӕг


  1. Номдар ( 1) 1 Цӕлыкк

  2. Миногонтӕ ( 2) 2 зӕрдӕргъӕвд, сӕрӕн.

  3. Мивдисӕг ( 3) 3 бӕллы, агуры, хъуыды кӕны.

  4. Хъуыдыйад (1) 4 Цӕлыкк-рухс цардмӕ бӕллӕг.

  5. Номдар (5) 5 рӕстдзинад


  1. Фарст . Абон куыд ивы цард? Цы дзы ис ногӕй? Раздӕры цардӕй ма нӕм цы баззад? Абарут-ма уӕхи Цӕлыккимӕ?


Раджы

Абон

- уӕлӕдарӕс;

- хӕринаг;

- скъолайы ахуыргӕнджытӕ;

- мад ӕмӕ фыдмӕ кӕммӕ кӕсын

(Зарӕйы дӕхимӕ хӕстӕг ма уадз);

- бинонты ӕхсӕн ахастдзинӕдтӕ (чындз Цӕлыккимӕ дзургӕйӕ йӕ цӕстытӕм кӕсын нӕ уӕнды);

- талынг, ӕнахуыргонд ( Фатъи дӕснымӕ ацыд, Цӕлыккӕн сӕрра кӕнынӕй фӕтарст).



  1. Кӕронбӕттӕн.

- Чи у Цӕлыкк?

- Цӕлыкк романы райдиан ӕмӕ йӕ кӕрон ( йӕ бакаст, йӕ зондахаст, йӕ архайд, йӕ бӕллицтӕ, йӕ фӕндтӕ).

- фыссӕджы цард ӕмӕ Цӕлыччы цард абарут? Цы сӕм ис иумӕйагӕй?

- уырыссаг литературӕйӕ цавӕр уацмысы хъайтиримӕ ис абарӕн Цӕлыччы?

- Сымахмӕ гӕсгӕ Барон йӕ роман «Саст рӕхыс» цӕмӕн схуыдта. ( Ссарын тексты 378 фарсыл: Михелы рӕхыс йӕ тӕккӕ астӕуыл асаст. ( Ног царды символ. хъӕздгуыты дуг фӕцис- ног цард райдыдта).

Хӕс. Ныффыссын бур сыфыл: - революционер; рӕстдзинадыл тохгӕнӕг.

Ахуыргӕнӕг. Æрбакӕсут-ма, цы нӕм рауади. Хур у ног царды символ . Цӕлыккӕн йӕ бон бацы хуымӕтӕг ӕнахуыргонд лӕппуйӕ революционер суӕвын. Фӕлӕ уыцы фӕндагыл бавзӕрсты тынг бирӕ зындзинӕдтӕ.


  1. Хӕдзармӕ куыст. « Цымӕ кӕм фембӕлздӕнис Цӕлыкк йӕ уарзон ӕмбал Зарӕйыл ?» Ныффыссын сочинени.



Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.



Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.



Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.

Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.


Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.




Боциты Барон. « Саст рӕхыс». Цӕлыкк- ног цардаразӕг.

© 2010-2022