Иры зандгонд адам

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....Иры зандгонд адам .....

Темæ: «Ирыстоны зындгонд адæм»

(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын).

Урочы фæлгонц: 1. Сывæллæтты партæтыл - табличкæтæ командæты нæмттимæ, сыгъдæг гæххæтты сыфтæ, гæххæтты сыфтæ, гæххæттæй конд жетонтæ (20).

2. Ахуыргæнæджы стъолыл - сахат, карточкæтæ æххуысы ныхæстимæ жетонтæ.

3. Фæйнæгыл -

Зындгонд адæймæгты нывтæ, урочы эпиграф, дзырдуат.

Эпиграф: «… Мæ фыдгулы лæг йæ фæдыл

мацы хорздзинад ныууадзæд!

Лæгæн бирæ цæрæнбонтæ нæй…

Лæг хъуамæ йæ фæдыл исты

Хорздзинæдтæ ныууадза адæмæн».

Токаты Асæх.

Урочы нысан: 1. Сбæлвырд кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ рацыд æрмæгæй.

2. Бакусын сывæллæтты аив ныхасы хъæдыл.

3. Сывæллæттæн æмбарын кæнын адæймаджы нысан царыды: цардæй æмæ куыстæй Ирыстонæн, йæхицæн æмæ йæ бинонтæн.





Урочы цыд.


  1. Бацæттæгæнæн рæстæг. (Сывæллæттæ æмæ ахуыргæнæг кæрæдзийæн салам дæтынц).

II. Ахуыргæнæджы разныхас.

.

Эпиграф кæсы, æмбарын ын кæны йæ хъуыды.

  • Цæмæй свæййы адæймаг зындгонд?

  • Æцæг адæймаг суæвынæн цы хъæуы аразын?

  • Сымахæн та уа бæллиц цавæр у?

(Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ)

Мæн фæнды суæвын…

2. Ахуыргæнæг дзуры сывæллæттæм урок хъазты хуызы кæй цæудзæни.


Хъазты мидис.

Кълас дихгонд цæуы дыууæ къордыл.

Алы къордæн дæр ис ном.

Ахуыргæнæг рагацау цæттæ кæны хæслæвæрдтæ. Уыцы хæслæвæрдты æргомæй дзырд нæ цæуы хъæугæ адæймаджы тыххæй.

Алы фарстыл хъуыды кæнынæн дæр лæвæрд цæуы 20 секунды.

Рæстæг куы ацæуа, уæд командæ дæтты хъæугæ дзуапп, кæнæ æлхæны ахуыргæнæджы æххуыс (1 жетонæй).

Раст дзуаппы тыххæй та командæйæн лæвæрд цæуы 2 жетоны.

Раст дзуаппы фæстæ фæйнæгыл зындгонд адæймагæн йæ нывы комкоммæ фыст цæуынц сæйрагдæр дзырдтæ, кæцытæ бæрæг кæнынц йæ цард æмæ йæ куыст, йе æнтыстдзинæдтæ.


  1. Урочы сæйраг хай - хъазт.

1. Хетæгкаты Къоста.

Фарст: Уый уыди Ирыстоны зындгонд адæймæгтæй иу.

1-аг æххуыс: Ирон æвзаг хуыздæр чи зыдта уыцы адæмæй иу.

2-аг æххуыс: Нывгæнæг.

3-аг æххуыс: Публицист.

4-æм æххуыс: Поэт.

5-æм æххуыс: Райгуырди Нары хъæуы.

6-æм æххуыс: Йæ мыггаг уыд Хетæгкатæй.

  • Цавæр дзырдтæ ныффысдзыстæм фæйнæгыл?

2. Хъаныхъуаты Бола.

Фарст: УЫЙ скодта Ирыстонæн стыр кад.

1-аг æххуыс: Уый тыхджын æмæ ныфсхаст.

2-аг æххуыс: Райгуырд Хъобаны.

3-аг æххуыс: Уыди зындгонд богал.

4-æм æххуыс: Йæ тых æвдыста цирчы аренæйыл.

5-æм æххуыс: Хуыдтой йæ Хъазыбеджы хох.

6-æм æххуыс: Йæ мыггаг уыд Хъаныхъуатæй.

(Ныффыссын фæйнæгыл хъæугæ дзырдтæ).

3. Абайты Васо.

Фарст: Йæ зонындзинæдтæ ирон æзвзаг æмæ истори иртасынæн нæ бавгъау кодта.

1-аг æххуыс: Нæ цæугæ мæсыг.

2-аг æххуыс: Академик.

3-аг æххуыс: Ныффыста ирон æвзаджы «Историон - этимологон дзырдуат».

4-æм æххуыс: Йæ мыггаг уыд Абайтæй.

(Ныффыссын фæйнæгыл хъæугæ дзырдтæ).

4. Плиты Иссæ.

Фарст: Уыд хъæбатыр æмæ ныфсхаст.

1-аг æххуыс: Зындгонд хæстон.

2-аг æххуыс: Тох кодта нæ Райгуырæн бæстæйы знæгты ныхмæ.

3-аг æххуыс: Уыд инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар.

4-æм æххуыс: Йæ мыггаг уыд Плитæй.

(Ныффыссын фæйнæгыл хъæугæ дзырдтæ).

5. Тæбæхсæуты Бало.

Фарст: Уыд зындгонд æмæ ирон адæмæн уарзон адæймаг.

1-аг æххуыс: Тынг аив дзырдта иронау.

2-аг æххуыс: Йæ куыстæй хаста адæмæн цин.

3-аг æххуыс: Йæ бонн уыди диссаджы фæлгонцтæ аразын.

4-æм æххуыс: Йæ ном хæссы Ирон театр.

5-æм æххуыс: Диссаджы хъазт акодта Отеллойы роль.

6-æм æххуыс: Йæ мыггаг у Тæбæхсæутæй .

(Ныффыссын фæйнæгыл хъæугæ дзырдтæ).

6. Кочысаты Розæ.

Фарст: Уый уыди тынг æрыгон æмæ куриатджын.

1-аг æххуыс: Уарзта аивад, ирон æвзаг.

2-аг æххуыс: Ныффыста «Гæды лæг».

3-аг æххуыс: Уыди фыццаг сылгоймаг - драматург.

4-æм æххуыс: Йæ мыггаг уыд Кочысатæй.

(Фæйнæгыл ныффыссыне хъæугæ дзырдтæ).

7. Æлборты Барысби.

Фарст: Уыдис ирон æвзаг æмæ истори иртасæг.

1-аг æххуыс: Сарæзта фыццаг ирон грамматиккæйы чиныг.

2-аг æххуыс: Уыд фыццаг ирон профессор.

3-аг æххуыс: Йæ мыггаг уыд Æлбортæй.

(Фæйнæгыл ныффыссын хъæугæ дзырдтæ).

IV. Урочы кæронбæттæн.

  • Абон мах дзырдтам Ирыстоны зындгонд адæмы тыххæй.

  • Кæй-ма зонут Иры номдзыд хъæбултæй?

(Андиаты Сослан, Фадзайты Арсен, Хадарцаты Махарбег, Гергиты Валерий æмæ аф. д).

  • Ныр фæйнæгмæ бакæсут æмæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм абон кæй тыххæй дзыртам уыцы адæмы.

(Сывæллæттæ радыгай кæсынц номдзыд адæмы нæмттæ æмæ сæ комкоммæ фыст дзырдтæ).

Банымайын жетонтæ.

Сбæлвырд кæнын командæтæй кæцы фæуæлахиз, уый. Архайджытæн сæвæрын хорз бæрæггæнæнтæ.

- Уæдæ, адæймагæн йæ сæйрагдæр хæс цы у?

(Уарзын Райгуырæн бæстæ, бинонты, хорз æххæст кæнын алы куыст дæр, тырнын зонындзинæдтæм).

V. Хæдзармæ куыст.

Хи ныхæстæй радзурын номдзыд адæймаджы тыххæй.





Хъæзтытæ


  1. а ц у т I ком. II ком.

б с 1. абон 1. цæст

о æ

дз

к дж

н и

къ

цъ чъ


Фæйнæгыл фыст цæуынц дамгъæтæ. Сывæллæттæй арæзт цæуы дыууæ командæйы. Ахуырдзаутæ радыгай цæуынц фæйнæгмæ æмæ дамгъæтæ хаххæй иу кæнынц, цæмæй дзы рауайа дзырд. дзырдтæ фыст цæуынц фæйнæгыл æмæ тетрæдты. Фылдæр дзырдтæм цы командæ ссара фæндаг, уыдонæн хорз бæрæггæнæнтæ сæвæрын.



«Дзырд базонут»

Сывæллæттæй алчидæр цæттæ кæны иу, кæнæ цалдæр дзырды лæвæрд темæмæ гæсгæ. Хæлттæ æппарыны руаджы сбæрæг кæнын хъæуы хъазт чи райдайдзæн, уыцы ахуырдзауы.

Сывæллон фæйнæгыл аразы дзырды схемæ («Диссæгты быдыр»-мæ гæсгæ)

Ахуырдзау уырыссагау уыци-уыцийы хуызы æмбарын кæны дзырдæн йæ хъуыды.

Сывæллæттæ радыгай дзурынц дамгъæтæ, цалынмæ дзырд базоной, уæдмæ. Æнæ радæй дзурыны бар ис, дзырд æнæхъæнæй чи базона, уымæн. Чи фæрæдийы, уый хъазты дарддæр хайад нал исы.

Дзырд чи базоны, уый дарддæр хъазт амоны.

Чи? Цы?

Ахуыргæнæг дзуры дзырдтæ.

Фарст цы?-йæн дзуапп куы дæтта дзырд, уæд сывæллæттæ æнцад бадынц.

Фарст чи?-йæн куы дæтта дзуапп, уæд сæ къух дарынц. Чи фæрæдийа, уый хъазты хайад нал исы.

Фæстагмæ чи баззайа, уыдонæн æвæрд цæуынц бæрæггæнæнтæ.

Ацы хъазты хуызы ис саразæн æндæр хæслæвæрд кæмæн уа, ахæм ерыстæ.

Хæргæ у. Нæу хæргæ.

Номдар. Миногон.

Номдар. Мивдисæг.

Сырд. Дидинæг. (æмæ аф. д.)

Ерыстæ.

Сывæллæттæй арæзт цæуы къордтæ. Лæвæрд темæмæ гæсгæ («Сырдтæ», «Дыргътæ», «Бинонтæ», «Уæлæдарæс» æмæ аф. д) фыссынц дзырдтæ (лæвæрд цæуы рæстæг).

Командæты минæвæрттæ радыгай дзурынц дзырдтæ.

Фылдæр дзырдтæ цы командæ бацæттæ кæна, уыдонæн æвæрд цæуы хорз бæрæггæнæнтæ.

Предметы тыххæй цы зонын?

Сывæллæттæм æвдыст цæуы предмет, кæнæ йæ ныв. Ахуырдзаутæ фыссынц дзырдтæ, кæцытæ хауынц лæвæрд предметмæ (миногонтæ. Мивдисджытæ, нымæцонтæ).

Чи фылдæр дзырдтæ ныффысса лæвæрд рæстæгмæ, уыцы сывæллæттæм æвæрд цæуынц хорз бæрæггæнæнтæ.

«Ссар æмбæхст дзырдтæ»

Фæйнæгыл фыст цæуы бирæуæнгом дзырд. Сывæллæттæн лæвæрд цæуы хæс, уыцы дзырдæй пайда кæнгæйæ саразын æндæр дзырдтæ.

(Лæвæрд цæуы бæлвырд рæстæг).

Фылдæр дзырдтæ чи ныффысса, уыцы сывæллæттæн æвæрд цæуы хорз бæрæггæнæнтæ.



© 2010-2022