Конспект урока на тему: Близнецы

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



АРГЪАУ « ФАЗЗÆТТÆ»









2015

5 кълас ИКТ

ТЕМÆ: «Фаззæттæ»

НЫСАН: Аргъау цы у, аргъæутты сæйраг хуызтæ равзарын. Бæлвырддæр

æрлæууын аргъау «Фаззæттыл».

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: адæймаджы хуыздæр миниуджытæй хайджын уæвын-

мæ тырнындзинад гуырын кæнын скъоладзаутæм.

УРОЧЫ ÆРМÆГ: литературæйы чиныг, презентаци, чиныг «Ирон аргъæу-

ттæ, «Ирон адæмон сфæлдыстад», литературон терминты дзырдуат

УРОЧЫ ЦЫД: «АРГЪАУ СÆДÆСÆРОН У»

/Æмбисонд /

  1. Орг. хай.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

  3. Ног æрмæг.

Фыццаг урок.

Ахуыргæнæджы раныхас.

Аргъæутты арæхдæр рауайы афтæ: рæстдзинад фæуæлахиз вæййы

зонд æмæ тыхы руаджы. Æппæрццæг архайджытæ æвдыст фæцæуынц кæфхъуындарты, бирæгъты æмæ æндæр тугдзых сырдты хуызы.

ФАРСТ: Цавæр æртæ къордыл дих кæнынц аргъæуттæ?

( Цæрæгойты аргъæуттæ, алæмæттаг æмæ цардыуагон аргъæуттæ. Цæрæгойты аргъæутты æвдыст æрцæуы ирон адæмы æууæндындзинад æнахуыр тыхтыл. ( «Бирæгъ æмæ рувас», «Теуа йе 'нæзондæй куыд фесæфт», «Зæронд бирæгъ» æ. æнд.

Алæмæты аргъæутты æрцæуы æвдыст сæйраг хъайтары цард, кæцы кæддæриддæр кæны уæлахиз знагыл. Ахæм аргъæутты вæййы æнахуыр фæзындтæ кæнæ дзауматæ, кæцытæ феххуыс кæнынц хъайтартæн.

Царды уаджы аргъæутты æвдыст æрцæуы социалон ныхмæвæрддзинад, конфликт. Хъайтарты хъæндзинæдтæ æвдыст æрцæуынц сатирикон хуызы. («Раст лæг æмæ зылын лæг», «Фæныкгуыз», «Æртæ æфсымæры» æ. æнд.)

Аргъау «Фаззæттæ».

Аргъæутты арæх сæйраг архайджытæ вæййынц фаззон лæппутæ. Уыдон фервæзын кæнынц адæмы сæ хъизæмар цардæй. Афтæ рауад аргъау «Фаззæтты» дæр. Сауи æмæ Будзи адæмы фервæзын кодтой. Сæ кæрæдзийыл дæр уыдысты тынг æнувыд(Будзи Сауийы зындзинадæй фервæзын кодта).

Аргъауы фыццаг хай радзурын скъоладзаутæн хи ныхæстæй, интонаци ивгæйæ.

  1. АУЛÆФТ. «Светофор».

  2. ДЗЫРДУАТОН - ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ

Залиаг калм(дракон) - кæфхъуындар. У æппæт дæтты хицау. Донæй

пайдагæнæггаг адæмæй домы хъалон рæсугъд чызджытæй.

Фыранк(леопард, барс) - тугдзых сырд хъæддаг гæдыты мыггагæй тæппытæ цармимæ.

Чъисса(кисет) - гыццыл дзæкъул тамако дарынæн, йæ ком синагæй æрбабæтгæ.

Схон(кремень) - тынг хъæбæр дур. Раджы заман хъуыд зынг рацæгъдынæн.

Зных, зныгъ (трут) - хус зокъо, кæрæдзийыл сæ куы ахафай, уæд сæ фесхъиуы цæхæры стъæлфæнтæ.

Саг (олень) - сынæрцæгъдæг къайсæфтæгджын æхсырæйхæссæг цæрæгой къабузджын сыкъатимæ. Кавказаг уæздан саг (кавказский благородный олень) цард Цъæйы комы, фæлæ йын йæ мыггаг сыскъуыйын кодтой цуанонтæ. Фæстаг саг амардтой 1921 азы. 1963 азы Какказаг фæдзæхст хъæдмæ æрбаластой кавказаг уæздан сагты лæппын фос.

Фразеологион дзырдбæстытæ.

«Сæ уд сын æрдуйæ нарæгдæр скодта» - тухæнæй сæ мардта, зындзинæдтæ сын æвзарын кодта; «хур йæ был сдардта» - хур райсомæй скаст; «зæрдæ рухс кодта» - алцæмæй дæр разы уыд; «адæмы сæрыл хи æрхæссын» - адæмы тыххæй цард раттын; «хуртæ æмæ дзы мæйтæ касти» - уыдис алæмæты рæсугъд æ.а.д.

6. Аргъауы аив каст æмæ мидисы æвзæрст Аргъау кæсы райдианы ахуыргæнæг, стæй та йæ дарддæр кæсынц скъоладзаутæ, йæ хъуыды йын фæрстытæм гæсгæ æвзаргæйæ.

7 Хатдзæгтæ аргъауы фыццаг хайæ.

8 Хæдзармæ куыст. 1 хай аив каст, хъуыды, ныв, 2 хай бакæсын.

9 Бæрæггæнæнтæ.



© 2010-2022