Конспект урока по осетинской литературе Айларты Чермен Чи фылдар уарзы йа мады

Раздел Другое
Класс 3 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Айларты Чермен «Чи фылдæр уарзы йæ мады?»


Урочы нысан: 1.Базонгæ кæнын Айларты Чермены


радзырд «Чи фылдæр

уарзы йæ мады?»-имæ сывæллæтты.



2.Рæзын кæнын логикон хъуыдыкæнынад,


аив ныхасы рæзтыл бакусын, дзырдуат

фæхъæздыгдар кæнын ног дзырдтæй,

æмбисæндтæй мады тыххæй.



3.Хорзæхты сæр мад кæй у,уый сывæллæттœн бамбарын кœнын,мадыл

хъœуы аудын, œххуыс кœнын.




Эпигрæф: Хорзæхты сæр мад у.

Æмбисонд.




Урочы фæлгонц: Презентаци мады тыххæй, ирон кæсыны


чингуытœ 2 аг къласœн, œмбисœндтœ,

открыткœтœ.



Ахуыргœнœг: Хуымарты С. М.


Урочы цыд.



1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

а) Салам раттын.


æ) Сывæллæтты цæттæдзинадмæ хъус æрдарын.



2. Ног æрмæг бацамонын.


а) Абон нæм ис кæсыны урок, уæ хорзæхæй, лæмбынæг ма кæсут фæйнæгыл


цы презентаци ис,уымæ æмæ мын уымæ гæсгæ зæгъут, абон нæ урочы цæуыл кæнæ кæуыл цæудзæн дзырд.


(Презентаци мады тыххæй равдисын).


А: - Уæдæ абоны урочы нæ ныхас цæуыл цæудзæн? Куыд уæм кæсы?


С:- Дзуапп.


А:-Дарддæр кæсæм фæйнæгмæ.


æ) Эпигрæфимæ куыст


Хорзæхты сæр мад у.


А:- Зæгъут-ма,куыд æмбарут ацы æмбисонд?


С:Дзуапп.




А:- Цавæр æмбисæндтæ ма зонут мады тыххæй?


С: Дзуапп.


А:- Чизоны уæ исчи зоны æмдзæвгæ мады тыххæй?


С: Дзуапп. (Дзурынц æмдзæвгæтæ мады тыххæй).


А:-Сымахæй алкæмæн дæр ис мад,уарзут уæ мæдты?


С:-Дзуапп.


А:- Уæдæ куыд загътам,афтæмæй нæ урочы дзурдзыстæм мады тыххæй,

нæ урочы темæ Айларты Чермены радзырд «Чи фылдæр уарзы йæ


мады?».

Радзырд бакæсыны размæ уал бакæнæдзыстæм дзырдуатон куыст,


уымæн æмæ мæнмæ гæсгæ радзырды ис ахæм дзырдтæ, кæцытæн


сымах сæ хъуыды не мбарут æмæ сæм уæ хъус æрдарут.




3.Дзырдуат: Хъæугæрон - хъæуы кæрон


æдзæмæй - æнæ дзургæйæ


хъугдуцæг -хъуг чи дуцы,уыцы адæймаг



холлаг -хæринаг фосæн


4.Физминуткæ.




5.Чиныгимæ куыст.


Бакæсын текст чиныджы.(Сывæллæттæ хъусынц).


-А: - Зæгъут-ма,цал архайæджы ис радзырды?


С: Дзуапп.


А: -Чи сты? Сæ нæмттæ.



Тексты мидис равзарын æмæ тексты кæрон фарстæн дзуапп раттынæн спайда кæндзыстæм проектон методæй.(Сывæллæттæ æртæ къордæй бадынц).


Мæнмæ гæсгæ йæ бамбæрстат абон иннæ урочыты хуызæн нæ бадут,фæлæ


къордтæй,уый дзæгъæлы нау.


6.-Сывæллæттæ, æртæ къордыл дихгонд стут,ныртæккæ алы къордæн дæр лæвæрд уыдзæн хæслæвæрд æмæ рæстæг ахъуыды кæнынæн.


1-аг къорд. (гæххæттыл фыст хæслæвæрд)- Лæвæрд æмбисæндтæй равзарын иу æмбисонд радзырды хъуыдымæ гæсгæ хæстæг кæцы у.


- Йæ хъуыды йын райхалын.

-Радзырды тексты ссар æмбисонд.


2-аг къорд. Хатдзæг радзырдæн.


-Баххæст кæн хъуыды:

-Мæнмæ гæсгæ æртæ лæппуйæ йæ мады æппæты фылдæр уарзы...


-Куыд уæм кæсы,куы сыстыр уа,уæд цавæр адæймаг уыдзæн?



3-аг къорд. -Зæгъут-ма, Дзокк æмæ Мухтарæн цы бацамониккат?






7. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


-Куыд уæм кæсы, чи уæ цавæр бæрæггæнæныл радта дзуапп?


-Дзуœппытœ:


8. Рефлексия (Хатдзæгтæ).


-Уæ разы цы сыфтæ æвæрд ис, уыдонмæ ма æркæсут æмæ сын раттут дзуапп.



- Æз базыдтон... (1-аг къорды раз )


- Мæ зæрдæмæ фæцыд... (2-аг къорды раз )


- Фæнды ма мæ базонын... (3-аг къорды раз)



9. Хадзармæ куыст.


- Сывæллæттæ, нæ проект кæронмæ æххæстгонд фæуыдзыстæм хæдзармæ куыст куы сæххæст кæнат, уæд.


Ныртæккæ уын райуардзынан арфæйы открыткæтæ, хæдзары уæ алчидæр хъуамæ уыдоны ныффысса йæ мадæн уæ кœмœн цы йœ зœрдœ зœгъы,уый кœнœ та ныв дœр уœд. Джеоргуыбайы мœйы уыдзœн мадœлты бœрœгбон œмœ уœ уœд алчидœр йœ мадœн балœвар кœндзœн ацы открыткœ.









© 2010-2022