Тематикон пълан 1-æм къласæн

Къуыри 3 сахаты,æдæппæт 110 сахаты:15 - сахаты бацæттæгæнæн рæстæг,69 - сахаты абетæ ахуыр кæныны рæстæг,26 - сахаты кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны рæстæг.  Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр тра...
Раздел Другое
Класс -
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Æмбарынгæнæн фыстæг

Предметы иумæйаг характеристикæ

Нысан æмæ хæстæ


Ирон æвзаг - нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ - Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.

Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.

Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.

Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;

- сывæллæттæ зоной: æхсæнады адæмты ΄хсæн ног ахастытæ кǽй ис, иннæ æдæмы хæттыты сывæллæттæ дæр ирон æвзаг кæй ахуыр кæнынц, æмæ сæ уый кæрæдзийыл фидардæр кǽй бǽтты; сæ алыварс цæрæг адæмтимæ хæларæй цæрын кǽй хъǽуы,уый;

- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;

- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;

- райдайæн скъолайы сывæллæтты лингвистикон зонындзинæдтæ рæзын кæнын хуымæтæг хуызы, цæмæй кæсын фыссын базоной;

- адæймаджы хъуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын.

- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;

- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын. Чингуытæм, иннæ ахуырадон предметтæм сæм аудыны цæстæнгас рæзын кæнын.

Скъолайы иннæ ахуырадон предметты ′хсæн ирон æвзаджы нысан у ирон æвзагæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æмæ сывæллæтты æхсæны культурæ бæрзондæр кæнын:

1-аг нысан - зонындзинæдтæ фылдæр кæнын. Ам скъоладзаутæн æмбарын кæнын хъæуы æппæтдунеон наукæйы иу къабаз кæй у, йæ сæйрагдæр хæйтты йын зонын кæй хъæуы, уыцы зонындзинæдты бындурыл та аразт логикон хъуыдыкæнынад.

2-аг нысан - æхсæны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ хауы скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинад, ома дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзт, монологон æмæ диалогон ныхас, раст æмæ æнæрæдыдæй фыссын. Уыдон иумæ сты адæймаджы иумæйаг культурæйы бæрæггæнæнтæ.

Цæмæй райдайæн кълæсты ирон æвзаг ахуыргæнгæйæ уæлдæрæвæрд нысантæ æххæстгонд æрцæуой, уый тыххæй практикон æгъдауæй бакусын хъæуы ахæм фарстатыл:

-скъоладзауты ныхас æмæ хъуызыкæнынад рæзын кæнын, хъæугæ методикон мадзæлттæй пайда кæнын зонын.

-ирон æвзаджы лексикæ, фонетикæ æмæ грамматикæйæ фыццаг зонындзинæдтæ райсын.

-базонын раст фыссын æмæ кæсын, диалогы архайын, монологтæ дзурын, æрфыстон æмæ таурæгъон тексттæ аразын.

-мадæлон æвзагмæ раст эмационалон цæстæнгас хъомыл кæнын; йæ бахъахъæнын не ппæты хæс дæр кæй у, уый æмбарын кæнын; æвзаг зонынмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын; хи ныхас хъæздыгдæр кæныныл архайын.

Нæ республикæйы «Ирон æвзагæн» райдайæн ахуырады ис йæхи бынат. Нымад æрцыд паддзахадон æвзагыл æмæ кæсын-фыссыныл ахуыр кæнын.

Предметы струткурæ

Райдайæн кълæсты ирон æвзаг ахуыр кæнын у лингвистикон ахуырадоы æмæ сывæллæтты ныхасы рæзты фыццаг сæрмагонд этап. Йæ сæрмагондзинад уый мидæг ис, æмæ у æнгом баст у иннæ ахуырадон предметтимæ, уæлдай дæр та ирон литературон кæсынадимæ æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературон кæсынадимæ. Иумæ райсгæйæ аразынц иу ахуырадон хай-дилологи.

Фыццæгæм къласы ирон æвзаг æмæ ныхасы разтыл куысты бындур у «Абетæ» ахуыр кæныны рæстæг. Дих кæны æртæ хайыл:

1. бацæттæгæнæн рæстæг;

2. дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг;

3. рацыд æрмæг бафидар кæныны рæстæг.

Ацы хæйттæй алкацыйæн дæр лæвæрд цæуы сахæттæ 12с.-бацæттæгæнæн рæстæгæн, 64с-абетæ ахуыр кæнынæн æмæ 20с.-кæсын æмæ фыссын ахуыр кæнынæн.

Кæсын-фыссын ахуыр кæныны сæйраг хæс у: дамгъæтæ фыссын ахуыргæнгæйæ сабиты кæсыныл дæр æфтауын.

Сывæллæттæн, хуымæтæг хуызы сæ графикон æмæ кæсыны навыктæ фидаргæнгæйæ, уæрæхдæр кæны сæ алыварсы дунеæмбарынад, хъæздыг æмæ активон кæны сæ дзырдуат, рагагъоммæ рæзын, сæ грамматикон -орфографион зонындзинæдтæ.

Ног програмæмæ гæсгæ (Юнескойы кафедрæйы проектмæ гæсгæ) афæдзы фæстаг цыппæрæм хайы æвзаг æмæ литературæ хицæн предметы хуызы ахуыр кæнын кæй райдайынц, уымæ гæсгæ сабитæн уæрæхдæр кæнынц сæ дунеæмбарынад æмæ хъуыдыкæнынад, хъæздыгдæр кæны сæ ныхасы хъæд æмæ дзырдуат.

Сывæллæттæ фыццаг хатт 1-ам къласы базонгæ вæййынц ирон æвзаджы системæ æмæ ныхасы культурæимæ

Предмет «Ирон æвзаг æмæ литературон кæсынад» ахуыр кæныны мидисы рахицæн кæнæн ис ахæм хæйттæ:

- коммуникативон зонындзинæдтæ ныхасы сæйраг хуызты: хъусын, дзурын, кæсын æмæ фыссыны:

- æвзаджы мадзæлттæ æмæ сæ пайда кæныны фæлтæрддзинад;

- социокультурон зонындзинæдтæ;

- иумæйаг ахуырадон æмæ сæрмагонд ахуырадон зонындзинæдтæ.

Ацы цыппар хайǽ сæйрагдæр у фыццаг - коммуникативон, уымæн æмæ уый фæрцы сбæрæг кæнæн ис, сывæллон цы базыдта ахуыры алы этапты, уый. Фæлæ цыппар хайы кæрæдзийыл сты æнгом баст, æппарæн дзы никæцыйæн ис, уæд хæлд æрцæудзæн ахуырадон предмет «Ирон æвзаг æмæ литературон кæсынады» иудзинад.

Предметон хай «Ирон æвзаджы системæ»

1 хай. «Фонетикæ æмæ графикæ»

- мыртæ æмæ дамгъæтæ кæрæдзийæ иртасын;

- ирон æвзаджы мырты дих зонын (хъæлæсонтæ - цавдон/æнæцавдон, - лæмæгъ/тыхджын, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ; æмхъæлæсонтæ - æмкъай/æнæкъай, зылангон/æзылангон, дывæргонд, уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ.)

- дамгъуаты кæрæдзийы фæдыл куыд æвæрд сты, уый зонын.

2 хай. «Орфоэпи»

Скъоладзауы сахуыр кæнын хъæуы:

- ирон литературон æвзаджы æгъдæуттæ зонын, ома ирон æмæ уырыссаг алфавиты уыцы иу дамгъæтæ алыхуызы мыртæ кæй дæттынц, уый зонын (з, с, ц, дз); кавказаг кæй хонæм (хъ,къ,цъ ǽмǽ а.д.), уыцы мырты растдзурынад. Уыдон цæйбæрц хорз бамбарой, уымæй аразгæ уыдзæн сæ аив дзырд.

3 хай. «Дзырды арæзт»

Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

- дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын, иу рæнхъæй иннæмæ хæссын;

- адæймæгты нæмттæ æмæ мыггæгтæ, уынгты, фосы æмæ æнд. ах. нæмттæ стыр дамгъæйæ фысгæ кæй сты.

4 хай. «Лексикæ»

Скъоладзауы зонын хъæуы:

- дзырдтǽ фæрстытæм гæсгæ иртасын (чи? цы?);

- дзырдтǽ сæ нысаниуæгтæм гæсгæ иртасын (комкоммæ ахæсгæ);

- дзырдтæм антонимтæ, синонимтæ æвзарын зонын;

5 хай. «Морфологи» (ног чингуытæм гæсгæ)

- номдары грамматикон миниуджытæ иртасын (хауæн, нымæц)

- миногоны грамматикон миниуджытæ иртасын (хауæн, нымæц); миногон номдаримæ бастæй куыд тасындзæг кæны;

Мивдисæджы грамматикон миниуджытæ иртасын (нымæц, афон, цæсгом)

6 хай. «Синтаксис»

Скъоладзауы ахуыр хъæуы:

- ныхас хъуыдыйæдтыл дих кæнын;

- хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ иртасын, - хъæлæсы уагæй раст дзурын;

- хъуыдыйады райдайæн стыр дамгъæйæ фыссын, йæ кæроны та стъæлф æвæрын.

Предметон хай «Орфографи æмæ пунктуаци»

Скъоладзауæн бацамонын:

- растфыссынады æгъдæуттæ (хæрз хуымæтæг хуызы)

- чиныгæй æнæ рæдыдæй чысыл тексттǽ фыссын;

- ахуыргæнæджы кастмæ гæсгæ чысыл тексттæ фыссын, рæдыдтыл кусгæйæ сабийæн йæхицæн агурын кæнын йæ рæдыд.

Предметон хай «Ныхасы рæзт»

Сывæллæтты ахуыр кæнын:

- дзырдты бæлвырд тематикон къордтыл дих кæнын;

- фæрстытæм гæсгæ цыбыр радзырдтæ аразын;

- хуымæтæг мидисджын нывтæ æвзарын æмæ уыдонмæ гæсгæ дзургæ сочиненитæ æмæ радзырдтæ аразын;

- æрвылбон архайын иронау аив дзурыныл;

- искæйы ныхасмæ бæстон хъусын æмæ йын раст дзуæппытæ дæттын;

- хи хъуыдытæ дзурын;

- хибарæй лæвæрд текстæн йæ хъуыдымæ гæсгæ сæргонд дæттын;

- хи ныхæстæй цыбыр тексттæ дзурын;

- сфæлдыстадон куыстытæ кæнын.


Тематикон пълан

1-æм кълас


Темæтæ

Сæргæндтæ

Сæхæттæ

1.

1-æм сентябрь-ног ахуыры азы. Зонындзинæдты бæрæгбон. «Абетæ» -йы чиныг - фыццаг ахуыргæнæн чиныг ирон æвзагæй.

1

2.

Мæ райгуырæн бæстæ - Ирыстон.

Ныхас.

1

3.

Скъола.

Ныхас. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас. Иумæйаг æмбарынад: хъуыдыйад.

Нæхи цæттæ кæнæм скъоламæ. Райсом - скъоламæ. Нæ кълас. Мæ ахуыргæнæн дзауматæ.

2

4.

Хъазæнтæ.

Хъуыдыйад æмæ дзырд.

Сывæллæтты хъæзтытæ æмæ хъазæнтæ.

1

5.

Бинонтæ.

Хъуыдыйæдтæ æмæ дзырд.

Уæнг.

Дзырд æмæ уæнг.

Мæ бинонтæ. Професситæ. Хæдзар. Хæдзары æгъдау. Нæ цæлгæнæны. Хойрæгтæ. Мигæнæнтæ.

2

6.

Цæхæрадоны æмæ дыргъдоны.

Дзырд æмæ уæнг.

Халсартæ, дыргътæ æмæ гагадыргътæ.

1

7.

Дуне дзаг у алыхуызон мыртæй.

Цæрæгойтæ.

Уæнг. Мыр.

Хæдзарон фос æмæ мæргътæ.

2

8.

Хъуыдыйад. Дзырд. Уæнг. Мыр.

Хъæддаг сырдтæ æмæ цъиутæ.

1

9.

Афæдзы афонтæ. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ.

Зымæг, уалдзæг, сæрд, фæззæг. Мæйтæ. Къуырийы бонтæ. Бон.

2

10.

Дзаума.

Дзырд. Уæнг. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ.

Уæлæдарæс. Къахыдарæс.

1

11.

Хи дарыны æгъдæуттæ. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

Уазæгуаты.

Транспорты.

Скъолайы.

Бæрæгбоны.

1





Абетæ ахуыр кæныны урокты тематикон пълан

Ахуыр кæнæм дамгъæтæ - ахуыр кæнæм чиныджы кæсын.

Фыссын

Сæхæтты нымæц

1.

Ахуыры азы фыццаг цыппæрæмхæй.

Хъæлæсон мыр [а], дамгъæтæ А,а.

Амонын гыццыл дамгъæ а фыссын. Амонын, стыр дамгъæ А куыд фысгæ у, уый.

1

2.

Хъæлæсон мыр [у], дамгъæтæ У,у

Амонын гыццыл дамгъæ у фыссын. Амонын, стыр дамгъæ У куыд фысгæ у, уый.

1

3.

Хъæлæсон мыр [о], дамгъæтæ О,о

Амонын гыццыл дамгъæ о фыссын. Амонын, стыр дамгъæ О куыд фысгæ у, уый.

1

4.

Хъæлæсон мыр [и], дамгъæтæ И,и

Амонын гыццыл дамгъæ и фыссын. Амонын, стыр дамгъæ И куыд фысгæ у, уый.

1

5.

Хъæлæсон мыр [æ], дамгъæтæ Ӕ,æ

Амонын гыццыл дамгъæ æ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ӕ куыд фысгæ у, уый.

2

6.

Хъæлæсон мыр [ы], дамгъæтæ ы

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ ы фыссын.

1

7.

Хъæлæсон мыр [э], [йэ] дамгъæтæ Е,е.

Телевизор.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ е-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ е фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Е куыд фысгæ у, уый.

1

1

8.

Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæтæ М,м.

Музыкалон инструментæ. Уæнг.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ м-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ м фыссын. Амонын, стыр дамгъæ М куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ м фыссын.

1

1

9.

Æмхъæлæсон мыр [н], дамгъæтæ Н,н.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ н-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ н фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Н куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ Н,н фыссын.

1

1

10.

Æмхъæлæсон мыр [р], дамгъæтæ Р,р.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ р-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ р фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Р куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ р-имæ дзырдтæ фыссын.

1

1

11.

Æмхъæлæсон мыр [с], дамгъæтæ С,с.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ с-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ с фыссын. Амонын, стыр дамгъæ С куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ с-имæ дзырдтæ фыссын.

1

1

12.

Æмхъæлæсон мыр [х], дамгъæтæ Х,х.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ х-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ х фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Х куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ х-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

13.

Æмхъæлæсон мыр [д], дамгъæтæ Д,д.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ д-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын. Сабиты хъæзтытæ.

Амонын гыццыл дамгъæ д фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Д куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ д-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

14.

Æнæуæнгон у, æмхъæлæсон у -имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын. Хъæлæсон мыр у æмхъæлæсон у -имæ абарын.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ у-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ у фыссын. Амонын, стыр дамгъæ У куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ у-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1


1

15.

Æмхъæлæсон мыр [т], дамгъæтæ Т,т.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон дамгъæтимæ дзырдтæ кæсын. Хъæзтытæ.

Амонын гыццыл дамгъæ т фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Т куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ т-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

16.

Æмхъæлæсон мыр [л], дамгъæтæ Л,л.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ л -имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ л фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Л куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ л-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

17.

Æмхъæлæсон мыр [к], дамгъæтæ К,к.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ к -имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын, дзырдарæзт бамбарын кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ к фыссын. Амонын, стыр дамгъæ К куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ к-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

18.

Æмхъæлæсон мыр [й], дамгъæтæ Й,й.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ й -имæ дзырдтæ, уæнгтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ й фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Й куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ й-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

19.

Æмхъæлæсон мыр [г], дамгъæтæ Г,г.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ г -имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ г фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Г куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ г-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

20.

Æмхъæлæсон мыр [з], дамгъæтæ З,з.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ з -имæ дзырдтæ кæсын, мыр [з] адæймаджы (чызджыты) нæмтты раст кæсын. Зарыны урочы. Сабиты зарæг. Ирон кафт.

Амонын гыццыл дамгъæ з фыссын. Амонын, стыр дамгъæ З куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ з-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

1

1

21.

Æмхъæлæсон мыр [б], дамгъæтæ Б,б.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ б-имæ уæнгтæ, дзырдтæ кæсын.

Амонын гыццыл дамгъæ б фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Б куыд фысгæ у, уый.

1

1

22.

Æмхъæлæсон мыр [ф], дамгъæтæ Ф,ф. Ахорæнтæ.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ ф-имæ уæнгтæ, дзырдтæ кæсын.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæ Ф,ф фыссын. Дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыссын.

1

1

23.

Æмхъæлæсон мыр [ц], дамгъæтæ Ц,ц. Цæхæрадоны.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дзырдтæ дамгъæтæ ц æмæ с-имæ кæрæдзиуыл барын.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ Ц, ц фыссын.

Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

24.

Æмхъæлæсон мыр [в], дамгъæтæ В,в.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын, дамгъæ в-имæ дзырдтæ, радзырд кæсын.Ног аз.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ В, в фыссын.

Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

25.

Дамгъæ ъ (хъæбæры нысан), дамгъæтæ: къ, хъ, гъ, тъ, пъ, чъ, цъ; к, г абарын къ, гъ-имæ, ацы дамгъæтимæ уæнгтæ, дзырдтæ кæсын. Дзырдтæй хъазт.

Бацамонын дамгъæ ъ фыссын.

Дзырдтæ фыссын.

1

26.

Æмхъæлæсон мыр [гъ], дамгъæтæ Гъ,гъ.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Дамгъæтæ г-гъ кæрæдзиуыл абарын дзырдв руаджы. Дамгъæтæй æмæ дзырдтæй хъазт.

Амонын гыццыл дамгъæ гъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Гъ куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæтæ г,гъ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

27.

Æмхъæлæсон мыр [п], дамгъæтæ П,п.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ п фыссын. Амонын, стыр дамгъæ П куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ П,п фыссын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

28.

Æмхъæлæсон мыр [къ], дамгъæтæ Къ,къ.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ къ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Къ куыд фысгæ у, уый.

1

1

29.

Æмхъæлæсон мыр [дз], дамгъæтæ Дз,дз. Мыртæ æмæ дамгъæтæ дз-з кæрæдзиуыл абарын. Æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ дз фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Дз куыд фысгæ у, уый.

Сывæллæтты ахуыр кæнын дамгъæтæ з-дз-фыссын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

30.

Æмхъæлæсон мыр [хъ], дамгъæтæ Хъ,хъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ х-хъ кæрæдзиуыл абарын.

Амонын гыццыл дамгъæ хъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Хъ куыд фысгæ у, уый.

2

31.

Æмхъæлæсон дамгъæ ж. Ирон æмæ уырыссаг æвзагыл журналтæ кæсын сабитæн.

Сывæллæтты амонын гыццыл дамгъæ ж фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ж куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ Ж, ж фыссын.

1

32.

Æмхъæлæсон мыр [дж], дамгъæтæ Дж,дж. Мыртæ æмæ дамгъæтæ дж æмæ д кæрæдзиуыл абарын.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ дж фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Дж куыд фысгæ у, уый.

Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

33.

Æмхъæлæсон мыр [тъ], дамгъæтæ Тъ,тъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ тъ -т кæрæдзиуыл абарын.

8-æм Мартъи-сылгоймæгты бæрæгбон.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ тъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Тъ куыд фысгæ у, уый.

Фæлварын сывæллæтты дамгъæтæ Тъ, тъ фыссыныл.

Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

34.

Æмхъæлæсон мыр [цъ], дамгъæтæ Цъ,цъ. Мыртæ æмæ дамгъæтæ ц-цъ кæрæдзиуыл абарын. Дзырдтæ хъуыдыйæдтæ кæсын. Аргъæуттæ хæдзарон æмæ хъæддаг мæргъты тыххæй.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын. Кæсын тексттæ.

Амонын гыццыл дамгъæ цъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Цъ куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ цъ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

1

35.

Æмхъæлæсон мыр [ч], дамгъæтæ Ч,ч.

Дзырдтæ, радзырд бакæсын ацы дамгъæтимæ.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ ч фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ч куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ ч-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

36.

Æмхъæлæсон мыр [чъ], дамгъæтæ Чъ,чъ.

Мыртæ æмæ дамгъæтæ ч-чъ кæрæдзиуыл абарын.

Дзырдтæ æмæ радзырдтæ кæсын.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ чъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Чъ куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ ч æмæ чъ-имæ дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыссын.

1

1

37.

Æмхъæлæсон мыр [пъ], дамгъæтæ Пъ,пъ.

Мыртæ æмæ дамгъæтæ п-пъ кæрæдзиуыл абарын.

Амонын гыццыл дамгъæ чъ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Чъ куыд фысгæ у, уый.

2

38

Дамгъæ ь (фæлмæны нысан) бæрæг кæны уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсонты фæлмæндзинад.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Амонын дамгъæ ь (фæлмæны нысан) фыссын. Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæтæ ь-имæ дзырдтæ æмæ уæнгтæ фыссын.

Дамгъæ ъ (хъæбæры нысан) æмæ ь (фæлмæны нысан) кæрæдзиуыл абарын. Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

1

39.

Хъæлæсон дамгъæ э.

Дамгъæ э уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты кæй фыссæм, æмæ йæ куыд кæсын хъæуы, уый бамбарын кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ э фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Э куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ э-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.



1

Хъæлæсон дамгъæ ю. Дамгъæ ю-имæ дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ кæссын.

Амонын гыццыл дамгъæ ю фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ю куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ ю-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын.

Хъæлæсон дамгъæтæ я,ё. Дамгъæ я,ё-имæ дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ кæссын.

Амонын гыццыл дамгъæтæ я,ё фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Я,Ё куыд фысгæ у, уый.

Фæлварын сывæллæтты дамгъæтæ я,ё-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссыныл.

40.

Æмхъæлæсон дамгъæ ш Дамгъæ ш уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты (машинæ, шофер, Шурæ, Сашæ) куыд фыссæм, æмæ куыд кæсæм, уый бамбарын кæнын.

Амонын гыццыл дамгъæ ш фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Ш куыд фысгæ у, уый.

Ахуыр кæнын сывæллæтты дамгъæ ш-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ фыссын. Хъуыдыйæдтæ фыссын.


1

Æмхъæлæсон дамгъæ щ. Дамгъæ щ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты (щёткæ, плащ, борщ) куыд фыссæм, æмæ куыд кæсæм, уый бамбарын кæнын.

Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

Резервон уроктæ.

Амонын гыццыл дамгъæ щ фыссын. Амонын, стыр дамгъæ Щ куыд фысгæ у, уый.

Фæлварын сывæллæтты дамгъæтæ щ-имæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссыныл.

Дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын.

Чысыл текст 3-4 хъуыдыйадæй ныффыссын.


Кæсын

Сæхæтты

нымæц

Фыссын

Сæхæтты

нымæц

1.

Чеджемты Геор. Къоста.

1

Дзырд. Хъуыдыйад. Текст.

2

2.

Хетæгкаты Къоста. Цъиу æмæ сывæллæттæ.

1

Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ. Дамгъæтæ.

2

3.

Чеджемты Геор. Гыццыл аланты зарæг.

1

Уæнг. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын.

1

4.

Кочысаты Мухарбег. Уалдзæг.

1

Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, цъ, тъ, пъ, чъ дзырдты мидæг.

1

5.

Мæлдзыг æмæ бæлон (аргъау)

1

Алфавит, кæнæ абетæ.

1

6.

Цæгæраты Гиго. Ичъи.

1

Фæрстытæ чи? æмæ цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон кæрæдзийæ иртасын.

1

7.

Арс, рувас æмæ бирæгъ (аргъау)

1

Стыр дамгъæ адæймæгты нæмтты æмæ мыггæгты. Стыр дамгъæ фосыл æвæрд нæмтты.

1

8.

Цæрукъаты Таймураз. Рæхимæт.

1

Фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны? -йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын.

1

9.

К.Д.Ушинский.

Алчи йæ куысты уæлхъус

1

Фæрстытæ цыхуызæн? цавæр? æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын.

1

10.

Чеджемты Геор.

Къæбыла.

1

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын

2

11.

Мыстытæ æмæ гæды (аргъау)

1

12.

К.Д.Ушинский.

Хæдзарон фосы быцæу

1

13.

Сырдоны хæрæг(адæмон сфæлдыстадæй)

1



© 2010-2022