Урок по осетинскому языку на тему Нымæцон

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темœ: "Нымœцон".

Фœлхат кœнын.

Нысан: 1. Ныффидар кœнын рацыд œрмœг нымœцонœй.

2. Фылдœр кœнын скъоладзауты ныхасы рœзт.

3. Уарзын кœнын Райгуырœн бœстœ, мадœлон œвзаг.

Цœстуынгœ œрмœг: таблицœ,нымœцон,бœстœзонœн карточкœтœ, предметон нывтœ.

Урочы цыд:

1. Организацион хай.

2. Урочы нысан зœгъын.

-Скъоладзаутœ, абон нœ урочы ныффидар кœндзыстœм рацыд œрмœг нымœцонœй. Бакусдзыстœм нœ ныхасы рœзтыл.

- Цы хонœм нымœцон? (предметты нымœц, кœнœ предметты рœнхъœвœрд цы ныхасы хай œвдисы, уый хуыйны нымœцон).

- Сœ нысаниуœгмœ гœсгœ цавœртœ вœййынц нымœцонтœ? (сœ нысаниуœгмœ гœсгœ вœййынц цыппар хуызы: бœрцон нымœцонтœ: œртœ, дœс, мин; рœнхъон нымœцонтœ: фœндзœм, дœсœм, сœдœйœм; дихон нымœцонтœ: фœндзай, дœсгай, сœдœгай; мурон нымœцонтœ: œхсœз дœсœм хайы, иу œхсœзœм хай).

-Хъуыдыйады мидœг нымœцон цавœр уœнг вœййы? (сœйрат, бœрœггœнœн, œххœстгœнœн).

3. Хœдзармœ куыст сбœрœг кœнын.

- Хœдзармœ куыст уын уыди, цœмœй журнал «Ногдзау»-œй рафыссат 4-5 хъуыдыйады нымœцонтимœ.

- Рахизын урочы эпиграфмœ.

- Абон нœ урочы эпиграф у ахœм: (Ахуыргœнœг кœсы фœйнœгыл фыст)

Иу зонд - хорз, дыууœ - хуыздœр,

Иу тых - тыхджын, дыууœ - тыхджындœр.

(Брытьиаты Елбыздыхъо).

- Ацы ныхœстœ та куыд œмбарут?

(Ома адœмœн œнгомдœр лœууын хъœуы кœрœдзимœ, зын сахат уа, хъœлдзœгдзинад уа, хъуамœ адœм кœрœдзийœн œххуыс кœной).

-Уœдœ - ма ахъуыды кœнут œмœ зœгъут, цавœр œмбисонд ма œрхœссœн ацы эпиграфмœ?

(Гœдиаты Секъайы œмбисонд «Кœсаг, хœфс œмœ цъиусур»).

Æрлœууын-ма йœ кœнœм нœ зœрдыл.

Гœдиаты Секъа. (1 скъоладзау дзуры)

«Кœсаг, хœфс œмœ цъиусур»

Кœсаг, хœфс œмœ цъиусур Денджызœй ластой иу дур. Сœ фœнд иумœ нœ цыди! Кœсаг донмœ хœцыдис, Хœфс йœ ласта суры 'рдœм Абон дœp ма уыцы дур денджызы ис, уœ мœ хур.

-Цы ис иумœйагœй эпиграф œмœ œмбисонды? Хатдзœг скœнын хœлардзинады тыххœй.

4. Зынœмбарœн дзырдтœ фœйнœгыл фыст.

-Нœ абоны урочы фембœлдзыстœм зынœмбарœн дзырдтимœ. Равзардзыстœм сын сœ нысаниуœг, сœ растфыссынад. Сымах сœ бахъуыды кœнут. Æрхъуыды кœнут семœ дзырдбœстытœ.

Дзырдуат:

фœзуат - площадь

сакъадах - остров

сусхъœд - липа

Уœрœсе - Россия

Рафыссут сœ уœ тетрœдтœм.

5.Беседœ Ирыстоны тыххœй.

- Скъоладзаутœ, кœм цœрœм? (Мах цœрœм Ирыстоны)

- Цал Ирыстоны нœм ис? (Ис нœм дыууœ Ирыстоны:Хуссар œмœ Цœгат).

- Цал сахары нœм ис? ( Ис нœм 6 сахары: Алагир, Беслœн ,Æрыдон,Мœздœг, Дигора, Дзœуджыхъœу.)

- Мах кœм цœрœм уыцы сахар та куыд хуыйны? (Мах цœрœм Дзœуджыхъœуы).

- Скъоладзаутœ, цавœр урокты пайда кœнут нымœцонтœй? (математикœйы, историйы œмœ а. д.)

6. Карточкœтимœ куыст.

-Скъоладзаутœ, œз уын райуардзынœн карточкœтœ, кœцыты ис фыст цымыдисаг цаутœ уырыссаг œвзагыл.

Уœ хœс: ратœлмац сœ кœнын ирон œвзагмœ, раст пайда кœнут нымœцонтœй.

  • Самое длинное предложение состоит из 814 слов.

  • Самая маленькая гœета рœмером с почтовую открытку, выходит 1 рœ в неделю во Франции.

  • Самую древнюю грамматику написали индийские учёные в 4 веке.

  • Самая большая энциклопедия была напечатана в Китœ. Её заголовки заняли 60 томов.

  • Самая старая сосна растёт в Калифорнии. Ей 4 тысячи 700 лет.

  • Самая старая липа в России растёт в Калининграде. Ей 500 лет.

  • Самый тяжёлый персик был сорван в Британии в 1984 году.

  • Самая маленькая книга вышла в Италии в конце 19 века. Её длина была 16 миллиметров.

  • Самый тяжёлый цветок растёт на острове Суматра. Весит он 6 кг.

  • Самая большая морковь выросла в Новой Зеландии в 1986 году весом она 7 кг.

  • Самая большая редиска выросла в Австралии в 1985 году весом 12 кг.

  • Чаще вœго во всём мире дожди идут на Гаваях. Дожди идут там 350 дней в году.

  • Больше вœго денег заплатили за яблоню в 1959 году в Америке. За неё заплатили 51 тысячу долларов.

(Скъоладзаутœ кœсынц сœ тœлмацтœ.)

7. Предметон нывтимœ куыст.

-Скъоладзаутœ, ныртœккœ уын œз œвдисдзынœн нывтœ, сымах та œрхъуыды кœнут дзырдбœстытœ нымœцонтœй пайдагœнгœйœ œмœ сœ уœ тетрœдты ныффыссут.

Æртœдзыхон чъири, œртœкъахыг фынг, дыууадœстынон фœндыр, цыппœртигъон стъол, фондзтигъон стъалы.

- Мах сарœзтам дзырдбœстытœ, нымœцонтœй пайдагœнгœйœ, фœлœ ирон œвзаджы ис ахœм нымœцон, кœцы у Табуйаг. Уый у нымœцон авд (7).

- Цœмœ?

Уымœн œмœ у баст дзуœрттимœ (Авд дзуары, авд œфсымœры, авд дœлдœзхы, авд боны къуырийы, авд хойы стъалыты дзыгуыр).

- Ноджы-ма нымœцон авдœй равзœрд дзырд авдœн. (авдœны ныв)

Ирон адœммœ ис ахœм куывд: «Авд лœппуйы, œмœ дын иу цъœх цœст чызг куыд райгуыра».

8. Аулœфт.

-Скъоладзаутœ, ныртœккœ иу гыццыл аулœфдзыстœм.

Цы œмдœзвгœтœ ахуыр кодтам нымœцонты тыххœй, уыдон нœ œзрдыл œрлœууын кœнœм.

(2 скъоладзауœй дзурынц œмдзœвгœтœ).

1.Иу,дыууœ, œртœ, цыппар.

Цœй уœдœ дœ хœлттœ œппар.

Ис цыппар къахы нœ галœн.

Ис цыппар къулы хœдзарœн.

У цыппаркъуымон нœ цар.

Гъе ныр радгœс у дœ бар.

2.Хъустœ, рустœ, былтœ-къœйттœ

Къухтœ, къœхтœ дœр- дыгœйттœ.

9.Хъуыдыйады уœнгтœм гœсгœ равзарын иу хъуыдыйад.

Дзерассœ абон райста дыууœ.

-Цавœр у ацы хъуыдыйад йœ загъды нысанмœ гœсгœ? Йœ арœзтмœ гœсгœ?

(Ацы хъ-д йœ загъды нысанмœ гœсгœ у таурœгъон. У хуымœтœг даргъ,уымœн œмœ-ма дзы сœйраг уœнгтœй уœлдай ис фœрссаг уœнгтœ).

-Алы дзырды сœрмœ дœр ныффыссут, кœцы ныхасы хаймœ хауы, уый.

-Скъоладзаутœ, мах нырма фœрсдзырд нœма рацыдыстœм.

Ацы хъуыдыйады мидœг ис ахœм дзыр, кœцы хауы уыцы ныхасы хаймœ. Уый у дзырд абон.

10 .Хъазт «Къœлиндар''.

-Скъоладзаутœ, куыд хъуыды кœнут, цымœ къœлиндар та цœмœн хъуыд?

(даргъ рœстœг нымайыны тыххœй арœзт -рцыд къœлиндар дœр. Хорз къœлиндар саразыны тыххœй зонын хъœуы афœдзы дœргъ цœййас у, уый...).

Афœдзы дœргъ фыццаг хатт базыдтой египетаг адœм. Уыдон бафиппайдтой, Сириусы иу фœзындœй иннœ фœзындмœ 365 боны кœй рацœуы,уый. Уыцы рœстœджы скъуыддзаг уыдон схуыдтой афœдз. Уœдœй фœстœмœ алы бœстœты дœр райдыдтой афœдзгай нымадмœ хизын.

-Ныртœккœ, скъоладзаутœ, ахъœдзыстœм хъазт "Къœлиндар"-œй. Сымахœн уыдис хœслœвœрд, цœмœй сныв кœнат зœрдылдарœн бœрœгбœттœ.

(скъоладзаутœ радыгай œвдисынц сœ нывтœ œмœ дзурынц скъуыддзœгтœ œмдзœвгœтœй).

23-œм февраль.

12-œм апрель.

9-œм май.

1-œм œнтябрь.

1-œм январь.

25-œм май.

8-œм мартьи.

-Скъоладзаутœ, зœгъут-ма, уœ нывтыл цавœр нымœцонтœ ис фыст? Цавœртœ сты сœ нысаниуœгмœ гœсгœ?

11. Хатдзœгтœ кœнын.

-Нœ иннœ урокты мах дарддœр œмбырд кœндзыстœм нœ къœлиндар.

12 .Кœронбœттœн.

-Скъоладзаутœ, цы хонœм нымœцон?, сœ нысаниуœгмœ гœсгœ цавœртœ вœййынц?

Бœрœггœнœнтœ сœвœрын.

13. Хœдзармœ куыст раттын.

Раиртœст; ныффыссын хи биографи нымœцонтœй спайда кœнгœйœ.


© 2010-2022