Къоста - 156 азы

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

1

КЪОСТА - НÆ ТЫРЫСА.

ХИСТÆРЫ РАКУЫВД:

- Уæ Хуыцау, табу дæхицæн!

- Оммен Хуыцау!

- Хуыцау, адæмы дæр æмæ зæдты дæр Ды сфæлдыстай, æмæ дын де сконд зæдтимæ нæ куывд барст уæд!

- Оммен Хуыцау!

- Хуыцау, абон цы сабийы тыххæй кувæм, уый амондджын фæкæн! Æххæст лæг куыд суа, Ирыстонæн фæзминаг куыд уа!

- Оммен Хуыцау!

- Байраджы - бæхгæнæг, лæппуйы - лæггæнæг, Уастырджи, ацы саби амондджын уæд! Нæртон гуырд æй фæкæн тых æмæ зондæй, ныфс æмæ хъаруйæ!

- Оммен Хуыцау!

- Ноггуырд де уазæг уæд!

- Оммен Хуыцау!

- Кæстæр, цырд фæлæуу, ацаход!

1-аг амонæг: Дызæрдыггаг нæу, 156 (сæдæ фæндзай æхсæз ) азы размæ, Нары, Хетæгкаты Леуаны хæдзары, хъæуы хистæртæ ноггуырды тыххæй рæсугъд гаджидæуттæ уагътаиккой, уый.

2 -аг амонæг: Кувæджы куывд æрцыд Къостайыл, рауад дзы æххæст лæг, Ирыстонæн фæзминаг. Ном скодта канд йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт ирон адæмæн.

2

1-аг амонæг: «Ирон дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг, фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн: ирон Дзырдæн йæ Хуыцау ныр - КЪОСТА.», - афтæ фыста 1992 азы Ирыстоны зындгонд поэт Хъодзаты Æхсар.

2-аг амонæг: Къостайæн Ирыстон у йæ радтæг мад, Ирыстонæн та Къоста ссис йæ кад æмæ намыс. Хъæбулы ныййарæгæй фæхицæнгæнæн куыд нæй, афтæ адæмы та - кад æмæ намысæй. Гъе, уымæ гæсгæ ныр дыккаг æнус ирон адæм æхсызгонæн дзурынц Къостайы ном.

Бицъоты Радион «Гъæй - джиди!», Хуырымты Индирæ «Мæгуыры зарæг», Хуырымты Тимур «Лæскъдзæрæн», Борæты Лизæ «Рувас æмæ зыгъарæг», Бесолты Азæмæт «Зонын».

1-аг амонæг: «Чиныг сæм кæй нæ уыд, уый фыдæй æнусæй - æнусмæ ирон адæм æгомыгау уыдысты, дунетæн зæгъын нæ фæрæзтой сæ бирæ удхæрттæ, се 'фхæрд, сæ уæлахизтæ, сæ цинтæ, сæ бæллицтæ. Къоста райгуырд æмæ иры зæрдæйы уидæгтæ æмæ тугдадзинтæ фестын кодта æнæскъуыйгæ æндæхтæ: æрттивынц, дзыназынц, зарынц, рухс кæнынц, тавынц, судзынц.»,- фыссы Хъодзаты Æхсар.

Тогызты Тамирис «Ныстуан», Токты Камиллæ «Тæхуды», Тохсырты Батрадз « «Сагъæс», Быгъуылты Аннæ «Салам», Дзугаты Камиллæ «Саг æмæ уызын», Дряты Хетæг « Ныфс».

2-аг амонæг: Къоста фыста тынг зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ кæстæр кары сывæллæттæн. Байхъусæм-ма 1-агкъласонтæм.

1-аг амонæг: Къоста йæ удæгасæй ссис Иры дзыллæтæм сидæг, разæнгаргæнæг, ныфсдæттæг тырыса. Уый бын алы ирон дæр йæхи æнкъары барджындæр æмæ бæрнондæр. Сæрыстыр дзы стæм, кад ын кæнæм иудаддзыг. Йæ удæгасæй йыл скодтой ирон адæм кады зарæг. Байхъусæм ма йæм.

3

2-аг амонæг: Цыдæриддæр Ирыстонмæ фендджын æмæ бæллиццагæй уыд - се'ппæт дæ æрбамбырд сты иу адæймагмæ.Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ уд, йе 'хсар æмæ уæздандзинад.

Тауаситы Азæмæт « Бирæгъ æмæ хърихъупп», Хъалæгаты Аслан «Æнæ хай», Тыджыты Андрей « Булкъ æмæ мыд», Едзойты Арсен «Тæхуды», Дзугаты Руслан «Мæгуыры зæрдæ».

1-аг амонæг: Йæ уацмыстæй бирæтæ систы зарджытæ. Байхъусут-ма Дряты Дианæ, Егорова Дианæ, Дзæрæхохты Алинæ, Хозиты Зæлинæмæ. Акæндзысты уын музыкæйы ахуыргæнæг Илона Тимуровнæйы разамындæй зарæг «Хъуыбады».

2-аг амонæг: Къоста æрмæст ирон фыссæг нæу, йæ уырыссаг уацмыстæ йæ æвæрынц уырыссаг хуыздæр фысджыты æмрæнхъ. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты раздæры советон бирæ адæмты æвзæгтæм, фæндаг ссардтой анлисаг, непмыцаг, францусаг япойнаг, китайаг æмæ æндæр фæсарæйнаг зæрдæтæм. Уымæн æмæ сæ темæтæ, цы æнкъарæнтæ, бæллицтæ, хъуыдытæ æмæ

царды рæстдзинад æвдисынц, уыдон сты æппæтадæмон.

Минасян Есения «Да, встретились…», Хасанова Дилдора «Если встреча с тобой», Качкачури Влада «Я всё сказал», Икъаты Алинæ «Джук-тур», Дряты Дианæ «На смерть горянки», Тохсырты Эстеллæ «»Не упрекай судьбу», Демыраты Роберт «Перед памятником», Егорова Дианæ «

1-аг амонæг: Бирæ хъуыддæгты балæггад кодта Къоста йæ радтæг адæмæн. Суанг ма нын гимнæн дæр ныффыста йæ «Балцы зарæг». Уый хъуыдытæ систы нæ царды æмæ нæ архайды сæйрагдæр нысан. Къоста у нæ кад, намыс, æмæ йын куыд аргъ кæнæм, куыд æй нымайæм, ахæм цæстæй нæм кæсдзысты иннæ адæмтæ дæр.

4

Бицъоты Тамерлан «Балцы зарæг».

2-аг амонæг: Къоста уыд дæсны нывгæнæг. Йæ нывтæй иуæй саив кодта Алагиры аргъуан. Скъоладзаутæ бацархайдтой скæнын нывтæ Къостайы уацмыстæм, сæ бон куыд уыд, афтæ.Уымæй уæлдай скодтой къулыгазеттæ абоны бæрæгбонмæ. Стыр æххуыс сын бакодта не скъолайы нывгæнывады ахуыргæнæг Таира Станиславовнæ. Æвдæмкъласонтæ Мягких Миланæ æмæ Хъайтмазты Ибрагим та скодтой мæсгуытæ.

1-аг амонæг: Ныр та ныхасы бар ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Римма Гаспоевнайæн.

- Къоста у фæлтæрты æмдугон, рæстдзинады тырысайы бын нæ цырен кæны Ирыстонæн лæггад кæнынмæ, иудзинадмæ, адæмты æфсымæрдзинадмæ, хоны нæ «рухсмæ æнæзивæг», кæрæдзи уарзынмæ. Мах амондджындæр стæм нæ рагфыдæлтæй: ис нын æмбисонды тырыса - КЪОСТА. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын, абоны бæрæгбоны чидæриддæр архайдта, уыдонæн.

Къостайы кад æмæ фарнæй хайджын ут!

Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!



© 2010-2022