Работа над текстом на уроках осетинской литературы

Раздел Другое
Класс 9 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Уацмысы текстыл куыст ирон литературæйы урокты

Психологийы наукæ амоны « ...через сравнение с героями подросток познает себя, некоторые персонажи становятся для него образцами. В результате сопоставления поступков формируются критерии оценки разных качеств. Такое действование во внутреннем плане с содержанием произведения является средством этического и эмоционального развития подростка».

Цæмæй аивадон уацмысæн ахæм хъомыс уа, уый тыххæй скъоладзауты сахуыр кæнын хъæуы хъайтары миддуне уыныныл, йæ архайдæн, йæ миниуджытæн раст аргъ кæныныл. Æрмæст уæд суыдзæн литературон персонаж ахъаз скъоладзауты этикон æмæ эстетикон рæзтæн.

Чиныгкæсæг, уæлдайдæр та сывæллæттæ, арæх уацмысы геройтæн скæнынц иувæрсыг аргъ, иу ныхасæй (хорз у; æвзæр у; фыд зæрдæ у; фæлмæнзæрдæ у æмæ аф. д.). Фæлæ цæмæй бæрæг у, уымæн тексты æргом дзуапп куы не ссарынц, уæд нæ сарæхсынц, автор йæ геройы миддуне раргом кæнынæн цы мадзæлттæй спайда кодта, уыдон бацамонынмæ. Уæлдай зындæр сын вæййы, авторæн йæ героймæ цы ахаст ис, уый сбæлвырд кæнын. Ахæм уавæр ис суанг хистæр кълæсты дæр. Сæ дзуапп вæййы - «авторы зæрдæмæ цæуы», кæнæ «авторы зæрдæмæ нæ цæуы».

Педагогикæйы ис æмбарынад - «сформировать умения», ома, алыхуызон фæлтæрæнтæ æмæ бакусинæгтæ вазыгджындæр кæнгæйæ, адæймаджы цавæрдæр архайдыл фæцайдагъ кæнын. Уыцы куысты хуызтыл банымайæн ис ахæмтæ:

1. Текст скъуыддзæгтыл (хицæн эпизодтыл) дих кæнын. Сæ райдиан æмæ сын сæ кæрон бацамонын. Сæ сæйраг хъуыды сын раиртасын.

Зæгъæм, Гæдиаты Цомахъы прозæйæ фыст æмдзæвгæ «Дыууæ дидинæджы» текст скъоладзаутæ дих кæнынц хицæн нывтыл. Алы нывæн дæр дæттынц сæргонд (лæмæгъ къласы ахуыргæнæджы æххуысæй).

1-аг ныв. Сæрдыгон бон хæхты. Хæххон дидинæг.

Цæмæй райдыдта æмдзæвгæ? (Æрдзы рæсугъд нывты æрфыст. Сæ астæу хæххон рæсугъд дидинæджы фæлгонц.)

«Уæлæуæз хохы тæккæ цъуппыл, иунæгæй рæзы иу хæххон дидинæг. Йæ дзæбæх фæлурс цæсгомæй, йæ рæсугъд хъал цæстытæй кæсы, фæлгæсы коммæ дæлæмæ.

Сæрдыгон фæлмæн дымгæ рахъазы хохы цъуппытыл, ракафы дидинæджы алыварс, хъæбыстæ йын акæны æмæ та фæаууон вæййы кæмдæр дæлбылты.

Йæ мидбылты бахуды дидинæг, ныуулæфы æрдзон уæлдæфæй, сисы йæ дари базыртæ, батилы йæ сæр æмæ та акæсы комы рæбынмæ.»

2-аг ныв: Комы нарæг. Быдырон дидинæг.

«Дард, комы нарæджы, иу хуссар хъæбысы, кæрдæджы астæу рæзы иу быдырон дидинæг. Сдардта йæ сæр кæрдæгæй, кæсы уæлæмæ йæ чысыл цæстытæй.»

Быдырон дидинæджы æддаг бакаст мæгуыргомау у. Уынæм ын æрмæст йæ чысыл цæстытæ.

Скъоладзаутæ абардзысты дыууæ дидинæджы æрфыст.

Ахæм хуызы скъоладзаутæ сæххæст кæндзысты тексты персонажы æддаг бакаст, йæ зæрдæйы уаг æмæ æнкъарæнтæ, йæ архайд, йæ уæнгты змæлд сбæрæг кæныны хæс. 1-аг нывы ис персонажты æддаг бакаст æмæ сæ архайды æрфыст.

3-аг ныв-эпизод. Дыууæ дидинæджы ныхас.

Цы сбæрæг дыууæ персонажы ныхасæй?

Ацы фарст райхалыныл у ахуыргæнæг æмæ скъоладзауты дарддæры куыст.

Рольтæм гæсгæ аив бакæсын дыууæ дидинæджы ныхас. Сæ диалогы, (растдæр та, æвæццæгæн, сæ монологты) нысан у, персонажтæн цардмæ цы ахаст ис, уый равдисын. Бæрæг дзы у сæ зæрдæйы уаг дæр.

Хæххон дидинæг иуæй иннæ рæсугъддæр нывты фæрцы дзуры йæ царды уавæртыл. Дидинджыты ныхасæй сбæрæг, дыууæ дæр сæ цардæй разы кæй сты: хæххон дидинæг уыны æнæкæрон арвы рæсугъд, зоны райсомы хуры æрбакаст, изæры хуры аныгуылд, хъахъхъæнынц æй рагон æгомыг цъититæ, хæххон сыгъдæг дымгæ йæ рæвдауы æхсæвæй-бонæй. Йæ цуры æрбады хæххон цæхæрцæст цæргæс, мигътæ симынц йæ бынты.

Хъал у йæ цардæй, йæ рæсугъддзинадæй хæххон дидинæг.

Ахæм уавæры цавæр зæрдæйы ахаст вæййы, уый хъуамæ зæгъой æмæ аив касты руаджы равдисой скъоладзаутæ. (Хæххон дидинæджы ныхасы фехъусæн ис тæригъæд, дис æмæ æнæрвæссондзинады æнкъарæнтæ. Ахсджиаг сты дидинæджы фыццаг ныхæстæ «Гъе-уæууæй-гъе, кæм баззадтæ, кæм?».

4. Дарддæр скъоладзауты хæс у дыууæ дидинæджы ахаст кæрæдзимæ ахæм фарстытæ æмæ бакусинæгты руаджы равдисын:

- аив бакæсын быдырон дидинæджы дзуапп хæххон дидинæгæн;

- цæмæй разы у быдырон дидинæг та йæ царды? Цы хоны амонд;

- цавæр æнкъарæнтæ йæм ис хæххон дидинæгмæ?;

- зæгъут уæ хъуыдытæ дыууæ дидинæджы тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хæххон дидинæгæн йæ хуыз, йæ царды рæсугъд уавæртæм ис бахæлæг кæнæн. Чи зоны, скъоладзаутæй искæй зæрдæмæ тынгдæр фæцæуа хæххон дидинæджы цард, йæ уавæр.

Ацы чысыл уацмысы ис авторы позицийы тыххæй æмбарынад фæарфдæр кæныны фадат дæр. Комкоммæ ницы зæгъы автор, йæ персонажтæй раст æмæ æнæраст чи у, уый тыххæй. Уæдæ цæй руаджы равдыста йæ ахаст дыууæ дидинæгмæ? Цы зæгъынмæ хъавыд хæххон дидинæджы сæфтæй? Цæмæн ис ахæм кæрон æмдзæвгæйæн?

Хатдзæгты зæгъын хъæуы адæймаджы царды нысаны тыххæй: иунæгæй цард нæй, адæймаг хъуамæ баст уа йæ дзыллæимæ. Ахæм хуызы уыны царды нысан быдырон дидинæг. Йæ хъысмæт дæр амондджындæр уымæн рауад.

Афтæ скъоладзаутæ сындæггай ахуыр кæнынц текст скъуыддзæгтыл дих кæнын, алы скъуыддзагæн дæр йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæныны, уацмысы архайды цыд логикон æгъдауæй раст радзурыны, дыууæ фæлгонцы кæрæдзийыл абарыны, авторы ахастдзинад йæ героймæ сбæрæг кæныны, хъайтары архайд æмæ миниуджытæн раст аргъ кæныны фыццаг фæлварæнтыл .

Кадæг «Сослан æмæ Тары фырттæ» 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæн фадат дæтты адæймаджы уавæр æмæ фæлгонцаразæн мадзæлттæ сбæрæг кæнынæн.

«Бады Сослан йæ мусонджы дуармæ, йæхицæн зарджытæ кæны, алырдæм фæлгæсы; фос дæр дæлгæмттæ-уæлгæмттæ кæнынц зад кæрдæгыл.

Кæсы, æмæ дæлæ иу мигъы къуыбар ссæуы, йæ фæстæ ауæдзы хуызæн хахх уадзы, йæ сæрмæ халæттæ тæхынц.

«Цы у ай!» - дисы бацыд Сослан. Мигъ æм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ æвзарын байдыдта барæджы, йæ бæх хохы йас, йæхæдæг та цъынайы йас: барæгæн йæ бæх æмæ йæхи комы тæфæй мигъ бадти; йæ фæстæ ауæдзы хаххы хуызæн задис йæ карды фæд; йæ сæрты та тахтысты сыджыты къуыбæрттæ йæ бæхы сæфтджытæй.»

Ацы скъуыддзаджы гиперболæйы руаджы кадæггæнæг ныв кæны Мукарайы æддаг бакаст.

Урочы бæрæггонд цæуы Мукарайы æрвнæрдау хъæр - «Уый чи куыдз, чи хæрæг дæ: мæнæй арв нæрын куы нæ уæнды, мæ зæххы сæрты уари атæхын куы нæ уæнды, мæлдзыг ыл алæсын куы нæ уæнды, уæд уыцы тыхджын чи у, æмæ йæ фос ардæм скъæрын чи æрбауæндыд?!» - цы нысан кæны, уый (Мукарайы æгæрон тых).

Цымыдисаг æмæ ахсджиаг у Сосланы уавæрыл æрдзурын:

«Старстис йæхицæн фæтæнуæхск Сослан, ризын байдыдта æмризæджы - базыдта, уый Тары фырт Мукара кæй у, уый.»;

«Ме сæфт æрцыди», - загъта йæхицæн…»;

«Сослан фыртæссæй айчы хъузджы бацæуынмæ хъавы: ныттымбыл ис, ныггыццыл ис».

Сослан æмæ Тары фырты диалог къласы бакæсын хъæуы рольтæм гæсгæ. Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц, Сослан гæды ныхæстæ цæмæн кæны, уый тыххæй. Баууæндыд Мукара Сосланыл. Ам та ногæй скъоладзауты æргом здахæм Сосланы архайд æмæ йæ уавæрмæ: «Ссын байдыдта йæ цирхъ Сослан, æнæуи дæр ын цыргъ куыннæ уыдаид! Стæй йæ сау дурыл сдаудта, æмæ афтæ сцыргъ и, æмæ йыл æрду куы афу кодта, уæд æрду дыууæ дихы фæци.

Фырцинæй хурмæ худы, мæймæ кафы Сослан, ныртæккæ Мукарайы сæр ахауын кæндзынæн, зæгъгæ».

Цавæр уавæр æвдисæг дзырдтæй ис баивæн «Фырцинæй хурмæ худы, мæймæ кафы»?

Цымæ нарты гуыппырсар, «фæтæнуæхск Сосланы» кадæггæнæг ахæм тæригъæддаг уавæры цæмæн æвдисы?

Ам ахуыргæнæг дæтты фыццаг æмбарынад зонд эстетизаци кæныны тыххæй. Ахадгæдæр кæнынц Сосланы зонд æмæ æрхъуыды, уыдоны руаджы фæуæлахиз æгæрон тыхы хицау чи у, уыцы знагыл.

Скъоладзауты хъуыдытæм байхъусын хъæуы æндæр скъуыддзаг бакæсыны фæстæ дæр: «Араст ис Сослан бæрзонд хохы сæрмæ. Мукара йæм фæсте кæсы æмæ йын йæ зылын къæхтæ бафиппайдта. Байдыдта йыл гуырысхо кæнын, кæд, мыййаг, Сослан йæхæдæг у - зылынкъах æй хонынц, зæгъгæ. Систа æрдын, фат дзы авæрдта æмæ йæ, гъа ныр суадзон, куыд загъта, афтæ йæ фæстæмæ æруагъта, кæд, мыййаг, йæхæдæг нæу Сослан, уæд мын худинаг уыдзæни æххуырсты амарын, зæгъгæ: Нарт зæгъдзысты, Сосланæн йæхимæ нæ бауæндыд, фæлæ æххуырсты амардта».

Авторы ахаст йæ хъайтармæ. Ам кадæггæнæг цы зæгъынмæ хъавы Мукарайы тыххæй?

Æхсæзæм къласы скъоладзаутæй бирæтæ бакæсынц Нарты кадджытæ æнæхъæнæй. Зонынц, нæртон лæгæн йæ дзыхæй мæнг ныхас уадзын худинаг кæй уыд. Уæдæ Сослан Мукарайæн мæнг ныхæстæ цæмæн фæкодта, нæртон куы у? (Нæртон царды фæткы ацы æгъдауæн халæн уыд се знæгтимæ ахастыты. Уымæн æмæ сæ алыварс уыдысты хъаруйæ сæхицæй бирæ тыхджындæр знæгтæ: уæйгуытæ æмæ æндæр тыхгæнджытæ. Уыдонæй хъуыд нарты зæхх хъахъхъæнын, хъуыд сыл фæуæлахиз уæвын. Куыд æмæ цæй руаджы, уый афтæ ахадгæ нæ уыд.)

Урокты кæрон ахуыргæнæг фарстытæ æмæ бакусинæгтæ фæрцы бафидар кæндзæн, скъоладзауты зонындзинæдтæ.

1. Цæуыл у сæ катай нартæн?

2. Цæимæ барынц æнæбæх лæджы? Цæмæн?

3. Сослан, Сырдонæй йæ маст цæуылнæ райста?

4. Цæмæн сфæнд кодтой нарт сæ фос Тары фыртты бæстæмæ фæтæрын? Куыд хъуыды кодтой?

5. Цы зæгъы кадæггæнæг Тары фыртты исбоны тыххæй?

6. Цæимæ бары кадæггæнæг Мукарайы хъæр?

7. Ссарут кадæджы Тары фыртты фæлгонцæвдисæн бынæттæ.

8. Цæй руаджы фæтых Сослан Тары фырттыл?

9. Цавæр уавæры равдыста кадæггæнæг Сосланы?

10. Куыд æмæ цæмæн фæивта Сосланы уавæр? Бакæсут текст.

11.Цæуыл ахъуыды кодта Мукара Сосланы фæстæ кæсгæйæ? Йæ фæнд цæуылнæ сæххæст кодта?

12. Сатанайы тыххæй цы зонут? Мукара йæ кæлæнгæнæг цæмæн схуыдта?

13. Цæмæй базыдта Сатана, Сослан йæ гаччы кæй нæ ис, уый?

14. Цæмæн хоны Сатана Сослан æмæ Батрадзы йе 'нæныййаргæ хъæбултæ?

15. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Сослан æмæ Батрадзы райгуырд.

(Цæмæн уыд Сослан зылынкъах? Батрадзæн æнæсæрыдæй цы баззад?)

Фæлгонцаразæн æмæ уавæр æвдисæн фæрæзтыл æмæ авторы ахаст комкоммæ æвдыст куыд цæуы, ууыл бакусынæн 6-æм къласы хорз фадат ис, Илас Æрнигоны радзырд «Челе» ахуыр кæнгæйæ дæр.

«Цы 'рцыди, цæмæ ныхъхъуыста афтæ зæрдиагæй уалдзæджы къæсæрыл цардуарзон Тæнæг Сых? Мæлыны къахыл ныллæууыд Челе. Æрхуыссыд, æрфидар сынтæгмæ домбай кусæг. Афæлдæхт, адаргъ и сау зæххыл фидар тулдз бæлас.

Фыццаг ныхæстæй «Цы 'рцыди, цæмæ ныхъхъуыста…» автор æмбарын кæны, хуымæтæджы адæймагыл кæй нæ уыдзæн ныхас. Ахуыргæнæг та скъоладзаутæн æмбарын кæны авторы комкоммæ характеристикæ Челейæн: «домбай кусæг», «фидар тулдз бæлас».

Цæй руаджы æвдисы дарддæр фыссæг йæ персонажы характеристикæ?

(Иннæ персонажты ахасты руаджы.)

Гъе, уæууæй, Челе! Иу зæрдæриссæг дыл нæ разынд дæ царды изæр. Бирæ фæцардтæ, бирæ фæкуыстай, бирæ бынтæ фæкодтай дæ фæстагæттæн, не ссардтай æрмæст дæхицæн, дæ фæстаджы бонтæн иу æмгар, иу хицон.

Дæ тыхст улæфтмæ, дæ тыхджын хъæрзынмæ сæ мидбылты худынц, сæ цæстытæ ныкъулынц кæрæдзимæ дæ цыппар чындзы. «Гæппæввонг бадынц дæ цыппар фырты дæр. Дæ дзаг хæдзар дын мыдычыргъæдау куы бадихтæ кæной, дæ ингæны фæрстæ куыд нæ ратонай, æнамонд зæронд! Фæскъæвда хур ракæсæгау фæци дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн дæ сынтæджы æрхуыст. Дæ цыргъ æнгасæй æмбæхсынц сæ зæрдæты хъазт, сæ былты худт, нæ комы сурын æрмæст цæсгæмтты сыгъд.

Цы æвзæрдзинад бакодтай дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, цæмæн æнхъæлмæ кæсынц дæ цæстыты фæцъындмæ…? Ацы фарст схонæн ис сæйраг Челейы фæлгонцыл кусгæйæ.

Автор нымайы Челейы хорз миниуджытæ: «цæрæг хæдзар, мыдычыргъæдау дзаджджын хæдзар скодта Челе йæхи хъаруйæ, йæ куысты руаджы», «адæмæн æмбисонд - йæ уæрдондон; хордон…», «Дзаг - стурæй йæ хъомдон, бæхтæй - йæ хъарм бæхдон. Хæрзхастдæр æмæ рæсугъддæр Челейы къамбецтæй, Челейы хъуццытæй ничи æрыскъæрдзæн æхсæны хизмæ. Рæвдздæрæй, ифтонгдæрæй никæй кæртæй рацæудзæн бæхуæрдон. Фылдæр никæмæн ис мæнæу йæ хордоны, - æгас Тæнæг Сыхмæ цы нæ ис, уый йæхимæ ис Челейæн нартхор йæ даргъ хъæдын нартхордæтты…».

«Чи сбийдзæн Челейы хуызæн кау? Чи самайдзæн йæхицæй рæсугъддæр хосы рагъ? Чи фестын кæндзæн скъуыдтæ хамут, тæгæлтæ саргъ Челейау дзыхъхъынног? Рæвдздæр чи аивдзæн саст рæтæнагъд, чи скæндзæн йæхицæй хуыздæр ног уæрдон, кæй конд сæмæн фæлæудзæн фылдæр? Кæй цæхæрадон æййафы хуыздæр зылд?..»

Авторы позиции бæрæг нæу ахæм бынæтты:

«Йæ къахы ныхтæй сæры хъуынмæ аныгъуылд Челе куысты…»

Лæппуйау хъазты кæрон никуы æрлæууыди, иу чъыллипп никуы акодта кафты номыл...

«Бæлас нæ уарзы Челе…Цы кæны Челе бæласæй: йæ дыргъ ын нæ хæры, йæ быны бадынмæ та йæ æвдæлгæ нæ кæны дадайы фырттау.»

«Нæу разы Челе йæ сыхæй. Цардуарзон Тæнæг Сых ницæмæй фæзмынц Челейы. Бульвæрттæ кæныны æмæ бæласы бын бадыны бæсты хæдзары кой фылдæр куы кæниккой, уæд алыбон не згъориккой Челемæ хæрзиуæггур…»

«Базæронд Челе. Фæлæ нæ рацыд ныхасы зæрæдтæм. «Челе у зæрондæй дæр хæдзары тыхджындæр кусæг. Челе æрвиты йæ фыртты куыстмæ. Челе сын кæны мидхæдзары бæстон сæ фæллой, сæ куыст. Челейы руаджы афтæ цыбыр у хæдзары бæрæг рæстæджы хъæлдзæг сахат. Челейы руаджы змæлынц бинонтæ æмхуызонæй - сылгоймагæй-нæлгоймагæй, чысылæй-стырæй. Иу бон дзæгъæлы ничи фæбаддзæн бинонтæй - Челе алкæмæн дæр ссардзæн куыст.»

Челейы æппæрццæг миниуджытæ æмæ сæм авторы ахаст:

«Челейы хæдзары сылгоймаг иу сахат нæ абаддзæн йæ уаты дуарæхгæдæй. Челейы хæдзары ног чындз йæ нæуæджы бонты дæр хайджын у хæдзары архайдæй, быдыры куыстæй. Челейы загъдмæ хъусыны бæсты цыфæнды куыст дæр бакæндзæн йæ мæллæг, зæрдæхсайгæ чындз… æмæ а. д.»

Скъолайы традицион ссис Челейы фæлгонцмæ æрмæст зыд æмæ кæрæф адæймаджы цæстæй кæсын. Фаг хъусдард нæ цæуы персонажы хорз миниуджытæм. Ам скъоладзауты бафтауын хъæуы геройы æвæрццæг æмæ æппæрццæг миниуджытæ æрæмных кæныныл æмæ дзуапп раттыныл авторы фарстæн: Цы æвзæрдзинад бакодтай дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, цæмæн æнхъæлмæ кæсынц дæ цæстыты фæцъындмæ…? Аргъ скæнын хъæуы Челейы бинонтæн, йæ сыхæгтæн.

Афтæ уæлдæр æрфыст куысты хуызтæм гæсгæ скъоладзауты ис персонажы фæлгонцаразæн фæрæзтæ уыныныл, авторы ахаст æргом кæныныл æмæ хи хъуыдытæ дзурыныл ахуыр кæнæн.




© 2010-2022