Темæ. Хъуыдыйады фарссаг уæнгтæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ. Хъуыдыйады фарссаг уæнгтæ.

Урочы темæ. Нысаны фадат фæрссаг уæнгтæ.

Урочы хъомыладон хæс. Рæзгæ фæлтæры уæздан уарзондзинæдты нкъарæнтыл бæттын.

Урочы нысан. Бацамонын нысаны фадаты фарссаг уæнгтæ.

Амхасантæ урокмæ: Годжыцаты Нелиайы æмдзæвгæ «Æгайтыма, дæ!»,8-æм къласы ирон æвзаджы чиныг, æмбисæндтæ, таблицæ, уæламхасæн морфологон хæстæ.

Урочы цыд.

Урочы нысан æмæ йæ хъомыладон хæс сæххæст кæнын.

  1. Ахъазын лексикон хъазт «Сгаран» - æй.

Хæс. Басгарын дзырд- сæрыстыр- сæр, сæры,сты,стыр, тыр,рыст.Ацы ног дзырдтимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйадтæ (дзургæйæ).

Фарст. Куыд æмбарут дзырд - сæрыстыр-ы мидис?

Дзырд- сæрыстыр-æн ссарут йæ синонимтæ, саразут семæ дзырдбастытæ.

2.Хæдзармæ куысты хъæнтæ сбæрæг кæнын æмæ цыл акусын

Фарст. Æфсоны фадат фæрсдзырдтæй арæст куы вæййы,уæд цавæр басты хуыз вæййы зæгъинагимæ се хсæн? Дæнцæгтæ.

Цавæр фадатон фæрссаг уæнгтæ мбæлы дзурæджы хъуыдыйæдты, ныхасы? Дæнцæгтæ.

2.Бацамонын нысаны фадат. Разныхас. Алы дзурæгмæ дæр ныхасгæнгæйæ вæййы исты нысан, цæуыл фæдзуры, уый, фæдыл, æнæ исты нысанæй,æнæ пайда архайдæн нæ царды бынат нæй,уый къласы ирон алчидар зоны æмæ фæдзуры нысаны фадаты фæрссаг дзырдтæй, уæнгтæй.

Фарст.Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут, цы у нæ абоны урокæн йæ нысан?

Æмткæй бакусын 8-æм къласы ирон æвзаджы чиныджы фæлтæрæнтæ æмæ раиртæстытимæ.

Равзарын таблицæ, йа хъуыдыйæдтæ йын рафыссут уæ тетрæдтæм.

Фарст. Куыд хуыйнынц архайдæн йæ нысан цы фæрссаг уæнгтæ вдисынц уыдон? Дæнцæгтæ. Сбæрæг-ма кæнут нысаны фадаты фæрссаг уæнг зæгъинагæн кæм лæууы йæ разæй æви йæ фæстæ ? Дæнцæгтæ.

Цавæр иумæйаг фæрстытæ домынц æфсоны æмæ нысаны фадаты фæрссаг уæнгтæ? Дæнцæгтæ .(Ногæй бакæсын чиныджы æрмæг.)

Хас.А.Ссарут дзырд фæсфæдæй-ан йæ синонимтæ æмæ цыл саразут дзырдбæстытæ .

3)Зонындзинæдтæ бафидар кæнын.

1) Бакусын уæлæмхæсæн фонетикон хæстимæ.

Фарст. Бирæ алыхуызон фадатон фæрссаг уæнгтæ кæй ис нæ мадæлон æвзаджы .

фæзынд цæуыл дзурæг у?

Бакæсын техникон фаразын фæрцы Годжыцаты Нелийы æмдзæвгæ «Агайтымæ дæ!....)

«Агайтыма дæ ахгадзæрдæ сæрыстыр

Дæ дунемæ нæ дарын æз мæ арм.

Куы рбаймысын мæ цæстысынгты хъарм,

Тыхджындæр уæд фæсмон кæнын мæ рыстыл .

Цы дæ дарын , кæнæ мæнæй цы дарыс?

Мæ ферохæн дын фаг уыдзæн къуыри .

Фатчыгъадам æй де тары цы дарыс?

Фæстæмæ мын мæ сыгъд амонд æри .

Мæ цардæн æз йæ уæззæуттыл нæ кæуын.

Сæ хæссынæн мын фаг уыдзæн æккой .

Æрмæст фæсфæдæй ма кæн мæ кой

Мæ зæрдæ уадзын æм… æмæ фæцæуын»

Фарст. Кæимæ ныхас кæны Нели ацы æмдзæвгæйы? Цавæр хъуыдытыл уа æфтауы поэт? Цавæр æнкъарæнтыл цæуы ныхас?

Хæс. А.Рафыссут нысаны фадатон фæрссаг уæнгтæ æмæ сæм сæвæрут фæрстытæ, зæгъут цавæр ныхас хæйттæй арызт сты.

Фæрстыты фæрцы сбæрæг кæнут иннæ фадатон фæрссаг уæнгтæ дæр сæ бастдзинад сын сбæрæг кæнут, цы дзырдтæ æмбарын кæнынц , уыдонимæ .

Ссарут дзырд - тары синонимтæ. Алы синонимтæ дзырдимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад.

Фалхатан скæнут фонетикæ, зæгъут, цы хонæм фонема? Хæс. Фонетиком æвзæрсты фæткмæ гæсгæ равзарут дзырд - фæтчыгъадон.

Фарст. Цал фонемæйы дзы ис? Цавæр дзырд у йæ арызтмæ гæсгæ?

Морфологийа зонындзинæдтæ фæарфдæр кæныны охыл уæлæмхæсæн куыст бакæнын.

Хæс. Равзарут хъуыдыйады æмæ морфологон раиртастытæ.

Афæлгæсын абоны урочы фæстиуджытыл.

Фарст. Цавæр фæрссаг уæнгтæ мбæлы нæ мадæлон æвзаджы? Дæнцæгтæ.

Хæдзармæ куыст раттын.

  1. Зонын иртасын нысаны фадатон фæрссаг уæнгтæ.

  2. Баххæст кæнут амынд фæлтæрæн.

  3. Ныффыссын къаннаг радзырд « Мæ уарзонд нывгæнæг ».

  4. Сфæлдыстадон куыст бакæнын.

Хæс. Ацы дамгъæтæй: а, и, с, р, т, х- саразут дзырдтæ (32 дзырды).

Этимологон раиртаст бацамонын.

Фонема -у бердзенаг дзырд, амоныны мыр, дамгъæ.

.


© 2010-2022