Тема по осетинскому языку Лексика

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Тема "Лексикæ".

Урочы темӕ: Ӕрбайсгӕ дзырдтӕ ӕмӕ сӕ растфыссынад.

Урочы нысан. Радзурын скъоладзаутӕн куыд, цӕй фӕдыл ист ӕрцӕуынц дзырдтӕ иу ӕвзагӕй иннӕмӕ; бацамонын, цы хонӕм ӕрбайсгӕ дзырдтӕ, уый. Бакусын ныхасы рӕстыл. Антонимтӕ сфӕлхат кӕнын.

Урочы хъомыладон хӕс. «Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау нывонд кӕнын мӕ цард…»

Базонгӕ кӕнын ахурдзауты не мбӕстаг Беккуызарт Алыксандыры хӕстон фӕндагимӕ.

Урочы ӕрмӕг. Таблицӕ-ӕрбайсгӕ дзырдтӕ ӕмӕ сӕ растфыссынад, дзырдуат, нывтӕ, газеты ӕрмӕг уӕ хъӕу, горӕты фӕллойгӕнӕг адӕмы цард ӕмӕ куыстӕй, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, техникон фӕрӕзты, фасарайнӕг дзырдты дзырдуат.

Урочы цыд.

  1. Дзырд ӕрбайсгӕ равзарын дзырдты хайттæм гæсгæ. Савæрын цавд, адих æй кæнын уæнгтыл æмæ йын саразын схемæ. Сбæрæг кæнын йæ лексикон нысаниуæг.

Фарст. Куыд æмбарут базырджын дзырд уахскуа зæй кусын - ы мидис?

  1. Ног æрмæг. 1. Раныхас.

Сывæллæттæ, сыхаг адæмыхæттытæн, æнусты дæргъы фæрсæй - фæрстæм цæргæйæ, се взаг хъæздыгдæр кæны кæрæдзийæ æрбафтгæ дзырдтæй.

Зæгъæм; адæймаджы, дыргъты, кусæндзаумæтты нæмттæ. Æндæр æвзагæй æрбафтгæ дзырдтæ хонæм æрбайсгæ дзырдтæ. Нæй ахæм æвзаг, æмæ æрбайсгæ дзырдтæ кæм нæ уа. Æрбайсгæ дзырдтæ райсынц, цы æвзагмæ æрбахаудысты, уый грамматикон æгъдæуттæ.

Зæгъæм, дзырд- радио- йæн бирæон нымæц нæй уырыссаг æвзаджы, ирон æвзаджы та йын фæзынди дыууæ нымæцы: иууон æмæ бирæон, кæд уырыссаг æвзаджы ацы дзырд тасындзæг нæ кæны, уæд ирон æвзаджы та кæны тасындзæг æмæ афтæ дарддæр.

Дзырдуатон диктант ныффыссын.

Хæс. Дзырдтæ ныффыссут цаджындзæй, сæ комкоммæ сын ныффыссут, кæцы æвзагæй ист сты уый. Фæсарайнаг дзырдтæ дзырдуаты фæрцы. Картоф (италиаг), жакет, инженер (францусаг), спорт (англисаг), шофыр(францусаг), дантист (францусаг),ямб (бердзенаг),хорей (бердзенаг).

Чиныгимæ куыст.

Ныр та бакæсæм чиныджы æрмæг æрбайсгæ дзырдты тыххæй.

Фарст. Цавæр дзырд хонæм æрбайсгæ? (Дæнцæгтæ)

Равзарын таблицæ-Æрбайсгæ дзырдтæ æмæ сæ растфыссынад.

Фарст. Куыд фыссæм æрбайсгæ дзыртæ. (Дæнцæгтæ)

Дзырдуатон куыст. Равзарын дзырдтæ: галир, гуымыдза, гуылмыз-ы лексикон нысаниуæг. Æрхъуыды кæнын семæ дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ, ссарын сын се муидаг дзырдтæ.

Чиныгæй баххæст кæнын иу къорд фалтæрæны (фысгæйæ, дзургæйæ).

Сфæлдыстадон куыст.

Равзарын нывтæ исты професситыл кæнæ газеты æрмæг уæ горæты (хъæуы) цардæй, спайда кæнут æрбайсгæ дзырдтæй (завод, колхоз, совхоз, бригадир, инженер,комбайн, трактор,кино,фермер,коммерсант.)

Грамматикон хæс. Ирон дзырдуатæй рафыссут фæйнæ дæс æрбайсгæ дзырдты æмæ сын равзарут сæ расфыссынад.

Зæрдыл æрлæууын кæнын антонимтæ. Аулæфт. Фарст. Куыд æмбарут æмбисод: Гайлаг родæй бæрæг у» -йы мидис?

3.Æрмæг бафидар кæнын.

Бакусын ныхасы рæзтыл.

Хæс.А. Саразут ацы дзырдбæстытимæ хъуыдыйадтæ: Садоны шахтертæ, немыцаг фашисттæ, Бесланы комбинат.

Ныффыссут æвзаргæ куыст. Текстæй рафыссут æрбайсгæ дзырдтæ, зæгъут, цавæр ныхасы хуызмæ (стильмæ) хауынц. «Хæххон цæргæс».

Ссарут тексты базырджын дзырд , æмæ йын райхалут йа мидис.

Фарст. Куыд æмбарут «уагъдибар цуанон -ы лексикон нысаниуæг?

Тексты сбæрæг кæнын сæйраг хъудыйад.

Фарст. Цавæр ныхасы стильтæ ма зонут? (Дæнцагтæ).

Хибар куыст. Саххæст кæнын уæлæмхасæн æрмæг.

Афæлгæсын урочы æрмæгыл.

Фарст. Цы фæцыд уæ зæрдæмæ абоны урочы?

Хæдзармæ куыст.

1.Сахуыр кæнын раиртæст.

2.Бархийæ саххæст кæнын иу фæлтæрæн.



© 2010-2022