Урок по осетинскому языку на тему Сложносочинённое предложение

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

5

Темæ: Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты бастдзинады хуызтæ.

Урочы нысан: бацамонын бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хуызтæ.

Урочы хъомыладон хæс: 1) фæсивæды ахуыр кæнын хæс фидын райгуырæн зæхх - Ирыстонæн.

2) фæлтæрты растдзинады, рæсугъддзинады домæнтыл хъомыл кæнын.

Пълан.

  1. Организационный момент.

  2. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ.

1. Дзырдуатон диктант.

  1. Ног темæ раргом кæнын.

  1. Бакусын эпиграфыл.

  2. Хъуыдыйад равзарын.

  1. Ног темæ бафидар кæнын.

1. Фæлтæрæн 11.

  1. Хатдзæгтæ.

  2. Хæдзармæ куыст.

  3. Бæрæггæнæнтæ.

«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр».

Кочысаты М.

Урочы цыд.

  1. Организацион момент.

  2. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ.

  • Сæ арæзтмæ гæсгæ куыд дих кæнынц хъуыдыйæдтæ? - Сæ арæзтмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ дих кæнынц хуымæтæг æмæ вазыгджын.

  • Цæмæй баст вæййынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджын хъуыдыйады мидæг? - Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджын хъуыдыйады мидæг баст вæййынц дыууæ хуызы: интонацийæ, бæттæгтæй, бæттæг дзырдтæй.

  • Цал къорды дих кæнынц вазыгджын хъуыдыйæдтæ? - вазыгджын хъуыдыйæдтæ вæййынц бабæтгæвазыгджын æмæ домгæвазыгджын.

  • Цы хонæм б/в. хъуыдыйад - б/в хъуыдыйæдтæ хуыйны бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæй баст чи вæййы, ахæм æмсæр хуымæтæг хъуыдыйæдтæй конд вазыгджын хъуыдыйад

  • Цы хонæм д/в хъуыдыйд - д/в хъуыдыйад хуыйны домгæ бастдзинады бæттæгтæй кæнæ бæттæг дзырдтæй баст чи вæйы, ахæм хуымæтæг хъуыдыйæдтæй конд вазыгджын хъуыдыйад.

  1. Дзырдуатон диктант. (скъоладзауы фæйнæгыл фыссынц).

Орфограммæйыл бакусын, дзырды хæйттæм гæсгæ равзæрын æртæ дзырды.

Змис, хæдзарттæ, хæххон, лæггаг, ныххудын, фæд-фæдыл, дурвæткъуы, Коцойты Арсен, журнал «Мах дуг»,

æмдзуарджын, æмзæрдæдзинад, къахдзоныгътæ.

  1. Ног темæ раргом кæнын.

Абон мах æрдзурдзыстæм б/в хъуыдыйæдтæ фембæлынц бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæ.

Кæцытæ дих кæнынц æртæ хуызы:

  • иугæнæг бæттæгтæ: æмæ, дæр, нæ-нæ, нæдæр-нæдæр, стæй, кæм-кæм, налдæр-налдæр.

Б/в хъуыдыйад иунæг бæттæгимæ февдисынц уыцы иу рæстæджы кæнæ та кæрæдзийы фæдыл чи цæуы, ахæм архæйдтытæ.

Чиныгæй дæнцæгтæ бакæсын. (ф - 9).

  • ныхмæвæрды бæттæгтæ: фæлæ, та, æндæр, æндæра, кæннод, æрмæст нæ, фæлæ дæр.

Б/в хъуыдыйæдтæ ныхмæвæрды бæттæгтимæ февдисынц, кæрæдзийы ныхмæ чи вæййы, ахæм хъуыдытæ.

  • дихон бæттæгтæ: куы - куы, кæнæ, æви, кæнæ-кæнæ, йе - йе, фæнды (-фæнды).

Б/в хъуыдыйæдтæ дихон бæттæгимæ февдисынц, хуымæтæг хъуыдыйæдты цы архайдтытыл цæуы ныхас уыдон, йе кæрæдзийы кæй ивынц, йе дзы æрмæст иуæн кæй ис уæвын.

  1. Равзарæм эпиграф.

«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр».

Кочысаты М.

1). Хуымæтæг æви вазыгджын.

2). Бæттæг дзы ис æви нæ?

3). Цавæр бæттæг бавæрæн ис? - æмæ

Кочысаты М. райгуырд 1920 азы Ольгинскæйы.

Ахуыр кодта ЦИПИ. Фæлæ каст æй нæ фæци, ацыди Фыдыбæстæйы стыр хæстмæ. Амардис 1944 азы.

Кочысаты М. уарзта йæ райгуырæн зæхх, йæ бæстæ, кæннод афтæ хъæбатырæй нæ хæцыдаид.

  1. Равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

Боныцъæхтæм ныхъхъус ис уарын, æмæ цъæх дарийау сæрттывта æнæмигъ арв.

а) цавæр хъуыдыйад у?

æ) цæмæй баст 'рцыдысты хъуыдыйæдтæ? Цавæр бæттæг у?

Рвзарут дзырд дарийау (скæнын морфологон æвзæрст).

Дарийау - конкрет. номд. р.ф. - дари., иумæйаг, хуыз.х., иу. н.

Ног дзырдтæ: ДАРИ, ПЫХС.

  1. Ног темæ бафидар кæнын.

11-æм фæлтæрæн тетрадты ныффыссут.

  1. Хатдзæгтæ.

Цы базыдтам? Цавæр бæттæгтæ фембæлынц б/в хъуыдыйад?

  1. Хæдзармæ куыст.

Литературæйы чингуытæй раффыссут 10 б/в хъ.

  1. Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

Зынæмбарæн дзырдтæ:

Старц - булава,

Фæринк - шашка, вид сабли,

Æвæд - бесследно (лучше совсем не иметь потомство, чем плохое потомство),

Раздзог - вождь,

Фат - стрелы,

Рад - очередь, порядок.

Æмбойны - за один день,

Æмуд - согласие,

Фыдгул - противник, враг,

Ныфсхаст - уверенный в своих силах,

Æвзиды - угрожать.

V. Хæдзармæ куыст раттын.

С/к «Алгъуызы мæлæтæй» скъуыддзаг.

VI. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


© 2010-2022