Открытый урок Коста-певец родного края

Раздел Другое
Класс 9 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Коста - певец родного края.

Вступление

(играет музыка)

Певец и песня. Георгий Кайтуков.

Коста - певец родного края -

Прославлен песнею своей…

Но говорят, что умирая,

Вдруг позавидовал он ей.

Он говорил: «Большого долга

Не оплатил народу я. -

Хотел бы жить я так же долго,

Как песня честная моя!

С народом разделив невзгоды,

Она к борьбе его зовет,

Они увидят свет свободы,

Да жаль, певец не доживет!..»

Певец и песня неразлучны.

А песня пламенна, чиста.

Наш верный друг, поэт могучий,

Ты будешь вечно жить, Коста»

- Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ!

-Здравствуйте, уважаемые гости!

(Звучит музыка)

Æхсар: Ирэнæ, уый та дæ къухы цы и?

Ирэнæ: Айдæн.

Æхсар: Æмæ айдæнæй та цы кæныс?

Ирэнæ: Мæнæ ма йæм æркæс.

Æхсар: Мæнæ цы диссаджы хабæрттæ уыныс . Ама Ирэнæ, ацы диссаджы царды хабæрттæ равдисæм нæ зынаргъ уазджытæн дæр.

Ирэнæ: (Развернув зеркало к зрителям под звуки доули). Табуафси!

Автор: Æнустæм арфæйаг, рухс дзæнæты бадинаг, æдзардæй мæрдтæм бацæуæг æрыгон сылгоймаг - Гуыбаты Гаврилы чызг Мария.

Мария: Уады уынæр, доны сыр-сыр…Эх, Мария, бауарзтай, сыгъдæг зæрдæйæ бауарзтай!

Кæм дæ? Кæм дæ, Леуан?

Леуан: Ам дæн, мæ зынаргъ Мария!

Мария: Цæмæ мæ агуырдтай, Леуан?

Леуан: Мария, ды зоныс æз æфсæддон лæг дæн, дард Уæрæсейæ æрцыд фыстæг. Дæс азы нæ уыдзынæн Иры зæххыл. (Он отворачивается).

Мария: Леуан, æз дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн!

Леуан: Хæрзбон, мæ зынаргъ Мария!

Мария: Фæндараст, Леуан!

(Играет грустная музыка)

(Затем играет весёлая музыка)

Автор: Ацыдысты уыцы 10 азы.

Выбегает гонец:

- О, Нары цæрджытæ, Леуан æрхæццæ дард Уæрæсейæ!

Леуан: (Проходит по сцене). Мæ райгуырæн бæстæ! Мæ райгуырæн зæхх!

Автор: Хетæгкаты мыггаг барвыстой минæвæрттæ Гуыбаты хæдзармæ. Циндзинад, циндзинад! Хетæгкаты хæдзары кады чындзæхсæв Гуыбаты чызгæн!

(Танец).

Автор: Цард цæуы, иу ран нæ лæуууы. Хæларæй цæрынц дыууæ уарзон зæрдæйы, æмæ та циндзинад- Хетæгкаты хæдзары райгуырд лæппу! (Эхо: лæппу-у-у). Йæ ном - Къоста.

Автор: Дзæгъæлы нæ фæдзурынц «амонд æнæ зиан нæ вæййы». Мария Къостайы фæстæ уæззау рынчын фæци. Йæ къахыл нал слæууыд æрыгон сылгоймаг. Къостайы бафæдзæхста Чендзейæн.

(Чендзе поёт колыбельную песню держа на руках Коста).

Автор: Бонтæ цæуынц, сидзæр Къоста хъомыл кæны. Эх, йæ зæрдæ рыст у, рыст у мастæй. Фæлæ йын ис иу фæлмæн æмбал, уарзы йæ æфсымæры уарзтæй.

Къоста: Батрадз, рахиз нæм мидæмæ. Гыцци адджын гуылтæ кæны, æмæ та махæн дæр гыццыл гуылы хай.

Чендзе: Рахизут мидæмæ. Батрадз, æнкъардæй цæмæ лæууыс, рахиз ды дæр.

Къоста: Гыцци, хуыссæйы гуыл ма нын ратт.

Чендзе: А,мæ къона, а райс! Фæлæ уал уæ къухтæ ахсут.

(Лепят. Играет музыка).

Чендзе: Мæнæ цы диссаджы фосы дзуг сæрæзтой. Уый дын лæппутæ! Марадз тæрхæгыл сæ æрæвæрæм, æмæ сæ сых дæр феной.

Автор: Афтæ цыдысты Къостайы бонтæ Нары хъæуы. Къостайæн йæ фыд уыд æфсæддон лæг. Уымæ гæсгæ Къостайæн фадат нал уыд Нары хъæуы æрвитын йæ сабийы бонтæ. Къоста йæ фыд Леуанимæ абæлццон Дзæуджыхъæумæ.

Автор: Рæстæг цыд. Къоста бацыд ахуыр кæнынмæ Стъараполы гимназмæ. Йæ зæрдæ дзуры Нары хъæуимæ. Мысы йæ Райгуырæн бæстæ,йе'мбал Батрадзы. Цæуынц йæ ахуыры бонтæ Стъараполы гимназы. Къостайы ахуыргæнджытæ тынг бауарзтой. Лæппу ахуырмæ тынг тырныдта. Уарзта ирон æмæ уырыссаг литературæ. Цæй, цы уын дзурон, уæхæдæг æркасут йæ ахуыры бонтæй иумæ.

(Прозвенел звонок)

Ахуыргæнæг : Уæ бон хорз! Сбадут! Æз дæн уæ литературæйы ахуыргæнæг. Абон нæ урочы темæ у: « М.Ю.Лермонтовы цард æмæ поэзии». М.Ю.Лермонтов у поэт, фыссæг, прозаик. Йæ царды мидæг уыд алцæмæй дæр æххæст, фæлæ æнамонд. Гыццыл ма куы уыд, уæд амард йæ мад. Уыд уæззау рынчын. Гыццыл лæппу баззад сидзæрæй. Уыд ма йын фыд, фæлæ йемæ нæ цард. Йæ нана байста лæппуйы, уымæн æмæ йæ фыдæн мадзал нæ уыд Михаилы хæссын.

(Прозвенел звонок)

Ахуыргæнæг : Ууыл нæ урок фæци. Райсом та дзурдзыстæм Лермонтовы поэзийыл. Цы уын радзырдтон, уый уæ зæрдыл бадарут!

(Бадынц Къоста æмæ йе'мбал)

Æмбал: Къоста, нæ ног ахуыргæнæг дæ зæрдæмæ фæцыд? Хæрзконд, æрыгон, рæсугъд.

Къоста: О, ног ахуыргæнæг мæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ Лермонтов тынгдæр.

Æмбал: Æмæ Лермонтов цæмæ фæцыд дæ зæрдæмæ тынгдæр?

Къоста: Уымæн æмæ Лермонтов дæр мæнау баззад сидзæрæй.

Æмбал: Мауал катай кæн, Къоста! Цом, цом нæ уроктæ фесты.

Автор: Уыцы бон æнæхъæн гимназ базыдтой Къоста сидзæр кæй у, уый.

Къоста хъомыл кæны, йæ фæндтæ бæтты йæ мæгуыр адæмимæ. Фыссы йæ фыццæг уацмыстæ. Фæнды йæ поэт суæвын, фæлæ йæ фыды фæнд нæ зоны. Леуан бæллы, цæмæй Къостайæ рауайа æфсæддон лæг.

Леуан: Къоста, мæ хъæбул, дæуæй рауайдзæн æфсæддон лæг, æцæг инæлар!

(Музыка)

Къоста: (Читает стихотворение «Ныфс»)

НЫФС

Тызмæгæй мæм ма кæс,

Мæ фыды зæронд,

Дæ зæрдæмæ ма хæсс

Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг

Кæм вæййы фырт дæр? -

Лæппуйæ рæдиаг

Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл

Нæ барын мæхи, -

Ныууадз мæ мæ адыл, -

Фæндон хорз кæм и?!.

Æз топпæй нæ хъазын,

Æз барæг нæ дæн;

Æхсаргард æсласын

Мæ бон нæу мæнæн...

Фæхудæнт мыл хъалтæ,

Ды се 'мбал нæ дæ!

Мæ гутон, мæ галтæ -

Мæнæн дæр цæттæ!

Мæ гутон, мæ галтæ -

Мæ фæндыр, мæ зонд;

Мæ кадæг, мæ зарæг -

Мæ цард хоры конд.

Нæ дзыллæйы зæрдæ -

Мæ хуымгæнды хай;

Нæ бæсты сагъæстæ -

Мæ фæззыгон най...

Дзаг хорæй мæ хордон,

Бæркадджын мæ зæхх,

Хæдтулгæ мæ уæрдон,

Мæ фæндаг уæрæх...

Мæгуырæй мын ма тæрс,

Мæ фыды зæронд, -

Дæ зæрдæмæ ма хæсс

Мæ зæрдæйы конд!..

Леуан: Куыд дæ фæнды, афтæ цæр! Бæргæ, мæ фæндиаг куы фæуис æмæ куы суаис æфсæддон, фæлæ дæ куыд фæнды, афтæ цæр. Æмæ не стыр Ирыстонæн ном куыд скæнай, нæ адæмы цардыл та кадджытæ куыд фыссай !

Автор: Абон куыд зонæм, афтæмæй Къостайыл æрцыдысты йæ фыды арфæтæ - Къостайæ рауад стыр лæг æмæ йæ фæрцы ирон адæмы цард базыдтой æппæт дунейы дæр.

Ууыл нæ равдыст фæци.

Хæрзбон!

© 2010-2022