Разработка урока: «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд»

Качмазова Мадина Руслановна Урочы темæ.  Сочиненимæ цæттæгæнæн урок ахæм темæйыл:                                              «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд».   Урочы нысан.               1. Бацæттæ кæнын скъоладзауты сочинени   фыссынмæ.                                      2. Ахуыр кæнын скъоладзауты царды æцæг æмбал равзарын.                                          3. Сываллæттæм гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм, сæ удварны рæзын кæнын хъыг, рисс æмбарыны æнкъарæнтæ,æмбалæн аргъ кæны... Æмбал æгъдауджын, дзыхылхаст, æфсармджын, кадджын, цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, хæларзæрдæ, æнæхин, рæсугъд, хъæбатыр, æфсармджын.               - Ацы дзырдтæн ныффыссут сæ антонимтæ (6 слайд)   æгъдауджын - æнæгъдау кадджын - æгад цæстуарзон - æдзæстуарзон сыгъдæгзæрдæ - саузæрдæ зондджын - æдылы хæларзæрдæ - фыдзæрдæ æнæхин - хин хъæбатыр - тæппуд æфсармджын – æнæфсарм.             Ахуыргæнæг. Цавæр адæймаг уæ нæ хъæуид æмбалæн?   Скъоладзау. Æнæгъдау, æгад, æдзæстуарзон, саузæрдæ, æдылы, фыдзæрдæ, хин, - тæппуд, æнæфсарм.   Ахуыргæнæг. Ссарут ма дзы вазыгджын дзырдтæ æмæ сын графикон æгъдауæй бамбарын кæнут сæ растфыссы...
Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Качмазова Мадина Руслановна

Урочы темæ. Сочиненимæ цæттæгæнæн урок ахæм темæйыл:

«Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд».

Урочы нысан. 1. Бацæттæ кæнын скъоладзауты сочинени фыссынмæ.

2. Ахуыр кæнын скъоладзауты царды æцæг æмбал равзарын.

3. Сываллæттæм гуырын кæнын уарзондзинад ирон æгъдæуттæм, сæ удварны рæзын кæнын хъыг, рисс æмбарыны æнкъарæнтæ,æмбалæн аргъ кæнын зонын.

Урок ифтонггонд цæуы: журналтæ «Мах дуг», «Ногдзау», газет «Рæстдзинад»-æй, , зарæг «Æмбалы зæрдæ»-йæ, æмбисæндты таблицæйæ, тексттæй, техникон фæрæзтæй ( компьютер, интерактивон фæйнæгæй)

Фæйнæгыл эпиграф урокмæ:

Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры.

Чеджемты Æхсар.

I. Организацион хай.

II. Хъуысы зарæг «Æмбалы зæрдæ» Чеджемты Æхсары фыст ныхæстыл.

Ахуыргæнæг. Нæ фыдæлтæй нын баззад бирæ хорз ныхæстæ. Уыдон дзырдтой: «Мулкмæ макуы бæхæлæг кæн, мулк у хъæды сыфтæр. Уалдзыгон рæсугъд у, фæлæ фæззæджы азгъæлы». Уый æмбæрстой нæ хистæртæ æмæ сæ цæсты мулкæй кадджындæр уыди æмбалдзинад. Уыдон агуырдтой сæхицæн ахæм æмбæлттæ, кацытæм лæгдзинад, æхсар, ныфс, æгъдау уыдысты бæрзонд æвæрд.

Амондджын æмæ хъал уый уыди, царды кæмæн уыди уарзон æмбал. Æфсады, балцы цæугæйæ нæ хистæртæн сæ ахсджиагдар куывд вæййы: «Æмгарджын у», «Æмбалы хорзæх дæ уæд», зæгъгæ.

- Нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм æцæг æмбалдзинадыл. Нæхи цæттæ кæндзыстæм сочинени фыссынмæ уацхъуыды хуызы газетмæ. Нæ темæ та у «Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд». Хæдзармæ уын лæвæрд уыди ахæм хæслæвæрд: æрæмбырд кæнын æрмæг æмбалы тыххай газет «Рæстдзинад», журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау» - æй.

Уæ иутæ хъуамæ æрмæмбырд кодтаиккой æмбисæндтæ, иннæ та - таурагътæ, æртыккаг къорд та - уацхъуыдтæ.

Нæ урокæн эпигрæфæн райстон Чеджемты Æхсары ныхæстæ:

«Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,

Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры».

- Зæгъут -ма мын, куыд æмбарут дзырд æмбал? (сывæллæтты дзуæппытæ).

- Цавæр синонимтæ ссарæн ис дзырд «æмбал» - мæ ( 3 слайд)

æрдхорд, хæлар

Æмбал │

æмгар, лымæн

- Антонимтæ та?

Æмбал │ знаг, фыдгул


Ахуыргæнæг. Ныр та йын æркæсæм йæ равзæрдмæ (экраныл компьютерæй лæвæрд цæуы дзырды равзæрд).(4 слайд)

Скъоладзау. 1. Дзырды этимологи (æм + бал) къорд, раздæр нысан

кодта балцы цæуынæн æмбал.

2. Рагон алайнаг цыртдзæвæн Зеленчукы дурын

къæйыл уыди фыст Анбалан. (5 слайд)



3. Андрей Боголюбскийы кусджытæй иу уыди

алайнаг, йæ ном Анбал.

4. Абоны онг нæм æрхæццæ ирон мыггаг Æмбалтæ.


- Сымахæй алкæмæндæр ис æмбæлттæ. Цавæр миниуджытæ хъуамæ уа æмбалмæ?

Æмбал

æгъдауджын, дзыхылхаст, æфсармджын, кадджын, цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, хæларзæрдæ, æнæхин, рæсугъд, хъæбатыр, æфсармджын.



- Ацы дзырдтæн ныффыссут сæ антонимтæ (6 слайд)

æгъдауджын - æнæгъдау

кадджын - æгад

цæстуарзон - æдзæстуарзон

сыгъдæгзæрдæ - саузæрдæ

зондджын - æдылы

хæларзæрдæ - фыдзæрдæ

æнæхин - хин

хъæбатыр - тæппуд

æфсармджын - æнæфсарм.


Ахуыргæнæг. Цавæр адæймаг уæ нæ хъæуид æмбалæн?

Скъоладзау. Æнæгъдау, æгад, æдзæстуарзон, саузæрдæ, æдылы, фыдзæрдæ, хин, - тæппуд, æнæфсарм.

Ахуыргæнæг. Ссарут ма дзы вазыгджын дзырдтæ æмæ сын графикон æгъдауæй бамбарын кæнут сæ растфыссынад

Дзуапп. Цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, хæларзæрдæ

Ахуыргæнæг. Бирæтæн хæлардзинад райдайы æрыгон бонтæй фæстæмæ æмæ ахæссы суанг зæронды бонтæм. Уый уымæн у, æмæ уыдон æцæг æмбалдзинад хъахъхъæнынц цæстыгагуыйау.

Ахуыргæнæг. æмбисæндтæ ( 7 слайд)

1. Хæлæртты хъуыддаг исбон нæ зоны.

2. Æрдхорд æмбæлттæ æфсад сты.

3. Авд фæндагыл куы ацæуай, уæд авд æмбалы ссардзынæ.

Ахуыргæнæг. Цавæр æмбисæндтæ ссардтат газет «Растдзинад»-ы, журнал «Мах дуг» æмæ «Ногдзау»-ы.

1. Æнæ æмбал цæрæн нæй.

2. Хорз æмбал зын сахат сбæрæг вæййы.

3. Æмбал бахъуаджы бон стыр ныфс у.

4. Фыды лымæн - фырты хæзна.

- Ацы æмбисæндтæй уæм цымыдисагдæр цавæр фæкаст?

Скъоладзау. Фыды лымæн - фырты хæзна.

Ахуыргæнæг. Мæх æмбалдзинад нæ ныййарджытæй уынæм. Бинонты цард дæр хæлардзинадыл арæзт у. Фыд йе 'мбæлттимæ куыд цæра, ууыл ахуыр кæнынц йæ цот дæр. Æмæ уый тыххæй Чеджемты Æхсар дæр уымæн афтæ зæгъы:

«Мæн адæмимæ цæрын сахуыр кодтой мæ мад Верычкæ æмæ мæ фыд Зæкæриа».Уымæн æм бæрзонд æвæрд у æмбалдзинад.

Мæн ма фæнды радзурын газет «Растдзинад»-æй Колыты Таймуразы таурæгъæй цыбыр скъуыддзаг.

«Кæддæр иу ирон лæг йæ фырты афæдзы балцы арвыста. Фырт бæхыл куы сбадти, уæд фыды фæрсы: «Фæндаггаг мемæ цы ахæссон?».

Фыд ын дзуапп радта: «Демæ ахæсс æрмæстдæр мæ ном».

Уый адыл бæлццон араст. Кæм - иу æрфысым кодта, уым ын кодтой стыр аргъ»:

Фарст : Куыд уæм кæсы, цæмæн ын кодтой стыр аргъ?

Скъоладзау. Уымæн æмæ лæппуйы фыд уыдис нымад, кадджын лæг. Адæмимæ цардис хæларæй. Алы хъæуы дæр ын уыдис хæларттæ.

Ахуыргæнæг. Цавæр литературон хъайтар зонут, иу хъæуы дæр хæлар нæ, фæлæ зонгæ дæр кæмæн нæ уыд?

Скъоладзау. Илас Æрнигоны радзырд «Челе»-йы.

Ахуыргæнæг. Уæдæ-ма, æмбисæндтæй фæстæмæ цы ссардтат æмбалдзинады тыххæй газет «Растдзинад»-ы æмæ журнал «Мах дуг»-ы.

Скъоладзау. Журнал «Мах дуг»-ы 10 номыры адæмон сфæлдыстады рубрикæйы ис рæвдауæн дзырдтæ æмбалдзинады тыххæй. ( 9 слайд)

1. Æмгарау зæрдæ зоныс.

2. Æмгары къух ацаразынмæ диссаг дæ.

3. Æмгарау мæм дарыс дæ хъус.

4. Æмгары ад дæ базыдтон.

5.Æмгарæн дæ фенд дæр ныфс вæййы.


Ахуыргæнæг. Кæнæ ма сæ фæхонæм арфæйы ныхæстæ дæр. Фæпайда сæ кæнæм искæмæн нæ куы фæфæнды раарфæ кæнын йæ лæггаддзинады, йе 'ххуысы тыххæй.

Æцæг æмбал скæнынæн дæр амонд хъæуы. Арæхдæр нæ æмбалдзинадыл ахуыр кæнынц литературон уацмыстæ. Æцæг æмбал зын сахат сбæраг вæййы. Йе 'мбалы зын зын кæмæн уа, йæ циныл æцæг зæрдæйæ чи цин кæна, уый у æцæг æмбал. Хатт вæййы афтæ дæр: сæхи æмбæлттæ фæхонынц, фæлæ зæрдиагæй нæ бацин кæнынц кæрæдзийы хорздзинадыл.

Скъоладзаутæ æрхастой дæнцæгтæ ахæм литературон уацмыстæй:

1. Л. Толстой «Дыууæ æмбалы».

2. Барахъты Гино «Æмбæлттæ».

3. Нигер «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман.

4. Мамсыраты Дæбе «Æрдхорд».

Ахуыргæнæг. Царды мидæг хорз æмбал равзарын зонын хъæуы, уæлдайдæр та æрыгон азты.

Чеджемты Æхсар дæр уый тыххæй дзуры «Æмбæлы хорзæх дæ уæд!» Уый цæстуарзон куывд у. Ацы куывд нæ рох кодтой, хæсты быдыры чи хæцыд, уыдон. Цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой се'мбалдзинад. Абон дæр нæ рох кæнынц сæ хæстон æмбæлтты.

Скъоладзау. Журнал «Мах дуг»-ы нын Дзанайты Никъала йæ мысинæгтæ «Хастон фæндæгтæ - зындоны балц» - ы равдыста æцæг æмбалдзинад.

Дзуры дзы йæ хæстон æмбæлтты тыххæй, куыд хæцыдысты, кæрæдзийæн куыд аргъ кодтой. Уыдон абон дæр нæ рох кæнынц сæ хæстон æмбæлтты.

Ахуыргæнæг. Зындгонд адæймæгты æхсæн дæр ис хæлардзинад, сæхи ахастдзинæдтæ. Мах уыдоны цардыл ахуыр кæнæм æмгардзинадыл дæр.

Скъоладзау. Стыр цымыдисаг мæм фæкастысты ж. «Мах дуг»-ы Гафезы писмотæ Джусойты Нафимæ æмæ Хъодзаты Æхсармæ.

Фысджытæ кæрæдзимæ фыссынц фæлмæн, барджын ныхæстæ, æрмæстдæр хæлармæ ис афтæ фыссæн. Бирæ бынæтты дзы æвдыст цæуы сæ уарзондзинад кæрæдзимæ.

Ахуыргæнæг. Гафезæн куыд сты йæ ном æмæ йæ мыггаг?

Скъоладзау. Гаглойты Федыр.

Ахуыргæнæг. Æмбалдзинад арæзт вæййы æууæнчы бындурыл. Æмбæлттæ кæрæдзийыл æууæндынц, уæд уый царды мидæг стыр амонд у.

Скъоладзау. «Мах дуг»-ы мыхуыргонд æрцыд Цоколаты Насырбеджы таурæгъ «Софя æмæ Ахмæт». Дзырд дзы цæуы æцæг æмбалдзинадыл. Мыртазты Мысост йæ сидзæр хæрæфырты, куыд радта хъомыл кæнынмæ Бриаты Долæтмæ. Мæнмæ гæсгæ, адоны æхсæн ис æууæнк, æфсарм.

Ахуыргæнæг. Сидзæры бæрны бацæуын, уый стыр хъуыддаг у. Æмæ ма уыцы сидзæры баууæнд раттын хæссынмæ де 'мбалмæ. Ацы æмбæлтты æхсæн стыр хæлардзинад уыд. Фæлæ алкæд афтæ нæ вæййы æмæ иудадзыг æрмæст хорз æмбæлттæ уа адæймагæн. Хъыгагæн, æмбал хаттæй - хатт разыны знаг дæр.

Скъоладзау. Джыккайты Шамилы радзырд «Мæлæт» - ы æвдыст æрцыд дыууæ æрдхорды цард. Хæсты быдыры иумæ куыд хæцыдысты, кæнгæ æфсырмæртæ куыд загътой, стæй дзы иу иннæуыл гадзрахатæй куыд рацыд.

Ахуыргæнæг. Раст зæгъгæйæ, знагæй дæхи хъахъхъæндзынæ,фæлæ æмбалыл, хин куы уа дæрддæр, æууæнддзынæ, уый та дæм чъылдымырдыгæй æрбахъуыздзæн, æмæ дæ ныррæхойдзæн.

Зæгъут - ма, куыд æмбарут кæнгæ æфсымæры нысаниуæг. Ссарут - ма йын йæ нысаниуæг Дзадзиты Алыксандры, Дзуццаты Хасаны æмæ Хъараты Солтаны «Ирон адæмы этнографаи æмæ мифологийы дзырдуат» - ы.


Скъоладзау.

Дзадзиты Алыксандр, Дзуццаты Хасан æмæ Хъараты Солтаны «Ирон адæмы этнографи æмæ мифологийы дзырдуат» - ы загъд цæуы:

«Кæнгæ æфсымæртæ - иу æгъдаумæ гæсгæ уыдысты дыууæ мыггагæй, хатгай та алы адæмы хаттытæй чи уыдис, ахæм нæлгоймæгтæ. Уыдон -иу кæрæдзиимæ ныффидар кодтой тугхæстæгдзинады æмсæр ахастдзинæдтæ».

Ахуыргæнæг. Уæдæ, рæсугъддæр ныхæстæ чи зæгъдзæн æмбалдзинады тыххæй нæ поэттæй. Бирæ æмдзæвгæтыл фыст æрцыди музыкæ æмæ систы рæсугъд зарджытæ. Иумæ дзы байхъуыстам урочы райдайæны.

1. Скъоладзау. Цæгæраты Гиго «Хæлæртты цæдис».

2. Скъоладзау. Айларты Ч. «Хæлары зарæг».

Ахуыргæнæг. Газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг фарсыл иуцалдæр азы размæ уыди уацхъуыд æрдхорды тыххæй. Райстон дзы скъуыддзаг.

Текстыл бакуыст.

(Текст æвдыст цæуы экраныл компьютерæй).

Æрдз адæймаджы цы бирæ хорз миниуджытæй фæхайджын кодта, уыдонæн сæ тæккæ рæсугъ…æр у æмбалдзинад. Æмбалдзинад адæймаджы уды хорз миниуджытæй кæнгæ æмæ аразгæ у. Æрдхорд у цæугæ мæсыг иугæй - иу хатт æфсымæрæй зынаргъдæр. Ирон лæг тарст цæмæй æмбалы фыдæх ма райса. Фынгыл иу нæ хуыздæр гаджидау уыд æмгары цæрæнбон.

1. Текст аив бакæсут.

2. Йæ стиль цавæр у?

3. Цавæр хъуыдыйæдтæй арæзт у?

4. Бамбарын кæнут цухгонд орфограммæтæ.

5. Сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ.

Ахуыргæнæг. Цавæр хъуыды дзы дызæрдыггаг у тексты?

Скъоладзау. Æрдхорд æфсымæрæй зынаргъдæр хъуамæ ма уа.

Скъоладзау. Æфсымæры æрдхорд никуы баивдзæн. Мæн фæнды, уый тыххæй иу æмбисонд радзурын. Дыууæ æфсымæры фæхыл сты, кæрæдзимæ нал дзырдтой. Алчидæр сæ йæ ныфс хаста йе 'мбалæй. Иухатт æфсымæртæй иу саг амардта. Сыфтæрты бын саг бамбæхста. Бафæндыд æй йе 'мбалы зæрдæ базонын. Йе 'мбалмæ бацыд, зæгъгæ, лæг амардтон. Æфсымæр уайтагъд фæраст йемæ. Уæд уый бамбæрста, йе 'фсымæры йын æрдхорд кæй нæ баивдзæн.

Скъоладзау. Амонджын у ахæм адæймаг, кæцы йе 'фсымæримæ дæр æнгом цæры, æмæ йын ис ахæм хæлæрттæ, ныфс ын чи дæтты.

Ахуыргæнæг.

Уæдæ ныр саразæм пълан.

1. Куыд æмбарын æмбалдзинад.

2. Æцæг æмбал равзарын зонын хъæуы.

3. Æмбалдзинад хъахъхъæн цæстыгагуыйау


1-аг Скъоладзау.

Ирон адæмæн бирæ хорз æгъдæуттæ баззад сæ куырыхон фыдæлтæй, æмæ нын хорзæй цы ныууагътой нæ фыдæлтæ, уыцы хæзнатæй иу у æмбалдзинад…

2-аг Скъоладзау. Цалынмæ зæххыл хур тула, арвæй стъалы æрттива, уæдмæ уыдзæнис æмбалдзинад. Уый у æнусон. Адæймаг йæхи æмбарынхъом куы фæвæййы, уæд банкъары æмбалдзинад…

Урочы хатдзаг.

Нæ урочы абон дзырдтам æцæг æмбалдзинадыл. Нæ абоны царды æцæг æмбал ссарын зындæр у, уымæн æмæ æрыгон фæсивæдæй бирæтæ сæхи æвзæр дарынц, давынц, хъылма дымынц.

Æмбал кæмæн нæй, уый та мæгуыр у. Уымæн æмæ æмбæалтты фарнæй хох дæр нæры, уыдоны фарсмæ амонд цæры.

Хæдзармæ куыст. Дарддæр бакусын сочиненитыл.



© 2010-2022