Урок Темæ. Фæрнион Къоста «Хъæбатыр цæргæс»

7 кълас.   Темæ.   Фæрнион Къоста «Хъæбатыр цæргæс».     Урочы нысан: 1. Ахуырдзауты базонгæ кæнын Дзæрæхохты Хадзы-Мураты цардвæндагимæ, йæ хæстон сгуыхтдзинæдтимæ.        2. Фидар кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæй. Ахуырдзаутæн дæнцæгæн хæссын Иры хуыздæр хъæбулты.        3. Бакусын ныхасы рæзтыл.
Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат rar
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

7 кълас.

Темæ. Фæрнион Къоста «Хъæбатыр цæргæс».

Урочы нысан:

1. Ахуырдзауты базонгæ кæнын Дзæрæхохты Хадзы-Мураты цардвæндагимæ, йæ хæстон сгуыхтдзинæдтимæ.

2. Фидар кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæй. Ахуырдзаутæн дæнцæгæн хæссын Иры хуыздæр хъæбулты.

3. Бакусын ныхасы рæзтыл.

Урочы эпиграф.

Стъалы куы атæхы, уæд цас стырдæр вæййы,

уыйас ирддæр фæд ныууадзы.


Лæг дæр йæ адæмы ʹхсæн, цас кадджындæр уа,

уыйас хъуыстгонддæр ном ныууадзы йæ фæстæ.

Чеджемты Æхсар.

Æнамонд адæмы астæу амондджын уæвæн нæй.

Ирон æмбисонд.

Дзырдуат.

Бал, скæсæн, ныгуылæн, цæгат, хуссар, интервент, къæмдзæстыг.

Урочы цыд.

1. Ахуыргæнæджы ныхас.

- Стыр дисы æфтауы мах абон дæр ма Дзæрæхохты Хадзы-Мураты хъысмæт.

Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты хуымæтæг адæмы ʹхсæнæй чи рацыд; цардмæ, адæммæ йæхи цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм стыр адæймаг.

Х-М. йæхи тыххæй ныхас кæнгæйæ-иу фæфæсвæд кодта бирæ ахсджиаг хабæрттæ. Уымæй ахæмтæ, кæцытæ дзурæг уыдысты йæ хъæбатырдзинадыл, йæ цард адæмы сæраппонд нывондæн кæм хаста, ахæмтæ.

Уыцы уæздандзинад, махæн ирон адæмæн, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæй баззад.

Хи стауын стыр худинагыл нымад уыдис уæд.

(Афтæ мæ куыд ничи бафарста, уæд цæмæн, ныр та куыд?)

Хъысмæт тынг стыр фæлварæнтæ скодта Х-М. царды. Æмæ , æвæццæгæн, йæхæдæг дæр разыйæ баззад, Х-М. уыцы хъизæмæрттыл кæй фæуæлахиз ис, уымæй.

Диссаджы адæймаг уыдис: таурæгъты дзуринаг, кадджыты заринаг!

Иу цæгатаг таурæгъы дзырдæуы:

  • Мæтыхтау , зæгъы, сæхи ныццавтой фурды фалейаг хъæрццыгъатæ Уæрæсейы цæгатаг хайыл... Сæ салдат кæуылты ацыд, уым зæхх сыгъди... Адæм фæлыгъдысты хъæдмæ. Хъæдæй лыгъдысты сырдтæ... Дæтты кæсаг нал уыд... Мæргътæ уæлæрвты зилдух кодтой, зæххыл кæм æрбадтаиккой, уый нæ уыд. Уæд, дам, мæргътæм сдзынæзта æххуысагур урсдадали зæронд ус. Фехъуыста йын йæ сагъæс урс бæлон æмæ стыр Мæскуымæ фæтахт. Фехъусын кодта хабар æмæ мардæй æрхауд. Æфсæддонты хуыздæртæ ацыдысты цæгатмæ. Уыдоны ʼхсæн , зæгъы, уыдис иу хæстон сау нымæтджын. Йæ нымæты фæдджи-иу куы систа, уæд-иу сбон, куы-иу æй æруагъта, уæд-иу бахсæв. Йе ʼхсаргард- æрвон фатау... Сæрибаргонд цæуынц хъæутæ, нымæтджыныл цæст нæ хæцы. Иу хъæуы адæм йæ размæ фесты.

  • Чи дæ ды? - фæрсынц æй.

  • Хадзы-Мурат...

  • Хадзы-Мурат нæ дæ... Уый уæларвон у, йæ нымæт, йе ʹхсаргард дæр -уæларвон.

Барæг бахудт, æрхызт йæ бæхæй æмæ хистæртæм бацыд...

- Уый æз дæн, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Хадзы-Мурат, уæларвон нæ, фæлæ зилгæйаг. Ис ахæм хъæу Ирыстоны.

- Уæдæ, чи уыдис Дзæрæхохты Хадзы-Мурат, æцæгæлон адæм кадджытæ кæуыл скодтой? Цы йын зонæм йæ царды хабæрттæй?

Ахуырдзауты куыст:

Райгуырдис Х-М. 1874 азы, Ирыстоны, Зилгæйы хъæуы.

Зилгæйæ Архангельскмæ, йæ хъæбатырдзинадæй кадæджы аккаг ном кæм скодта, уырдæм мингай километртæ ис, фæлæ йæ, æвæццæгæн, уым чи нæ зыдта, ахæм стæм уыд.

Х-М. хъæбатырдзинад суанг йæ сывæллоны бонтæй рахаста.

13-аздзыд лæппуйæ йыл æрцыдис ахæм цау. Йæ фыд Уарийæн æххуыс кодта йæ зæххы гæппæл хуым кæнынмæ. Иухатт æхсæвыгон хæххон нарæг фæндагыл быдырæй сæхимæ куыд цыдысты, афтæ сæ размæ бабадтысты абырджытæ. Домдтой сæ, цæмæй сæ бæхты суæгъд кæной. Ничи суæндыдис сæ ныхмæ æрлæууын. Х-М-тæн фыр мæстæй йæ дæндæгты къæс-къæс цыдис. Йæ цæстытыл ауад йæ фыд Уари, æлдары зæххытыл æхсæв- бон чи не ʹвзæрста. Цы капеччытæ фембырд кодта, уыдонæй ацы бæх самал кодта, йæ бинонты дарæг. Ныр æй хъуамæ гъамайы лæварæн радта. Нæ-æ! Уымæн уæвæн нæй!

Лæппу фестад, йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодта, æмæ бæхтæ бæстæ сæ сæрыл ахастой, абырджыты къухы ма бафтыд фæйнæрдæм апырх уæвын.

Уæрдоны фæстæ райхъуыстис абырджыты топпыты гæрæхтæ. Фæсте сæ асырдтой. Куы сæ баййæфтой, уæд Х-М. æд фæрæт зæхмæ æргæпп кодта æмæ йæ бæхы размæ æрлæууыд:

- Æгасæй уæ къухы нæ бафтдзæн!- цæхæр акалдтой Х.-М. йæ цæстытæ.

Зын бамбарæн у, абырджыты цы баурæдта, уый: лæппу афтæ ныфсджынæй сæ ныхмæ кæй æрлæууыд, æви хъæу хæстæг кæй уыди,уый. Фæлæ абырджытæ Х-М-ты æнæфыдбылызæй ауагътой.

Ахуыргæнæджы ныхас.

- Цард цæрынæн лæвæрд у. Х-М та фæлварæн уыд, стыр фæлварæн.

Йæ царды мидæг цы куыст нæ бакодта, æвæццæгæн, ахæм нæй.

Дзæуджыхъæуы куыста куыройы, сугтæ саста, уæззæуттæ хаста. Фæлæ хъæздыгдзинад æмхиц нæ цыди Х-М-мæ. Æмæ та ныллæууыди цардагурыны фæндагыл. Ныр æй хъысмæт аппæрста æцæгæлон бæстæ Маньчжуримæ.

Амондагур дунетыл зилы: ис æм стыр ныфс, æнкъары йæ æгæрон хъаруйы тых, у куыстуарзаг, цыфæнды зынтæн дæр ныффæраздзæн. Уырны йæ, ис зæххы къорийыл ахæм къуым, æмæ мæгуыр, фæллойгæнæг лæг амондджын кæм у.

Ирон мæгуыр хæдзарæй цы лæппу рацыд, уый егъау горæтты цард куы федта, уæд хорзау нал уыд. Йæ фыдæлтæ йæ цы ʹгъдау, лæгдзинад, æфсарм, уæздандзинад æмæ рæстдзинадыл схъомыл кодтой, уыдон нымад уыдысты æнахуыр митыл уыцы æгъатыр дунейы. Цардмæ æрмæст æхцайы цæстæй кæм кастысты.

Маньчжурийæ афтыдис Мексикæмæ. Уым, судзгæ хуры бын, уæрджытæм доны арæзта хъæды астæуты фæндаг, куыста быдыры, йæ бæхыл бадтæй дисы æфтыдта уыцырдыгон барджыты. Уым дæр та не ʹрбынæттон.

Ацыдис Амырыкмæ. Уым Лос-Анжелесы уынгты къахта къанæуттæ, Сан-Францискойы денджызон наутæ аразæн заводы куыста саукусæгæй, куыста шахтæйы. Басгæрста Аляскæйы зæххытæ сызгъæрин агургæйæ. Йæ дунейыл зæххы гæппæлы хицау чи нæ уыд, уыцы Х-М. ныр дурджын зæххы хæй дард Аляскæйы рахицæн кодта, фæйнæджы гæбаз дзы ныссагъта æмæ йыл ныффыста: «Ацы зæххы хицау у хохаг ирон лæг Х-М.».

Фæлæ та уыцы зæххæй дæр фыдæнхъæл фæцис Х-М., фыдæбон æмæ дзы хъизæмæрттæ йеддæмæ ницы федта.

Афтæмæй æрбаздæхт Уæрæсемæ.

Ахуыргæнæджы ныхас:

- Ирон адæм сæ алы хъæбатырыл дæр кодтой кады зарджытæ. Хъыгагæн, ацы адæймагыл абоны онг дæр зарæг конд не ʹрцыд, фæлæ йыл сарæзтой киноныв.

Киноныв «Жизнь, ставшая легендой». Уыцы хæс йæхимæ райста режиссер Юрий Чулюкин. Сæйраг роль ахъазын бабар кодтой артист Дагун Омаевæн. Æмæ сеʹ хсæн рауадис ахæм ныхас:

«Иæ удыхъæдæн хуымæтæг барæнæй абарæн нæй, уыйбæрц зын равзарæн сты уый аккаг дзырдтæ. Æппын кæсын-фыссын нæ зонгæйæ, дзырдта англисаг, испайнаг, немыцаг, уырыссаг æвзæгтыл.

Уыдис ын сабийау æууæнкджын, æнæхин æмæ уыциу фæдыл арф хъуыдыджын куырыхон зондахаст»,- дзырдта режиссер.

«Уыдис ын хъæддых æмæ тынг фæлмæн, тæлæс зæрдæ.

Уыди тæлтæг æмæ хиуылхæцгæ; æнæхатыр, фæлæ æнаххос æфхæрдæй йæ цæссыг нæ урæдта.

«Хъæддаг бæхджын»-ы ном хаста, афтæмæй сылгоймагмæ æдæрсгæ комкоммæ бакæсын йæ ныфс никуы бахаста.

Æрзылд дунейыл, æййæфта карз æфхæрд, маст, гадзрахатдзинад, ирвæзти марæджы нæмгуытæй. Фæлæ нæ фесæфта фыдæлтæй йын цы æрдзон уæздандзинад æмæ рæстуд баззади, уыдон.

Йæ царды даргъ фæндаг райдыдта йæхи амонд агурынæй, афтæмæй сæккой кодта адæмы хъысмæт æмæ балæууыд дуне ног, амондджындæр нывыл кæрдыныл».

Уыцы æппæт хабæрттæ фехъусгæйæ, артист сонт фарст фæкодта:

- Æцæгæйдæр уыдис ахæм адæймаг?

Уæд ын режиссер йæ разы æркалдта хызынæй документалон æрмæг æмæ Х-М. къам. Къамæй йæм касти сыгъдæг ирон дарæсы бæзæрхыгтæ зæронд лæг. Йæ цæстытыл - кæсæнцæстытæ, дæргъæй-дæргъмæ рихитæ, æлхынцъ æрфыг, уаридзаст. Уыдис ыл къæбæлдзыг бухархуд, æвзист бæрцытимæ сау цухъхъа, æвзист рон хъамаимæ астæу нарæг æлвæста. Йе стыр къухтæй æрæнцой кодта æхсаргарды æвзист фистоныл. Йæ риуыл - Сырх Тырысайы орден.

Ахуыргæнæджы ныхас:

- Киноныв афтæ хорз рауад, æмæ йын Мæскуыйы киновзарæн къамис снысан кодта фыццаг къæпхæн.

1936 азы мыхуыры рацыд чиныг «Жизнь Хаджи Мурата Дзарахохова, рассказанная им самим». Чиныджы автор уыдис уырыссаг фыссæг Геннадий Фиш.

Мах та Х-М-тимæ базонгæ стæм Фæрнион Къостайы ныхасæй.

Бирæ фыдæбæттæ фенгæйæ, Х-М. не схъæхъхъаг, нæ раивта адæммæ йæ зæрдæйы уаг, йæ зондахаст. Йæ уæззау царды никуы рох кодта йæ фыды фæдзæхст:

«Адæммæ кæс адæймаджы цæстæй. Амонд æппæтæн дæр иу у. Æнамонд адæмы астæу та амондджын уæвæн нæй!»

- Куыд æххæст кæны Х-М йæ фыды ныхас?

Иухатт æхсæвиуат бакодта иу мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Бинонтæ ахæм мæгуыр уыдысты æмæ Х-М. æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сæ мæтæй. Райсомæй базыдта, сæ фарсмæ кæй цæрынц хъæздыг 6 æфсымæры, кæй сæм ис хъомрæгъæуттæ æмæ бæхрæгъæуттæ. Кæд иунæгæй уыдис, уæддæр нæ фæтарстис, сæ уæлдæйттæ сын байста æмæ сæ мæгуыртыл байуæрста.

Иннæ хатт та йæ къахæй йæ цырыхъхъытæ раласта, æмæ сæ ратта, æххуысагур æм цы мæгуыр лæг æрбацыд, уымæн.

Ахуыргæнæджы ныхас:

- Х-М-ты хабæрттæ дзур æмæ дзур, уæддæр сын кæрон нæй.

Иу æрыгон лæппу йæм æрбацыдис хъæстмæ сауджыныл. Йæ чызджы йын бауарзта, фæлæ фыд уыдис мæгуыр лæппуйы ныхмæ. Уый йын мæгуырæг æмбарын кодта, кусдзæнис, æмæ цæрдзысты...

Чи зоны, æмæ уыцы рæстæг лæппуйы ныхæстæм хъусгæйæ Х-М-тæн йæ
зæрдыл æрбалæууыдысты йæ райгуырæн хъæу Зилгæ, Ирыстоны урссæр
хæхтæ, хосдзауты зард æмæ сæ цæвджыты ʼхситт...

Тынг бирæ уарзта Х-М. хос кæрдын.

Йæ зæрдæ- иу æнкъардта, йæ фæстæ кæй кæсынц æрыгон чызджы сау дыууæ цæсты.

Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, чызджы фыдимæ сæм цы ныхас рауад, уый.

Дæлвæз цы бæлас зади, уымæ къухæй амонгæйæ зæронд лæг бафарста:

  • Х-М., дæлæ уыцы бæлас уыныс?

  • Уынын, - дисхуызæй дзуапп радта лæппу.

  • Куыд зæгъыс, ацы дуртыл æрзайдзæнис?

  • Нæ, нæ ныххæцдзæн,- дзуапп та радта Х-М.

Лæппуйы дзуаппæй разыйæ баззайгæйæ, лæг йæ сæры ʼнкъуыстæй бамбарын кодта йемæ разы кæй у, уый æмæ загъта:

- Афтæ уæдæ, хъæздыг хæдзары цы чызг схъомыл, уый мæгуырдзинадæн нæ бафæраздзæн.

Х-М-тæн ма йæ бон зæгъын бацис:

  • Ис мын дыууæ къухы, фæллой кæндзынæн æмæ ницы хъуаг ныууадздзынæн мæ бинойнаджы.

  • Уасæгæн дæр бæргæ ис базыртæ, фæлæ мæнæ ацы хæрæгæй уæлдай уæлæрвты нæ тæхы, - загъта лæг æмæ йæ хæрæджы рагъ æрхоста.

Цас зын бамбарæн уыдис ныр Х-М-тæн ацы лæппуйы зæрдæниз, куыд ын хъуамæ ма баххуыс кодтаид?

Йæхимæ та райста Х-М. ацы хæс дæр. Скодта сын чындзæхсæв, йæхæдæг та дзы хистæрæн фæбадт.

2. Очеркимæ куыст:

Дзæрæхохты Хадзы Мураты биографийы сæйраг бынат ахсынц граждайнаг хæсты цаутæ. Фæрнион Къоста дæр йæ уацмысы ирдæй æвдисы Х-М тохы хабæртттæ.

  • Кæд æмæ кæм базонгæ ис Фæрнион Къоста Дз.Х-М-мæ?

  • Цавæр хъуыддаджы фæдыл æмбырд кæнынц адæм Архангельскмæ?

  • Вакзалы куы рахызтысты, уæд цавæр цау æрбалæууыд Х-М-ты зæрдыл?

  • Ссарын тексты, куыд æвдисы фыссæг, æмбырдмæ чи ссыд, уыцы адæмы?

  • Куыд сæмбæлыдысты залы бадæг адæм ирон лæгыл?

  • Кæм райдыдта йæ тохы фæндаг Х-М?

Йæ тохы æмбæлттæм хъусгæйæ, афтæ зыны, цыма Хуыцау Х-М-ты сфæлдыста алы боны лæгдзинадæн, æрвылбон хъæбатырдзинад æвдисынæн.

Паддзахы æфсады куы уыд, уæд цыппар «Георгийы» райста йæ хъæбатырдзинады тыххæй.


  • Цавæр цаутæ дзурынц йæ хæстон æмбæлттæ?

  • Цы радзырдта Х-М йæхи тыххæй? Фыссæг пайда кæны диссаджы рæсугъд дзырд «къæмдзæстыгæй».

  • Цавæр нысан сæвæры тохы размæ Х-М йæ хæстонты размæ?

(Мæлæт кæнæ уæлахиздзинад! Æмæ йын йæ ныхас кæддæриддæр сæххæст кæнынц. Знагимæ тохы уæлахиздзаутæй рацæуынц.)

  • Цæй руаджы бафты уыцы уæлахиз сæ къухы?

(Хæстонты разæнгард кæны сæ раздзæуæджы хъæбатырдзинад, йæ ныфс, кæм фæхъæуы уым арæхстджынæй спайда кæны хæстон хиндзинадæй, фæлæ сæйрагдæр - кусæг адæммæ, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Ахæм адæймаджы та схонæн ис патриот.)

Уыдис æрдзæй æхсарджын хæстон. Царды зилдухæнты æгæр чи бахаудта, ахæм хæдахуыр командир. Цыфæнды уавæры дæр тынг арæхст. Архангельскы цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уый тыххæй йын æхсæзæм сырх æфсады хицау Уборевич йæхæдæг бакодта Сырх Тырысайы орден, стæй номылдаргæ æхсаргард. Буденыйы номæй ма йын лæваргонд уыдис наган, Ворошиловы номæй- топп.

Йæ диссаджы сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ рахуыдтой «Цæгатаг Чапаев». Ис Архангельскы йæ номыл уынг, фæз. Петербурджы революцион музейы йын ис сæрмагонд бынат.

- Фæци цæгаты хæст. Кæронмæ ахæццæ Х-М-ты хæстон фæндаг дæр?

Хæцы Польшæйы, Гайы æфсады фæстæ балæууыд Германы, уырдыгæй æрбаздæхт, æрæмбырд кодта æфсад æмæ та ногæй тох кæны Махнойы æфсæдтимæ. Уый дæр та пырхгонд æрцыд. Фронт никуыуал ис. Ис ма революцийæн знæгтæ Кавказы. Х-М хæрзбон загъта йæ хæстон æмбæлттæн æмæ рацыд иунæгæй Кавказы фронтмæ. Фæлæ цалынмæ фæндагыл уыд, уæдмæ Кавказы фронт дæр фæци. Æрбынат кодта йæ райгуырæн хъæу Зилгæйы.

-Уацмысы кæрон куыд зæгъы фыссæг Х-М тыххæй? Бакæсут ма мын текстæй уыцы бынат?

Æфсæддон хæтæлы сидт райхъуыст. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 13 августы 1942 азы Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы цы митинг уыд, уым Х-М хъæлæс азæлыд дзыллæтыл:

Хорз адæм! Тохы бон ныккодта, хъæбатыр тохы бон. Фыдгулæн йæ цæстысындз фестадысты нæ дзыллæйы бартæ, нæ амонд, нæ диссаджы хъуыддæгтæ. Нæ бæстæ ис зын уавæры. Зын уавæры уыдис мидхæсты рæстæг дæр. Уæд махæн нæ райгуырæн бæстæ æрыгон уыд, æнæхъару, лæмæгъ, афтæмæй йæм æрбалæбурдтой фæсарæйнаг цъулбертæ, фæлæ пырхгонд æрцыдысты. Ныр дæр та нæм æрбабырстой немыцаг тыхгæнджытæ, ныххурх кæнынмæ нæ хъавынц, фæлæ мах нæ фæтæрсдзыстæм. Мæныл цæуы дæс æмæ æртиссæдз азæй фылдæр, фæлæ афтæ зæронд нæма дæн æмæ куы бахъæуа, уæд Дзæрæхохты Уарийы фырт Хадзы-Мурат знаджы ныхмæ ма ʹрлæууа...

Кавказæгты хæххон цæргæстæ хуыдтой хæсты, æгаддзинад сæрмæ никуы æрхастой.

Гитлеронтимæ æнауæрдон тох кæны нæ хæххон цæргæс Плиты Иссæ. Уый сæрвыста йæ минæвары ардæм, Иры лæппутæм... Æххуыс æй бахъуыд...

Фæндараст, нæ буц кæстæртæ! Нæртоны ном ма фæчъизи кæнут... Кадимæ ахæссут нæ хъæбатыр фыдæлты ном!

Йæ фæдзæхст æххæстгонд æрцыд. Уæлахизимæ сыздæхтысты Иры хъæбатыр цæргæстæ. Ирон лæг йæ сæрмæ худинаг никуы æрхаста. Уымæн æмæ уыдысты номдзыд Дзæрæхохты Х-М, Плиты Иссæйы фæдонтæ .

Йæ цард куыд диссаг уыдис Х-М -æн, афтæ æвирхъау рауад йæ мæлæт дæр. Афтæ дæр не сбæрæг, 1945 азы сусæны мæйы изæртæй иуы автобусы æрлæууæны цы ʹрцыд, уый. Фæлæ райсомæй Дз. Х-М-ты уым мардæй ссардтой. Нæртон хъæбатырæн куыд æмбæлы, афтæ йæ къухты фидар нындæгъди йæ хъама.

Æвæццæгæн, йæ царды фæстаг улæфты онг дæр кодта тох.

Хæдзармæ куыст:


© 2010-2022