Сценарий по обычаям номаваран куывд

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сценарий « Номæвæрæн»

Конкурс «Нарты куывд» Джеоргуыбайы бæрæгбонмæ

Архайджытæ : 3 гыццыл лæппуйы

Тимур

Инал

Зелим

5 хистæры

Бексолтан - фыды фыд

Беслæн - хистæр мыггагæй

Чермен - сыхаг

Агуыбе - сыхаг

Солæман - сыхæг

4 æрыгон лæппу лæджы

Таймураз - ноггуырды фыд

Ацæмæз - æмбал

Хъазбег - æмбал

Мысост - æмбал

2 сылгоймаджы

1-аг сылгоймаг

2-аг сылгоймаг

3 æрыгон сылгоймаджы

Азау -чындз,сывæллоны мад

Сæлимæт - сыхаг чызг

Мæдинæ - сыхаг чызг, Мысосты уарзон

1 амонæг

1 фæндырдзæгъдæг

1 доулист

Æдæппæтæй 20 архайæджы

Декорацитæ : авдæн,кау, фынг,бандонтæ.

Ном æвæрæны куывд тынг кадджын уыд раджы заманы.Номæвæрæг та уыд нымад

уæлдай хæстæгдæрыл сывæллоны ныййарджытæн. Ном æвæрæны куывды хабар

фехъусын кодтой хиууæттæн, сыхбæстæн.Фынг æрæвæдтой фысымтæ. Фынгыл

сбадыны агъоммæ уазджытæй алкæй бон дæр уыд сывæллонæн йæ ном ныффыс-

сын. Кæй хал-иу схаудта, уый ном-иу сæвæрдтой сывæллоныл.Фынджы уæл-

хъус ноггуырды тыххæй рауагътой сидт æмæ йын бирæ куывдтыты фæстæ йæ

цæрæнбоныл банызтой лæуугæйæ.Йæ ном ын Хуыцау, Зæдтæ æмæ Дауджытыл бафæдзæхстой,сарæзтой -иу хъазтизæр.



1 -аг архайд

( Равдыст райдайы фæндыры зæлтæй.Рацæуы амонæг)

Амонæг : Уæ бон хорз,зынаргъ уазджытæ! 38-æм скъола уын равдисдзæн ном æвæрæны куывд.

( Сценæмæ рахауы хъул. Сывæллæттæ ралидзынц йæ фæдыл)

Зелим : О, ды та фыццаг дæ! ( Тимур хъазы, хъазгæйæ)

Тимур : Кæм ис нырмæ Инал та?

Зелим : Йæ мады фæдджийыл та кæмдæр хæцы.

Тимур : О, мæ хъул сах абадти. Дæ хъултæй дыууæ ардæм.

Зелим : Хæрæмттæ ма кæн. Гъама,фенон сæ.

Тимур : Фен, фен.

Зелим : Уый сах нæу, цыг у. ( хъыгхуызæй ,фæлæ æмбаргæйæ)

Тимур : Кæм ис цыг?Уый сах у, дзæбæх ма йæм æркæс.Æри,æри дæ дыууæ хъулы.

Зелим : Гъа, дæ хъултæ,ды сæрæн дæ ( бустæгæнгæ сæ æппары зæхмæ)

( Фæзынд Инал )

Инал : Зелим,дæ хъултæ фæхæрд сты,цæй æнкъард дæ?

Тимур : Цæй , ды та кæм уыдтæ нырмæ?

Инал : Далæ ,фаллаг сыхы Тлаттатæм хæрзæггурæггаг уыдтæн, Бексолтантæм лæппу

райгуырд.

Зелим : Уæдæ дæ исты фæуыдаид ?

Инал : Бæгуыдæр мæ фæци.

Тимур:::Равдис-ма йæ.(Инал æвдисы йæ сом. Лæппутæ йæ асырдтой. Инал алыгъд.Зелим

фездæхт)

Зелим: Сомæй мæнæн цы пайда ис? ( ахæссы хъултæ.Зæлы хъæлдзæг фæндыры цагъд)

2 архайд

(Фæндыры цагъд нæма фæци,афтæмæй æрбацæуынц фæсивæд.Цæугæ-цæуын)

Ацæмæз : Кæм ис,кæм нæ ноггуырды фыд та? Йæ хъус ын нæма сивæзтон.

Мысост: Мæгуыр хъустæ,хæрæджы хъусты йас ныййисты.Æз дæр ын сæ куы сивазин.

Хъазбег : Базæронд дæ ме фсымæр,дæ сæр дæр фæурс. ( Ивазынц Таймуразы хъустæ. )

Таймураз : Ныууадзут -ма мæ уæ хорзæхæй.(Таймураз йæхи атоны æмæ алидзы)

Мысост: (худгæйæ) Цом, хистæртæ махмæ æнхъæлмæ кæсынц.

( Ацæуынц)

3 архайд

(Тлаттаты хæдзар. Æрбацæуынц уазджытæ.)

Бексолтан : Мидæмæ рахизут.

Беслæн : Фарн а хæдзары! ( Хистæртæ æрбацæуынц)

Барсткуывд ут! (Сбадынц)

Агуыбе : Уæдæ ноггуырдæн ном хъæуы,ном.

Беслæн: Кæм стут,лæппутæ,сымахмæ æнхъæлмæ кæсæм.

Чермен : Лæппутæ,ныффыссут нæмттæ æмæ сæ сылгоймæгтæм фæхæццæ кæнут.

Солæман : Мыййаг хæдзары уазæг нæй,уазæгæн фыццаг бар.

Бексолтан: Нæй уазæг,уæ куыст кæнут.

Ацæмæз: Хъазбег,фысс!Мысост феххуысс ын кæн ( лæппутæ райстой гæххæтт цæттæ сты

фыссынмæ. Сценæйыл фæзынынц сылгоймæгтæ)

Беслæн:Æхсарбег мæ ном

Чермен :Сослан мæн ном.

Агуыбе: Батрадз мæ ном.

Солæман:Уырызмæг

Беслæн: Сымахæн дæр бар ис.

Ацæмæз: Фысс уæдæ Хъазбег, мæ ном - Бексолтан.

Мысост: Хæмыц мæ ном.

Хъазбег: Мæнмæ дæр рад æрхæццæ.Мæ ном Мысост.

Чермен:Мысост ,ахæсс сылгоймæгтæм хæлттæ æмæ ном равзарой.

( Мысост фæцæуы сылгомæгтæм.Бахоста сæм)

Мысост: Чызджытæ ,æмбæлы уæм?

Сæлимæт: Рахиз мидæмæ ,Мысост .Дæ хуызæн уазæгыл чи нæ бацин кæндзæн.

Мысост: (æфсæрмыгæнгæйæ) Хистæртæй минæвар дæн.Æрыгони мад ном равзарæд.Бакæсон уын

нæмттæ.( Мысост кæсы нæмттæ иугай,чызджытæ æвзарæгау кæнынц)

Нæмттæ фесты. ( Чызджытæ сусу-бусу кæнынц)

Сæлимæт: Равзæрстам ном-ном.

( Чызджытæ худынц.Мысост фефсæрмы,Мæдинæ фæсырх.Азау

архайы фадат фæивыныл,цæмæй æрыгæттæ ма æфсæрмы кæной)

Азау: Мысост бирæ уазджытæ дзы ис?

Мысост: Бирæ,бирæ адæм æрцыд

Азау : Ацу мысост,дæумæ æнхъæлмæ кæсынц.

Мысост: Ном та?

Азау: Куы дын æй загътой.

Мысост: Ома хорз. ( фæцæуы)

Азау : ( чызджытæм) Лæппуйы сæрра кодтат. (Мысост хистæртæм фæцæуы.Æрбацыд)

Мысост:Æ зам дæн

Чермен: Цы ном равзæрстой, Мысост?

Мысост: Ном равзæрстой_ Мысост.

Солæман: Диссаджы ном,амондджын ном æй Хуыцау фæкæнæд.Кæй ном уыд,кæй?

Хъазбег : Мæн ном.

Беслæн :Ауыстæн, Хъазбег дæ хал схаудта,дæ хал.

Чермен: Хъазбег,æрмæст номæвæрæг нæ дæ,фæлæ ма уырдыгстæг дæр дæ.

Солæман : Уый æгъдау афтæ домы.Кæй хал схауы,уый уырдыгстæг вæййы.

Хъазбег: Разы дæн ,разы.Мæ гыццыл æфсымæры тыххæй алцæуылдæр разы.

Беслæн: Гъемæ хорз.Лæппутæ,ноггуырды ма нæм рахæссут æмæ йын мах йæ ном

фехъусын кæнæм ( ацæуы сывæллон хæсынмæ лæппутæй иу.Уыцы рæстæг æрбацæйцæуы

дыууæ сылгоймаджы)

1-аг сылг. -Зæгъын ,æз Бексолтаны хæдзармæ æнæ кувæггагæй куыд бацæуон?

2-аг сылг. - Уæдæ,уæдæ. Не стыр хæрæфырт у, нæ фидауы,нæ афтидæй.

( Устытæ фæцæуынц мидæмæ.Хистæртæн æвæрынц фынг:хæрд,нозт.

Рахæссынц авдæн дæр)

Беслæн:Кæм ис ,кæм нæ ноггуырд?

Агуыбе: Кæм ис мæ гыццыл æфсымæр.Нæртон гуырд у,нæртон.

Беслæн: Цы фæдæ,лæппу? Рæгъ рауадз.

(Хъазбег уадзы нуазæнты рагъХистæр сыстад,сытадысты иннæ хистæртæ дæр).

Беслæн: -Хуыцау,табу Дæхицæн!

Оммен ,Хуыцау!

- Хуыцау,хæрзтæгæнæг Дæ

Æмæ дзы хай бакæн!

Оммен ,Хуыцау!

- Ацы саби - йæ ном Мысост

Авды хистæр фæуæд!

Оммен ,Хуыцау!

- Бинонтæн - зæрдæлæууæн,

Хъæубæстæн амондхæссæг куыд уа.

Оммен ,Хуыцау!

- Мады Майрæмы хорзæх уæд ацы рæзинаг гуырды!

Оммен ,Хуыцау!

Чермен: - Хетæджы Уастырджи! Байрагæй -бæхгæнæг,

Лæппуйæ-лæггæнæг, нæ ног гуырд дæ фæдзæхст!

Оммен ,Хуыцау!

Агуыбе: - Бæсты фарны хорзæх уæд ацы рæзинаг гуырды.

Оммен,Хуыцау!

Беслæн: -Ноггуырд цæринаг уæд!

Оммен,Хуыцау!

Чи ацахода, йæ цæрæнбон бирæ

( Хистæртæ бануæзтой фæндыры цагъдмæ. Сбадтысты Сывæллон скуыдта)

Беслæн: -Ахæссут сывæллон, фæкуыдта саби. ( сывæллон ахæсынц)

Солæман : Фæсивæд, кафты бар сымахмæ.Кæм ис уæ фæндыр?

(Хъуысы фæндыры цагъд. 1-аг кафт-хонгæ 2-аг кафт - джигитовкæ.

Сценæйыл рæсугъд лæууынц архайджытæ иууылдæр.)

Амонæг: -Мах ноггуырдыл фæцин кодтам,раттам ын ном.Хуыцауыл æй бафæдзæхстам,

Хуыцауы фæдзæхст ут сымах дæр, нæ ноггуырдтæ

фылддæрæй-фылдæр кæнæнт,нæ Иры сомбон рæсугъдæй-

рæсугъддæр уæд!

( Зæлы фæндыры цагъд.Архайджытæ размæ рацæуынц,сæрæй акувынц)

Кæронбæттæн


© 2010-2022