Конспект урока на тему: Гигойы куадзан

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



КОЦОЙТЫ АРСЕН

«ГИГОЙЫ КУАДЗÆН».

5 КЪЛАС.



2015

26.11.15.

ТЕМÆ: Коцойты Арсен «Гигойы куадзæн»

НЫСАН: Скъоладзауты цыбыртай базонгæ кæнын Арсены цард

æмæ сфæлдыстадимæ. Бæлвырддæр æрлæууын йæ радзырд

«Гигойы куадзæн» - ыл. Радзурын, фæбæлвырддæр кæнын

куадзæны бæрæгбоны тыххæй зонинæгтæ.

Равзарын уацмысы мидис, æвзаг.

ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Цæстмæмиты фæстиуджытыл худын, хи сæ

хизыныл ахуыр кæнын.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: литературæйы чиныг, Коцойты Арсен

«Уацмыстæ», фотоальбом «Коцойты Арсен»,

«Ирон бæрæгбæттæ», презентаци, доклад «Куадзæн».

ДЗЫРДУАТОН - ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ: Сауджын, диакъон, аргъуыд, сгуы,

куадзæн.

ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЕОРИ: САТИРÆ, ЮМОР.

УРОЧЫ ЦЫД: «ДЗЫХ, ЧИ ДЫН УЫДИ?» - «МÆХИ МÆХÆДÆГ»

«МÆГУЫР - ФЫНТÆЙ ХЪАЛ»

  1. Орг. хай. /Æмбисæндтæ/

  2. Ног æрмæг.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАЗНЫХАС ПРЕЗЕНТАЦИИМÆ.

Коцойты Арсен райгуырд Джызæлы, 1872 азы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ гыццылæй рахаста рынчынтæгæнаг, уымæ гæсгæ скъоламæ дæр бацыд 9 - 10 аздзыдæй. Ахуыр кодта хорз. Джызæлы скъола фæуыны фæстæ бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Ам райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. Йе 'нæниздзинадмæ гæсгæ йæ каст нæ фæци, фæлæ экстернæй фæлварæнтæ радта æмæ сси ахуыргæнæг. Куыста скъолаты Цæгат æмæ Хуссар Иры.

Куыста журнал «Æфсир»-ы редакторæй, газет «Правда»-йы корректорæй, адæмон ахуырады къабæзты.

Йæ фыццаг радзырд «Фидис» мыхуыры рацыд газет «Кавказ»-ы 1901 азы. Йæ радзырдты æвдыста зианхæссæг æгъдæутты талынгдзинад, се

'гъатырдзинад; дæсныты мæнгард, сайæн митæ, тугисыны карз æгъдауы амæттæгты тыххæй. Дины кусджыты сайæн митæ бæлвырдæй равдыста «Гигойы куадзæн», «Декрет» æмæ æнд.

Абон бæлвырддæр æрлæудзыстæм йæ радзырд «Гигойы

куадзæн» -ыл, кæцы ныффыста 1910 азы.

Уацмысы фендзыстæм мæгуыр бинонты цард. Сæ уавæртæ сты къуындæг, хуымæтæг - сæ бæллицтæ.

3. Беседæ «Куадзæн».

Байхъусын скъоладзауы доклад «Куадзæн»-мæ, бакæсын скъоладзауы презентаци «Куадзæн»-мæ. Баххæст сæ кæнын байхъусыны, бакæсыны фæстæ.

ФАРСТ: Куыд фæбæрæг кæнут куадзæн?

Куадзæн - уырыссагау «Пасха».

Тетрæдты ныффыссын кæнын:

Пасха - 1. Куадзæнмæ конд къæдорцыхтæй конд адджын хæринаг;

2 Чырыстийы райгасы боны бæрæгбон;

3 Дзуттаг адæмы уалдзыгон бæрæгбон.

Зындгонд ахуыргонд Уарзиаты Вилен афтæ фыссы: «325 азæй фæстæмæ Куадзæны бон фæкæнынц, мæй йæ цалхыдзаг куы бавæййы, уый фæстæ хуыцаубоны, ома 21 мартъийы фæстæ. Дзырд «куадзæн» равзæрд «ком уадзын»- æй, ома адæм сæ ком суадзынц, æхсырæй конд хæринаг æмæ сойаг хæрын райдайынц.»

4. АУЛÆФТ «Уæйгуытæ æмæ дæлæмæдзыдтæ».

5. ДЗЫРДУАТОН - ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ.

Радзырды зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг æмбарын кæнын скъоладзаутæн.

Сауджын (священник, поп) - чырыстон аргъуаны кусæг, службæгæнæг.

Диакъон (дьякон) - аргъуаны сауджыны æххуысгæнæг.

Аргъуыд - 1. Крещение, венчание; 2. Крещёный - чырыстон дины аргъуыд райсæг;

Сгуы (бедро, ляжка) - ам: агъд, карчы сгуы.

6. Аргъауы аив каст. Мидисы æвзæрст.

Цыбыртæй радзурын сывæллæттæн радзырды архайджыты тыххæй, стæй радзырды иу хайы сюжет. Дарддæр кæсынц скъоладзаутæ.

Фæрстытæм гæсгæ равзарын радзырды мидис

  1. Куыд цардысты Гигойы бинонтæ?

  2. Цы сфæнд кодта Гиго æмæ цæмæн?

  3. Куыд зылдысты бинонтæ куадзæйнаг хъыбылмæ?

  4. Цæмæн æмæ кæмæн æппæлылысты бинонтæ сæ куадзæйнаг хъыбылæй?

  5. Цæмæ æрбацыдысты сауджын æмæ диакъон Гигомæ?

  6. Цæуыл куыдта Мела?

7 . Хатдзæгтæ радзырды мидисмæ гæсгæ.

ФÆРСТЫТÆ: Цавæр адæм сты Гиго æмæ Пело?

Цы базыдтам абоны урокæй?

Цы бадардзыстæм нæ зæрдыл?

Куыд уæм кæсы, эпигрæфæн цы æмбисæндтæ æрхастон нæ

абоны урокмæ, уыдон архайджытæй кæмæ хауынц?

Коцойты Арсен нын сатирæйы фæрцы равдыста сауджын Иосебы сурæт, йæ хъæндзинæдтæ. Тынг фыдуындæй нын æвдисы куыд йе 'ддаг бакаст, афтæ йæ митæ дæр.

Юморы фæрцы нын Арсен раргом кодта Гиго æмæ Пелойы миниуджытæ: уыдон сты хæрз хуымæтæг адæм. Фæлæ сæ , мæгуыр сæ бон, фæндыд сæ цардæй æппæлын. Æгæргæнæг æппын нæ кæны, зæгъгæ, сыл уыцы æмбисонд æрцыд. Сæ хъыбылæй æгæр æппæлыдысты æмæ дзы æнæхай фесты.

8 Хæдзармæ куыст. Радзырды мидис зонын, æмбисæндтæ бацæттæ кæнын радзырдмæ, ныв скæнын

9 Бæрæггæнæнтæ.



© 2010-2022