Поэтикон-изар фембалд Сыгъзарин чиныг сараздзынан аз

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сыгъзæрин чиныг сараздзынæн æз…

/поэтикон изæр - фембæлд поэтессæ Бызыккаты Земфирæимæ/

Хъуысы ирон мелоди .

«Дзурут иронау»--Галуанты Л.\инсценировкæгонд æмдзæвгæ/

Амонæг Куыдзойты Д: Уæ бон хорз,нæ зынаргъ уазджытæ,ахуыргæнджытæ,ахуыргæнинæгтæ,ирон дзырдæн аргъгæнджытæ!

Мах зæрдиагæй æрбамбырд стæм поэтикон изæр -фембæлдмæ ирон æвзаджы къуырийы кадæн.Вæййы поэтикон изæртæ,кæцыты фæдзырдуы æвзаг æмæ литературæйы зæрингуырдты сфæлдыстадылсæ царды фæстæ.Уыдон æмдзæвгæтæ вæййынц æнцондæр кæсæн,уымæн æмæ сæ фысджытæ сæхæдæг нæ фæхъусынц,фæлæ…Мах абон нæхимæ исæм бæрнон хæс:цардæгас поэт Бызыккаты Земфирæйы цард æмæ сфæлдыстадылæрдзурын.

Презентаци .

Амонæг:Цы зæгъынмæ хъавы поэт йæ уарзон ирон адæмæн?

«Фыдæлты зарæг»

Сыгъзæрин чиныг сараздзынæн æз

Уыдзæн йæ мидæг адæмон зарджытæ

Сыгъзæрин цъары батухдзынæн уым

Ирон зарæг кæркæ-мæркæ фыстытæй

Ирон зарæг-ирон адæмы цыт

Фыдæлты фарн,нæ тых æмæ нæ хъару!

Уадз ахæссæд тъымы-тъыматæм фыст

Зæрин хурæн йæ цыллæ тынтæй арæзт

Уадз скифты фæдон базона йæ ивгъуыд

Уадз кува фынгыл хорз ирон æвзагæй

Бæгæныхуыз,фæлмас тавицæй ,уадз

Сæ хъæбулты рæвдауæнт рухс цæстытæй

Сыгъзæрин чиныг сараздзынæн æз

Уыдзæн йæ мидæг диссаджы зарджытæ

Сыгъзæрин цъары батухдзынæн уым

Ирон зарæг сыгъзæринæй фыстытæй.

Абайты Эдуард фыссы:»Земфирæ у парахатзæрдæ сылгоймаг.Нарты Сатанайау æдзух йæ арм фынгæн дары,фæнды йæ къуырттон каркау,йæ зæрдæ алкæуыл дæр куы аххæссид,алкæмæндæр йæ зæрдæйы рæбын бынат куы ссарид,йæ фæндыры цагъдмæ искæмæн йæ зын куы фæрогдæр кæнид.фысгæ та кæны йæ уд цæуыл фæриссы,йæхдæг цы фены ,цы бавзары æмæ йæ уды рæбын бауромæн цæмæн нал вæййы,уыдæттыл»

Земфирæйы сфæлдыстад дих кæны ахæм тематикæйыл:

1.Граждайнаг лирикæ.Ацы циклы раргом вæййы йе стыр уарзондзинад Ирыстонмæ/æмдзæвгæтæ бакæсын-5/

2.Хæсты темæ.Ацы темæмæ ирон поэттæй чи нæ бавнæлдта,ахæм нæй.Знмфирæ дæр ыл фыссы.

Æмдзæвгæ «Керчы бæстæ»

Зарæг «Керчы бæстæ»,зары йæ къорд «Булæмæргъ»

3.Поэт æмæ поэзийы темæ.

Фыссæджы куыстæн царды стыр ахадындзинад ис .Адæмы раз йæ хæстæ стыр сты.Литераторы хæс у адæймагæн йæ нысан аразын.Уый тагъддæр фены цады ног фæзилæнтæ.

Æмдзæвгæтæ «Аивад»,»Мæн фæнды»

4.Поэт æмæ æрдз.

Ацы темæ поэзийы у æнусон.Æнæ æрдз кæйыфæнды фыссæгæн дæр нæй цæрæн.Æрдзы фæрæзтæй пайдагæнгæйæ,поэт ирддæрæй равдисыйæ темæ.Æрдзимæ æмдзугæнгæйæ,саразы стыр поэтикон галуан.

Æмдзæвгæтæ:»Сырддонцъиу»,»Мæнæ диссаг»,»Цъæх уалдзæг»,Уалдзыгон хур»,»Стыр доны къабаз»

5.Уарзондзинады темæ.

Поэт уарзгæ куы нæ кæнид,уæд,æвæццæгæн æмæ фысгæ дæр нæ кæнид.Ам сбæрæг вæййынц йе нкъарæнтæ æрдзмæ,Райгуырæн бæстæмæ ,æмбæстон адæммæ,ныййарджытæм,нæлгоймагмæ æмæ афтæ дарддæр.

Æмдзæвгæтæ»Аст чызджы»,»Ирон зарæг»

Зарæг «Сауæрфыг»--къорд»Булæмæргъ»

6.Земфирæйы сфæлдыстады зыгæ бынат ахсы публицистикæ.Уый ныффыста диссаджы уацтæ нæ Ирыстоны зарæггæнджытыл,не фсвмæрон бæстæты зындгонд адæмтыл æмæ афтæ дарддæр.

Ныр та сæрмагондæй ныхасы бар поэтессæ,журналист,публицист,зарæггæнæг,æрæджыйæ фæстæмæ та -Фысджыты Цæдисы уæнг-Бызыккаты Земфирæ!

Ацы ран нæ тынг фæнды æмæ,Земфирæ,дæхи конд зарджытæ куы азарис.Тынг дын æнхъæлмæ кæсæм дæ хъуытаз хъæлæсмæ.

Зарджытæ: «Сыгъзæрин фест ,бæркадджын фæззæг!»

«Сæнæфсиры талатæ»

«Сырддонцъиу»

«Æнæзогæйæн»

Фæрстытæ поэтессæмæ.

Кæронбæттæн.

Земфирæ ,ды уынд æмæ удыхъæдæй куыд рæсугъ дæ,дæ поэзи дæр афтæ рæсугъд у юМах зæрдæмæ тынг цæуы!

Дæ къухмæ фæндыр куы райсыс,уæд бынтондæр цæхæртæ скалыс,удрæбынæй ,зæрдæйы дадзинтæй сисыс аивадон уæлтæмæны арт ,уый йæ сырхпиллон æвзæгтыл-базыртыл сисы адæймаджы бæрзонд хæхты хъæбысмæ ,сæ урссæр цъуппытæм,уырдыгæй арвы сыгъдæг тыгъдадмæ,хурзæрины арвы арты риумæ.

Бирæ цæр Ирыстоны хæрзуд ,фæзминаг сылгоймаг,кадджын поэт.Дæ мад,дæ бирæ хоты фæндипг уæд дæ царды фæндаг.Сфæлдыстады дын бирæ бантысæд,аивадон æвæджиауы тыхæй дзаг уæнт дæ фидæны ног уацмыстæ дæр адæмы цард æмæ рухс фарнæн!

Поэтессæйæн ирон мелодийы зæлтимæ раттын уардиты баст æмæ арфæтæ ракæнын.

Сценари бацæттæ кодта Дзæуджыхъæуы 11-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнæг Куыдзойты Джульеттæ.













































Ирон нуазæн кадимæ хæсса

Цæрдзæни уæд ирон фарнимæ зарæг.

Нæ сылгоймæгты царды амонд уæд!

Æгъдаудзинад,фæлтæрддзинад рæсугъдæй



















































































































































































































































© 2010-2022