Технологическая карта урока Фыдыбаста

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:




Урочы пълан-конспект


Предмет: ирон литературæ 5-æм къласы


Урочы темæ: Кочысаты Мухарбег «Фыдыбæстæ».


Чиныг: Ирон литературæ: Хрестомати 5 къласæн / Сарæзтой йæ Гæздæрты Азæ æмæ


Хуыдзиаты Жетхан.- Дзæуджыхъæу: Ир, 2005- 375 ф.


Урочы нысантæ:1) Ахуырадон: базонгæ кæнын ахуырдзауты Кочысаты Мухарбеджы


цардимæ, бамбарын кæнын, раргом кæнын поэзи æмæ прозæйы фæрцы

цы у Фыдыбæстæ, цавæр ахадындзинад ын ис адæймаджы царды,


цæмæн æй уарзæм афтæ бирæ.


2) Райрæзтон: ахуыр кæнын сывæллæтты сæ хъуыдытæ


раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аив дзурын æмæ кæсын.



3)Хъомыладон: Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын,


ныфсхаст æмæ сæрæн уæвыныл ахуыр кæнын ахуырдзауты.





Æмхасæнтæ урокмæ: Презентаци Ирыстоны æрдзы нывтæ,æмбисæндтæ, мкзыкæ ,


чингуытæ ирон литературæйæ.



Дзырдтæ: ныфс, æдас, цардамонд, æвдадзы хос, сæрвæлтау.



УАА(универсалон ахуырадон архæйдтытæ) рæзынад:


Коммуникативные действия:(планирование учебного сотрудничества,постановка вопросов,умение с достаточной точностью выражать свои мысли в соответствиии с задачами и условиями коммуникации)


Познавательные действия:(общеучебные,логические,постановка и решение проблемы).


Регулятивные действия:(прогнозирование,оценка,планирование).


Ахуыргæнæг: Хуымарты С. М.

Урочы этаптæ

Ахуыргœнœджы архайд

Ахуырдзауты архайд

УАА

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Салам раттын.

Бæрæг кæнынц сæ цæттæдзинад урокмæ.

Коммуникативон УАА

1. Мотивация к учебной деятельности.

Хæслæвæрдтæ логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнынмæ.
































































































Эпигрæф

















































































































































































































Дзырдуатон куыст






























Текстимæ куыст чиныджы






























Урочы темæ раргом кæнын.





- Абон нæм ис литературæйы

урок, уæ хорзахай , уе ргом ма

фæйнæгмæ раздахут. Лæмбынæг

ма бакæсут фæйнæгыл цы

презентаци æвдыст цæуы,уымæ.

Уымæ гæсгæ хъуамæ сбæрæг

кæнат абон нæ урочы цæуыл

цæудзæн дзырд, уый.


Равдисын презентаци (Ирыстоны æрдзы нывтæ , зарæг «Фыдыбæстæ»-имæ слайдтæ.

- Зæгъут-ма, цавæр хъуыдытæ,

Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд ацы нывтæ уынгæйæ?


- Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæ цæуыл уыдзæн?


- Куыд æмбарут дзырд «Фыдыбæстæ» ?


- Зæгъут дзырд «Фыдыбæстæ»- йæн йæ синонимтæ.


Равдисын презентаци 4-æм слайд: Фыдыбæстæ

фыдалты зæхх

фыды уæзæг

райгуырæн къона

райгуырæн бæстæ

- Уырыссаг æвзагмæ ма йæ

ратæлмац кæнут дзырд

«Фыдыбæстæ»


- Уырыссагау та йын цавæр синонимтæ ис ?

5-æм слайд: Родина

Отчий дом

Отчизна

Отчий край


- Иу уысммæ ма уæ цæстытæ

æрцъынд кæнут, æмæ мын

зæгъут, уæ цæстыты раз цавæр

нывтæ æрлæууыд дзырд

«Фыдыбæстæ»-йыл хъуыды кæнгæйæ ?

6-æм слайд: Эпигрæф:

Зæххыл расугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,

Циу цард æнæ сымах?- Ингæн.

-Уæ зæрдыл бадарут ацы эпигрæф,

кæддæра сразы уыдзыстут йæ

хъуыдыимæ урочы кæрон.


- Разы стут ацы эпигрæфы хъуыдыимæ ?

- Чи зоны уæ исчи зоны

æмбисæндтæ кæнæ æмдзæвгæ

Фыдыбæстæйы тыххæй?


- Урочы райдианы цы æрдзы

рæсугъддзинæдтæ федтат, уыцы

æрдзы хъæбысы цавæр адæймаг

хъуамæ схъомыл уа, цавæр

миниуджытæй æххæст хъуамæ

уа, куыд уæм кæсы?


- Ацы рæсугъддзинадмæ

кæсгæйæ адæймаджы зæрдæйы

сæвзæры æхсызгон æнкъарæнтæ,

фæлæ знаджы бафæндыд нæ

зæрдæтæй уыцы æхсызгондзинад

скъахын æмæ ныл цагъайраджы

къæлæт бафтауын. 22 июны 1941

азы тугмондаг немыцаг

фашисттæ сæ сау фæндтимæ

æрбабырстой нæ Райгуырæн

бæстæмæ. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау,

залиагкалмы хъæлæсæй дзыллæйы

дзылллæйы сæрибар байсынмæ

Ирыстонæй ацыди 84 мин

адæймаджы. Уыдонæй 43 минæй

фылдæр нал раздæхтис хæсты

быдырæй. Бирæтæ дзы уыдысты хæрз

æрыгон. Царды циныл чи зарыди,

уыцы æрыгон курдиатджын поэттæ дæр

скодтой дарæс, райстой сæ къухтæм

хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц

æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх

фашистон лæгмартæ бахъахъхъæнынмæ.

7-æм слайд. Фæуагътон мæ

фæндыр рæстæгмæ

Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.

Мæ къухмæ æз райстон мæ

гæрзтæ,

Æз райстон мæ топп æмæ кард.

Гъеуый тыххæй абон, Ирыстон,

Дæ разы мæ цæсгом у рухс.

Гъеуымæн дæн афтæ хъал æз!

- Ацы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ

ныффыста уыцы зынгхуыст

лæппутйæй иу, Кочысаты

Георгийы фырт Мухарбег райгуырд 1920 азы Ольгинскæйы

Скъола каст куы фæци,уæд уый

фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд

Цæгат Ирыстоны паддзахадон

институтмæ,фастаг курсы куы

ахуыр кодта, уæд райдыдта хæст

æмæ йын институт фæуын нæ

бантыст. 1941 азы Мухарбег ацыд

Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау

тохы быдырмæ ,уыдис афицер.

Йæ хъæбатырдзинады тыххæй

йын саккаг кодтой сырх

стъалыйы орден(орден красной

звезды) æмæ майдан«Хъæбатырдзинады тыххæй» (за отвагу)

8-æм слайд Кочысаты Мухарбеджы къам.

- Абон нæ урочы базонгæ

уыдзыстæм Кочысаты

Мухарбеджы æмдзæвгæтæй

иуимæ.

- Цæмæй æмдзæвгæ хуыздар

бамбарæм,уый тыххæй ныртæккæ

æрдзурдзыстæм æмдзæвгæйы ныл

цы зынæмбарæн дзырдтæ

сæмбæлдзæн,уыдоныл:


9-æм слайд.

Ныфс-зæрдæ дарын,

æдас- æнæ тасæй,

цардамонд - амонд царды,

æвдадзы хос - диссаджы хос алы

низты ныхмæ,

сæрвæлтау - искæй тыххæй.


- Кæсын æмдзæвгæ, лæмбынæг ма

йæм байхъусут æмæ йын сæргонд

раттут йæ хъуыдымæ гæсгæ.


- Кочысаты Мухарбег та йын

цымæ цавæр сæргонд ратта йæ

æмдзæвгæйæн? Байгом ма кæнут уæ чингуытæ 210- æм фарсыл.

- Зæгъут-ма, уæдæ, абон нæ

урочы Мухарбеджы æмдзæвгæтæй

цавæримæ базонгæ уыдзыстæ?


10-æм слайд. Кочысаты Мухарбег

«Фыдыбæстæ».

- Мах æрдæбон гыццыл раздæр

æрхастам синонимтæ дзырд

«Фыдыбæстæ»-йæн, æркæсæм ма

текстма, Мухарбег та ма куыд

хоны фыдыбæстæ йе мдзæвгæйы?

11- æм слайд.

Ныййарæг зæхх,

мæ цин,

мæ цардамонд,

мæ зæхх.

-Ацы дзырдтæй поэт цыхуызы

спайда кодта, цавæр аивадон

мадзал сты ?

- Зæгъæн ис æмæ ацы æмдзæвгæ у

Фыдыбæстæимæ ныхас?

- Уæдæ кæимæ ныхас кæны

æмдзæвгæйы Мухарбег?

- Дзуапп ын исчи дæтты?


Дзуапп даттынц ахуыргæнæджы фæрстытæн.







Дзуапп: Райгуырæн бæстæимæ баст хъуыдытæ.


Дзуапп: Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.


Дзуапп:Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Дзуапп: Фыдыбæстæ,фыдæлты зæхх, фыды уæзæг, райгуырæн къона, Райгуырæн бæстæ.




Дзуапп: Родина


Дзуапп: Отчий дом

Отчизна

Отчий край



Дзуапп: сывæллæтты хъуыдытæ.








Дзуапп: сывæллæтты хъуыдытæ.

Дзуапп: сывæллæттæ

дзурынц чи сæ цы зоны Фыдыбæстæйы тыххæй, уый.


Дзуапп: сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ.




Скъоладзаутæ хъусынц ахуыргæнæгмæ.



































Сывæллæттæ хъусынц

æмæ дзурынц ,зонгæ

кæнынц ног

дзырдтимæ.





Дзуапп: сывæллæттæ

дзурынц æмдзæвгæмæ

байхъусыны фæстæ

сæргонд.


Сывæллæттæ байгом

кодтой сæ чингуытæ.


Дзуапп:дзурынц урочы

цы æмдзæвгæимæ

базонгæ уыдзысты,уый.


Ахуырдзаутай 2-3-йæ

кæсынц æмдзæвгæйы

текст.

Дзуапп: ныййарæг

зæхх, мæ цин, мæ зæхх,

мæ цардамонд,

Фыдыбæстæ.



Дзуапп: сидæн (обращение)


Дзуапп: О,уый афтæ у.


Дзуапп: Райгуырæн

бæстæимæ.

Дзуапп:


Зонынадон,регулятивон,Коммуникативон







Коммуникативон УАА
















Удгоймагон УАА













- Уæдæ цавæр формæйæ фыст у

æмдзæвгæ?


- Æмæ уæдæ дыууæ кæнæ

фылдæр адæймаджы ныхас куыд

хуыйны ?

-Йæ Райгуырæн бæстæйы æрдзы

рæсугъддзинад цавæр дзырдтæй

равдыста поэт ? Ссарут-ма уыцы

дзырдтæ æмдзæвгæйы.

-Цæстæй фенæн цы ис, уыцы æрдзы

нывтæ ссарут.

- Хъусæй фехъусæн та цавæр æрдзы

фæзындтæ ис ?

-Дæттæн цæгæйдæр ис сæ хъæлæс

фехъусæн ?

-Уæдæ уый та цавæр аивадон мадзал у?

-Цавæр дзырдтæн ис банкъарæн,

басмудæн сæ тæфмæ?

Дзуапп: монолог.


Дзуапп: диалог.


Сывæллæттæ кусынц æмдзæвгæйы текстимæ,агурынц дзырдтæ.


Дзуапп: урс хæхтæ,тар хъæдтæ....

Дзуапп: дæтты хъæлæс


Дзуапп:


Дзуапп: олиц.

Дзуапп:



Коммуникативон УАА











Слайдтæ 12- 17 онг,æрдзы нывтæ фыстытимæ:

Урс хæхтæ,

тар хъæдтæ,

хъал дæттæ,

зад хуымтæ,

цъæх быдыртæ,

дидинæгджын фæз.

-Равзарæм ма ацы дзырдтæ:

18- æм слайд:

Зæрдæ баст у,

хъарм туг,

рæзгæ бонтæ.

-Куыд æмбарут ацы

дзырдбæстытæ?

-Зæгъут-ма, зæрдæ истæмæ ис

бабæттæн?

-Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта

ацы æмдзæвгæйы Мухарбег?

- Ссарут-ма, уыцы рæнхъ

æмдзæвгæйы , куыд æй æмбарут?

-Цæмæ баст у йæ зæрдæ Мухарбегæн?

-Комкоммæ хъуыды йын ис æви ахæсгæ?

-Уæдæ уый та цавæр аивадон мадзал у?

- Йæ царды мидæг зынаргъ цы у

поэтæн?

-Æппæтæ зынаргъдæр та йын цы

у?

-Цавæр ныхæстæй бæрæг у?

Ссарут-ма сæ тексты.


-Цавæр зæрдæ бавæрдта

Мухарбег Фыдыбæстæйæн? Куыд

басомы кодта? Ссарут-ма тексты

уыцы ранхъытæ.

-Йæ ныхас баххæст кодта

Мухарбег?

- Цы нын зæгъынмæ хъавыд ацы

æмдзæвгæйы поэт? Йæ сæйраг

хъуыды цавæр у?


-Абон уын фембæлыны фадат куы

уаид Мухарбегимæ, уæд ын

цавæр ныхæстæ зæгъиккат?


Дзуапп: эпитеттæ






Дзуапп:


Дзуапп:


Дзуапп:


Сывæллæттæ кæсынц чиныджы зæрдæ баст у, хъарм туг.

Дзуапп:

Дзуапп:

Дзуапп: фразе-гизмта.

Дзуапп:бинонтæ, мад,

рæзгæ бонты цард.

Дзуапп: Фыдыбæстæ.

Скъоладзаутæ кусынц æмдзæвгæйы текстимæ,касынц текстæй рæнхъытæ.


Дзуапп: кæсынц

тексты уыцы

рæнхъытæ.


Дзуапп: сывæллæтты хъуыдытæ.


Дзуапп: скъоладзаутæ дзурынц сæ .хъуыдытæ.



Дзуапп: скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.


Удгоймагон УАА

















Рефлекси




Бæрæггæнæнтæ

сæвæрын


Хæдзармæ куыст


-Бузныг стæм Мухарбегæй? Цæй

тыххæ?

- Эпигрæфы хъуыды Мухарбеджы

æмдзæвгæйы хъуыдыимæ баст у ?


-Адæймаг йæ фæстæ рухс фæд куы

ныууадзы, уæд йæ ном у стыр кады аккаг,

йæ ном баззайы: цыртдзæвæны,

чиныджы, зарджыты,кадджыты.

Махæн- та абон нæ бон у Кочысаты

Мухарбеджы номыл саразын кады

венок. Уыцы венокмæ уæ йæ дидинæг

бафтауын у алкæй бон дæр,кæд зæгъа,

Мухарбегæн цæй тыххæй у

бузныг,цæуыл нæ сахуыр кодта ацы

урочы?


-Ныр та ассоциативон хъазт акæнæм.

Æххуысæн уын лæвæрд ис дзырдтæ æмæ

дзы спайда кæнут хæстæгдæр кæмæн цы

дзырд ис йæ зæрдæйæн,уымæй уыцы

дзырдтæ уын дзырд «Фыдыбæстæ»-имæ

кæцытæ ассоциаци кæнынц?


19 слайд.

- Æз базыдтон...

- Уыдис цымыдисаг...

- Мæ зæрдæмæ фæцыд...

- Мæ зæрдыл дардзынæн...


-Куыд уæм кæсы,абон уæ хуыздæр

дзуапп чи радта ?


20- æм слайд.

1. Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ

«Фыдыбæстæ» сахуыр кæнын

зæрдывæрæй ф.210-211.

2.Кæд сымахæн дæр уæ хæдзарвæндагæй

исчи уыд хæсты,уæд уын ахæм

хæслæвæрд: ссарын ын йæ къам æмæ

ныффыссын цыбыр хъусынгæнинаг йæ

хъæбатырдзинады тыххæй. Уыцы

æрмæгæн сараздзыстут чиныг (папка)

æмæ йын ратдзыстут сæргонд.

Дзуапп: скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Дзуапп: скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.


Скъоладзаутæ кусынц интерактивон фæйнæгыл,алы дзаппы фæстæ æвæрынц Мухарбеджы къамы бынмæ дидинæг.





Интерактивон фæйнæгыл куыст,рауайдзæн дзы хур.



Скъоладзаутæ кæронмæ

хъуамæ ахæццæ кæной

хъуыдытæ кæронмæ.



Дзуапп: скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.







Коммуникативон УАА,регулятивон УАА.











Коммуникативон УАА, удгоймагон УАА.






Зонындзинæдтæм тырныны УАА, удгоймагон УАА.










© 2010-2022