Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

СЦЕНАРИ

РЕСПУБЛИКОН ФЕСИВАЛЬ «ИРОН ФӔНДЫР» - МӔ.

Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 154 азы

Бацӕттӕ йӕ кодта: Габеты М.Д.

Уæ бонтæ хорз æмæ нæм алыбон æгас цæут зынаргъ ӕрбацӕугӕ адӕм!

Абон нæм ис æмдзæвгæтæ аив кæсыны республикон конкурс ахӕм сӕргондимӕ: «Ирон фæндыр».

15 октябры æххæст кæны 154 азы Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Конкурс «Ирон фæндыр» арæзт у Къостайы гуырæнбоны цытæн. Конкурсы архайынц нæ республикæйы профессионалон ахуырады æмæ районты скъолаты ахуырдзаутæ.

Конкурсы архайджытæн, сæ зонындзинæдтæн, сæ арæхсдзинæдтæн аргъ кæндзæн кадджын жюри

Жюрийы уæнгтæ сты:

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Жюрийы сæргълæууæг - Хуыгаты Сурен - Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист.

- Цæргæсты Дзамболат - Цæгат Ирыстоны адæмон артист.

- Дзыттиаты Лактемыр - Цæгат Ирыстоны адæмон артист.

- Бæцæзаты Индирæ - Цæцæны республикæйы сгуыхт артисткæ.

- Мамиаты Розӕ -Ӕрыдоны районы ахуырады управленийы сӕргълӕу- уӕджы хӕдивӕг.

Презентаци экраныл.

Ныхасы бар дæттæм Æрыдоны аграрон-технологон колледжы директор Моурауты Аланæн

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.


Райдайæм нæ республикон конкурс. Табуафси, уæ тыхтæ бавзарут.

1-кæсæг: - Уæ бонтæ хорз зынаргъ уазджытæ æмæ сценæмæкæсджытæ!

2 - кæсæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Абон мах æрбамбырд стæм цæмæй æрхъуыды кæнæм нæ фæтæг, нæ зынты заманы ныл афтæ тынг чи тыхст, йæхи нывондæн мах тыххæй чи æрхаст , ирон литературæйæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы курыхон адæймаджы ном ссарынмæ. Кæцыйы рахонæн ис, Кавказы хæхтæм стæхæг цæхæрцæст цæргæс.

1-кæсæг: Уый мах нæхи Къостайы кой кæнæм, Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы кой. Нæ абоны фембæлд мах рахуыдтам «Ирон фæндыр!»

2 - кæсæг: Табуæфси райсæм дзы хайад! Æрхъуыды кæнæм Къостайы стыр мæт, Къостайы стыр зындзинæдтæ, йæ мæгуыр цард! Ӕрцыдис нӕм 32 конкурсанты республикӕйы алы рӕттӕй.

Табуафси бавзарут уӕ тыхтӕ!

Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Хъæрæцаты Марат



Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1-кæсæг: 154 азы размæ райгуырд гыццыл æнæбон лæппу, нæ фидæны поэт, фыссæг, драматург, сатирик, лирик, ирон литературæйæн бындур чи сæвæрдта, уыцы Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Кæцы йæ мады хъарм хъæбыс æмæ æхсырæй дæр нæ бафсæст, сабийы цардӕй дæр ницы федта, фыды рӕвдыдӕй дӕр хайджын нгӕ фӕцис, схъомыл искӕй фӕсдуӕртты.

2 - кæсæг: Уый царды уæззау фæндæгтыл цæугæйæ бамбæрста: Цы у цард? Цы у мæгуырдзинад?. Уыцы уавæрæй схизынæн та хъуыд бирæ тох, цæмæй адæм бамбарой, се знæгты кæй хъæуы цæгъдын æмæ дæрæн кæнын. Æмæ сæм уæд сидт:

«Мæ зонд, мæ фæндыл

Нæ лæууы кæстæр,

Кæстæр мæ фæдыл

Нæ цæуы хæстмæ.»

Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Лалиты Арсен



Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1-кæсæг: Нæ Иры фæсивæд, Къостайыл ныззарæм.

Ирон лæг кæй уарзы фылдæр,

Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ рухс ном ыссарæм

Уый махæн æгас у ныр дæр!

2 - кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Дзестелаты Илонæ

1 - кæсæг: Мах ирæттæ, Къостайы хонæм хи æфсымæрау - нæхи Къоста. Уый у махæн нæ æнæбын уарзон адæймаг, нæ æнусон æвзонг æфсымæр æмæ æнæамæлгæ раздзог. Уый мах нымайæм æгасыл алы хатт дæр.

2 - кӕсӕг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Кучиты Татьянæ

1-кæсæг: Къоста нын йæ иу æмдзæвгæйы фæдзæхста:

«…Иу бон кæндзысты мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн,

Ничиуал зондзæн мæ цырт».

2 - кæсæг: Фæлæ, уый уыд Къостайы æрхуым хъуыды. Ныр æнус æмæ æрдæгæй фылдæр Къоста цæры ирон адæмы зæрдæты, рох кæнын æй нæ уадзæм нæ кæстæртæн.



Фæлтæрæй - фæлтæрмæ дæттæм нæ уарзондзинад, нæхи æнусон уарзон æфсымæр Къостамæ. Бирæ дæ уарзæм Къоста мах!

Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Музайты Жаннæ

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1 - кӕсӕг: Адæм æмæ Къоста иу артæй рацыдысты. Йæ чиныг «Ирон фæндыр»-ы алы дзырд дæр, алы зæл дæр , уыцы артæй стъæлфæн у. Абон æрбамбырд стæм нæ хæххон стъалыйы ном арынмæ, æмæ тынг-тынг батырнæм, йæ рухс ном срухс кæныныл. Расидæм ерыстæ кæрæдзиимæ Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ прозæйыл афæлгæстæй.

2 - кӕсӕг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Бадриты Герман

1 - кӕсӕг: « Дæ кад æнустæм у цæринаг,

Дæ цард гъе ныр дæр у сæдæ

Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,-

Дæ мæсыг амайын фæдæ!»

2 - кӕсӕг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Хуыгаты Арсен



Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1 - кæсæг: Къоста нын цас хорздзинæдтæ ныууагъта, уыдонæн кæрон нæй, фæлæ ма уæддæр уынæргъыдта:

« Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…»

2 - кӕсӕг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Бырнацты Дзерæссæ

1- кæсæг: Цымæ ма цы хæс дардта йæ адæмæй Къоста? Цы ма йæ фæндыд скæнын йæ адæмæн? Æвæццæгæн æй фæндыд, куы федтаид алы ирон хæдзар дæр амондджынæй цæргæйæ. Абоны бон Къоста, сыххæст сты дæ фæндтæ. Абоны бон зæгъис бафыстон мæ хæс мæ адæмы раз. Дæ адæм цæрынц сæрибар æмæ амондджынæй.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Саакян Мариям

1-кæсæг: Ирыстонæй фæхицæн Къостайæн уыд кæддæриддæр зындон, йæ зæрдæйы монцтæ йæ райгуырæн зæххыл цы адæм тухитæ кодта, уыдонмæ тырнгæйæ фыста:

« Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…

Мæ зæрдæ фыр цинæй рызти,

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм».

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Плиты Марианнæ

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1-кæсæг: Адæмы уарзон хъæбул - Къоста мæгуыр адæмы æнусон дзуринæгтæ ранывæзта хуымæтæг адæмон æвзагæй. Къоста йæ цæрæнбонты фæстаг æртахы онг йæ хъуыды уыд, йæ уарзон адæм. Къоста æнæкæрон уарзт кодта йæ адæмы.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Дзеранты Мария

1-кæсæг: Къоста кӕд ӕндӕр дуджы фыссӕг уыд, уӕддӕр тынг аивӕй ӕвдисы абоны цард дӕр.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Ядыкова Валентина

1-кæсæг: « Дæ мидбылты худт,

Дæргъæрфыг рæсугъд,

- Фæскъæвда хур бон у лæгæн.

Дæ рухс цæстæнгас,

Дæ рæвдыд ныхас

Мæгуырæн бирæ сты мæтæн…»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Хæбæлаты Оксанæ

1-кæсæг: Æнæкæрон уарзтæй уарзта сывæллæтты. Кæд йæхæдæг сывæллоны ад нæ базыдта, уæддæр, уыдонмæ уарзондзинад æргомæй æвдисы йе 'мдзæвгæты, басниты, зарджыты æмæ аргъæутты.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Хæмæтты Дзерæссæ

1-кæсæг: Кæцы ирон сылгоймаг нæ базары йæ хъæбулы авдæнмæ Къостайы «А-ЛОЛ-ЛАЙ». Кæм ма ссардзынæ уымæй рæсугъддæр æмæ адджындæр ныхæстæ:

«Къух дæ аузын фæразы,

Мæй дæ авдæнимæ хъазы

Стыр лæг мын æсуай А-ЛОЛ-ЛАЙ».

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Кучиты Тамарæ

1-кæсæг: Мах ирæттæ, Къостайы хонæм хи æфсымæрау - нæхи Къоста. Уый у махæн нæ æнæбын уарзон адæймаг, нæ æнусон æвзонг æфсымæр æмæ æнæамæлгæ раздзог. Уый мах нымайæм æгасыл алы хатт дæр.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Еналдыты Эльдæ

1-кæсæг: Нӕ изӕры астӕу контракт. Аулӕфӕм.

2-кæсæг: Музыкалон номыр - «Симд»; кафы Æрыдоны аграрон-технологон колледжы ансамбль «Хъазбег».

(Экраныл æвдыст цæуынц конкурсанты ном æмæ мыггаг, йæ иумыйаг балтæ æмæ кæцы бынат ахсы, уый)

1-кæсæг: Ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзта Къоста йӕ Ирыстон.

« Нӕ бӕрзонд къӕдзӕхтӕ

Нӕ царддӕттӕг зӕхх,

Ӕз уарзын мӕ бӕстӕ

Мӕ райгуырӕн зӕхх!»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Моурауты Хъазбег

1-кæсæг: «Хӕстон фӕндагыл алафон

«Ирон фӕндыр» - фӕцыд

Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау

Хӕстон лӕгау хӕцыд!»


2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Гуыбаты Дианæ

1-кæсæг: «Рагон нӕртон лӕгау зарын куы зонин,

Арвмӕ куы хъуысид мӕ фӕндыры хъазт, -

Дунӕты се ᾽ппӕт мӕхимӕ ӕрхонин,

Радзурин уыдонӕн зӕрдӕйы маст.»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Уырысты Хъазбег

1-кæсæг: «Хор бирӕ, фос бирӕ

Хуыцауы фӕрцы…

Нӕ хохбӕсты бӕркад,

Цы диссаг дӕ, цы!..

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Боциты Владислав

1-кæсæг: «Цӕвӕгӕй мӕхъитӕй,

Ӕхсырфӕй - цӕттӕ,

Хорз байрйай, мӕ бӕстон,

Кӕмдӕриддӕр дӕ!»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Бирæгъты Аринæ

1-кæсæг: Куыд хорз дзырдта нӕхи Къоста мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:

«Алы куыстӕн рад.

Дзидзидайӕн - мад.

Хорз фыййауӕн - фос;

Бирӕ фосӕн - хос.»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Жигунов Чермен

1-кæсæг: Къоста куыд дзырдта, афтӕ ӕцӕгӕйдӕр куы уайд:

«Магусайӕн - цӕф;

Цырд лӕппуйӕн - кӕф!»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Роганов Руслан

1-кæсæг: «Удӕнцой ма фена, махӕн нӕ цардывӕнд

Чи халы барывӕндӕй!..

О мӕ ныййарӕг, ӕвзаргӕ тын ма нывӕнд, -

Цухъхъатӕ дарӕн мын нӕй!..»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Хуырымты Зарæ



1-кæсæг: Къостайы зӕрдӕйы цы додой уыд, уый кӕмӕ нӕ бахъардта, ахӕм ирон лӕг стӕм уыдзӕн:

«Иугай ныйистӕм, ныууагътам нӕ бӕстӕ,_

Фос дӕр ма афтӕ ныппырх кӕны сырд, -

Рауай ма, рауай, нӕ фыййау, нӕ фӕстӕ,

Иумӕ нӕ рамбырд кӕн, арфӕйы дзырд!..»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Сиукъаты Иринæ

1-кæсæг: «Хорз фыййау пыхсы дӕр ары йӕ фосы фӕд,

Рындзыл нӕ кӕны фынӕй…

Фесӕфай, фесӕфай, уастӕн нӕ фӕсивӕд, -

Иу бахъахъхъӕнӕг дӕ нӕй!»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Гогиашвили Георгий

1-кæсæг: « Гъей- джиди! Искуы дӕ фыййау куы разарид

Иу сау къӕдзӕхы сӕрӕй!

Хорз фосы дзугау дӕ иумӕ куы равзарид

Исчи йӕ фарны хъӕрӕй!..»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Байбаков Владимир

1-кæсæг:

«Ӕхсӕвӕн нӕм кӕрон нӕ вӕййы…

Тӕхудиаг кӕм нӕ у сӕрд!

Сӕнар кӕмӕ нӕй, уый ныссӕйы, -

Цырагъ нӕм чи саудзы фӕсхӕрд?!»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Гæппуаты Дианæ

1- кæсæг: Къоста фыста дыууӕ ӕвзагыл: ирон ӕмӕ уырыссагау. Фӕлӕ дыууӕ ӕвзагыл дӕр йӕ сӕйрагдӕр мӕт уыд, ирон зӕхкусӕг мӕгуыр лӕг, йӕ мӕгуыр адӕм..

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Уырысты Аланæ


  1. кæсæг: Къоста йӕ фӕндыры зӕлтимӕ хъусын кодта мӕгуыр адӕмӕн, кӕй хъӕуы знӕгтимӕ тох, кӕй хъӕуы се ᾽ккой цы ӕфсондз ис, уый аппарын, ӕмӕ йӕ дзыхы дзаг хъӕр кодта йе ᾽мдзӕвгӕты.

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Уаниты Кристинæ


Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

1- кæсæг: «Нӕй кад мӕгуыр лӕгӕн йӕ куыстӕн,-

Йӕ сихор, йе ᾽хсӕвӕр - йӕ мӕт;

Йӕ уат- ыскъӕт, зыгуым - йӕ лыстӕн,

Хъӕбӕр - йӕ цъӕх хуыссӕн нымӕт…»

2 -кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Беккуызарты Гаянæ

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.


1- кæсæг: «Ӕрцыдтӕн… Мӕхицӕй фыддӕр

Мӕгуырӕй куы ссардтон дӕу дӕр,

Мӕ уарзон, мӕ иубӕстон адӕм!..

Нӕ хӕхтӕй, нӕ тыгъд быдыртӕй

Ӕмхуызон нӕ иуӕн дӕр нӕй,-

Кӕм кусӕм, кӕм цӕуӕм, кӕм бадӕм!..»

2-кæсæг: Ӕмдзӕвгӕ дзуры: Ардасенты Тиминæ

1- кæсæг: Нӕ конкурсы кӕрон цалынмӕ жюри сӕ бынӕттӕ ӕрфидар кӕной, уӕдмӕ бакӕсӕм нӕ колледжы ахуырдзаутӕ цы прозӕ бацӕттӕ кодтой, уымӕ.

2- кӕсӕг: Къоста йæ зæрдæйы монцтæ равдыста Цæллыккаты Аннæйы портрет нывгæнгæйæ, цыдæриддæр уарзондзинад æм уыд йæ зæрдæйы, уый нывмæ радæтта. Æргомæй фыста йæ фыстæджыты дæр йæ удæй фылдæр æй кæй уарзы.

Кæнæ Аннæ Поповæйы уарзондзинад? Куыд сыгъдæг уарзтæй уарзы чызджы.

Æрыдойнаг чызг Хуырымты Лейлайы та уæларвон хурау, рухс уарзтæй уарзы. Йæ фæстаг æмæ уæздæттæ Галинæ Смирновæйы та бары хæххон дидинæгимæ. Ахæм сыгъдæг уарзондзинад уыд Къостайы зæрдæйы.

Фæлæ хъыгагæн иунæгæй арвыста йæ бонтæ суанг йæ амæлæ бонмæ.

Дзахойты Таймураз ӕмӕ Музайты Жаннӕ бацӕттӕ кодтой прозӕ:

« Фыстӕг Аннӕмӕ»

(Бады Къоста æмæ фыссы. (Йæ къухы бамбулийæ конд ручкæ. Тыхсы, йæ фыссын фæуадзы æмæ та цыдæр ахъуыды кæны. Сыстад æмæ дзуры æнкъардæй.)

Къоста: Мæйы йеттæмæ нæма рацыд Аннæимæ кæрæдзи фæстаг хатт куы федтам уæдæй. Фæлæ иу мæй мæнæн у æгæр зын, æгæр бирæ. Мæ хуыссæг фæлыгъд, бынат нал арын мæхицæн. Уый та иннæ диссаг, дыууæ рæнхъы ныффыссын æмæ та ныллæууын. Æндæр искæмæ куы фæфыссын, уæд афтæ никуы ма рахатыдтæн. (Ацыд йæ фыстæг батыхта афтæмæй).

АННÆ: (Сабыргай тарстхуызæй рацыд, йæ къухы писмо. Йæ уæлæ костюмтæ, урс кофтæ æмæ йæ уæхсджытыл уæгъд æппæрст кæлмæрзæн. )

«Писмо! (йæ риумæ йæ алхъывта). Писмо та райстон Къостайæ. Ох! Куыд тынг æм æнхъæлмæ кастæн. Ныр æй иу мæйæ фылдæр нæ федтон мæхи Къостайы æмæ мæм æнæхъæн æнус фæкаст. Мæ цæстытæ ныуурс сты нæ почтальонмæ æнхъæлмæ кæсынæй. (æркаст писмомæ) Нæ йæ уæндын байгом кæнын. Цы та дзы фысдзæн? Йæ низы кой? Æви йæ адæмы кой? (алæууыд иу гыццыл, писмо мæ та æркаст) Æви сыгъдæг уарзондзинады кой?

Цæй бакæнон æй. Уæд та ма истæуыл тыхст у. Фæлæ мæ зæрдæ æттæмæ ратоны. Цы у ай? Кæд мыййаг уарзондзинады цæхæр æттæмæ тоны! ( айхæлдта писмо æмæ кæсы).( Уыцы уысм рацыд Къоста æмæ Аннæйы писмойы фыстытæ дзуры йæхæдæг)

Мæ зынаргъ Аннæ. Райстон дын дæ фыстæг. Дæс мæйы дæргъы мæ ихсыд буар карз тох фæкодта мæлæты ныхмæ. Сæрд мæ искуы баулæфын хъуыд, стæй мæ хъæдгоммæ дæр тынг биноныг зилын хъуыд. Амыдтой мын Хъырыммæ, Одессæмæ, кæнæ та Кисловодскмæ. Дæумæ хæстæг уæвыны тыххæй, мæхи аппæрстон Кисловодскмæ. Фæлæ мæ демæ сымбæлыны хъуыды тæрсын кодта, æмæ уæд сфæнд кодтон сæрды бонтæ Дзæуджыхъæуы арвитын, Шредерстæм. Æмæ къуырццæвæны бахаудтæн. Мæ сусæгдзинадæй ницы рауад. Хæрхæмбæлд фæдæн демæ. Æрмæстдæр мæ хуыцау æмæ мæ уд зонынц, æз куыд тыххæй урæдтон, мæ риуы цы уарзондзинады пилон фæйлауæнтæ кодта, уый. (писмо та йæ риумæ алхъывта, æмæ та кæсы). Уæдæй рацыд мæййæ фылдæр. Æз æхсæнады кусæг дæн, æмæ мæ хъысмæт демæ, уарзон адæймагимæ, сбæттын у «æрра ми». Мæнæн мæ царды домæнтæ сты æндæр. Мæхицæн æнцад цæуыннæ ныббадын, искæйты цы фæзмын æз. ( Фæлæу гыццыл) Омæ, æз уарзгæ куы кæнын, уарзгæ, дыууиссæдз мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр.

Мæ зæрдæ домы цæмæй ды, мæ уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уай, алы сахат, алы уысм дæ уындæй мæхи æфсадон æмæ рæвдауон. Фæлæ дын æз та цы раттдзынæн? Æвæццæгæн: æнæзæрдæхудт, адæмыл аудын, ноджыдæр ма ныв кæнын, музыкæ, поэзи… Æмæ уæд сывæллæттæ та? Æгуыстдзинад, низ, мæгуырдзинад та? Æмæ цы сты адон. Сæнттæ, æррадзинад. Баууæнд мыл Аннæ, ницы мын бахай кодта хъысмæт - нæдæр æрыгондзинад, нæдæр хъæздыгдзинад, нæдæр бæллиццаг карьерæ. Æрмæст уарзын мæхихуызæн фæллойгæнаг сылгоймаджы. Ахъуыды кæн. Мемæ йæ хъысмæт сбæттæн ис æрмæстдæр ахæм адæймагæн, мæ хъуыдытыл кæронмæ разы чи у. Æмæ мæнæ ацы хивæнд Къостайы риуы цы æнæкæрон бирæ уарзондзинад ис, уымæн йæ иу фондзыссæдзæймаг хай, уымæ уæддæр куыд уа.

Хæрзбон! Æнхъæлмæ кæсын дзуапмæ.

Дæхи Къоста.

Аннæ: Сагъæсы мæ баппæрстай, стыр сагъæсы. Фœлœ мœ нœ рох кœнынц поэмœ «Фатимœ»-йы ранхъытœ. Мœ номарœнеœй цœ куыд райдыдта:

Къоста:

Ах, хъазгœ 'мœ райгœ куы фахассин дау

Нœ ницœйаг дунейœ дардмœ.

Нœ зœгъин, фœллад дœн, мœ бон хœссын нœу,

Œрдз хъусид мœ уарзыны зардмœ…

Мœ фœндыры зардмœ дœ буц сœр фœлмœн







Œруадзис мœ риуыл œнцадœй,

Фœхуыссис ды бирœ мœ риуыл мœнœн

Œмœ дœ рœвдауин мœ зардœй….

Сабыргай дын бирœ фœзарин уœд œз

Тœмœнкалгœ œрдзы хъабысы.

Œз дын уœд фœдзурын куыд тыхсын:

Цœйбœрц хорз у уарзын, фœллойы фœрœз,

Уд царды сœрибар куыд мысы…

Кæрон.

Габеты М.Д. Зынаргъ ӕрбацӕугӕ адӕм, абон ауыл фӕуд кӕны нӕ конкурс. Алчидӕр уыны фӕйнӕгыл йӕ баалтӕ ӕвдыстӕй, ӕмӕ жюрийы уӕнгтӕ уыцы баалтӕм гӕсгӕ адих кодтой ахӕм бынӕттӕ:

Хорзæхджынкæнын (награждение) :

Конкурсы архайджытæ се 'ппæт дæри хорзæхджынгонд цæуынц æмдзæвгæтæ аив кæсыны республикон конкурсы дипломтæй.

3-аг къæпхæны дипломтæй æмæ æхцайы премийæ хорзæхджынгонд цæуынц -

Ядыкова Валентина ,_ Гæппуаты Дианæ _ӕмӕ_ Уаниты Кристинæ - 36 баалы

2 -аг къæпхæны дипломæй æмæ æхцайы премийæ хорзæхджынгонд цæуы-

____________ Уырысты Аланæ - 37 баалы ____-__________________________

1-аг къæпхæны дипломæй æмæ æхцайы премийæ хорзæхджынгонд цæуы-

____ Беккуызарты Гаянæ _ _ ӕмӕ__ Моурауты Хъазбег - 40 баалы



Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Беккуызарты Гаянæ ӕмӕ Моурауты Хъазбег

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Сценӕйы экраныл фысы ӕмӕ нымайы баалтӕ компьютер.

1.

Карацев Марат

Хъæрæцаты Марат

17 (б )

2.

Лалиев Арсен

Лалиты Арсен

18

3.

Дзестелова Илона

Дзестелаты Илонæ

27

4.

Кучиева Татьяна

Кучиты Татьянæ

31

5.

Музаева Жаннæ

Музайты Жаннæ

33

6.

Бадриев Герман

Бадриты Герман

30

7.

Хугаев Арсен

Хуыгаты Арсен

22

8.

Бурнацева Дзерасса

Бырнацты Дзерæссæ

33

9.

Саакян Мариям

Саакян Мариям

28

10.

Плиева Марианна

Плиты Марианнæ

21

11.

Дзеранова Мария

Дзеранты Мария

0

12.

Ядыкова Валентина

Ядыкова Валентина

36 III

13.

Хабалова Оксана

Хæбæлаты Оксанæ

24

14.

Хаматова Дзерасса

Хæмæтты Дзерæссæ

33

15.

Кучиева Тамара

Кучиты Тамарæ

22

16.

Еналдиева Эльда

Еналдыты Эльдæ

33

17.

Моуравов Казик

Моурауты Хъазбег

40 1

18.

Губаева Диана

Гуыбаты Дианæ

34

19.

Урусов Казбек

Уырысты Хъазбег

28

20.

Боциев Владислав

Боциты Владислав

22

21.

Бирагова Арина

Бирæгъты Аринæ

27

22.

Жигунов Чермен

Жигунов Чермен

29

23.

Роганов Руслан

Роганов Руслан

28

24.

Хурумова Зара

Хуырымты Зарæ

28

25.

Сиукаева Ирина

Сиукъаты Иринæ

30

26.

Гогиашвили Георгий

Гогиашвили Георгий

29

27.

Байбаков Владимир

Байбаков Владимир

26

28.

Гаппоева Диана

Гæппуаты Дианæ

37 III

29.

Урусова Алана

Уырысты Аланæ

38 II

30.

Ваниева Кристина

Уаниты Кристинæ

37 III

31.

Бекузарова Гаяна

Беккуызарты Гаянæ

40 1

32.

Ардасенова Тимина

Ардасенты Тиминæ

29





Дыккаг бынат: Уырысты Аланæ

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Ӕртыккаг бынат: Уаниты Кристинæ, Ядыкова Валентина ӕмӕ Уаниты Кристинæ

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.Сценарии Фестиваль Коста 145 лет Коста Хетагурову.

Уыйадыл нæ конкурс кæронмæ æрхæццæ.

Хæрзбон.











© 2010-2022