Урок осетинского языка на тему: Иртӕстгонгд фадатон дзырдтӕ

Раздел Другое
Класс 7 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ . Иртӕстгонгд фадатон дзырдтӕ.

Урочы нысан. Бацмонын иртасын фадатон дзырдтӕ.

Фӕлтӕрты фӕзминаг хистӕрты фарн, удварнимӕ

зонгӕ кӕнын,цӕмӕй рӕза сӕхи удварн.

Урочы цыд.

I . Организацион хай.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

  1. Ныффыссын хъусгӕ куыст.

Зали, Тедойы ус, тынг хъыг кодта алыхатт, йӕ мой -иу цуаны куы раст кодта , уӕд. ( Къоста).

Иудзырдӕй, Маскъа сси хицауы рахиз цонг.

Диамбег- ӕнӕус лӕппулӕг- уыджы бадт скодта ӕмӕ боннымайӕн фӕрдгуытӕ рауил-бауил кодта. Секъа. «Дыса».

Фарст. Цӕмӕн хъӕуынц ӕвзаджы мидӕг иртӕстгонд дзырдтӕ? Цавӕр фадатон дзырдтӕ? Дӕнцӕгтӕ.

2. Бакӕсын ӕмӕ равзарын раиртӕст.

3. Чиныджы фӕлтӕрӕнтыл куыст.

1) 219- ӕм фӕлтӕрӕн ( дзургӕйӕ);

2) 220-ӕм фӕлтӕрӕн (фысгӕйӕ).

4. Сфӕлдыстадон куыст.

Грамматикон хӕс. Лӕвӕрд хъуыдыйӕдты стъӕлфыты бӕсты бафыссут бӕлвырдгӕнӕн дзырдтӕ.

Хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕнын:

Фарон, …, ӕз уыдтӕн цирчы. 1961 аз, …, Гагарин Юрий атахт тыгъдадмӕ. Хӕдзары хицау , …, ӕгӕрон уарзтӕй уарзы йӕ куыдзы. Ног ахуыры азы райдиан , … , мах ацыдыстӕм экскурсийы …

Фарст. Хъуыдыйады кӕцы ран ис йӕ бынат бӕлвырдгӕнӕг иртӕстгонд уӕнгӕн?

5. Аулӕфт. Фарст. Цы рогдӕр у :ӕфсӕйнаджы килӕ ,ӕви гӕххӕтты иу килӕ?

6. Бафидар кӕнын зонындзинӕдтӕ.

1). Бакӕсын текст « Зураб Магкаты».

Фарст. Кӕд ӕмӕ кӕй зонджын уыныффӕйы руаджы баиу Ирыстон Уӕрӕсейымӕ? Йӕ цавӕр миниуӕг у сымахӕн бафӕзминаг Зурабӕн?

2). Баххӕст кӕнын грамматикон хӕс.

А. Разарут хъуыдыйӕдтӕ , бӕлвырдгӕнӕг иртӕстгонд уӕнгтимӕ.

Æ. Дзырд -фӕдисонау- равзарут фонетикон ӕвзӕрсты фӕткмӕ гӕсгӕ.

7. Практикон куыст.

Хӕс. Хъуыдыйӕдты хъӕугӕ ран ӕрхӕцӕн нысантӕ раст сӕвӕрын.

« Чындз хӕрз нӕуӕг чындз арт ӕрныуӕрста». Нигер.

« Зали Тедойы ус кӕддӕриддӕр куыд кодта ныр дӕр афтӕ лӕууыдис сывӕллоныл хӕцгӕйӕ ». Къоста.

8. Бакусын литературон текстимӕ. Бакӕсын текст « Фӕзминаг хистр».

« Ӕгъдау бынаты дӕр, фӕндагыл дӕр, мӕлгӕйӕ дӕр. Уыцы ӕгъдау Хъазыбег мад, фыдӕй куыннӕ рахаста, фӕлӕ ма сӕ йӕхи сыгъдӕг удыфарнӕй дӕр, ӕнӕмӕнг, фӕхъӕздыгдӕр кодта. Ӕмӕ дзы, бӕгуы,ӕз дӕр хайджын фӕдӕн. Фӕдӕн дзы хайджын, куыд хӕххон-хӕххоны, куыд ирон - ироны фарнӕй, афтӕ. Амӕлӕты бонмӕ йын нӕ ферох кӕндзынӕн йӕ рӕстаг хъӕлӕс. Фиййауы уадындзау йӕ цӕстуарзон ныхӕстӕ мемӕ ӕмдзу кӕнынц хӕххон сӕрвӕтты, хъӕдты, уыгӕрдӕнты. Искуы иу хатт фынгыл ӕмбӕлтты фарсмӕ куы ӕрбадын, ӕмӕ кӕйдӕрты аххосӕй ирон сидтытӕ куы ныссуйтӕ вӕйынц, фынджы бӕркадӕн аккаг аргъ куынӕуал вӕййы, уӕд мӕ цӕстыты раз сысты Хъазыбегты Хъазыбег- Иры кад -ӕмӕ ӕгъдауы лӕг». Хъазыбег уыд хӕстон, ахуыргӕнӕг, фыссӕг).

Фарст. Цӕмӕй бузныг у Измаил йӕ ахуыргӕнӕг Хъазыбегты Хъазыбегӕй ? Дӕуӕн та чи у дӕ фӕзминаг хистӕр? Кӕнӕ ахуыргӕнӕг?

  1. Грамматикон хӕстӕ:

А. Дзырд- ӕгъдау- имӕ саразут иукъорд дзырдбасты, фӕбӕрӕг кӕнут сӕ сӕйраг дзырд.

Ӕ. Фыццаг хъуыдыцӕйад ратӕлмац кӕнут уырыссаг ӕвзагмӕ. Абарут ӕрхӕцӕн нысанты ӕвӕрд.

Фарст. Кӕд февӕрӕм хуымӕтӕг хъуыдыйады хъӕдзыгтӕ? Дӕнцӕгтӕ.

9. Разарут ирон ӕмбисӕндты мидис:

- Йӕ цӕст дӕр нӕ фӕныкъуылдта.

- Дӕ цӕсгом дыл ӕрлӕбырд?

- Кад чи нӕ кӕны, уый йӕхи ӕгад кӕны.

IV. Кӕронбӕттӕн.

V. Хӕдзармӕ куыст .



© 2010-2022