Урочы темæ Тугъанты Батырбег Бæхдавæг

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы тем æ: Тугъанты Батырбег «Б æхдав æг».

Урочы нысан.

Базонгӕ кӕнын скъоладзауты Тугъанты Батырбеджы царды хабарттимӕ, йе сфалдыстадӕй иуай-иу зонынагтимӕ. Ӕрдзурын адӕймаджы хӕрзудон миниуджытыл, на фыдӕлты царды ӕнӕуагӕй цы уыди,уыдоныл. Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын уарзондзинад ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ. Амидин сӕ кӕнын царды раст фнӕдӕгтӕ ӕвзарынмӕ, хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынмӕ.

Цæстуынгӕ ӕрмӕг. Тугъанты Батырбеджы хуызист. Ирон адӕмон сфалдыстадӕй «Цалгосты Гуйманы зарӕг».

Урочы мидис.

1.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Дуапп раттын фарстытӕн иумӕйагӕй.

-Ирон литературӕйы Гӕдиаты Секъайы сфӕлдыстад цавӕр бынат ахсы?

-Йӕ царды хабӕрттӕй дӕм диссагдӕр цы фӕкаст?

-Цыбырӕй радзурын радзырд «Залда»-йы мидис.Цы ис иумӕйагӕй Тургеневы радзырд «Бурмистр» ӕмӕ Секъайы «Залда»-мӕ.

-Уӕ зӕрдӕмӕ дзы цавӕр фӕлгонцтӕ фӕцыдысты тынгдӕр ӕмӕ цӕмӕн?

2.Иу-дыууӕ скъоладзауы хи ныхӕстӕй радзурынц «Арагуйы ерыстау ӕлдар» -ӕй хицӕн сюжеттӕ кӕнӕ цаутӕ (ахуыргӕнӕгӕн йахи фӕндонмӕ гӕсгӕ).

3.Беседӕйы хуызы ӕрдзурын радзырды фӕлгонцтыл - Хуца, Нугзар ӕмӕ Дзимсеры сурӕтыл.

4. Литературӕйы тетрадтӕй бакӕсын, таурӕгъон ныхас ӕмӕ ӕрфыстмӕ гӕсгӕ цы дӕнцӕгтӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдон.

2.Ног армӕг. Тугъанты Батырбег. «Бӕхдавӕг».

1.Ахуыргӕнӕджы раныхас. Фарст. Сывӕллӕттӕ, зӕгъут-ма, цы зонут ирон уаздӕттӕ бадилаты тыххӕй?

Чи уыдысты, кӕм цардысты?

Уӕздӕттыл нымад уыдысты, бонджын чи уыд, йа хъӕздыгдзинады фӕрцы ахуырдзинад дӕр кӕмӕ уыд ӕмӕ уыдӕтты руаджы паддзахы рдыгӕй нымад ӕмӕ хорзӕхджын чи уыд, уыдон.

Гъе уыцы уӕздӕттӕй уыдысты дыгуры бадилаты цалдӕр мыггаджы дӕр, уыдонимӕ Дур-Дуры хъӕуты цӕрӕг Тугъантӕ дӕр.Стыр ӕмӕ хъаруджын мыггаг уыдысты Тугъантӕ. Уыди сӕм бирӕ номдзыд лӕгтӕ, сӕ зӕххытыл та кӕрон дӕр нӕ уыд.

Фарст. Зӕгъут ма, нӕ раззаг урокты Тугъанты мыггагӕй цӕвӕр ахуыргонд лӕгимӕ базонгӕ стут? Цӕмӕй хъуыстгонд у ӕппӕт Ирыстоны дӕр?

Скъоладзаутӕ, абон та уӕ базонгӕ кӕндзынӕн Тугъанты Аслӕмбеджы фырт Батырбегимӕ. Аслӕнбег канд хъӕздыг лӕг нӕ уыд, фӕлӕ уыди стыр ахуыргонд адӕймаг-Уырысы ӕфсады инӕлар-майор.Уыдис йын бира цот, се 'ппӕтмӕ дӕр хӕццӕ кодта ахуырдзинад.Уыдонӕй сӕ иу уыди Батырбег. Райгуырдис 1866-ӕм азы. 14-аздзыдӕй йӕ радтой ахуырмӕ Дзауджыхъӕуы прогимназмӕ. Уый фӕстӕ ахуыр кодта Стъараполы гимназы, фӕлӕ йӕ каст нӕ фӕци, афтӕмӕй арбаздӕхт сӕхи Дур-Дурмӕ. Хъӕуы цӕргӕйӕ дӕр,йӕ ахуырыл йӕ зӕрдӕ не сивта,тынг бирӕ каст алыхуызон чингуытӕ ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кодта. Ам фыццаг хатт федтӕ ӕмӕ зӕрдӕйӕ банкъардта, мӕгуыр зӕхкусӕг адӕм бонджынты ӕфсондзы бын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрстой, уыдӕттӕ ӕмӕ сын тынг тӕригъӕд кодта. Йа фыды ӕвастӕй сын бар радта сӕ хъӕды суг кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ мӕгуыр къаста хъарм дарой зымӕгон,стӕй сӕ заххыл кусыны фадат.Уый уӕламхасӕн сӕ хъӕуы байгом кодта скъола ӕмӕ дзы ахуыр кодта йæхи хардзæй, хъæуккæгтæй кæсын æмæ фыссын чи нæ зыдта, уыдоны. Ахуырдзауты, Батырбеджы куыд фæндыд,афтæ зæрдиагæй нæ ахуыр кодтой,суанг ма хъæдæй сæхицæн суг ласынмæ дæр зивæг кодтой æмæ уазал агъуысты бадтысты æмæ уæд Батырбег ныууагъта йæ бинонты дæр,уымæн æмæ сæм мæсты кодта сæ æгъатырдзинады,сæ фыдмиты тыххæй, стæй йе скъоладзауты дæр æмæ ацыди цæрынмæ Дзæуджыхъæумæ.

Ам базонгæ Хетæгкаты Къостаимæ, йæ

адæмы сæрвæлтау йæ цард раттынмæ цæттæ чи уыди, уыцы зынгзæрдæ фыссæгимæ. Сæ халардзинад, сæ фембæлдтытæн уыди стыр ахадындзинад Батырбеджы дарддæры царды куыд демократ, куыд æхсæнадон кусæгæн,афтæ.

Дзауджыхъæуы Тугъаны - фырт бындуронæй сахуыр кодта юриспруденци æмæ райдыдта кусын юристæй.

19 æнусы кæрон Тугъанты Батырбег райдыдта йæ литературон куыст. Йæ фыццаг радзырдтæ «Ханниффæ», «Бæхдавæг», «Фыййау Баде» æмæ иннæтæ ныммыхуыр кодта газзетты. Æвдыст дзы цæуы мæгуыр, æфхæрд адæмы царды хабæрттæ. Уый фæстæ рауагъта цалдæр чиныджы. Архайдта революцион змæлды, хæлар ахастдзинæдтæ йын уыд зындгонд революционертæ Байаты Чермен æмæ фыссæг Брытъиаты Елбыздыхъоимæ. Уымæ гæсгæ йæ 1907 азы æрцахстой, цалдæр къуырийы фабадт ахæстоны, стæй йæ уæд рауагътой, фæлæ йын Терчы зылды цæрыны бар нал уыд æмæ йæ бинонтимæ алыгъд Мæскуымæ. Уым куыста æхсæнадон бынæтты. 1921 азы йæ арвыстой Дагъистанмæ æмæ уым амард халерæй. Ныгæд дæр ис Махачкалайы.

Абоны урочы темæ куыд амоны, афтæмæй мах ахуыр кæндзыстæм Батырбеджы радзырд «Бæхдавæг». Скъолайы программæтæм æрæджы хаст æрцыд æмæ йæ уымæ гæсгæ бирæтæ нæ зонынц. Мидисæй та у хæрзцымыдис. Ныхас дзы цæуы хуымæтæг зæхкусджыты цардыл, цæгъайрады æфсондзы бын хъизамайраг цард чи кодта,ахæм адаймæгты тыххæй. Сыгъдæгзæрдæ, æууæнкджын адæймаг Гуйманы тыххæй.

2. Бакæсын радзырд æмæ йыл æрдзурын.

3. Байхъусын ирон адæмон сфæлдыстадæй Цалхъосты Гуйманы зарагмæ,кæнæ та бакæсын зарæджы ныхæстæ. Абарын дыууæ фæлгонцы сурæттæ.

Фарст. Цы ис дыууæ Гуйманмæ иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц.

4.Литературæйы теори. Цы хонæм радзырд. Цæмæй хицæн кæны иннæ прозайкон уацмыстæй.

Радзырд у къаннæг уацмыс, фыст вæййы таурæгъон хуызы.Уацауæй кæнæ романæй хицæн кæны уымæй, æмæ йæ сюжет вæййы арæзт иу цауы фæдыл.

5. Æрхæссын дæнцæгтæ.

3.Хæдзармæ куыст. Бакæсын радзырд. Хи ныхæстæй дзурынмæ йæ бацæттæ кæнын.



© 2010-2022