Урок осетинского языка на тему: Иртæстгонд уæнгтæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ . Иртæстгонд уæнгтæ.

Урочы нысан. Бацамонын иумӕйаг æмбарынад иртæстгон д

фæрссаг уæнгтæ.

Рæзгæ фæлтæры хистæрты фарн æмæ кадимæ

зонгæ кæнын, цæмæй рæза сæ удварн.

Урочы цыд.

I . Организацион хай.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

III. Ног ӕрмӕг .

  1. Фæрсаг уæнгтæ фæлхат кæнын. Ныффыссын хъусгæ куыст.

Фатимæ, мæ хо, ахуыргæнæгæй кусы. Дардæй, быдырæй хъуысы ирон зарæг. Бæласыл, раст йæ тæккæ цъуппыл, абадт булæмаргъ.

Хæс. Равзарут хъуыдыйæдты фæрссаг уæнгтæ.

  1. Разныхас. Мадæлон æвзаджы хъысмæт арæзт цæуы дзурæгæй, дзурæджы арф зонындзинæдтæй, йæ цæстæнгасæй, йæ мадæлон æвзаг æмæ литературæимæ. Кæцы фæнды адæмæн дæр сæ мадæлон æвзаг аив уыдзæни, дзурæджы , адæмы руаджы, уымæ гæсгæ мадæлон æвзаг зонын хъæуы тынг арф, иртасын ын хъæуы йæ синтаксисон фæзилæнтæ, кæм паузæ-фæлæуды руаджы, кæм та хъæлæсы уаг, интонацийæ, фысгæйæ та сæ хицæн кæнæм къæдзыгæй.

Аппарут-ма хъусгæ куысты фыццаг хъуыдыйадæй дзырдбаст- мæ хо- æмæ зæгъут, кæцы хъуыдыйад дзы у аивдæр,зæрдæмæдзæугæ æмæ аифдæр æмбæрстгонд. Афæлварут равзарын иннæ хъуыдыйæдтæ дæр. Фысгæйæ ахæм фæрссаг уæнгæ цæуынц иртæстгонд къæдзйгтæй, дзургæйæ паудзæйæ. Абон нæ урочы ӕвзардзыстӕм, ома иртасдзыстæм къæдзыгтæй, тиретæй хъуыдыйады фæрссаг уæнтӕ.

  1. Бакӕсын ӕмӕ равзарын раиртӕст.

  2. Чиныджы фӕлтæрӕнтыл куыст.

1) 217- æм фӕлтӕрӕн (дзургӕйӕ);

2) 218- æм фӕлтӕрӕн(фӕйнӕгыл).



  1. Хибарӕй куыст.

Хӕс. Лӕвӕрд фӕрссаг уӕнгтимӕ ӕрхъуыды кæнут фæйнӕ хъуыдыйады ӕмӕ сӕ равзарут.

Дзырдтæ: рӕстӕгæй, сымах, цӕхæрадоны.

  1. Практикон куыст.

Хӕс. Бакæсут хъуыдыйӕдтӕ, ссарут дзы иртӕстгонд дзырдтӕ, сӕвӕрут иртасӕн нысантӕ.

1) « Кӕмдӕр та халон цыма дзы хъалон нӕ фыййау дардта цыхты къӕртт ссардта». Къоста.

2) « Бӕрз бӕлас бӕлӕсты фидауц уӕд йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдта». Гулуты Андрей.

Фарст . Цӕй руаджы бахахх кодта поэт бӕрзы хӕрзхъӕддзинад?

3) Хъӕуыхыцау ома Æхсарбег йӕ раныхасы дзырдта ӕгъдӕутты фӕдыл.

Фарст. Цы хорзӕхӕн иртӕстгонд цӕуынц хъуыдыйады фӕрссаг уӕнгӕ, ӕви цӕ нӕ хъӕуы иртасын? Дӕнцӕгтӕ .

IV. Кӕронбӕттӕн.

V. Хӕдзармӕ куыст .





© 2010-2022