Доклад по осетинскому языку на тему

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Доклад

«Ирон сывæллæтты литературæ»

Гуытьиаты Индирæ

Сывæллæттимæ баст ирон æгъдæуттæ

Ирон хæдзары сывæллоны райгуырд (уæлдайдæр та лæппуйы райгуырд), нымад цыд стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл, Хуыцауы егъаудæр лæварыл. Сывæллон схъомыл кæнын дунейыл нымад у æппæты вазыгджындæр куыстыл. Ног чындз йæ ног бинонтæм куы ' рбакъахдзæф кæны, æмæ йæ хызисынмæ хистæр сылгоймæгтæм куы бакæнынц, уæд ын йæ хъæбысы авæрынц лæппу, омо чындз авды (лæппуты) хистары мад фæуа, зæгъгæ.

Рагæй-æрæгмæ дæр ирон адæммæ æгъдау ахсы ахсджиаг бынат. Алы æгъдау дæр æвдисы хъуыддаджы мидис, хуыздæр куыд уа, ахæм ритуалтимæ. Уымæй уæлдай мА нæм нæ фыдæлтæй æрхæццæ сывæллæттимæ бастр æсугъд æгъдæуттæ. Уыдон сты:

КÆХЦГÆНÆН

Уый у ноггуырд лæппуйы Хуыцау æмæ Уастырджийыл (Лæгты дзуарыл) фæдзæхсæн бон, нымад у æппæт ирон адæмæн егъау бæрæгбоныл. Мадырвадæлты лæвар - æнæмæнг - бæх, хæцæнгарз.

НОМÆВÆРД

Дыууæ -æртæ къуырийы куы рацæуы сывæллоны райгуырдыл, уæд ын скæнынц æртæ чъирийы æмæ сæвæрынц ном, лæппуйы номæвæрды архайынц æрмæстдæр нæлгоймæгтæ, чызджы номæвæрды - сылгоймæгтæ.

ЦÆУÆГГАДЖЫ НОМ

Ацы бæрæгбон кæнынц Куадзæны фæстæ фыццаг цыппæрæмы. Уыцы бон æртæ азы цы лæппуйыл сæххæст вæййы, уымæн йæ сæры хил адасынц, скæнынц ыл цухъхъатæ, бинонтæ скæнынц æртæ чъирийы, кусарт.

АВДÆНБÆТТÆН

Сывæллоныл 1-2 къуырийы куы рацæуы, уæд ын скæнынц уыцы бæрæгбон. Ныры рæстæг авдæнбæттæн æмæ номæвæрды бæрæгбон фылдæр адæм скæнынц иу бон.

Мады 'рвадæлтæ сывæллонæн æрбахæссынц авдæн æд дзаумæттæ æмæ йæ уыцы бон бабæттынц авдæны. Уыцы æгъдау дæр нæм æрхæццæ нæ рагфыдæлтæй, фæлæ хъыгыгæн, ныртæккæ авдæны сæр бирæ æрыгæтты нал хъæуы.

ХОСДЗАУЫ БÆРÆГБОН

Лæппуйыл-иу 15 азы куы рацыд, йе ' уæнгтæ-иу куы сфидар сты хосы уæззау куыст кæнынмæ, уæд-иу æй нымайын райдыдтой æцæг хосдзауыл æмæ хæдзардарæгыл. Хосгæрдæнты йын-иу скодтой бæрæгбоны фынг, балæвар ын-иу кодтой цæвæг æмæ цыргъгæнæн дур.

Сывæллæтты литературæйы равзæрд.

Адæмон сфæлдыстады ахадындзинад.

Сывæллæтты литературæйæн æнæ адæмон сфæлдыстадæй равзæрæн никуыд уыд. Адæмон сфæлдыстадæн ис стыр идейон-хъомыладон ахадындзинад рæзгæ фæлтæры хъомыладон фарстайы.

Æппæт дунейыл хъуыстгонд Нарты эпос у нæ адæмон сфæлдыстады бындур. Нарты кадджытæ сты нæ ирон адæмы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ. Уыдон æвдыстой нæ ирон дзыллæйы бæллицтæ æмæ ног фæлтæрты ахуыр кодтой сæ райгуырæн бæстæ уарзын æмæ йæ сæрвæлтау тох кæныныл. Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз -фæлтæрæй-фæлтæрмæ цыдысты цæвиттонæн хæссинаг сæ зондæй, хъаруйæ æмæ дзырдарæхстæй.

Сывæллæтты темæ тынг стыр бынат ахсы Хеттæгкаты Къостайы сфæлдыстады. Йæ чиныг «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæллæттæн» бындур æрæвæрдта сывæллæтты литературæйæн. Ацы чиныг мыхуыры рацыд 1939 азы Къостайы райгуырды 80 азы бонмæ. Чиныгмæ хаст æрцыдысты поэты æмдзæвгæтæ кæстæр кары сабитæн: «Гино», «Зæрватыкк», «Дзывылдар», «Уасæг», «Фыдуаг», «Скъолайы лæппу», «Кæмæн цы», «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Æмдзæвгæтæ фыст сты хуымæтæг, æнцонæмбарæн æвзагыл. Поэт æргом у сывæллæттимæ. Йе ' мдзæвгæ «Скъолайы лæппу» -йы поэт ахуыр кæны сывæллæтты раджы стыныл, химæ зилыныл, æнæзивæг уæвыныл.

«Уасæг» -ы ахуыр кæны афоныл стыныл сывæллоны.

Къостайы радзырд «Дзæбидырдзуан», бирæ æмдзæвгæтæ æмæ баснятæ 19 æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдайæны сывæллæтты литературæйæн йæ райрæзтæн стыр ахъаз фесты. Стыр æвæрæн литературæйы рæзтмæ бахастой Гæдиаты Секъа æмæ Цомахъ, Гуырдзыбеты Бласка.

Секъа сывæллæттæн ныффыста цалдæр уацмысы. Уацмыстæ «Бурдым æмæ булæмæргъ», «Рувас - хадзы», «Лæг æмæ сырд», «Зæрватыкк», «Куырттатаг гæды лæг». Ацы уацмыстæн егъау у сæ хъомыладон тых. Секъа хорз æмбары, сывæллон йæ гыццылæй цы фена, цæуыл сахуыр уа, уый цæрæнбонтæм кæй нал ферох кæндзæн. Æмбарын ын кæны хъæуы уарзондзинад канд адæймагмæ нæ, фæлæ Фыдыбæстæмæ, цæрæгойтæм, мæргътæм. Секъайы фыст уацмыстæ рагæй бацыдысты ахуыргæнæн чингуытæм.

Гуырдзыбеты Бласка дæр Секъайау уыд Къостайы æмдугон. Бласкæйы сфæлдыстад хæстæг у адæмон сфæлдыстадмæ куыд мидисæй, афтæ формæйæ дæр. («Мади зар авдæни сæргъи») Бласкæ арæхстджынæй пайда кæны фольклорон хъæздыгдзинæдтæй.











© 2010-2022