Урочы темæ: «Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг» Грамматикон темæ: Мивдисæг - 2 урок

Раздел Другое
Класс 4 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темæ: «Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг»

Грамматикон темæ: Мивдисæг - 2 урок

Урочы нысан: 1. Арфдæр æрдзурын мивдисæджы нысаниуæг.

2. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.

3. Хъомыладон куыст бакæнын. Аив дзырды руаджы ахуыр

кæнын æрдзы рæсугъддæр æнкъарæнтыл.

Урочы цыд:

  1. 1. - Бацæттæгæнæн рæстæг. - Уæ бон хорз, сывӕллӕттӕ! Уалдзӕг ралӕууыд ӕмӕ дуне йӕ мидбылты бахудти. Уалдзӕг нын йемӕ ӕрхаста ног тыхтӕ, цин ӕмӕ фарн. Цард дӕр йӕ мидбылты бахудти ӕмӕ махӕн дӕр цинӕй нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг сты.

Ӕмӕ уӕдӕ ацы уалдзыгон бон, цӕмӕй ноджы рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр ӕнкъарӕнтӕй байдзаг уой нӕ зӕрдӕтӕ, ууыл бацархайдзыстӕм нӕ урочы.

2. - Сывӕллӕттӕ х/к уын уыди,ӕппӕты рӕсугъддӕр афӕдзы афон - уалдзӕджы тыххӕй цалдӕр хъуыдыйады ныффыссын.

- Чи бакӕсдзӕн йӕ хъуыдыйӕдтӕ?

- Ссар ма дӕ хъуыдыйӕдты дзырдтӕ, кӕцытӕ дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн - цы ми кӕны? цы кӕны? (Х/к. кæсынц 2-3 скъоладзауӕй.)



  1. 1. - Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Уырымты Петяйы æмдзæвгæ «Уалдзæг».

Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты,

Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх.

Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты,

Ногӕй та сулӕфыд зӕхх.

Бӕлас фӕхъал и йӕ къуыбӕрттӕй.

Хъуысы нӕ дӕтты сӕр-сӕр.

Дымгӕ ыскъӕфы нӕ быдыртӕй

Тракторы араугӕ хъӕр

2. - Цавæр афæдзы афоны кой дзы цæуы?

- Æмдзæвгæйы ис ахӕм рӕнхъ: «Хъарм бæстæй мæргътæ æртахтысты».

- Чи мын зæгъдзæн Ирыстонмæ уалдзæджы хъарм бæстæй цавæр мæргътæ æрбатахынц?

- Сывæллæттæ, сымах та мæргъты æрбатæхынмæ та уæхи куыд цæттæ кæнут?

- Цæмæй цæуы уæ зæрдæмæ уалдзæг?

3. - Сывæллæттæ, уæ нанаты уарзут? Цæй тыххæй сæ уарзут?

- Искæй нана уæ хъæуы цæры?

- Æмæ хъæуы та цавæр уалдзыгон куыстытæ фæкæнынц?

4. - Фæйнæгмæ ма ракæсут æмæ ахъуыды кæнут. Алы маргъæн дæр ма йæ архайд æвдисæг дзырд ссарæм.

- Дзывылдæр цы ми кæны?

- Сауцъиу …..?-

- Зæрватыкк….?

5. - Цавæр ныхасы хай домы фæрстытæ цы ми кæны? цы кæны?

- Куыд æй бӕрӕг кæнæм хъуыдыйады мидæг?

6. - Сывæллæттæ уæ разы ис æмдзæвгæйы текст. Уæхинымæр ма йæ иу хатт бакæсут æмæ дзы ссарут мивдисджытæ - сбӕрӕг сæ кæнут.

- Ныр та ма фæйнæгмæ ракасут æмæ сæ бакæсæм.

- Уæдæ ма иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм цы хонæм мивдисæг?



  1. - Сывæллæттæ, рудзынг гомӕй баззад æмæ нæ урокмæ æрбатахт уалдзæджы минæвар «Зæрватыкк». Æмæ нæм хуымæтæджы не рбатахт. Зыдта йæ абон нæм нæ урочы уазджытæ кæй уыдзæн уый. Йемæ уын æрбахаста лæвæрттæ «5». Æрмæст лæвæрттæ ратдзæн йæ фарстытæн ын дзуапп раст чи ратта уыдонæн.

1. - Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы мивдисæг?

- Цы хонæм номдар?

- Цавæр ныхасы хай ма зонут?

- Цы хонæм миногон?

2. - Зæрватыччы фæнды сбæрæг кæнын нæ зонындзинæдтæ мивдисæгæй. Фæнды йæ цæмæй мах ахъазæм хъазт - «Чи тагъддæр» - ныффысса мивдисджытæ уый рамбулдзæн(хъазт цæуы æртæ къордæй, алы къорд дæр хъуамæ ныффысса 6 мивдисæджы).

  1. Тетрæдты куыст.

Фыссынц нымæц: Тæргæйтты мæйы 10 бон.

Къласы куыст.

Дзырдуат:

Фæйнæгыл æвдыст цæуы нывтæ. Скъоладзаутæ та сæ дзурынц æмæ фыссынц тетрады.(æрдз, уалдзӕг, дзывылдар, сауцъиу, зæрватыкк, джыджыны, малусæг).

2. - Цавæр мивдисджытимæ сæ ис бабæттын (райхъал, ралæууыд, æрбатахт, бады зары, ракалдта, фæзынд).

  1. 1. Хъазт. Фæйнæгыл нæ æрæмбырд кæнын хъæуы дыууæ дидинæджы.

Фыццаг къорд æмбырд кæны дидинæджы сыфтæ - номдартимæ. (хур, бон, бæстæ, мæргътæ, кæрдæг)

Дыккаг къорд та - мивдисджытимæ. (тавы, фæдаргъ, фæцъæх, æртахтысты,фæзынд, зары).

Скъоладздаутæ иугай цæуынц æмæ æмбырд кæнынц дидинæг.

Фыццаг кæцы къорд æрæмбырд кæнæ йæ дидинæг уыцы къорд рамбулдзæн.

2. - Ныр та ма зæгъæм нæ мивдисджытæ цавæр номдартимæ баст сты уый.

Тавы цы? хур

Фæдаргъ цы? бон

Райхъал цы? бæстæ

Æртæхынц цы? мæргътæ

Фæцъæх цы? кæрдæг

Фæзынд цы? малусæг

Зары цы? цъиу

  1. Чиныгимæ куыст (68 фарс, 233 фæлтæрæн)

  2. Физминуткæ.

Номдартæ- сæ галиу къухтæ хæрдмæ систой.

Мивдисæг - дидинæг равдыстой.

  1. Уæлдай дзырд.

  2. 1. - Сывæллæттæ абон мах дзурæм уæлдзæгыл. Уалдзæджы цавæр бæрæгбон фæбæрæг кæнæм?

- Мадимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæйы æхсызгондæр мысинæгтæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй.

- Абон ацы рæсугъд уалдзыгон бон Фыдыбæстæйы 70 азы Уæлахизы боны къæсæрыл нæ гыццыл Ирыстонæй хæстмæ цы мадæлтæ арвыстой сæ хъæбулты æмæ кæмæн нал æрыздæхтысты фæстæмæ, уыдоны рæсугъд ном куы нæ ссарæм, уæд раст нæ уыдзæн.

2. -1941 азы Ирыстонæй бирæ фæсивæд ацыд хæстмæ. Хъыгагæн, бирæ мадæлтæн сæ хъæбултæ нал æрбаздæхтысты….

Нал æрбаздæхтысты хæсты быдырæй Гæздæнты авд æфсымæры. Цас хъару уыд уыцы цæхæрцæст лæппуты ныййарджытæм сау гæххæттытæ куы истой, уæд.

7 лæппутæ - дыууæ хæдзарæй

6 лæппутæ - æхсæрдæс хæдзарæй

5 лæппутæ - фæндзай дыууæ хæдзарæй

Адон 7,6,5 хъæбултæм æнхъæлмæ гæсгæйæ чи баззади уыдон сты, фæлæ 4, 3, 2 хъæбултæм æнхъæлмæ гæсгæйæ чи баззад уыдонæн та нымæц дæр нæ уыд. Цы фидар фæрстæ уыд Гæздæнты 7 æфсымæры мадæн. Йæ авд хъæбулæй йæ къæсæрыл иунæгдæр куы нал æрлæууыд. Тынг бирæ сты цæрæнбонты йæ цæстысыгæй йæхи æхсгæйæ мады ном кадджынæй чи фæхаста уыцы ныййарджытæ.

- Ацы æрмæгыл сæрмагондæй бакусдзыстæм уалдзæджы фæстаг мæйы.

- Мæн фæнды, цæмæй хæст макуы уал уа æмæ нæ мадæлты зæрдæтæ макуы уал фæриссой.

XI. - Абон нæ урочы арфдæр æрдзырдтам мивдисæгыл.

- Уæдæ ма зæгъæм цы хонæм мивдисæг?

2. - Абон урочы хорз куыстой (лæв.кæнын 5)

3. Х/к фæнысан кæнын боныгты - æмбисонд.

4.- Нæ урок баст уыдис уалдзæгимæ, мадимæ. Æмæ мæ фæнды сымахæн раарфæ кæнын. Уалдзæджы рæсугъддзинæдтæй хайджын ут, уæ мадæлты фæндиаг байрæзут. Ирыстонæн фæзминаг хъæбултæ куыд уат.

- Нæ уазджытæн та бузныг зæгъæм нæ урокмæ нын кæй саккаг кодтой.



© 2010-2022