Внеклассное мероприятие Праздник, посвящённый Дню осетинского языка

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ:

«Йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы,уый у хъӕддаг.»



«Бӕлас акӕлы ,йӕ уидӕгтӕ йын зӕххӕй куы стонай,уӕд.Ӕвзаг амӕлы ,йӕ уидӕгтӕ йын бинонты ӕхсӕнӕй куы сыскъуынай,уӕд.Уымӕ гӕсгӕ,ирон лӕг, де´взаг хъахъхъӕн дӕ бинонты ӕхсӕн»

Абайты В.

Кабинеты фӕлгонц:къулы газеттӕ,сывӕллӕтты конд нывтӕ,альбомтӕ,чингуыты равдыст,къултыл зындгонд адӕмты ныхӕстӕ ӕвзаджы тыххӕй,Къостайы портрет.



Фӕндыры цагъд. Ӕмдзӕвгӕ»Ирон фӕндыр» кӕсы скъоладзау:

Ирон фӕндыр,цы ´взагӕй дын

Цы дзырдтӕй дын ысныв кӕнон

Дӕ зараг ном,мӕ хуры тын?

Дӕуӕй мӕ цин ӕнӕкӕрон!

Фӕкафынц дӕм нӕ хъӕубӕстӕ,

Дӕ цагъд нӕм уад куы ´рбаскъӕфы.

Мӕстджын лӕгӕн дӕ хъӕлӕстӕм

Йӕ судзгӕ маст ӕрбайсӕфы.

Лӕппулӕгӕн йӕ къабӕзты

Домбайы тых ды бауадзыс

Фӕтӕхынӕн ын базыртӕ

Йӕ зӕрдӕйыл ды басадзыс.

Ирон фӕндыр,-нӕ хуры тын

Нӕ базырджын,нӕ царды цин,

Зӕлланггӕнгӕ ныхӕстӕй дын

Дӕ кадджын ном куы равдисин.

(Дарддӕр хъуысы фӕндыры цагъд.)

Мадӕлон ӕвзаг-дзыллӕйы ахсджиагдӕр тугдадзин. Мадӕлон ӕвзаг-уӕле исгӕ-бынӕй ахадгӕ къӕбиц.Ӕвӕрд дзы ис нӕ дзыллӕйы историон ӕмӕ культурон бынтӕ.Арвы айдӕнау дзы зынынц нӕ фыдӕлты цин ӕмӕ маст,нӕ адӕмы национ удыхъӕд.

Сты зонды уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы´взӕгтӕ,

Нӕ дзы ´взарыс хӕстӕг ӕмӕ дӕрддаг,

Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ

Ӕрмӕстдӕр ды ,мӕ мадӕлон ӕвзаг!

(Астемыраты И.)

Фыдӕлты буц ӕвзаг,нӕ зӕрдӕ,

Нӕ зонд,нӕ цыт ӕмӕ нӕ намыс

Дӕу радта хуры цот,цӕхӕртӕ

Зынг хурау уый тыххӕй ныр калыс.

Фӕлмӕн дӕ булӕмӕргъы зардау

Хъӕздыг ныййарӕг мады уарзтау

Ӕнӕсайд сахъ аланты ардау

Цӕрӕд нӕ зӕрдӕты дӕ уарзтау…

(Уалыты Л.)

О, мӕ ахсджиаг,о ме´взаг,о ,мӕ фыдӕлты хъӕлӕс!

Дӕу лӕджы ном ӕмӕ фарнау хизын сӕфты къахӕй ӕз!

Уызта цадӕггай мӕ авдӕн,зарыд «а-ло-лай»мӕ мад.

Хъуыстон й´аргъӕуттӕм ӕнайӕн-ӕз уӕд бамбӕрстон дӕ ад.

О мӕ ахсджиаг,мӕ уидаг!Удӕн диссагдӕр цы ис!

Зонын,сонтӕй нырмӕ зонын ӕз дӕ цин ӕмӕ дӕ рис.

Мысын ,зонгуытыл фыццаг хатт ӕз зӕрдӕбынӕй куывтон;

Де´вджид ,о Хуыцау ,нӕ сӕртӕ ,знагӕн мацы уӕд йӕ бон!

(Тукай)

Байхъусӕм ма ахӕм таурӕгъмӕ:Хуыцау куы федта,адӕм зӕххыл сбирӕ сты,уӕд сӕ сфӕнд кодта къордтыл ныддихтӕ кӕнын,цӕмӕй хӕларӕй цӕрой,кӕрӕдзийы хуыздӕр ӕмбарой.Сарӕзта номхыгъдмӕ гӕсгӕ ,адӕмӕн лӕвӕрдта- нӕмттӕ:уырыссӕгтӕ,немыцӕгтӕ,французӕгтӕ,грекъӕгтӕ.Адӕмы цинӕн кӕрон нал уыд.Абонӕй фӕстӕмӕ сӕм нӕмттӕй дзурдзысты!

Фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ йӕ размӕ фӕци иу гыццыл адӕмы къорд:

-Хуыцау,ном нын ратт,мах дӕумӕ куы ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм.

-Сымах цыдӕр талынг адӕм стут,кӕм уыдыстут нырмӕ?Мӕ номхыгъды ном нал баззад,ацӕут ӕмӕ уӕ ,чи зоны ,исчи йӕхимӕ бауадза,-уыди Хуыцауы дзуапп.

Ӕмӕ ӕнӕном адӕм ӕнкъард ӕмӕ сӕргуыбырӕй ацыдысты.Бирӕ фӕзылдысты бӕстӕтыл,бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой,фӕлӕ сӕ йӕхимӕ ничи бауагъта.Афӕдзы фӕстӕ ӕнӕном адӕм тынг ныллӕгъстӕ кодтой:

-Хуыцау,ном нын ратт,ӕнӕ номӕй цӕрын тынг зын у зӕххыл.

Ӕмӕ сын Хуыцау дӕр цавӕрдӕр ном ратта.Афтӕ алы адӕмӕн дӕр ис ном,алчи дӕр уарзы ӕмӕ аргъ кӕны уыцы номӕн.Алы адӕм дӕр дзурынц сӕ мадӕлон ӕвзагыл,ӕмӕ дӕ мадӕлон ӕвзаг куы нӕ зонай,уӕд дӕм цы номӕй дзурдзысты?

Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау,

Ис хъӕбулӕй не´взаг у ӕвӕд-

Стыр уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй,

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд!

Уарзынӕй та чи´мбулы ироны-

Знагӕн дӕр ма бакӕны лӕггад!

Базары кӕйдӕриддӕр уӕрдоны,

Хи уӕрдонӕн хъинц-йӕ хуыздӕр зард.

Бахизӕм нӕ кӕстӕрты фыднизӕй,

Ныгуылӕнӕй сау хурау бырсы,

Тоны мах нӕ уидӕгтӕй,нӕхицӕй,

Хӕйрӕджы сыкъайы нӕ тъыссы.

Ахӕм дзы нӕма уыди культурӕ-

Адджын марг дзы зӕрдӕтӕм тӕдзы,

Махӕн ӕй ӕвдисынц фарны хурӕй,

Афтӕмӕй та сафӕг у ,пъӕззы.

Стӕм ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдауӕй,

Чердӕм хъӕуы мах кӕйдӕр бырон?!

Удӕй мах куы нӕ цӕрӕм ӕфстауӕй,

Уӕд уыдзӕни райсом дӕр ирон!..

(Къадзаты С.)

О,стыр хӕзна кӕддӕриддӕр хъахъхъӕнинаг вӕййы цӕсты гагуыйау.куыд нӕ хъуамӕ хъахъхъӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг,кӕд ӕмӕ Нарты фӕткъуыйау йӕ дыргътӕ ӕлутон сты!Кӕд ӕмӕ ӕвзаг у адӕмӕн сӕ кувӕндон,сӕ уд,сӕ ивгъуыд,сӕ царды уаг ӕвдисӕг,сӕ развӕдамонӕг.

О мадӕлон ӕвзаг,дӕуӕн та цы зӕгъон!

Дӕу аккаг хӕзна дзырд зӕххы цъарыл нӕй,

Мӕ уды быцъынӕг куы хауид мӕ хъуырӕй,

Уӕддӕр дӕ ӕвдадзыл нӕ акӕнин уӕй.

Куыннӕ ис дунейы ӕвзӕгтӕ та бирӕ,

Къуымыхдӕр дзы се´хсӕн иу иннӕмӕй нӕу.

Мӕ мадӕлон ӕвзаг,хӕрын дын стыр ард,

Ӕз се´ппӕтыл иумӕ нӕ баивин дӕу.

Ӕнӕ дӕу ӕз уаин куысыфтӕгау афтид,

Цӕрдудӕй дын мардау ӕз уаин фынӕй.

Мӕн сусӕны хур дӕр ӕнӕ дӕу нӕ тавид,

О мадӕлон ӕвзаг,цӕй диссаг дӕ ,цӕй!

Мадӕлон ӕвзаг мады ад кӕны,мады ӕхсыримӕ адӕймаджы уӕнгты ахъары,зӕрдӕйы ӕрфытӕм ныттӕдзы ӕмӕ сӕ ныррухс кӕны.Мадӕлон ӕвзаджы дзырдтӕ хъуытаз дзӕнгӕрӕджы зӕллангау адӕймаджы удыл аудынц,налхъуыт фӕрдгуыты халау алыхуызон рӕвдауӕг ӕрттывд кӕнынц,адӕмон сфӕлдыстады йын цыкурайы фӕрдыгау ӕхцондзинад ӕмӕ амонды хос сты,уалдзыгон фӕлмӕн уарынау зӕрдӕйы хъарынц.

Нӕй фесӕфӕн ирон ӕвзагӕн,нӕй,

Ирон адӕм уӕд фесӕфдзысты демӕ.

Ирон ӕвзаг мӕ зӕрдӕ у мӕнӕн,

Куы мӕла уый,уӕд амӕлдзынӕн йемӕ.

Ды дӕ поэтикон,адӕмон,

Уадз ӕхцон мырты таг,

О мӕ зынаргъ,мӕ мадӕлон ,

Стыр Къостайы ӕвзаг.

Ды мӕ къухы цыргъ хъама дӕ

Ме´мцӕдисон бӕстыл.

Дӕ ӕхсыр суадон,хъуамӕ дӕ

Нуазон доны бӕсты.

Ды фыды фарнау ме уӕнгты

Раджы ахъардтай арф

Аргъ куы нӕ кӕнон де´ууӕнкӕн

Уӕд ныццӕвӕд мӕн арв.

Нӕй ӕндӕр ӕвзаг аивдӕр,

Ард дын ууыл хӕрын,

Ницӕуыл дын ис баивӕн

Де сулӕфтӕй цӕрын.

(Пухаты А.)

Ӕвӕдза,ирон адӕм тынг амондджын сты,уымӕн ӕмӕ нын ис ӕмбисонды тырыса-Къоста.Къоста скадджын кодта ирон адӕмы ном,сызгъӕрин дамгъӕтӕй йӕ ныффыста Кады тырысайыл.Махӕй ӕнамонддӕр уӕд нӕ уыдзӕн,ӕмӕ искуы уыцы тырыса дӕлӕмӕ куы ´руадзӕм.

Кӕм дӕ, Къоста,ды не стыр ныфс,нӕ уарзт дӕ.

Ӕнӕ дӕу сидзӕр Иры зӕхх,ӕдзыт.

О,Хетӕджы- фырт,чи загъта,ды мард дӕ?

Фӕзын,ӕрвнӕрдау ,азӕла дӕ дзырд.

(Хъайтыхъты А.)

Къоста йӕ цард нӕ сӕрвӕлтау ӕрхаста

Нӕ буц сабиты авдӕнмӕ уызта,

Нӕ адӕмӕн рӕсугъд ӕвзаг ныууагъта

Йӕ тугӕй нын «Ирон фӕндыр» фыста.

Гӕджиты Геор.

Нӕ абоны ӕзаг у аланты ӕвзаджы фӕдон.Уыдон цардысты астӕуккаг ӕнусты уӕрӕх быдырты-Хъаспы денджызӕй Дунайы онг.Ныр дӕр ма сӕ фӕдтӕ бӕрӕг сты географион картӕйыл.Зӕгъӕм,ахӕм цӕугӕдӕтты нӕмттӕ,куыд Дон,Днепр,(Дон арф),Днестр(Дон стыр)баззадысты уыцы замантӕй.

Алантӕй раздӕр та не´взагыл дзырдтой скифтӕ ӕмӕ сӕрмӕттӕ.Уыдон дӕр уыцы рӕтты цардысты,фӕлӕ иу мин азы раздӕр.

Не´взаг арӕзт у дыууӕ бындурон диалектӕй-ирон ӕмӕ дыгурон.Фӕлӕ нӕ наци у иу-ирон наци.Гъе уымӕн хонӕм,не´взаг дӕр иу- ирон ӕвзаг.

Мӕ авдӕны зарӕг нӕ ирон фӕндырӕй,

Мӕ цардбалцы зарӕг нӕ ирон фӕндырӕй,

Мӕ хорз хӕлар!Курын ӕмгары хатырӕй

Мӕ фӕстаг сахат-иу ды ма ку ӕмырӕй.

Ныззар мын-иу зарӕг мӕ ирон фӕндырӕй.

(Астемыраты И.)

Бузныг зӕгъын ӕмбӕлы,Ирыстонӕн ахӕм хъӕбул чи балӕвар кодта,уыцы ныййарӕгӕн.

Нӕ ахызт дӕ иувӕрсты амӕндтӕ уарӕг-

Дӕуау фӕрнджын Иры нӕма уыди мад,

Ирыстоны намыс-Къостайы ныййарӕг,

Сыгъдӕг удты фарсмӕ дзӕнӕты фӕбад.

Ирыстонӕн нӕма ныййардта мад

Дӕу хуызӕн фырт йӕ равзӕрынӕй ардӕм.

Цӕрӕнбонты нӕ байсысдзӕн дӕ кад,

Цӕрӕнбонты дӕ мысдзысты нӕ адӕм.

Хъысмӕты цалх дыл разылди кӕд хинӕй,

Уӕддӕр дӕ амонд разынди къӕдзӕх.

Нӕ бафсӕстӕ хъӕбулы амонд,цинӕй-

Дӕ фырты цинӕй бафсӕст Иры зӕхх.

Нӕй ахуыссӕн дӕ намысы зынг артӕн,

Уымӕн дзурӕм:»Рухс дзӕнӕты бад!»

Цалынмӕ уа рухсаг зӕгъӕг мардӕн,

Уалынмӕ у ӕгӕстыл нымад.

Дзасохты Музафер»Къостайы мад Марияйӕн»

(Ирон кафт.)(Фӕндыры цагъд.)

Ирон фӕндыр нын баззади фыдӕлтӕй,

У махӕн та нӕ хӕзнаты хуыздӕр.

Ирон фӕндыр…Рӕсугъд зӕрдӕйы фӕндтӕй

Уый равзӕрди,уый райгуырди кӕддӕр.

Ӕнӕ фӕндыр нӕ фидауы Ирыстон,

Ӕнӕ фӕндыр мӕгуырдӕр кӕны зӕхх.

Фӕндырдзӕгъдӕг,дӕ цагъдмӕ дын ныхъхъуыстон,

О,исты мын дӕ цагъды зӕлтӕй зӕгъ!

(Фӕндыры зӕлтӕ.)

Нӕй фесӕфӕн ирон ӕвзагӕн,нӕй,

Ирон адӕм уӕд фесӕфдзысты демӕ.

Ирон ӕвзаг мӕ зӕрдӕ у мӕнӕн,

Куы мӕла уый,уӕд амӕлдзынӕн йемӕ.

Сценкӕ

Дыууӕ лӕппуйы фембӕлдысты(ирон ӕмӕ уырыссаг)

-Дӕ бон хорз,Кузьмич.

-Ах,здравствуй,Ибрашка!

-Куыдтӕ дӕ,дружок мой,Кузьмич.

-Кого я вижу,мӕ хуыздӕр ӕмбал.

-Рагӕй дӕ не видел,кӕм уыдтӕ?

-Год с чем-то болел я,нӕ куыстон

Ыстых мыл ис ацы «диабет».

Приветтӕ дӕм арӕх ӕрвыстон

Фӕлӕ дӕ нӕ истон «ответ».

-Прости меня,мӕ хуыздӕр ӕмбал.

Рядом нӕ фӕдӕн тыхсты.

Омӕ ныр Кузьмич ӕмӕ Ибрашкӕйы тыххӕй ирон ӕвзаг нал ис зӕгъӕм,уый раст нӕу.Байхъусӕм маЦӕрукъаты Алыксандры ныхасмӕ:

Ирон зӕланг ныхас,дӕу айс мӕнӕй

Уӕд баззаин къуырма ӕмӕ куырмӕй.

Нӕ арв, нӕ зӕххӕн нал уынин сӕ хуызтӕ.

Ӕнӕ дӕу мын мӕ къӕхтыл ацӕуӕн дӕр нӕй!

Ныв: Маймули кӕуы,йӕхи ӕргӕвды фыркуыдӕй.Сывӕллӕттӕ йӕ радыгай фӕрсынц:

-Цы кӕныс маймули?

-Ницы(кӕуы,рауай-бауай кӕны).

-Исчи дӕ фӕнадта,маймули?

-Ничи.

-Уӕдӕ цы кӕныс,маймули,ӕххормаг дын у?

-Нагъ.

-Зӕгъ-ма нын ӕй, маймули,цӕуыл кӕуыс?

-Мы ы…ы сын мӕ райгуырӕн бӕ. ӕ. ӕстӕ.ӕ.ӕ.

- Мы ы…ы сын мӕ ӕ ӕ мадӕлон ӕвза.а.аг(кӕугӕ азгъордта).

Лӕппутӕй иу размӕ ралӕууыд: Мӕнӕ диссаг!Маймули дӕр ма йӕ райгуырӕн бӕстӕ уарзы,йӕ мадӕлон ӕвзаг мысы.Мах ирон сывӕллӕттӕй та бирӕтӕ иронау дзургӕ дӕр нӕ кӕнынц.(Ацыдысты сагъӕсхуызы цӕсгӕмттимӕ.)

Разгъордта хӕрз чысыл лӕппу.

-Фӕлӕуут-ма ,фӕлӕуут,ӕз дӕр ӕмдзӕвгӕ зонын:

Дӕ мады ӕвзагыл кӕд дзурыс,кӕд зарыс-

Дӕ фыдгул ызнагӕн йӕ сау зӕрдӕ марыс.

Кӕд рохӕй ыскуыдта дӕ мады ӕвзаг,-

Йӕ къах дыл ӕркъуырдта дӕ фыдгул ызнаг. (Ӕлборты Х-У.)

Нӕ нанатӕ,нӕ дадатӕ!Курӕм уӕ,ма нын хӕлӕг кӕнут,уӕхӕдӕг ӕппӕты адджындӕр ныхӕстӕ цы ´взагыл фехъуыстат,уыцы ӕвзаг амонын.

Нӕ гыццитӕ!Махӕн дӕр авдӕнмӕ зарут,сымахӕн цы зарджытӕ кодтой,уыдон.

Нӕ лӕппутӕ!Уӕ сӕрмӕ та цӕмӕн хӕссут,царды рӕсугъддӕр цы ныхӕстӕ ис,уыдон уарзон чызгӕн ӕндӕр ӕвзагыл дзурын.

Ныббарут нын нӕ къӕйныхдзинад,фӕлӕ сӕ мӕн иронау фехъусын фӕнды!..

Ирон ӕвзаг. Къадзаты Станислав.

Ӕрмӕст Елхотмӕ дӕ кӕмӕндӕр,

Мӕнӕн та -Хуры уазмӕ.

Мӕ уды азӕлы тӕмӕнтӕй

Дӕ алы мыр хъуытазау.

Кӕмӕндӕр дӕ ӕрмӕст Елхотмӕ,

Мӕнӕн-зӕххы кӕрӕттӕм.

Йӕ ӕрдхӕрӕн дӕ Хуры цотӕн,

Дӕу музеймӕ нӕ дӕтты.

Елхоты онг дӕ ды кӕмӕндӕр,

Мӕнӕн та-Нарты бӕстӕм.

Сӕрмӕтты,аланты хӕтӕнтӕм,

Уӕнт арфӕйаг сӕ хъӕстӕ.

Кӕмӕндӕр дӕ ӕрмӕст Елхотмӕ,

Мӕнӕн та дӕ Парнасмӕ.

Мӕнӕн та -стъалытӕн сӕ кодмӕ,

Къостайы дзырды тавсмӕ.

Кӕмӕндӕр дӕ ӕрмӕст дыууӕмӕ,

Мӕнӕн та дӕ ӕрдзӕмӕ.

Ӕрмӕст гуыбынмӕ дӕ кӕмӕндӕр,

Мӕнӕн та дӕ зӕрдӕмӕ.

Кӕмӕндӕр дӕ ӕрмӕст къӕсӕрмӕ,

Мӕнӕн та дӕ Хуыцаумӕ!

Кӕмӕндӕр дӕ айдагъ изӕрмӕ,

Мӕнӕн-тъымы-тъымамӕ!.. ( Ирон кафт,ирон цагъд)

(Презентаци).







© 2010-2022