Урок: Æрдз ӕмӕ адӕймаг. Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ

Раздел Другое
Класс 8 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ: Æрдз ӕмӕ адӕймаг.

Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Урочы нысантӕ:

1.Сфӕлхат кæнын хъуыдыйады уӕнгтӕ.

2.Бафидар кӕнын фадатон дзырдтӕй рацыд ӕрмӕг.

3.Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдз хъахъхъæнын.

Урочы цыд:

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

  2. Мотиваци.

Нал цӕуы адӕмы ӕмгӕрон зӕронд Баймӕт, сӕрхызт у сӕ хъӕуӕй зӕронд, йӕ фыдӕлты мӕсыг куыд у, афтӕ. Царды ивӕнты раджы, чи йӕ зоны, кӕд фӕци йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕм ӕнӕкӕрон дард у ныры дуг, ныры царды фӕлтӕр…Расты йӕ фыды къӕлӕтджынӕй зӕронд Баймӕт, йӕхи бакӕны йӕ лӕдзӕджы ӕвджид ӕмӕ араст вӕййы Царциаты къуылдыммӕ, уым бавӕрд у йӕ фыдӕлты зӕппадзы йӕ фыд. Зӕппадзы дӕлейӕ та ӕрдӕг калдӕй лӕууы йӕ фыдӕлты мӕсыг…

Мӕсыджы фарсмӕ куы схӕццӕ вӕййы, уӕд рабады уым цъӕх нӕудзармыл ӕмӕ суанг изӕрмӕ нал сызмӕлы йӕ бынатӕй зӕронд Баймӕт. Ӕмӕ нал равзардзынӕ уӕд Баймӕты йӕ фыдӕлты мӕсыгӕй. Ӕрлӕбырд фысдзармӕй зӕронд худы фахс мӕсыджы фахсау. Зӕронд кӕрцы скъуыдтӕй ӕддӕмӕ рафӕлдӕхт ӕууад хъуын мӕсыджы фӕхстыл хъуынайау. Фӕгуыбыр астӕу, мӕсыджы ӕнцойырдӕм, Уырысы паддзахы сармадзанты цӕфтӕй мӕсыг куыд фӕцудыдта размӕ - цыма алидзынмӕ хъавыд ӕмӕ йын нал бантыст…

Адӕймаг - мӕсыг, дур-мӕсыг. Сӕ дыууӕ дӕр сӕдӕты талынг кӕрдӕны нымӕхст рох ивгъуыд заманӕн удӕгас ӕмӕ мард ӕвдисӕнтӕ. Фӕлӕ… ӕгомыг сты сӕ дыууӕ дӕр.

Дзуапп раттын фӕрстытӕн:

- Чи у Баймӕт?

-Кӕдӕм фӕцӕуы алы райсом Баймӕт? Цӕмӕн?

-Цы ис иумӕйагӕй сӕ фыдӕлты мӕсыг ӕмӕ Баймӕтмӕ?

Хӕс: Ссарын фадатон дзырдтӕ.Зӕгъын афоны ӕмӕ бынаты фадатӕй уӕлдай ма цавӕр фадатон дзырдтыл ӕмбӕлӕм?

-Цавӕр фӕрстытӕ домынц ӕмӕ сбӕрӕг кӕнын архайды цавӕр ӕууӕлтӕ ӕвдисынц?

  1. Проблемон уавӕр. Скъоладзауты адих кӕнын 3 къордыл. Алы къордӕн дӕр хицӕн текст раттын.

Хӕс №1. Бакӕсын текст. Цӕуыл дзы цӕуы ныхас, уый сбӕрӕг кӕнын.

Хӕс №2. а) Ссарын фадатон дзырдтӕ.

б)Сбӕрӕг кӕнын цавӕр ныхасы хӕйттӕй ӕрцыдысты загъд?

Хӕс №3. Алы къорды дæр иу хъуыдыйад синтаксисон ӕвзӕрст кӕнынц.

1-аг текст.

Урссӕр уӕйыг- Лӕгъзцъити- йӕ рахиз цонг раивӕзта ныгуылӕны ҆рдӕм. Раджы кӕддӕр незаманы ӕрфӕндыд зӕронд уӕйыджы ацахсын ныгуылӕг хуры. Уазал у зӕрондӕн ихын кӕрцы, куыннӕ у ӕхсызгон хуры хъарм салд буарӕн ӕмӕ стджытӕн? Фӕлӕ нӕ бантыст тызмӕг зӕрондӕн хур ацахсын ӕмӕ фыр мӕстӕй алхъывта йӕ армы дзыхъхъы иу чысыл хъӕу, Мӕсгуытӕ, зӕгъгӕ, йӕ ном. Баззад уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыскъивӕзтӕй зӕронд хохы цонг, уӕдӕ цы; хъӕу та ма абон дӕр лӕууы хохы армы дзыхъхъы, тӕккӕ хурдзӕвӕны ҆рдӕм скодта йӕ риу,афтӕмӕй.

2-аг текст.

Хъӕуӕн йӕ тӕккӕ ныхмӕ, доны фаллаг фарс, фӕлмас къуылдымтӕ, суанг Гнугъы бӕрзонд рагъӕй, згъорӕнтӕ кӕнынц кӕрӕдзийы сӕрты гудзидтӕгӕнгӕ хъӕумӕ, цымыдис сабитау. Сӕ бӕрзджын, къӕбырдтӕгджын, ӕхсӕрджын, цъуйджын, мыртгӕджын хилӕй ӕмбӕрзт сӕртӕ кӕрӕдзи цъуппытӕй фӕлгӕсынц хъӕуы- ӕз раздӕр фенон мондагӕй. Скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны ҆рдыгӕй та фынӕйдзаст нӕзы хъӕд, хицӕн къуылдымтыл сусӕг ӕмыр сыбар- сыбурӕй аргъӕуттӕ фӕкӕны. Цӕуыл ӕмӕ кӕмӕн- ацу ӕмӕ йӕ базон!

3-аг текст.

Хъӕуы мидӕг ӕмӕ йӕ алфамблай хӕхты сынӕгтыл ӕмӕ рындзтыл дӕр иу иннӕмӕй уӕлдӕр, цыма Лӕгъзцъитимӕ ӕз фӕраздӕронӕй дугъы уадысты ӕмӕ сӕ фӕндаг- фӕндаг фыр фӕлладӕй дзыхълӕуд фӕкодтой, кӕй кӕм ӕрӕййӕфта йӕ фӕллад, уым лӕууынц ӕрдӕг кӕлдтытӕй фыдӕлтыккон мӕсгуытӕ. Уӕйыджы ихсыд дӕндӕгтау фӕлурсцъӕх хъӕнтӕй лӕууынц уыдон, амцӕф - уымцӕфӕй. Сӕ алыварс цъӕх къӕдзӕхы цъуппытӕй сӕ цӕст ӕвиппайды зынтӕй равзардзӕн суанг хур боны дӕр. Талынг мигъ боны та уыдон схизынц мигъмӕ, сӕхи дзы батухынц ӕмӕ зына- нӕзына уындӕуы цъӕхнымӕтджын уӕйгуыты ӕндӕргтау ӕмӕ уыцы хуызӕнӕй хъуынтъызӕй кӕсынц хъӕумӕ.

-Чиныгимæ куыст.

-Фысгæйæ сæххæст кæнын фæлтæрæн.

Хатдзӕг: Архайды хуызы фадат домы фӕрстытӕ: Куыд? Куыдӕй? Кӕйау? Цӕйау? Цал хатты?

Архайды хуызы фадат вӕййынц архайды хуызы фӕрсдзырдтӕ, ӕндӕр ныхасы хӕйттӕ хуызӕнон ӕмӕ иртӕстон хауӕнты ӕвӕрдӕй кӕнӕ фӕсӕвӕрдтӕ хуызӕн,фӕрцы, руаджы-имӕ, фӕрссагмитӕ ӕмӕ фӕрссагмион здӕхтытӕ.

Загъд ӕрцӕуы фӕрсдзырдӕй, номдарӕй, номдар фӕсӕвӕрдимӕ, фӕрссагмийӕ, фӕрссагмион здӕхтӕй, номивӕгӕй, номивӕг фӕсӕвӕрдимӕ.

Хӕдзармӕ куыст.

Аив литературӕйӕ рафыссын скъуыддзаг ӕрдзы ӕрфыстимӕ.Ссарын дзы фадатон дзырдтӕ, сӕ быны сын бахахх кӕнын, сӕ фӕстӕ сын фӕбӕрӕг кӕнын цавӕр ныхасы хӕйттӕй конд сты, уый.



© 2010-2022