Разработка внеклассного мероприятия Симд нартов

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



Фæсурокты куыст

Сценари «Нарты симд»

(нарты кадджытæм гæсгæ)

Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.

Театралон равдыст «Нæртон симд».

1-аг ныв

Хъуысы хъисын фæндыры рагон цагъд

Сценæмæ рацыдысты амонджытæ

1: Ис а дунейы фарн æмæ рæстдзинад, Фыдæй-фыртмæ сæ хъахъхъæны ирон… Нæрæмон Нарт, ныууагътат нын лæгдзинад, - Æвзыгъд лæджы æсхонæм мах «нæртон».

2: Хæрын Сырдоны рихийæ æз ард: Нæ басастаид Нарты фидар иу дæр, Бæттæм сæ цытимæ нæ фидæн, Кæнæм сæ буц номæй лæггад.

3: Æнустæ ивдзысты æнусты, - Кæм вæййы рæстæгæн кæрон? Дæлдзæхы уа кæнæ уæлæрвты, - Нæ фесæфдзæнис стыр Нартæн сæ ном…

Слайд: ныв «Нарты фæткъуы»

Музыкæ

Амонæг 1:

Нæртон фæткъуы, дам, адавта æхсинæг, Æхсар куы æрфынæй æхсæв, Фæцæф кодта æхсинæджы Æхсæртæг, Сæ фыд та уыд зæронд Уæрхæг.

Сценæ «Дзерассæ æмæ Æхсæртæг».

(Плиты Жаннæйы музыкæ)

Амонӕг 2: Æхсæртæг, Нарты фæткъуымæ цы 'хсинæг тахти, уый фæцæф кодта, йæ туджы 'ртæхтæ йын зæлдаг кæлмæрзæны батыхта æмæ ацыдис йæ тугвæдыл. Бафтыдис денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ.

(Æфсымæртæ фынджы уæлхъус æнкъардæй бадынц)

Æхс-г: Фарн ацы хæдзары æмæ уæ райсом хорз! 1æфс.: Хорз дæ хай уæд! Мидæмæ! Мидæмæ! (Æхсӕртӕджы æрбадын кодтой). 2 æфс.: Дæ хуызæн уазæгыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм. Æхс-г: Хуыцау уæ мастæй бахизæд… Цæуыл мæсты стут? 3 æфс.: Æртæ хойы нын уыдис, æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты нарты цæхæрадонмæ. 1 æфс.: Нæ хо Дзерассæ иу æхсæв уырдыгæй æхсинæджы хуызы радавта Нарты сыгъзæрин фæткъуы. 2 æфс.: Бæргæ йын дзырдтам, Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис, уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды,зæгъгæ, фæлæ нæм нæ байхъуыста. (хъуысы хъæрзын) Æхс-г (фестадис): Уый кæй хъæрзын у? 1 æфс.: Уый нæ хо Дзерассæ цæфæй хуыссы . Æхс-г.: Æмæ йын ницы хос ис? 2 æфс.: Йæ туджы ртæхтæ - уыдон сты йæ хос; куы сæ æрæмбырд кæнай, æмæ йыл сæ куы бафу кæнай, уæд аирвæздзæн. Æхс.: Æмæ йæ чи фервæзын кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут? 3 æфс.: Уыцы лæгæн раттиккам нæ хо Дзерассæйы - Хуыцау æй уымæн саккаг кодта. Æхс.: Уæдæ æз дæн Нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг,- цæвгæ дæр æй æз ныккодтон , æмæ йæ дзæбæх дæр æз скæндзынæн (æфсымæртæ фæгæппытæ кодтой). Ракæнут-ма йæ ардæм.

1æфс.: Чызг уæззау рынчын у, уатмæ йæм бахиз. (Фæфæсвæд ис, стæй рацыдис Дзерассæимæ иумæ. Æфсымæртæ сцин кодтой). 1æфс: Мæнæ диссæгтæ!

2æфс: Авд хатты рæсугъддæр фестадис нæ хо Дзерассæ!

3æфс: Чындзæхсæв! Чындзæхсæв!

(Хъуысы фæндыры цагъд. Æхсæртæг æмæ Дзерассæ кафынц «Рагон хонгæ»)

2-аг ныв

Музыкæ

Слайд: Тугъанты Махарбеджы нывтæ

Амонæг1:

Сатана, сфыхтай-иу зæххы сойæ æлутон, Ды нарты скодтай иу тугау æрвад. Дæ зæрин къух, дæ фарн æмæ дæ зонд Лæвæрдтой Ирæн амонд æмæ кад. Дæу ничи зыдта нарты 'хсæн æгадæй, Дæ фынг-иу дзаг уыдис бæркадæй.

Амонæг2:

Хъысмæты цæфæн ничи ссардта уарт: Цыдис йæ амондмæ Уырызмæг… Сатана - хин æмæ мæнгард - Нæртон зæрдæйы ссыгъта пиллон арт.


Слайд: Тугъанты Махарбеджы ныв

Музыкæ

Сценкæ «Уырызмæг æмæ Сатана»

Амонӕг 3:Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы бахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты рæсугъд Елдайы. Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъхъæн кодта, афæдзмæ та - æртæаздзыды цахъхъæн. Мой кæнын афон ын куы 'рцыди, уæд хъуыдытæ кæнын райдыдта, æмæ Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ссардта нарты 'хсæн.

Музыкæ

(Уырызмæг фынджы уӕлхъус бады)

Уырызмӕг: Сатана, фынг мын!

(Сатана цӕрдӕг ӕвӕры фынг)

Сатана (хинӕйдзаг хъæлæсӕй): Уырызмæг, йæ хорзы æддæмæ ничи дæтты. Искæй мыггагмæ ацæуынæн æвгъау дæн. Мæнæн æндæр хос нæй, ды мæ мой куы нæ уай! Уырызмæг: Кой дæр æй мауал скæн, адæмæй худинаг у, Нарты 'хсæнмæ ма цы цæсгомæй ацæудзынæн… Фæхудинаг мæ кæндзынæ, Сатана. Сатана: Адæмы фидис - дыууæ боны. Худинаг цæмæй ферох уа,уымæн æз амал скæндзынæн. Баздæх, хæрæгыл фæстæрдæм сбад æмæ йыл æртæ здæхты акæн Ныхасы астæуты. Ныхасы адæммæ кæс, æмæ чи куыд кæна, уый мын-иу радзур.

Хъуысы хъӕлдзӕг цагъд

( Уырызмӕг хӕрӕгыл сбадтис æмæ цалдæр хатты рацыдис Ныхасмæ. Адæм (залы цы скъоладзаутæ бадынц) худæгæй гуыбын дихтæ кæнынц) Сатана:Цæй, цы кодтой адæм? Уырызмæг: Фыццаг хатт нарты адæм худæгæй мардысты, уæлæмæ стын дæр нал фæрæзтой. Сатана: Дыккаг хатт та? Уырызмӕг: Дыккаг хатт ма чи бахудтис, чи - нал, бирæтæ та мæм смæсты сты, цы рацы-бацы кæны, зæгъгæ… Сатана: Уӕдӕ ӕртыккаг хатт та цы уыдис? Уырызмӕг: Æртыккаг хатт куы раздæхтæн, уæд мæм кæсгæ дæр ничиуал ракодта. Сатана: Гъе уæдæ мах хъуыддаг дæр афтæ у: ахуддзысты ныл, стæй нæ хъуыды дæр ничиуал æркæндзæнис.

Симды музыкæ: Уырызмæг æмæ Сатана симгæ ацыдысты

3-аг ныв. Амонæг 1: Дæ намыс калдта арвы бын тæмæн, Дæ къабæзты ныффидар ис нæртон тых, Батрадз - дæ ном, 'мæ а дунейыл дæу Нæ басастаид хотыхæй зæххон гуырд.

Слайд: Тугъанты Махарбеджы ныв

Музыкæ

Сценкæ «Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг»

Амонӕг: Нартæн сæ хæхты фæзындис Хъулонзачъе Уæйыг. Сæ фосы сын хизынмæ нал уагъта, хынджылæг сæ кодта. Уæд нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм, æрхонæм нарты адæмы иууылдæр æмæ равзарæм фосгæс. Уырызмæг хонджыты арвыста Æртæ Нартмæ дæр.

(Фынджы уæлхъус лæууынц Нарты адæм æмæ Уырызмæг ӕлутоны кӕхцимӕ) Уыр-г: Нарты адæмæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг айсæд! (ничи йæм цæуы) Уыр-г: Ацæут æмæ цъиузмæлæг дæр мауал ныууадзут фæсте! (æрбакодтой Сырдоны дӕр) Уыр-г: Чи хæссы йæ ныфс фосгæсæй ацæуынмæ, уый кувæггаг айсæд! (ничи йæ исы) Сырдон (цингӕнгӕйӕ): Гъе уый уын кӕй федтон, Нарт! Уыр-г: Исчи ма баззадис Нарты адæмæй æдде? 1: Уæлæ ма иу чысыл лæппу бæгъæввадæй фæнычы хъазы. Уыр-г: Ацæут æмæ йæ тагъд ардæм æркæнут. (æрбакодтой лæппуйы) У-г: Чи ацæудзæн нартæн фосгæсæй, уый кувæггаг айсæд! ( лæппу сæрæн æвнæлд фæкодта кувæггагмæ)

Амонӕг: Дыккаг бон аскъæрдта Батрадз нарты фос хизынмæ.

(Батрадз бады хизæны, йæ сæрыл нымæтхуд, йæ размæ богътæ кæнгæ æрбахæццæ ис Уæйыг) Уæйыг: Чи куыдз, чи хæрæг, ам мæ зæхмæ йæ ныфс чи æрбахаста? Батрадз: Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, кæд дæ сæт цæуыл калыс? Уæйыг ( хæстæгдæр бацыдис Батрадзмæ): Лæппу, ды Нарты Батрадзы нæ зоныс? Батрадз: Зонын, бæгуыдæр. Уæйыг: Æмæ уагæр цавæр хъæзтытæ фæкæны? Батрадз: Хæстæгдæр- ма мæм рацы, æмæ дын æй зæгъон. (Уæйыг æм хæстæгдæр бацыдис) Батрадз:Мæнæ ахæм! (Уæйыджы йæ быны ракодта æмæ йæ цирхъæй бариуыгъта. Адæм цин кæнынц) 1.:Уæ дæ цæрæнбон бирæ уа, Нарты адæмы чи фервæзын кодта Хъулонзачъе Уæйыгæй! 2: Гъе уый дын нæртон лæппу! 3:Гъе уый дын Батрадз! 1: Батрадзӕн иу кафт!

(Батрадз кафы «Хохаг кафт»)

4-æм ныв

Слайд: Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд»

Музыкæ

Амонæг 2: Хуыдтой йæ буцæн Нарт «фæйнæгфарс», Нæ фидыдта æнæ Сосланæй хъазт, Уыдис-иу хосгæнæг фыртыхстæн, Æмæ-иу 'рцыдис знаджы фидар саст.

Сценкæ «Сослан æмæ Челæхсæртæг» (Нарт ныхасы бадынц) 1: Цӕй, Нарт, цы ног хабӕрттӕ уӕм ис? 2: Афтæ фехъустон, æмæ, дам, Сослан Бедухайы куры, фæлæ йын æй йæ фыд нæ дæтты. 3: Чи? Челæхсæртæг? 4:О-о… хъал Челӕхсӕртӕг! 5: Абон, дам, фæбыцæу сты, чи сæ хуыздæр ракафдзæн, зæгъгæ. 2:Челæхсæртæг загъта, кæд Сослан амбула, уæд ын мæ чызджы ратдзынæн, зæгъгæ. 3:Сослан та афтæ, Челæхсæртæг куы рамбула, уæд ын, зæгъгæ, ратдзынæн мæ диссаджы хотыхтæ. Сырдон:Уыдон мӕн куы уаиккой… 4:(æнæрвæссонæй)Куыннӕ, дӕумӕ куы 'рхаудтой, Гӕтӕджы фырт!

(Музыкæ. «Ерыс-кафт»)

1: Хызы фырт, хорз кафыдтæ, фæлæ дзы Сосланæн æмбал нæ уыдис, æмæ хæснаг уый у. (рахæцыдис Нарты Сосланы уæхскыл) Уæдæ, Сослан, амæй фæстæмæ фыддæсны кафæджы ном дæу!

5-æм ныв

Слайд: Тугъанты Махарбеджы нывтæ

Хъуысы хъæлдзæг музыкæ

1: Хуыдтой йæ «бурзачъе фыдлæг», Уый кодта Нартмæ 'дзух хæлæг, Нывæста нарты зæххыл хин, Сæ циныл никуы кодта цин.

2:Уæддæр-иу Нарт Сырдонæн барстой, Фыдрæстæг-иу æй арæх фарстой. Æрцыд-иу райсом бон фæсмонæй, - Хынджылæг кодта Нарты кадджын номæй.

Сценкæ «Сырдоны хæрæг»

Сыхаг: Сырдон, гъе, Сырдон, ӕддӕмӕ ма ракӕс! Сырдон (хъуыр-хъуыргӕнгӕ): Сырдон дарӕг дӕ мауал уӕд! (хъӕрӕй): Кæцæй фæдæ, кæцæй? Сыхаг: Ӕфсоны загъд мын мидӕмӕ уӕддӕр ракæ… Сырдон: Ӕмӕ дзы мӕхӕдӕг мидӕгӕй куы ницы арын, уӕд дзы ды цы ссаринаг дӕ? Цӕй цы та дӕ хъӕуы? Сыхаг(йӕ сӕр батылдта): Сырдон, дæ хæрæг ма мын авæр, кæд дзы ницы кусыс, уæд. Сырдон: Уæу, фæлтау мын мæ мард куы федтаис, æмæ мæм гыццыл раздæр куы 'рбацыдаис. Сыхаг: Хуыцау бахизӕд! Сырдон: Дæ хæдразмæ йыл нæ лæппу хъæдмæ суг ласынмæ ацыдис. ( Уыцы рæстæг хæрæг хъæрæй ныууасыдис) Сыхаг: Худинаг дын нæу, Сырдон… Дæ хæрæг скъæты куы ис, уæд мæ цæмæн сайыс? Сырдон: Æмæ йæ цæмæй зоныс, скъæты ис, уый? Сыхаг: Уæртæ йын йæ уасын нæ хъусын? Сырдон: Нæ фæлæ худинаг дæуæн у, мæныл ма баууæнд, фæлæ цавæрдæр хæрæгыл баууæнд?! (Йæ къух ауыгъта æмæ ацыдис)

Финал

Музыкæ

(сценæмæ рацыдысты архайджытæ иууылдæр)

Слайд архайджыты ныхæстимæ

1:Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл! 2: Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинад йедтæмæ куы ницы ирвæзти! 3: Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъхъхъæдтой, сæ зонд, се хсар куы нæ састой! 4: Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой; сылгоймаджы тыххæй йæ цæсгом куы ничи сæфта! 1:Уæдæ нæ фæсивæд Нарты хуызæн æдзонд, хъæбатыр æмæ хæрзæгъдау куыд уой, ахæм амонд сын Хуыцау раттæд! 2: Нæртон фарнæй хайджын ут!

Зарынц Зӕнджиаты Мӕдинӕйы «Бӕрӕгбоны зарӕг» 3: Ныр та - «Симд», фæсивæд, «Симд»! Æрсимæм-ма нæртон симдæй!

Архайджытæ иууылдæр кафынц «Симд»

Кæрон

© 2010-2022