Урок по осетинскому языку Ныхасы культурæ (10 класс)

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Ныхасы культурæ.

Нысан: Куырыхон хистæртæй



  1. Номдзыд лæгтæ аив ныхасы тыххæй.

  1. «Адæймагæн æрдз цы хорздзинæдтæ радта, уыдонæн сæ ахъаззæгты ахъаззæгдæр у рæсугъд дзурын». (А.П.Чехов)

  2. Æвзаг у хъуыды æвдисæн, зæрдæйы уаг æргом кæнын фæрæз. Мах хъæуы нывæвдисæг, эмоци сайæг цыргъ æвзаг: æхсæст мæнæуы хуызæн, сатæг æхсæры хуызæн, æнцон дзурæн, æнцон æмбарæн… (Нигер).

  3. Фыццаг зон дæ бон, чи циу, уый йæ хон… Хатт зæгъынæй дæр тæрс, фадат дын куы уа зæгъынæн, уæд зæгъынæн дæр бæзз. (Секъа)

  4. Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ. «Æз дæн» у æгъатыр низ, æмæ дзы уæхи бахизут… (Коцойты А.)

Ирыстоны уынæм хъыгаг хабар - ирон адæм иу хай суæлæхох сты се `взагыл … Цавæр æвзаг бахъахъхъæндзыстæм, нæ цот мадæлон взагыл куы нæ дзурой, уæд? (Гуыцмæзты Алеш).

2.

Адæймаг бацыд денджызы былмæ. Лæгъз, æмдымбыл дуртæ йæ дисы бафтыдтой, æмæ йæ бафæндыд йæхи къухтæй ахæмтæ саразын. Айнæджы кæрдих равзæрста æмæ йæ ныццавта стыр дзæбугæй. Кæрдихыл алырдæм азгъордтой дæсгай зыхъхъыртæ. Райста дыккаг кæрдих, ныццавта та йæ, æмæ та уыйдæр лыстæг ныммур. Æмæ уæд адæймаг бафарста : «Денджыз, дæуæн дæ дуртæ цæмæн сты рæссугъд æмæ лæхъз?». Æмæ йын дзуапп радта Денджыз : «Ды цæвгæ кæныс, æз та - лæгъз».

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

  1. Текст лæмбынæг бакæсут. Цæуыл нæ ахуыр кæны? Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Сабыр ныхас дурмæ дæр хъусы». Куыд ис сбæттæн тексты сайраг хъуыды ацы æмбисæндтимæ? Цавæр æмбисæндтæ ма ис æрхæссæн текст бакæсгæйæ?

  2. Фхъуыды кæнут, адæмы `хсæн ахастдзинæдтæй ма цавæртыл æрдзурæн ис текстмæ гæсгæ.

  3. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.

  4. Зæгъут, цавæр бастдзинад ис текст аразæг хъуыдыйæдты `хсæн (цæгон æви параллелон)? Хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæг дзырдтæ тирейæ хицæнгæнгæ рафыссут.

  5. Ссарут синонимтæ банысангонд дзырдтæм.

  6. Тексты ссарут разæфтауæнты фæрцы арæзт мивдисджытæ, разæфтауæнтæ рахицæн кæнут.

  7. Цавæр орфограммæтæ æмбæлы тексты? Орфограммæты хуызтæм гæсгæ текстæй дзырдтæ рафыссут.

3.

«Алы адæмыхаттæн дæр йæ наци бæрæггæнæнтæ сты йæ мадæлон æвзаг, культурæ, зондахаст, цæрæнбынат æмæ а.д. Уыдонæй сеппæтæй сæрагдæр у мадæлон æвзаг. Адæймаг рухс дунемæ куы фæзыны, уæд фыццаг рæвдауæн дзырдтæ йæ мадæй фехъусы. Саби дзурын нæма фæзоны йæхæдæг, уæддæр æм хъуысынц мады фæлмæн, рæвдауæн ныхæстæ, ахъарынц йæ зонды, йе`ппæт буары. Æмбарын байдайы алы дзырдæн дæр йæ бындурон нысан, рæзы йæ дзырдуат. Суадоны гуырæнау дзырдуат уырдыгæй байдайы гуырын æмæ аамæлы бонмæ нæ сæфы.

Алы адæм дæр сæхи æвзагыл хуыздæр æмбарынц кæрæдзи. Мадæлон æвзагыл аразынц æхсæнады æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ, цин æмæ зиан бавæрыны хабæрттæ.

Сæ адæмонæвзагыл цы адæм нæ дзурой, уыдон ныллæудзысты сæ сæфты къахыл.

(Æлдаттаты Виктор)

4.

Рагзаманты цæрæг эллинтæ се `взагæн кодтой стыр аргъ. Дæс азы бæрц демосфен уыдис логограф, раныхæстæ фыста грекъаг номдзыд адæймæгтæн. Иу ахæмы уый сфæнд кодта форумы сенаты уæнгты раз раныхас кæнын. Йæхи бацæттæ кодта æмæ æрлæууыдис йе`мбæстæгты цур. Нæ цын фæцагайдта сæ зæрдæтæ йæ раныхас. Кæронмæ дæр æм нæ байхъуыстой.

- Бар чи радта Демосфенæн адæмон æмбырды дзурынæн , цардæгас æвзагæй пайда кæнын куы нæ зоны, уæд? - тызмæг загъта сенаторы хистæр.

- Æнæрцæугæ хъуыддаг, - дзырдта дарддæр сенатор. - Махæн, эллинтæн, нæ баззад мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй пайда кæнын нæзонын..

Цы ма уыдаид карздæр æфхæрд æрыгон ораторæн? Фæлæ йæ ныфс нæ асаст, - уымæн йæ риуы куыста патриоты хæрдæ.

«Нæ, - загъта Демосфен, - æз хъуамæ ме ` мбæстæгты баууæндын кæнон, нæ мадæлон æвзагыл мæ бон мидисджын ныхас кæнын кæ у, ууыл». Æмæ райдыдта йæхиуыл кусын. Цыбыр рæстæгмæ фæхорз ис йæ хъæлæс, ныхасы мыртæй алкæцы дæр йæ бынат ардта.

Цыбыр дзырдæй, мадæлон æвзаджы сусæгдзинæдтæ базыдта, æмæ сæм кæд уый размæ йæ хъус нæ дардта, уæлдайдæр ныхасы культурæмæ, уæд ныр сеппæтæн дæр фæдзæхста, цæмæй, адæмы раз ныхас кæнгæйæ, ораторæн бæрзонд уа йæ ныхасы культурæ, ноджы бæлвырд зона литературон æвзаджы растдзурынады æгъдæуттæ.

(Дауыраты Харитон)

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

  1. Бацамонын дзырдты нысаниуæг, ссарын сæм синонимтæ: логограф, раныхæстæ, форум, сенат, номдзыд, цардæгас, эллинтæ, фæдзæхсын, растдзурынады æгъдæуттæ.

  2. Равзарын дзырдты расфыссынад: Демосфен, йе`мбæстæгтæ.

  3. Бамбарын кæнын æнгом дзырдбæстæты нысаниуæгтæ, семæ хъуыдыйæдтæ саразын: зæрдæтæ фæцагайын, карх æфхæрд, хъус дарын.

  4. Хъуыдыйады синтаксикон æвзæрст скæнын, æрхæцын нысæнтты æвæрд бацамонын:

Цыбыр дзырдæй , мадæлон æвзаджы сусæгдзинæдтæ базыдта, æмæ сæм кæд уый размæ йæ хъус нæ дардта, уæлдайдæр ныхасы культурæмæ, уæд ныр сеппæтæн дæр фæдзæхста, цæмæй, адæмы раз ныхас кæнгæйæ, ораторæн бæрзонд уа йæ ныхасы культурæ, ноджы бæлвырд зона литературон æвзаджы растдзурынады æгъдæуттæ.

  1. Текстæн пълан саразын. Загъæм:

  1. Эллинтæ стыр аргъ кодтой се `взагæн .

  2. Демосфены раныхас нæ фæцыдис сенаты зæрдæмæ.

  3. Æрыгон ораторæн йæ ныфс нæ асаст, райдыдта йæхиуыл кусын.

  4. Демосфены фæдзæхст оратортæн.

Лæвæрд пъланæн анализ скæнын, ивддзинæдтæ йæм бахæссын.

  1. Хæдзары текстмæ гæсгæ ныффыссæн ис сочинении аив ныхас, ныхасы культурæйы ахадындзинады тыххæй.

5.

Раджы заманы иу бонджын лæджы фырт ахуыр кодта уырыссаг æвзаг Стъараполы йæ фыды зонгæмæ. Дыууæ азы фæстæ сæ хъæумæ æрбафтыдис æмæ, марадз зæгъай, кæд ма йæ карæнтæм иронау исты дзура! Нал æрвæссыди мадæлон æвзагыл.

Уæд æм мæгуыр лæджы фырт, халамæрзæнимæ амонгæйæ, афтæ бадзуры:

- Темыр, уæдæ мæнæ ай та цы хуыйны иронау?

- Вот æто? Не знаю! - загъта Темыр æмæ халамæрзæны къæбæлтыл йæ цырыхъæй æрлæууыдис. Халамæрзæны хъæд Темыры ныхæн- къуыпп!

- Ма дзы байрайут уæ халамæрзæнæй! - фæхъæр ласта Темыр. Уæд æм мæгур лæджы фырт дзуры:

- о -гъо, Темыр, иронау ма куы зоныс!

(Таурæгъмæ гæсгæ)


Хæслæвæрдтæ текстмæ:

  1. Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы текст?

  2. Бацамонын дзырдты нысаниуæгтæ, ссарын сæм синонимтæ: æрбафтын (æрбаздæхт), карæнтæ (æмгæрттæ), æрвæссын ( сæрмæ хæссын), халамæрзæны къæбæлтæ.

  3. Равзарын дзырдты растфысссынад : Стъаропол, Темыр, æрбафтыдис, халамæрзæны, ма дзы байрайут.

  4. Бамбарын кæнын æнгом дзырдбæстыты нысаниуæгтæ, семæ хъуыдыйæдтæ æрхъыуды кæнын: марадз зæгъай, ма дзы байрайут.

  5. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын.

  6. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Уæрæседзау». Цы ис иумæйагæй Муссæ æмæ Темыримæ?

  7. Хæдзары текстмæ гæсгæ ныффыссын сочинении мадæлон æвзаджы тыххæй.

6.Бакæсут Коцойты Арсены карикатурæйы фыст диалогтæ.

- Габо, Уæрæсейæ куы ссыдтæ, уæдæй фæстæмæ дæ сыгъдæг иронау дзургæ никуы федтон… Цæй тагъд дæ ферох ирон æвзаг, дыууæ азы йеддæмæ Уæрæсейы куы нæ фæдæ?

- Не понимайт … Моя человик ученай … Моя твоя шалтай-балтай осетинцкæй не лубит!...

-Мæ хæлар чысайнаг, Христос воскресенæ!

- Икнеба мын куадзæны арфæтæ кæныс? Чырысти дзы бамбæрстон, фæлæ а воскресенæ цы у, ме ар уици. Зæгъ, куыд æмбæлы, афтæ: «Чырысти агъдга» æмæ йæ бамбарон!

- Чорт знаит , цы дзуры, чорт знаит, кæцонау.

-Иугай ныхæстæ нæм фæвæййы гуырдзиагау, уый къи у , фæлæ сымах, рогорц уырыс, афтæ дзурут…

Хæслæвæрд:

Нæ номдзыд фыссæг йæ рæстæджы хъæндзинæдтыл куыд худти, уымæ ма æркæсæм. Цымæ ацы нывтæ абон нæй бафиппайæн? Куыд схонæн ис, йæ мадæлон тæвзагыл чи нæуал æрвæссы, ахæм адæймаджы?

7. Лæмбынæг бакæсут Хæутаты Къостайы хъуыдытæ ныхас æмæ ныхас кæныны æгъдæутты тыххæй. Зæгъут, цы базыдтат ногæй.

Къостайы фæдзæхстытæй уæм кæцытæ кæсынц æппæтæй ахсджиагдæр, æнæмæнг æххæстгæнинагдæр?

Æрхæссут дæнцæгтæ уæхи цардæй. Цы уын æнтысы æххæст кæнын фыссæджы фæдзæхстытæй? Цæуыл ма уæ хъæуы бацархайын, цæмæй адæмимæ ныхас кæныны æгъдæуттæ иууылдæр æххæст кæнат?


  1. Æвæццæгæн, дунейы ныхасæй тыхджындæр нæдæр хæцæнгарз у, нæдæр удгоймаджы хъару. Фыдæлтæ-иу уымæн загътой: «Ныхас адæймаджы мæрдтæм дæр тæры, мæрдтæй дæр æй здахы», зæгъгæ, кæнæ: «Рæстдзæвин ныхас уæлахиз хæссы!» Ныхас донбай хæцæнгарз у, æмæ кæддæриддæр тæрсын хъæуы йæ дзæгъæл гæрахæй, æнæ топы кæсæнмæгæсгæ дзы хъуамæ æххæст мацы цæуа, фат цæмæй æнаххосыл ма суайа, уымæн. Цалынмæ ныхас нæма загътай, уæдмæ йын йæ фæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн.

Ныхасгæнгæйæ хиуыл хæцын уæздандзинады бæрæгггæнæн у.

Ныхас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад дæр. Ныхасгæнæг цæмæй йæ ныхасы уæз уа, нысаныл æмбæла, уый тыххæй лæг хъъуамæ ахъуыды кæна мæнæ ацы фондз уагæвæрдыл:

-зæгъын æй хъæуы æви нæ,

-цы хуызы цæ аивдæрæй загъдæуа ( сабырæй, хъæрæй, мæстыйæ, хъæлдзæгæй, æргомæй, дæлгоммæ, хъазгæмхасæн),

-кæд æмæ йæ кæцы ран загъдæуа,

-кæмæн æй хъæуы зæгъын.

Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «дæныхас уал баууил, стæй йæ зæгъ». Нæуæд:

«Дзырд топы фатæй уæлдай нæу, æххæст куы `рцæуа, уæд æй нал раздахдзынæ».


  1. Уавæр куы нæ дома, уæд æнæзонгæ адæймагимæныхас кæнын, æнæхъуаджы йæ истæмæйты фæрсын аипп у.

Æнæзонгæ адæймаджы сæр дæ куы бахъæуа, уæд ын зæгъ: «Æфсымæр, дæ бон (райсом, изæр) хорз уæд! Дæ хорзæхæй, аххуыс мын кæн мæ уæззау хæссинагыл схæцынæн». Кæнæ: «Хорз чызг, бахатыр кæн! Ам автобусы æрлæууæн кæцы ран ис?» Уый фæстæ хæрзиуæггæнæгæн раарфæ кæн: «Дæ цæрæнбон бирæ уæд!», кæнæ: «Стыр бузныг, Хуыцаудын æххуысгæнæг уæд!», науæд та: «Бузныг, дæ цæрæнбон бирæ!»


  1. Хионыл кæнæ зонгæ адæймагыл сæмбæлгæйæ йын салам ратт:

Дæ бон (райсом, изæр) хорз! Кæд йæ исты архайгæйæ баййафай, уæд та : «Байрай!» кæнæ «Рæстмæ у!», нæуæд та: « Дæ хъуыддаг раст!» Кæд дæ хæстæг (зонгæ) дæуæй кæстæр кæнæ де`мгар у, уæд æм æгасцуай зæгъынмæ дæ къух ратт. Дæхимæ дын исчи йæ къух куы дæтта, уæд æй нæ райсын амоны æфхæрд кæнæ стыр уайдзæф дæуырдыгæй.

Цалдæр адæймаджы кæрæдзийыл куы сæмбæлынц, уæд салам ратты æрмæстдæр хистæр, кæстæртæ та сæ бынæттæй сыстынц æмæ саламраттагмæ се`ргæмттæ аздахынц, уый фæстæ кæрæдзийæн хистæрæй-кæстæрмæсæ къухтæ райсынц, уыимæ, цалынмæ хистæртæ кæрæдзи къухтæ райсой, уæдмæ кæстæртæ банхъæлмæ кæсынц. Къухтæ исгæйæ кæддæриддæр райдайынц хистæрæй, уымæй - æцæгæлонмæ кæнæ уазæгмæ æмæ фæвæййынц хонæй.

Тексты бындурыл сæххæст кæнут алыхуызон грамматикон хæслæвæрдтæ.

Тематæй иумæ гæсгæ хæдзары ныффыссын сочинении.

  1. «Ныхас лæджы каддджын дæр кæны æмæ æгад дæр.»

  2. « Ныхасгæнгæйæхиуыл хæцынц уæздандзинады бæрæгггæнæн у».

  3. «Ныхас кæнынмæ хи куыд цæттæ кæнын хъæуы?»

© 2010-2022