Изложение на осетинском языке 10-11 класс

Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Презентации
Автор
Дата
Формат rar
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ахуыргæнæг Бирæгъты И.Т.

.

Урочы темæ:Бæлвырд изложени текст «Планетон системæ»- мæ гæсгæ.

Нысан: Бацамонын бæлвырд изложенийы æмбарынад.

Тексты сæйраг хъуыды иртасын, цаутæ кæрæдзийы фæдыл бæлвырд фæткыл равæрын.

Ахуыр кæнын тексты лингвистикон анализыл.

Скъоладзауты интеллектуалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Урочы цыд.

1.Орг. момент.

II.Ахуыргæнæджы ныхас. Абон мах нæ урочы нæхи бацæттæ кæндзыстæм бæлвырд изложении ныффыссынмæ, равзæрстам ын йæ темæ, куыд арæзт у; йæ æвзаджы хъæд; скæндзыстæм ын (лексикон, синтаксисон, морфологион) анализ.

Æрбакæсут ма мæнæ ацы глобусмæ. Цы у глобус? Уый у не стыр Зæххы къаддæргонд модель, кæцыйы цæрынц æппæт дунейы цæрджытæ.Уæдæ ма кæсут Зæхх у нæ иумæйаг хæдзар, нæ сæрмæ ис нæ иумæйаг цар- арв,нæ къæхты бын пъол- зæххы цъар. Ис нын иумæйаг цырагъ, пец-Хур, иу донвæд- къæвдатæ, иу вентилятор- дымгæ.

Уæдæ цавæр у нæ иумæйаг хæдзар? Ис ын райдайæн æмæ кæрон? Йе ппæт сусæгдзинæдтæ йын адæймаг базыдта æви нæ?

Фыццаг космонавт Ю.Гагарин куы тахт космосмæ, уæд æм каст зæхх тынг стыр у, фæлæ йæ куы федта, афтæмæй зæххы алыварс æрзилæн ис суткæ æмæ æрдæгмæ.

  1. Абоны урокмæ уын радтон хæс бацæттæ кæнын чи уыдысты

Джордано Бруно

А.Эйнштейн

Хуры системæ

Планетæ Бонвæрнон

Меркурий

Марс

  1. Бацамонын дзырдтæ, дзырдбæстыты нысаниуджытæ.

Æрвон дунейы æгæрондзинад-

Æрвон буæрттæ-

Адæймаджы зондæй никуы схицæн-

Бон базонын-

Æвзалытуаг газ-

Иртасæн куыстытæ-

Физикон уавæртæ-

Автономон станцæтæ-

Дзырдты морфемикон æвзæрст. Дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ.

Дзырдуат.

Техникон амæлттæй-

Космосон æфсымæртæ-

Фæрæзджын-

Фыдзæрдæ-

Æндонæй арæзт лагъз-

  1. Ссарын дзырдтæм, дзырдбæстытæм

1.синонимтæ:

Бабар кодтой-

Ныхасы сæр-

Бирæгъы миниуджытæ-

2.Антонимтæ:

Зондджын-

Фæрæзджын-

Зæрдыл æрлæууын-

Зæрдæхæлар-

Æнамонд-

3.Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад:

Бæззынц, нысæнттæ, æрлæууыд,æвæццæгæн, зæхх.

4. Вазыгджын дзырдты растфыссынад

Удæгас, æвзалытуаг,уæлцъар,къахдзæф,зæрдæхæлар,Æппæтдунеон.

5.Вазыгджын мивдисджыты растфыссынад.

Уырнын кодта, хъуыды кæниккам, бамбарын кæндзыстæм, зæрдыл æрлæууыд,байгом уыдзæн.

4) Уæдæ ма мын зæгъут

Адæймаг æрдзы æппæт сусæгдзинæдтæ базыдта?

Цымæ цæмæ æнхъæлмæ кæсы æрдз адæймагмæ?

Цæмæй уыцы фæрстытæн дзуæппытæ радтæм, уый тыххæй байхъусут текстмæ.

5) Ахуыргæнæг кæсы текст.

Чиныг Майрæмыхъуаты Ф. Скъоладзауты изложении фыссынмæ цæттæ кæныны методикæ.Дзæуджыхъæу 2009 аз. 208 фарс.

6) Æрдз адæймаджы дары, зæхх у нæ иумæйаг хæдзар, фæлæ куыд æмбæлы, афтæ йæ нæ хъахъхъæны. Адæймаджы аххосæй æрцыд бирæ экологион катастрофæтæ.

-Видео.

7) Скæнын хъæуы цыбыр беседæ.

1.Джодано Бруно адæмæн цы уырнын кодта?

2. Адæймаджы зондæй цы нæ кæны хицæн?

3.Цы базыдтам Хуры системæйы тыххæй?

4. Цавæр фарстатæ дæтты адæймаг, цард кæм ис, ахæм планетæ куы ссара, уæд?

5. Цы ныффыста Эйнштейн фидæны цæрджытæм?

6.Æнгом дзырдбæстытæ:

Зондæй никуы схицæн, иухуызон цæстæй нæ кастысты, æрвон буæрттæ.

(Семæ дзургæйæ саразут хъуыдыйæдтæ)

7. Нæ тексты ис бирæ æлвæст номивджытæ.Цæмæй сæ раст фыссат, уый тыххæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм номивджыты тасындзæг

8)

1. Тексты хуыз цавæр у?

Тæрхæттæ таурæгъы элементтимæ.

2.Æвзаджы стиль та?

Наукон-публицистон.

3.Цал абзацы ис тексты?Цæмæн æрцыд дихгонд уал абзацыл?

4.Цавæр микротемæтæ(ВСИ) ис абзацы? Сæргæндтæ раттын.

5. Текстмæ пълан саразыныл куыст. Текст кæсын абзацгай.

1.Адæймаг æдзухдæр хъуыцды кодта, æрвон дунейыл цæрджытæ кæй ис, ууыл.

2.Фæстаг азты иртасæн куыстытæм гæсгæ Марсы физикон уавæртæ цардæн нæ бæззынц.

3. Фæлæ, зæгъæм, цард кæм ис, ахæм планетæ ссардтам.

4.А.Эйнштейны фыстæг дард фидæны цæрджытæм.

6. Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æгъдауæй равзарæм..

Уый зæрдиагæй уырнын кодта адæмæн, æрвон буæрттыл дæр удæгас цæрджытæ кæй ис, уый.

Чи зоны, уыдон махæй зæрдæхæлардæр сты, æмæ сæм бирæгъы миниуджытæ нал ис, стæй нацийы бындурыл кæрæдзи дæр не ргæвдынц.

9)Рафыссæм æнцойгæнæн дзырдтæ абзацгай.

10)Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут, цавæр сæргонд ма раттæн ис текстæн.

11)Иухатт ма кæсын текст.

Хатдзæгтæ.

Хæдзармæ куыст. Изложении «Планетон системæ»


© 2010-2022