«Юмор æмæ сатирæ Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзӕн»-ы. » 5 – ӕм кълас

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:











Гом урочы темæ:

«Юмор æмæ сатирæ Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзӕн»-ы.»

5 - ӕм кълас

















Ахуыргӕнӕг Хамыхъоты Ж.А.

42 - ӕм скъола

Урочы темæ: «Юмор æмæ сатирæ Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзӕн»-ы.»

Урочы хæстæ: Проблемон уавæртæ аразгæйæ,скъоладзауты хибарæй архайын кæнын; Ахуыргæнинæгты æфтауын хъуыды кæныныл, хи хъуыдытæ раст æргом кæныныл; Гуырын кæнын раст хъуыддæгтæ кæнынмæ тырнындзинад, царды фæзминаг уæвынмæ.

Урочы эпиграф: « Ирд æмæ аив æвзагæй радзырдта Коцойты Арсен, цы дуджы цард, уый тыххæй. Цы юморон æмæ сатирон ахаст æм уыд, уый æмхасæнæй равдыста йæ заманы адæмты сæ сахъаттæ æмæ сæ хорз миниуджытимæ».

Ардасенты Хадзыбатыр

Урочы цыд.

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнинæгты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.

- Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстӕм , уый базонынӕн уын ӕххуыс уыдзӕн нӕ дзырдбыд. Куы йӕ баххӕст кӕнӕм , уӕд ӕй базондзыстӕм , цы дзырдтӕ ӕмбӕхст дзы ис , уый.

Дзырдбыды фӕрстытӕ:

  1. Радзырд « Гигойы куадзæн» -ы авторы ном

  2. Дины кусæг.

  3. Радзырды авторы мыггаг.

  4. Дины кусæджы ном.

  5. Аивадон фæрæз, худы адæймаджы хицæн аиппытыл.

6. Куадзæн кæцы афæдзы афон вæййы?

1.А

Р

С

Е

Н

2.С

А

У

ДЖ

Ы

Н

3.К

О

Ц

О

Й

Т

Ӕ

Й

4.И

О

С

Е

Б

5.Ю

М

О

Р

6.У

А

Л

ДЗ

Ӕ

Г

Дзырдбыды дзырдтӕ: Арсен,сауджын,Коцойтӕй,Иосеб,юмор,уалдзӕг.

-Цавӕр дзырдтӕ нӕм рауад?

(Сатирӕ,юмор)

- Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут цы хонӕм сатирӕ? Цы у юмор?

- Цӕмӕй хицӕн кӕны сатир юморӕй?

- Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?( «Юмор æмæ сатирæ Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзӕн»-ы.» )

- Абоны урокмӕ эпиграфӕн райстон Ардасенты Хадзыбатыры ныхӕстӕ( Бакӕсын эпиграф)

- Урочы кӕрон мын зӕгъдзыстут , раст загъта Ардасенты Хадзыбатыр ӕви нӕ.

II.Къордты куыст(кълас дихгонд цӕуы 2 къордыл)

Бакӕсын сценкӕтӕм:

1-аг сценкӕ - Гиго ӕмӕ Пело куадзӕнмӕ хъыбыл схӕссын кӕм сфӕнд кодтой.

- Бакӕсут сценкӕмӕ ӕмӕ зӕгъут, сатирӕ дзы ӕвдыст цӕуы ӕви юмор? ( Ӕвдыст дзы цӕуы юмор)

2-аг сценкӕ - Сауджын Иосеб ӕмӕ диакъоны бацыд Гигойы хӕдзармӕ.

III.Тексты мидис ӕвзарын.

- Цы ӕвдыст ӕрцыд 2-аг сценкӕйы ? ( Сатирӕ )

-Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрд фыццаг сценкӕмӕ бакӕсгӕйӕ?

-Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрд дыккаг сценкӕмӕ бакӕсгӕйӕ?

-Куыд цардысты Гигойы бинонтӕ?

-Цӕмӕй бӕрӕг у мӕгуыр кӕй уыдысты,уый?

-Цы уыдис сӕ цин?

Цы уыдис сӕ царды нысан?

-Куыд уӕм кӕсы,хӕлӕг кӕнын,цӕстмӕмитӕ кӕнын,хиппӕлой уӕвын адӕймаджы хорз миниуджытӕ сты?

-Иу хатт ма зӕгъӕм уӕдӕ,цы у юмор?Цавӕр миниуджытыл дзы худы автор?

-Дыккаг сценкӕмӕ бакӕсгӕйӕ та уӕм цавӕр хъуыдытӕ сӕвзӕрд?

-Цавӕр адӕймаг уыд сауджын Иосеб?

-Куыд ын схонӕн ис?

-Йе ддаг бакаст та цавӕр уыд сауджынӕн? (бакӕсын ӕй чиныджы).

-Цавӕр хорздзинӕдтӕ фӕамоны Иосеб адӕм-Цавӕр хорздзинӕдтӕ фӕамоны Иосеб адӕмӕн? (бакӕсын ӕй чиныджы).

-Раст амындтытӕ сты уыдон?

-Коцойты Арсен афтӕ цӕмӕн зӕгъы: «Тынг уарзы Иосеб адӕмы,тынг мӕт сыл кӕны»?

-Гигойӕн йӕ царды уавӕртыл мӕт кодта ӕмӕ йӕм уымӕн бацыд?

-Цӕуылнӕ фӕтӕригъӕд кодта Иосеб мӕгуыр бинонтӕн?

-Ссарут-ма тексты кӕрон сауджыны ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ бакӕсут.

-Цы хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрд ацы ныхӕстӕ бакӕсгӕйӕ?

-Ӕцӕгӕй дӕр сын мӕт кодта сӕ сывӕллоныл?

-Зӕгъӕм-ма иу хатт цавӕр аивадон фӕрӕзы руаджы нын ӕвдыст ӕрцыд Иосебы дыдзӕсгомдзинад?

-Цы у уӕдӕ сатирӕ? Иу хатт ма йӕ зӕгъӕм.

-Цавӕр аивадон мадзӕлттӕй ма спайда кодта Коцойты Арсен йӕ радзырды?

(Диалогон ныхасӕй-бакӕсын гиго ӕмӕ Пелойы диалог;

абарстытӕй;

адӕмон ныхӕстӕй;

ӕмбисӕндтӕй.

IV.Равзарын ӕмбисӕндты мидис.

-Ӕмбисӕндтӕн лӕвӕрд сты сӕ райдайӕнтӕ,сӕ кӕрӕттӕ сын ссарут ӕмӕ сӕ баиу кӕнут.

а)Хӕлӕггӕнаги хӕлӕгӕй…(цӕры).

ӕ)Хиппӕлой уӕвын…(кады нысан нӕу).

б)Гуыргӕ ракӕнай,мӕлгӕ акӕнай-…(сауджынӕн пайда).

в)Лӕг йӕ гуыбыны фӕдыл куы цӕуа,…(уӕд йӕ кад бахӕрдзӕн).

V.Урочы хатдзӕгтӕ.

Дзырдуатон акростих саразын.

-Ныртӕккӕ та гыццыл ахъазӕм.

-Иосеб ӕмӕ Гигойы миниуджытӕй мын зӕгъут иугӕйттӕ.

(Гиго-хиппӕлой,Иосеб та-дыдзӕсгом).

-Сымах хъӕуы аныхас кӕнын Гиго ӕмӕ Иосебимӕ,саразын акростихтӕ диалогы хуызӕн.

хабедзен Гиго дины кусӕг,

иннӕты цӕстмӕ ывӕдза,

ппӕлыс ал хатт дзуар дӕ къухы,фтӕмӕй

пуй ӕрвылбонты

ӕдзӕсгом сайгӕйӕ

лӕг куы дӕ!Уый галиу митӕ куы кӕныс

охыл дӕ Иосеб оу-уау,Иосеб,цавӕр дӕ

йӕхи хӕс куы райста мӕгуыр адӕм дӕ бӕрны

Сывӕллӕттӕ кӕсынц сӕ акростихтӕ.

-Ирон адӕм рагӕй дӕр уыдысты уырнӕг адӕм.Ӕмӕ уӕлдай нӕу,цавӕр диныл хӕст у адӕймаг,уый.Дины кусджытӕ иууылдӕр Иосебы хуызӕн не сты.Коцойты Арсен дӕр йӕ радзырды дины кусджыты ныхмӕ нӕ дзуры,фӕлӕ нын равдыста дины кусджыты ӕппӕрццӕг миниуджытӕ,стӕй адӕм уыцы заман куыд талынг уыдысты,уый.Дины кусджытӕ хъуамӕ уой Хуыцауӕй аргъуаны ӕхсӕнсыгъдӕг хъуыды хӕсджытӕ.

VI.Урочы кӕронбӕттӕн(рефлекси).

-Ацы урочы уӕ ногӕй чи цы базыдта?

-Цы пайда уын фӕцис урок?

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

VII.Хӕдзармӕ куыст:I-аг къордӕн ныффыссын цыбыр нывӕцӕн Гигойы тыххӕй;

II-аг къордӕн ныффыссын цыбыр нывӕцӕн Иосебы тыххӕй.

5


© 2010-2022