Урочы тема. Санаты Уари. «Батæйы фырттæ»

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы тема. Санаты Уари. «Батæйы фырттæ».

Урочы нысан.1. Ӕрдзурын таурæгъы мидисыл, йæ хицæндзинæдтыл, адæмон таурæгътимæ абаргæйæ.

Бахахх кæнын, таурæгъы æппӕт варианттæ дæр уыцы иу бинонтыл кæй сты, уый.

2.Ахуырдзаутæм ирон адæмон сфæлдыстады бынтæм, ирон театралон аивæдмæ уарзондзинад рæзын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг. Скъуыддзаг ирон театры спектакль «Батӕйы фырттæй» магнитафоны лентыл кæнæ та пластинкайыл фыстӕй, артистты къамтæ,Батӕйы фыртты рольты хъазгæйæ,Бациаты Агуыдзы чиныг «Иры артдзӕст».

Урочы мидис.

Сбæрæг кæнын хӕдзармæ куыст.

  1. Раттын фӕрстытæн дзуаппытæ.

-Кæцы рæстæг æвдыст цæуы таурæгъы?

-Цавæр æгъдау æрæвæрдтой Тæгиаты Хъобангомы?

- Цæуыл фæбыцау сты Дуда æмæ Ахбол?

-Куыд сфæнд кодта Дуда Асланбегæй йæ маст райсын?

-Батӕйы фырттæ куыд равдыстой сæхи уыцы уавæры?

-Цы стæрхон кодтой кæсгон æлдæрттæ Асланбег æмæ Будзийӕн?

-Чи æрбалæууыд зын сахат Батӕйы фыртты уæлхъус?

-Куыд раирвæзтысты Аслӕнбег æмæ Будзи мæсыгæй?

-Сбæрæг кæнут уацмысы темæ æмæ идейæ.

2.Ссарын таурæгъы æмбисæндтæ æмæ сæ бакæсын.

«Де знæгтимæ ныхæй-ныхмæ æрлæууыдтæ, йе йæ ды амар,йе та дæ хъуамæ уый амара».

«Дардæй худгæ, фæсте та сын се счъилты нуæрттæ уадз».

«Лæг куы райгуыры,уæд цæры йе фсымæры тыххæй, мæлгæ дæр акæны уый тыххæй, хатыр дæр кæны уый тыххæй».

«Ехсы цæф æмæ карды цæф иу сты».

«Кæнджытæй кæсджытæ дæсныдæр сты»

«Æрцæуинаг чи уа, уымæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы».

«Саг фӕрӕтмӕ ӕрцыди»

«Æвзаг дур халы».

«Æфсымæры ард дæ фæдыл æфтыд фæуæд».

«Æвзæр тагъдæй хорз сындæг хуыздæр у.

Равзарын æмбисæндты мидис æмæ сæ ныффыссын литературӕйы тетрӕдты.

3) Ахуыргӕнӕджы раныхас.

Сывӕллӕттӕ, куыд уынут,афтӕмӕй Уарийы таурӕгъ «Батӕйы фарттӕн» йа сюжет у бынтон ӕндӕр .Фӕлӕ йӕ сӕйраг архайджытӕ,сӕ социалон ӕмӕ политикон уавӕртӕ сты амхуызон, ницы хицӕндзинад сӕм ис. Уӕлдӕр кълӕсты сымах базонгӕ уыдзыстут ноджыдӕр ма иу вариантимӕ- уый та ныффыста Мамсыраты Дӕбе.

Ирон театры репертуары ацы вариантмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль ахсы тӕккӕ ахджиагдӕр бынат- зӕгъӕн ис сызгъӕрин фонды иу хай.

Ӕваджиауы фӕлгонцтӕ сарӕзтой курдиатджын актертӕ Тӕбӕхсауты Бало (Бӕтӕ), Уататы Бибо(Аслӕнбег), Хъӕлӕгаты Федыр (Будзи) ӕмӕ иннӕтӕ. Хъыгагӕн, се ртӕ дӕр ацы дунейӕ ахицӕн сты, сӕ цӕхӕркалгӕ курдиатӕй сидзӕрӕй аззад ирон театр ӕмӕ уымӕй тынг фӕцудыдта йӕ астӕуцаджындз. Уыцы спектакль чи ӕраййафта ирон театрдзаутӕй, уыдонӕй алчидӕр йӕхи амондджын хоны, ахӕм бӕрзонд аивад койа нӕ, фӕлӕ хи цӕстӕй кай федтой, сӕ тыхджын къухӕмдзӕгъдӕй актерты арӕхстджын хъазтӕн арфӕ кӕй кодтой,уый тыххӕй.

Зын зӕгъӕн у, тагъд ма ацы спектакль сценӕйы ӕвӕрд ӕрцӕуа,уый, уымӕн ӕмӕ ахӕм стыр актертӕ нацимӕ райгуырынц ӕнусты дӕргъы иу хатт, кӕнӕ та уый дӕр нӕ.

Кӕд Санаты Уари ирон литературӕйы сӕвджын фӕд ныууагъта, Бӕтӕйы фыртты таурӕгъ фыццаджыдӕр уый кӕй ныффыста, уымӕй уӕд Табахсауты Бало,Уататы Бибо ӕмӕ Хъалӕгаты Федыр та ахӕм фӕд ныууагъта театралон айвады, Бæтæйы фыртты фӕлгонцтӕ афтӕ курдиатджынӕй кӕй сарӕзтой,уымӕй.

Тъымы-тъымамӕ сӕ кой уыдзӕн, цалынмӕ ма ирон айвад цӕра,уӕдмӕ.

2.Байхъусын спектаклӕй скъуыддзагмӕ магнитафоны лентыл кӕнӕ пластинкӕйыл фыстӕй. Равзарын, спектаклы къамтӕй цы ис,уыдон.

4.Скъоладзауты фысгӕ куыстмӕ бацаттӕ кӕнын.

А.Таурӕгъ хицӕн хӕйттыл адих кӕнын ӕмӕ саразын пълан:

1.Санаты Уарийы биографи.

2.Илийы хай куыд уарстой Хъобангомы.

3.Алыккаты Дудайы хӕдзары цы уынаффӕ кодтой?

4. Дуда Бӕтӕйы фырттӕм уазагуаты.

5.Цора мӕ Асланбеджы быцӕу.

6.Алыккатӕ ӕмӕ кӕсгон кънйӕзтӕ ӕрхъула сты Бӕтӕйы фыртты гӕнӕхы алыварс.

7. Хъобаны адӕмы уынаффӕ Апиаты къуыбырыл.

8. Бӕтӕйы фырттӕ архъулайа куыд раирвӕзтысты.

9. Дудайы мӕлӕт.

Пълан ныфыссын литературӕйы тетрадты, цӕмӕй дзы фысгӕ куысты рӕстӕг спайда кӕной.

А. Равзарын пъланы алы хай дӕр сывӕллӕттимӕ иумӕ, зынӕмбарӕн дзырдты мидис раргом кӕнын.

Б.Чиныгӕй бакӕсын хицӕн скъуыддзӕгтӕ( зындӕр амбарӕн бынӕттӕ)

В.Равзарын Асланбег, Будзи ӕмӕ Дудайы фӕлгонцтӕ.

Асланбег - уӕздан, хъӕбатыр, фыдалты агъдаутта цасты гагуыйау чи хъахъхъаны, уазагуарзон, хистӕрты фарн йӕ царды стырдӕр хорзӕх кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг.

Будзи дӕр йе фсымӕрӕй дӕлдӕр нӕ лӕууыд,- сыгъдӕгзӕрдӕ, хъӕбатыр, кадылмард адӕймаг.

Мамсыраты Дуд- ӕдзастуарзон, хин ӕмӕ кæлæн, фыдцъылыз адӕймаг,йе стырдӕр амонд- искӕмӕн фыдбон, фыдбылыз фенын,фыдми ракӕнын.

Урочы кӕронбæттӕн бамбарын кӕнын сабитӕн, иннӕ урочы сӕм фысгӕ куыст кӕй уыдзӕн,уый ӕмӕ сын бахӕс кӕнын, цӕмӕй ма иу хатт бакӕсой таурæгъ ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдыл хуыздӕр бадарой.



© 2010-2022