Эссе Мое педагогическое кредо

Дард Хурыскæсæны, царды стыр фæндагыл сабийы æрвитгæйæ, ныййарæг йæ хъæбулæн раарфæ кæны: « Хуыцау дæ хорз ахуыргæнæджы бар баканæд! Хистæр æмкусджытæй-иу фехъуыстон : « Исчи мæ куы афæрсы, дæ цот куыд сты, зæгъгæ, уæд сын мæ къласы хабæрттæ кæнынмæ фæвæййын.» Мæн-иу ацы ныхæстæ дисы  æфтыдтой. Ныр, мæ куысты ссæдзæм аз кæронмæ куы фæхæццæ кæны, уæд бамбæрстон: ·        Сывæллоны тыхстæй тыхсыс ·        Сывæллоны рыстæй риссыс ·        Йæ цинæй дæ хъæлдзæг Уыдæттæ хынцгæйæ, мæ хистæр æмкусджытæм...
Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Дард Хурыскæсæны, царды стыр фæндагыл сабийы

æрвитгæйæ, ныййарæг йæ хъæбулæн раарфæ кæны:

« Хуыцау дæ хорз ахуыргæнæджы бар баканæд!»

Æцæг ахуыргæнæджы ад æз бамбæрстон 35-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гокъоты Ермакæй.Æрмæст йæ уæздандзинады дæр уыд стыр хъомыладон хъару. Чызджыты къласы разамонæг уæвгæйæ, уый сси махæн хорз æмбал дæр, куырыхон хистæр дæр. Бавæрдта мæ зæрдæйы уарзондзинад мадæлон æвзагмæ æмæ ахуыргæнæджы куыстмæ. Фæлæ йæ сæйрагдæр «лæвæр» мæ нæу абон дæр рох! Цыма знон уыди, уайы мæ цæстытыл: фыццаг хатт Нармæ балц… Къостайы хæдзар… мæ ахуыргæнæджы зæрдæмæарфхъаргæ ныхас…

Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ?!

Цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау!?.

Мысын, цы диссаджы æнкъарæнтæ уыд мæ зæрдæйы: Мæнæ ам райгуырд КЪОСТА! Мæнæ ацы дуртыл уадысты йæ къæхтæ! Ацы хæхтæм зарыд йæ зæрдæ! Æвæдза, цы диссаг у цард!!! Мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста! Ахæм æнахуыр амонджын уыдтæн уæд! Æмæ мæ афтæ тынг бафæндыд зæрдæйæн дзырды бар раттын! Фæлæ уый фаг дзырдтæ мæ сæры нæ разынд… Уæдæй нырмæ хæссын мæ зæрдæйы уыцы æнкъарæнтæ! Æрвылбон сæ мæ скъоладзаутæн фæлварын сæ зæрдæты бавæрын. Уæдз уарзой нæ æвзаг, нæ Райгуырæн бæстæ! Уадз иу хатт уæддæр мæ фæрцы дæр иу сывæллонмæ Къостайы хæдзары раз йæ зæрдæйы фаг ныхæстæ мæ разынæд! Æдде бакæсгæйæ, цы хъæуы ахуыргæнæджы? Зон æрмæг æмæ йæ амон скъоладзаутæн.

Ахуыргæнæджы уæззау хæстæ бамбæрстон, скъолайы кусын куы райдыдтон, уæд. Хистæр æмкусджытæй-иу фехъуыстон : « Исчи мæ куы афæрсы, дæ цот куыд сты, зæгъгæ, уæд сын мæ къласы хабæрттæ кæнынмæ фæвæййын.» Мæн-иу ацы ныхæстæ дисы æфтыдтой. Ныр, мæ куысты фынддæсæм аз кæронмæ куы фæхæццæ кæны, уæд бамбæрстон:

  • Сывæллоны тыхстæй тыхсыс

  • Сывæллоны рыстæй риссыс

  • Йæ цинæй дæ хъæлдзæг

Ногдзинадæй ницы зæгъдзынæн : царды бындур уарзондзинад у, йæ аразæг хъару у æнæкæрон. Сусæг нæу, скъоладзау цы ахуыргæнæджы фæуарзы, уымæй кæны æфсæрмы æмæ йын йæ предметыл дæр у æнувыддæр. Хъомыл адæймаг цыдæр æнæраст хъуыддæгтыл йæ къух ауигъы. Фæлæ сабийы зæрдæ хъулон митæм æнæхатырдæр у.Кæддæр мын мæ мад фæдзæхсæгау загъта: « Сывæллоны зæрдæ йæ гыццыл тымбыл къухы йас йеддæмæ нæу! Ма йын æй фæриссын кæн, ма йæ асай!..» Уыдæттæ хынцгæйæ, мæ хистæр æмкусджытæм хъусгæйæ, скодтон хатдзæгтæ:

  • Ныййарæг мын бабар кодта, йæ царды йын зынаргъдæр чи ис, уый. Хъахъхъæн æй!

  • Ссар сабийы зæрдæмæ фæндаг, æмæ дзы уæд дæ бон уыдзæн байтауын хæрзмыггаг тауинаг.

  • Алы сывæллонмæ дæр кæс иухуызон рæвдаугæ цæстæй. Рæстæй дом алкæмæй дæр æмæ нæ фæрæдийдзынæ!

  • Дæхи рæдыдыл сæттын зон!

Зын у ахæм домæнтæ æххæст кæнын æрвылбон. Зын, фæлæ уымæн йæ бæркадджын тыллæг вæййы сабийы уарзт. Уæлдай æхсызгон мын уымæн вæййы, искæм уæвгæйæ мæ куы афæрсынц: « Ды, æнæмæнг, ахуыргæнæг дæ?!.»

Уæззау дурыл рог ныхæстæй не схæцдзынæ, стыр хъуыддаг та æрмæст загъдæй нæ сараздзынæ. Алы бон хъусæм : « Не 'взаг сæфы, иронау нал дзурæм…» Уый хыгъд ма суанг æрдззоныны æмæ математикæйы предметтæ кæмдæрты иронау скодтой.

Низ куы фæзыны, уæд ын йæ æддаг фæзындтæ дзæбæх кæнын нæ хъæуы, фæлæ йын йæ æфсон агурын хъæуы. Мæнмæ афтæ кæсы: фыдæлтæ нын цы хъæздыгдзинæдтæ ныууагътой, уыдон парахат кæныныл кусын хъæуы.

Хъæуы нацийы цæсгом равдисын: æгъдæуттæ зонынæй; ирондзинад кæй хуыдта Къоста, уый райрæзтыл архайгæйæ…

Æмæ уæд нæ нæртон æвзаг йæхæдæг йæ бынат бацагурдзæн, йæ гаччы абаддзæн.



© 2010-2022