Ирон литературæйы урочы пълан 6 къласы Урок бацæттæ кодта Остъаты Татьяна

Раздел Другое
Класс 6 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон литературæйы урочы пълан 6 къласы

Урок бацæттæ кодта Остъаты Татьяна

Темæ: Зыд æмæ кæрæфдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-ы

Нысан: Абарын Хетæгкаты Къ. басня «Марходарæг» æмæ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград»

Универсалон ахуырадон архайдтытæ Ахуырадон:

Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын тексты мидæг. Цалдæр текстимæ кусын.

Дыууæ уацмысы кæрæдзийыл абарст, анализ.

Коммуникативон:

Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын

Къордты кусын

Регулятивон:

Хатдзæгтæ аразын

Аив кæсын текст

Æрмæг: Басняты чингуыты равдыст, презентаци, карточкæтæ таблицæимæ Эпиграф: «Рагон адæймаг йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ алыварс акаст æмæ æрсагьæс кодта дунейыл, стæй йæхиуыл. Йæ размæ æевзæрд дыууæ фарстайы: куыд арæзту дуне, стæй адæймаг йæхи хъуамæ куыд дара? Фьццаг фарстæн дзуапп лæвзæрдта мифтæй, дыккагæн та - басняйæ»

Эзоп.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Уазджытæн салам раттын.

  1. Сывæллæттæ, нæ урок райдайын мæ фæнды дзырдбыдæй. Баххæст ма йæ кæнæм æмæ базонæм, нæ урочы абон цæуыл дзурдзыстæм, уый.

1 з

ы

м

æ

2 а

л

о

л

л

а

3 г

и

н

о

4 ф

ы

д

у

а

г

5 м

а

д

6 а

м

о

н

д

7 ф

ы

д

8 ф

æ

н

д

ы

р

9 к

а

д


Фæрсырдæм:

1.Хетæгкадты Къоста æмдзæвгæ афæдзы афонтæй иуы тыххæй

2.Авдæны зарæджы ном

3.Къостайы æмдзæвгæ гæдыйы тыххæй

4.Коммæ чи нæ фæкæсы, уыцы лæппуйы ном

5.Æппæтæй зынаргьдæр адæймаг сывæллоны царды

6.Къоста цæрæнбонты цæмæ бæллыд йæ адæмæн?

7.Къоста йае... Леуанæн стыр аргъ кодта

8.Къоста йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд цавæр музыкалон инструменты номæй схуыдта?

9.Ирон адæм Къостайæн кæндзысты ...

Цы дзырд уæм рауад сырх цæджындзы, уый ма бакæут. Цавæр литературон жанры фембаæлæм зондамындыл?

Эпиграфмæ рахизын æмæ йæ бамбарын кæнын

3- Цы у басня?

4- Басняты сæйраг архайджытæ чи вæййынц?

- Хæдзармæ уын лæвæрд уыди ахæм хæс: бацагурут æмæ бацæттæ кæнут æрмæг зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг басняфысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй, базонгæ нæ кæнут цы зонындзинæдтæ райстат, уыдонимæ.

1-аг ахуырдзау: Презентаци Эзопы тыххæй. Тотраты Аллæ.

  • Эзоп уыди рагон бердзенаг басняфыссæг, басняйы бындурæвæрæг. Царди æхсæзæм æнусы нæ эрæйы агъоммае. Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ бон рæстдзинад æргом дзурын нзæ уыд; уый тæссаг уыд йаæ цардæн. Фæсномыг ныхас кæй æрхъуыды кодта, уымæ гаæсгæ йæ ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».

Эзопæн йæ æддаг бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ цыргъзонд адæймаг, хорз арæхстис баснятæ фыссынмæ. Йæ баснятæ фыст уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй, цыргъзонд.

Таурæгьмæ гæсгæ, Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ тарстысты, сæ гæды, фæлывды митæ сын Эзоп куы рахъаер кæна æмæ адæмы цæсты куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмаей дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ хызыны сусæгæй нывæрдтой аргьуанæй ист сыгъзæрин къус. Схуыдтой йæ давæг, рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдззехæй раппæрстой. Æнаххос адæймаджы кæй амардтой, уый тыххæй сыл æрцыд тынг бирæ фыдбылызтæ.

2-аг ахуырдзау: Презентаци Тедеты Аланæ. Иван Крыловы тыххæй.

Уырыссаг басняфыссæг Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг тынг зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм февралы мин авдсæдæ æхсай фарæстæм (1769) азы. Йæ фыд службæ кодта æфсады, фесгуыхт Пугачёвы растады рæстæг. Амард мæгуырæй капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд уыд, уæддæр æрдзæй уыд тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ цот ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ æмæ хуыцаумæ кувыныл. Мин авдсæдæ æвдай цыппæрæм (1774) азы Крыловты бинонтæ æрцардысты Тверы. Иванæн ахуыр кæныны фадат фæцис цыппар азы фæстæ. Бынæттон хъæздыг лæг тынг фæдис кодта лæппуйы тырнындзинадыл ахуырмæ æмæ йын бар радта йæ сывæллæттимæ ахуыр кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ, математикæ, французаг æмæ италиаг æвзæгтæ.

Мин астсæдæ фарæстæм (1809) азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ: хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.

3-аг ахуырдзау: Презентаци Цхуырбаты Георги.

Жан де Лафонтен у зындгонд французаг поэт æмæ басняфыссæг. Царди æхсæрдæсæм æнусы. Йæ сывæллоны бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ йæ ныййарджытæ арвыстой Парижмæ, семинарийы барад ахуыр кэенынмэе.Фаестэемзе куы жрбазджхт, уаед уаед цард йае ныййарджытимэе. Иуцасдаер рэестэеджы фжстж Парижмае ацыд æмæ литературон куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс (12) басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымыдисаг, аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Равзæрстой йæ Французаг академийы уæнгæй.

  • Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?

  • Цавæр басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?

  • Чи нын æй æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл?

- Цавæр зондамынд райстам уыцы басняйæ?

  • Цавæр хорз миниуджытыл нæ ахуыр кæны?

  • Æвзæр миниуджытæй та дзы кæцытыл худы Къоста?

Цы зонындзинæдтæ райстам, уыдоныл ма ноджыдæр бафтаудзыстæм, цæмæй нæ миддуне хъæздыгдæр кæна, ууыл бацархайдзыстæм.

Хъазт

  • Ныр та мæ фæнды, цæмæй иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Уырны уæ...?». Алы партæйыл дæр ис сыфтæ таблицæимæ. Цифрæтæй æз фæбæрæг кодтон фарстаты нымæцтæ. Мæ алы фарст дæр-иу райдайдзынæн ахæм дзырдтæй «Уырны уæ...?» Кæд уæ фарст уырна, уæд дыккаг рæнхъы сæвæрдзыстут «+» нысан, кæд нæ, уад та - « -« нысан.

1

2

3

4

5

6


  • Цæттæ стут? Уæдæ райдайæм!

1)Уырны уæ, æмæ басняйы кæй у цыбыр уацмыс. Йæ архайджытæ сты зайæгойтæ, сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ дзы ныхас фæцæуы адæймаджы миниуджытыл?

2)Уырны уæ, басняйы адæймаджы хорз миниуджытыл кæй фæхудынц, уый?

3)Уырны уæ, басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй загь кæй æрцæуы, уый?

4)Уырны уæ, фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты, уый?

5)Уырны уæ, Хетæгкаты Къоста баснятæ фыста, уый?

6)Уырны уæ, баснятæ чи æрхъуыды кæны, уыцы адæймаджы басняфыссæг хонынц, уый?

7)Уырны уæ, басня прозæйæ фыст вæййы, уый?

Кæцы фарстатæ уæм фæкастысты зын?

Ныр та уал уæ сыфтæ иуварс авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы темæ куы раргом кæнæм, уæд.


  1. НОГ ÆРМÆГЫЛ КУЫСТ.

1. Радзурын таурæгь адæймаджы зыд æмæ æнæфсисы тыххæй Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мж. Кæсы йæ актёр Мерденты Юрий.

Равзарæм ма, цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы ис, уыдоны нысаниуæг.

2. Дзырдуатон куыст:

МАРХОДАРÆГ - комдарæг адæймаг. Дингæнæг адæймагæн афæдз иу мæйы дæргъы сойагхæрын нæ фембæлы. Уыцы бæрæгбон хуындис мархо.

Мархо чи дардта, уый та - марходарæг.

УРСАГ - æхсыр æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ.

МÆХЪИ - хохы фæхстæй хос цæмæй ластой, ахæм хъилтæ.

УÆРДÆХ - здыхст лыстæг уис, бæттæн, синаг.

ГУЫДЫНХЪУС - чъынды, гуыбындзæл, бирæхæраг.

3. Басняйы анализ

Чи сты басняйы архайджытæ?

(куыдз æмæ гæды)

Цæмæ у сæ каст сæ дыууæйæн дæр?

(сæ каст у фиумæ, сæ бæллиц сæххæссын æм, фæлæ уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не фты)

Цавæр сусæгдзинад æмбæхсынц сæ кæрæдзийæ куыдз æмæ гæды? (Сæ былыцъæрттæ хæрынц фиумæ, фæлæ уыцы хабарыл сæ иу дæр нæ сæтты). Басняйы тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг у?

(Уый бæрæг у куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм, цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй «Ма тæрс, æз мæ цардæн базыдтон æгьдау... Æз нал дæн мархохор дæуау»)

- Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын у уæ бон ацы баснямæ?

«Зыдгæнæг æфсис куы зон ид, уæд зыд дæр нæ кæнид»

«Бирæйæ бирæгь дæр не фсæды»

«Зыд æмæ кæрæфы æфцæгыл маргъдæр тæхын нæ уæнды»

«Лæджы цæстæн бафсис нæй»

«Цæст сыджыты йеддæмæ ницæмæй æфсæды»

«Хæлæггæнаг цармæ цъындæй кæсы»

« Гуыбындæлыл йæ гуыбын комдзог цæуы»

«Гуыбын дæ куыд фæхудинаг кæна, афтæ - ницы»

- Крыловы баснятæй уын уæ зæрдыл кæцы æрлæууын кодта? («Лисица и виноград» (байхъусын æм)

- Æнгжс сюжет ма ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры басня)

Ныр та ахæм хæс: Абарæм Къостайы æмæ Иван Крыловы баснятæ - цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæраедзийæ. Адих уыдзыстут къордтыл.

1-аг къорд сæхимæ бæрæг кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.

2-аг къорд та - сæ хицæндзинæдтæ. Æххуысæн уæ разы уыдзысты

басняты тексттæ. Алы къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау

(рæстæг 5 мин.)

Къоста. «Марходарæг» Крылов И.А

«Лисица и виноград»


  • Æрмæг куыд бамбæстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин)

IV.ТЕСТ

1.Басня у...

а) цыбыр радзырд

б) зондамонæн радзырд

в) цыбыр фæсномыг ныхасæй фыст уацмыс зондамындимæ

2.Басняйы архайджытæ сты...

а) адæм

б) цæрæгойтæ, мæргътæ, зайæгойтæ

в) адæм, сырдтæ

3.Баснятæ фыстой...

а)адæмы аиппытыл ахудыны тыххæй

б)хирастдарын куыд хъæуы, ууыл

в)ахудыны тыххæй

4.Йæ формæмæ гæсгæ басняйæн вæййы...

а)комкоммæ нысаниуæг

б)фæсномыг ахæсгæ нысаниуæг

5.Басняйы вæййы...

а)хатдзæг

б)хатдзæг дзы нæй, алчи йæ æрхъуыды кæны йæхæдæг

в)хатдзæг дзы на хъæуы

Раздæхæм ма нæ 1-аг таблицæмæ. Ногæй дзуапп раттæм нæ фарстатæн æмæ баххæст кæнæм 2-аг рæнхъ.

-Кæцы фарстатæм гæсгæ уæ хъуыдытæ фæхицæн сты?

-Цæмæн?

-Нæ урочы дæргъы дзуапп цавæр фæрстытæн нæ райстат?

Хатдзæгтæ

Цалынмæ хатдзæгтæ кæнæм, уадмæ алы рæнхъæй дæр сæрæндæр чи у, уыдон размæ рауайдзысты æмæ ацæттæ кæндзысты къулы газет.

V.Хæдзармæ куыст:

1.Аив кæсын басня «Марходарæг»

2.Саразын нывтæ баснямæ гæсгæ.


© 2010-2022