Сценарий литературно-музыкальной композиции Бессмертное имя Коста

Сценкæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ. Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы… Сау айнæджы рындзыл Нарыхъæу хуыссы… Даргъ æхсæв фыдбонæй Цардудæн хуыздæр… Рухс цæуы кæронæй, — Бадынц ма кæмдæр… Иу зæронд ыскъæты, — Гас хъæуы уæлдай, Аззади фæсфæды Ацы бæстыхай, — Ма дис кæ йæ бадтыл! — Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. Артдзæсты кæрæтгы, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, — Чи бæгънæг, чи гом… Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы, — Удхæссæг æввонгæй Ахæмты хæссы… Адæм æмбырд кæнынц. Долæ...
Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Сценкæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ.

Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, -
Бадынц ма кæмдæр…

Иу зæронд ыскъæты, -
Гас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, -

Ма дис кæ йæ бадтыл! -
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтгы,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, -
Чи бæгънæг, чи гом…

Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, -
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмты хæссы…

Адæм æмбырд кæнынц.

Долæт. Нал фæцæрдзæн мæллæг, æдых сывæллон дæр… Кæм ис нæ комы ахæм хъаруджын сылгоймаг, æмæ искæй æрдæгмард сабийы бæрны чи бацæуа. Мæлæтæй йæ чи фервæзын кæна? Нæ Хетæгкатæм ис, нæдæр Гуыбатæм ахæм адæймаг.

2 лæг. Искæй сылгоймаджы та цы хъуыддаг ис искæй сидзæримæ, алкæмæн йæхи сывæллæтты хъомыл кæнын йæ бон куы нæ у, уæд. Йæ мады чырыны йæ нывæрын хъæуы, уадз æмæ иумæ уой.

Хъуысы сывæллоны кæуын.

Фæссценæйæ. Чендзе, мæ гыццыл Годта дæ фæдзæхст…

Хъуысы сывæллоны кæуын. Чендзе бацыд сывæллонмæ, райхæлдта авдæны бæстытæ, систа сывæллоны, хъарм кæлмарзæны йæ æрбатыхта æмæ йæ йæ риумæ æрбалхъывта.

1 сылгоймаг. Ахæсс æй, ахæсс, мах дæр дын феххуыс кæндзыстæм, æмæ кæд саби фервæзид.

2 сылгоймаг. Уæларвон зæдтæ æмæ дæ адæм бузныг уыдзысты. Удыбæстæ скæндзынæ дæхицæн…

Чендзе бацыди хистæртæм. Сывæллоны йæ риумæ тынгдæр æрбалхъывта.

Чендзе . Фарн уæм дзурæд, стыр мыггаджы хистæртæ, иу ныхасы бар уæ курын.

- Зæгъ, зæгъ, дæ хорзæхæй..

Чендзе. Сабийæн ныххатыр кæнут, удæгасæй йæ мæрдтæм ма уадзут.. Æз æй мæхимæ исын æмæ уæ разы дзырд дæттын: йæ фервæзын кæныныл мæ уд нæ бацауæрддзынæн. Мæ цæсты гагуытæ дæр ын удхосæн фелвасдзынæн… Марияйы фæстаг фæдзæхст куы нæ сæххæст кæнон, уæд уæ разы мæхи мæгуыр зæрдæ аскъуыйæд!

1 лæг. Цы ныфсджын разынди Чендзе. Гъа, дæ цæрæнбон бирæ уæ.

Долæт. Бузныг, стыр бузныг, Чендзе, дæ уæздан ныхасæй! Дæ хуызæн ныфсджын æмæ хорз зæрдæйы хуызæн Хетæгкаты чындзытæй никæмæ разынди! Хетæгкаты æмæ Гуыбаты хистæртæ æууæндынц дæуыл, Чендзе, æмæ дын арфæ кæнæм! Уæд афтæ дæр: ахæсс Леуаны бындары, ацы адæм æмæ арв та æвдисæнтæ уæнт нæ астæу… Удыбæстæ скæндзынæ дæхицæн дæр…

Адæм фæхæлиу сты, Чендзе баззад иунæгæй, сывæллоны авдæны бæтты.

(А- лол-лай)

Къух дæ ауызын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
Стыр лæг мын ысуай!..
А-лол-лай!..

Ракæндзынæн дын мæ зарæг…
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
Урс уæрыкк дын уон!..
о, мæ бон!..

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
Сау хæххон куыстæй…
Ахуысс,цаей!..

Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
Бирæ мын цæрай!..
А-лол-лай!..

Скæнис хъугдзармаей æрчъитæ,
Къахис митбынæй мæхъитæ,
Стонг æмæ сыдæй…
Ахуысс, цæй!..

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…
Бадзурин дæм уæд æргомæй:
Мады зæрдæ зон,
О, мае бон!..

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ,
Ма сæ бафæллай!..
А-лол-лай!..



1 амонæг. Къоста.. Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыт раз сысты адæмы сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр.

2 амонæг. Дзыллæтæ хурыскастау йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты. Цардыл, фидæныл сæ чи æууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл æххæст кæны сæдæ фæндзай фондз азы.

Хадизæт. Чендзе! У-а-а-а, Чендзе! Дæ хъæбулы дын амардтой, Чендзе. Фæдис! Годтайы ныппырх кодтой! Улæфгæ дæр нал кæны.. Йæ хъустæй туг кæлы.. Йæ былтæ дæр тугæйдзаг.. Куыд æй надтой, куыд, уый куы федтаис, Чендзе, уæд дæ зæрдæ аскъуыдаид Годтайы тæригъæдæй. Ус-бирæгъ Хъызмыда йын йæ галиу къух æрцахста, Иуане та - рахиз. Æмæ йæ пъырыстыф та йæ ехсæй надта. Хъызмыда ма йын ноджы йæ хъустæ дæр ивæзта, йæ фындз-иу ын сыздæхта æмæ хъæр кодта: «Маринаг дæ, маринаг!» Тугæй йæ цæсгом самæст, уæддæр æй надтой…

Чендзе. Уæдæ мæ мæгуыр хъæбул нал и, нæ?

Хадизæт. Долæт æй фервæзын кодта, Долæт! Уый сын æй сæ къухтæй скъахта.

Æрбацыд Долæт, йæ къухты Къоста

Чендзе Къостайы йæ хъæбысмæ райста.

Чендзе. Ахæм фыдмитæ бакæнын йæ цæст кæмæн бауарзта, сæ хъæстæ аскъуыйа? Кæмæн цы ракодтай, мæ хъæбул. Уæ дæ ныййарæг йæ сау ингæны фæуынæргъа! Кæмæн дæ ныууагъта уæлæуыл, кæмæн!

Къоста. Нана! Чендзе! Нæхимæ нал цæуын, ам лæууын! Æртæйæ мæ надтой, æртæйæ!

Долæт. Чендзе, дæ хорзæхæй, суадз сывæллоны, йæ цъæрæмыхсттæм ын азилон. Тæссагæй дзы ницы ис, фидардæр, хъæбатырдæр лæг суыдзæн. Цæй куыд у? Мæ хос дын æххуыс кæны?

Къоста. Мæ буар судзгæ кæны. Фæлæ уыйбæрц на рисы. Тынг стонг мын у. Исты куы ахæрин, уæд мæ ницыуал риссид.

Чендзе. Мæ мæгуыр сидзæр, мæ урс уæрыкк, хæринаг дын ничи авæрдта, нæ?

Долæт райста хъисынфæндыр.

«ХЪУЫБАДЫ»

Сæрдæй, зымæгæй,

Гуыбыр, тызмæгæй,

Йæ кæрцы мидæг,

Ныхасы бады

Зæронд Хъуыбады,

Нæ фæндырдзæгъдæг...

Кæйдæр дзæгъæлзад,

Лæппуйæ баззад

Йæ сау бындурыл...

Кæдæм-иу бафтыд,

Уым-иу фæкафыд

Кæрдзыны мурыл...

Бæгънæг, бæгъæввад,

Ыстонг, уысмæн над

Хуыцауы рæстæй!

Цъыфæй ныррæсыд, -

Хæфсытæ уасыд

Йæ къахы скъуыдтæй...

Бын бауай, иунæг,

Дзыллæтæй иу лæг

Кæй нæ рæвдыдта!

Фæсмон фæкæна,

Мæрдты дзыназа,

Дæу чи ныййардта!..

Сæрдæй, зымæгæй,

Гуыбыр, тызмæгæй,

Йæ кæрцы мидæг,

Ныхасы бады

Зæронд Хъуыбады,

Нæ фæндырдзæгъдæг...

Чидæртæ. Леуан, Леуан æрбацæуы

Сывæллон йæ сæр систа, сындæггай цæст ахаста æмæ загъта:

Къоста. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд…

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…


Леуан баззайы сценæйыл, иннæтæ ацæуынц, рацæуы стыр Къоста.


Леуан. Цы уыдзынæ, цы лæппу? Цы уыдзæн дæ фидæн?

Къоста. Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? -
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл
Нæ барын мæхи, -
Ныууадз мæ мæ адыл, -
Фæндон хорз кæм и?!.

Леуан. Уæддæр цы уыдзынæ, цы?

1 амонæг. Кæд уæззæу уыдысты Костайы саби бонтæ, уæддæр тырныдта зонындзинæдтæм, ахуырмæ. Нары райдиан скъола, Дзæуджыхъæуы прогимназ, Стъараполы гимназ.

2 амонæг. Стъараполы гимназы тынг хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хохаг адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты. Нарон уæлыгæсæн йæ зæрдæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй.

1 амонæг. Уайтагъд чысыл æмбæлттæн Къоста балхон сси алы хорз хъыддæгты: фыссы уырыссагау таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, æвдисы æмбисонды нывкæнынад. Къостайы дарддæры царды фæндагæн стыр æххуыс бакодта йæ ахуыргæнæг Смирнов.

2 амонæг. Мин астсæдæ æстай фыццæгæм аз. Къоста иттæг хорз ахицæн кодта фæлварæнтæ æмæ сси Бетъырбухы айвæдты академии студент

1 амонæг. Тугъанты Махарбег фыста : « Коста вынес из стен Академии мировоззрение художника-демократа и навыки художника реалиста. Слайды его картин.

Проснулся царственный Казбек,
Приветствуя Восход румяный.
Долины быстротечных рек
Покров сбросили свой туманный.
Лениво выползают горы
Из облаков... Проснулся лес,
И птиц восторженные хоры
Благословляют ширь небес.

Зæронд лæгтæ бадынц ныхасы. Къоста фæзынд сценæйы.

Къоста. Фæхæссон-ма, загьтон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, -
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

1 амонæг. Фæлм бады уазæджы цæстыты Кæдæй йæм кастысты æнхъæлмæ Йæ фæсидт, йе сныхас, йæ хъæрмæ. Нар нал ис бабыхсæн мæстытæн, Æмæ йын райдыдтой хъæстытæ.

1 лæг. Паддзах, хъæуыхицау, жандармтæ, Нæ туг нын дойныйæн ныуазынц, Нæ царм нын хъалонæй ыстигъынц.

2 лæг. Кæмдæрид исынц нын нæ бартæ Ныккалд ныл се 'нæуæнк. Нæ фæдыл балбирæгъау зилынц.

3 лæг. Нæй зæхх - кæм азæлæм, кæм кусæм, Зымæг зæйласт кæнæм мыггагмæ.

Долæт. Сæрд та æрра дæтты лæсæнтæ Фæззæг кæфойыдзаг нæ муссы. Кæдæм ма фесафæм нæ сæртæ. Фæхауæм сæрсæфты фыддомдæй.

1 амонæг. Къоста сæм фæхъуыста æмырæй, Æмæ йæ риуы райгуырд «Додой».

ДОДОЙ

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, -
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,
Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…

Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,
Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, -
Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, -
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…
Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, -
Гъе, мардзæ, исчи! - бынтон сæфт кæнæм!

Къоста. Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -
Дунеты се 'ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

2 амонæг. Рацыдтæ иунæгæй «Додой ныззарыдтæ, федтай зын цард. Де знаг дæ ахаста дардмæ дæ адæмæй, кодтай æнкъард.

«Æнæ хай»

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? - Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугьы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард …
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

Къоста фæссценæйæ. О, бонты фарн! Мæ хъиутæ тонгæ цардтæн æз дард Херсоны. Зарæгау нæ Ирмæ нывæзтон æз мæ сагъæсты къуыбылой.

1 амонæг. Бæстæйы сабырдзинадæн тæссаг адæймагыл нымадтой паддзахы хицауад Къостайы æмæ йæ нæ уагътой йæ уарзон Ирыстоны цæрын, фæлæ сын никуы бантыст поæты зæрдæ басæттын.

2 амонæг. Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поæты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйы, дунейыл.

Къоста фæссценæйæ. Везде для всех я песнь свою слагаю.

1 амонæг. Къоста тынг бирæ уарзта сывæллæтты, ныффыста сын ссæдз æмдзæвгæйы æмæ сæ рауагъта хицæн чиныгæй. Се 'взаг у зæрдæмæдзæугæ æмæ æнцон. Сывæллæттæ тынг бирæ уарзынц Къостайы æмдзæвгæтæ.

( сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

1 амонæг. Стыр фыссæгæн йæ цард дæр стыр æмæ бирæвæрсыг вæййы. Къоста цардис Ирыстоны цардæй. Уымæн йæхи сæрмагонд цард нæ уыд.

Хонгæ.

Сценкæ Аннæимæ

Аннæ. Цы дыл æрцыд, æппын дæ куы не мбарын?

Къоста. Ды зондджын уыдтæ, зыдтай, нæ цард нæ рауайдзæнис иумæ.

Аннæ. Къоста!

Къоста. Æмæ мын фараст азы дзуапп нæ лæвæрдтай. Æз та æнхъæлмæ кастæн. Ныфс мæ уыди, æрцæудзæни рæстæг . Æмæ мæм хурау ракæсдзæнис Аннæ. Ныр иу къуыримæ басасти мæ ныфс.

Аннæ. Къоста. Зæгъ мын. Цы у!

Къоста. Æз дæ куырдтон, кæд искæй уарзыс, кæд, Дæуæн мæудæй адджындæр у исчи, Уæд мын æй зæгъ. Ды мæм æргом нæ разындтæ, Æмбæхст уыдтæ мæнæй.

Аннæ. Фæдзырдтой дын.

Къоста. Радыйис! Æз дам-думтæм нæ фæхъусын. Дæ цард, дæ баллицтыл фæсагъæс кодтон бирæ, Фæбарстон сæ нæ уавæртыл… Мæ зæрдæйы дæ уарзондзинад амард…

«Хæрзбон»

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…

Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферохкæндзынæ,
Ферохкæндзынæ иннæбон мæ ном…

1 амонæг. 1897 азы Къоста рахаста дыууæ операцийы. Дыккаг операцийы размæ фыссы æмдзæвгæ «Перед операцией».

Как знать,- смогу ль еще рифмованные звуки Беспечно окрылить волшебною мечтой, Иль я их отравлю тоской предсмертной муки, Тоской безвестности пред дверью роковой? Как знать,- и этот стих несчастного поэта Не есть ли только бред, не есть ли только стон И страстный, дикий вопль прощального привета Всему, что он любил, чему молился он?.. О, если это так, то все мои страданья Теперь, о родина, признаньем искуплю: Все помыслы мои и все мои желанья Одну имели цель - снискать любовь твою.

Къоста размæ рацыд.

Къоста. Амард мæ фыд. Цардыл мыл ницыуал æмæ ничиуал хацы а дунейыл. Сисин мæ къух мæхимæ, фæлæ уый æлгъыст у Хуыцауы раз…

«Зонын».

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,

Бавæрдзыстут мын мæмард,

"Рухсаг у, рухсаг, - зæгъдзыстут,

Ницæмæн уал уыд дæ цард!"

Зонын, æргæвддзыстут исты, -

Мардыл ма чи дары ком? -

Алчи æфсæстæй мæ хисты

Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн, -

Ничи уал зондзæн мæ цырт.

Къоста лæууы æнæдзургæйæ. Стæй кæсы.

Къоста. Амонд… æрра дæн, цæй амондмæ дзурын!

Ацы рæстæджы та амонджын чиу?

Нæ, æз Хуыцауæй æндæр цыдæр курын…

Базон-ма, циу?

Фæндыры цагъд æнкъард мелодийæ рахызт симдмæ.

1 амонæг. Къоста бæллыд ирон адæмы иудзинадмæ. Симд та у ирон адæмы иудзинады кафт.

Симд.


2 амонæг. Азтæ цаудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не 'рмынæг уыдзæн. Раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфалдыстадæй.



© 2010-2022