Ирон дæн æз Хуыдæлты Дзамболаты сфæлдыстадон куыст, 10 кълас

Адæймаг дунемæ куы фæзыны, уæд ын цардæй стыр хæрзиуæгæн лæвæрд æрцæуы Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаг.          Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх. Уыдон мады ад кæнынц. Алы адæймагæн дæр йæ зæрдæйы арф æвæрд  вæййы йæ райгуырæн зæхх: мады фыццаг рæвдыд æмæ хуры рухс кæм фены, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, йæ номдзыд фыдæлты культурон æмæ историон цыртдзæвæнтимæ цы бынæттæ баст сты, уыдон.
Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон дæн æз

Хуыдæлты Дзамболаты сфæлдыстадон куыст, 10 кълас

О ме сфæлдисæг, стыр Хуыцау!

Æз арфæгонд фæдæн дæуæй-

Кæй мæ раттай зæххыл иронæй.

Адæймаг дунемæ куы фæзыны, уæд ын цардæй стыр хæрзиуæгæн лæвæрд æрцæуы Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаг.

Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх. Уыдон мады ад кæнынц. Алы адæймагæн дæр йæ зæрдæйы арф æвæрд вæййы йæ райгуырæн зæхх: мады фыццаг рæвдыд æмæ хуры рухс кæм фены, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, йæ номдзыд фыдæлты культурон æмæ историон цыртдзæвæнтимæ цы бынæттæ баст сты, уыдон.

Мæрдты сызгъæрин талатæ суадзай, Кочысаты Мухарбег, ацы зæрдæбын ныхæстæ чи ныууагъта:

"...Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,

Дæуæн æмбал кæм и!

Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,

Зæгъ-ма мын, чи у, чи?"

Мæнæн мæ Фыдыбæстæ у мæ чысыл Ирыстон. Чысыл-асæй, хъæзæдыг - йæ историйæ, егъау - йæ номдзыд æмæ разагъды лæгтæй.

Алы адæмыхатт дæр хайджын у йæхи фæзминаг миниуджытæй.

"Адæм арвы айдæн сты"- афтæ баззад фыдæлтæй. Нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы хъамайы фындзтæй цы истори фæфыстой, уым алы нæлгоймаг дæр йе стыр хæсыл нымадта йæ адæмы кад æмæ намыс, йæ фыдыбæстæйы сæрибардзинад бахъахъхъæнын. Уыцы тыхджын æгъдау нын баззад нæ номдзыд фыдæлтæй - алантæй. Ирон фæсивæд хæстмæ кæддæриддæр цæттæ кæй уыдысты, уымæн æвдисæн Нарты кадджыты эпос.

Тохы быдырмæ хъæбулы фæндарастгæнгæйæ, мад кæддæриддæр фæдзæхста:"Уæлахизимæ -иу сыздæх! Худинаг дæ сæрмæ маʼрхæсс! Ирон лæджы ном ма фæхудинаг кæн!"

"...Фæцæут Сослан æмæ Тотрадзы хæцæн бынатмæ æмæ кæд разæй цæф уа мæ фырт, уæд- иу æй æрхæссут; æз кæуынæй мæхи бафсадон æмæ йæ нæ уæлмæрдты бавæрæм; кæд фæсте цæф уа, уæд æй искуы фаджысы баныгæнут - уæлмæрдты ныгæнын аккаг нæу, уымæн æмæ уæд лидзгæ кодта æмæ афтæмæй фæцæф."

(Нарты кадджытæ)

Уый уыдис ирон сылгоймаджы карз тæрхон йæ сæфт хъæбулæн. Ахæм æвдисæнтæ та ирон литературæйы Æфхæрдты Хæсанæйы мад Госæма, Хазбийы, Чермены, Таймуразы мадæлтæ.

Æрмæст хорз цотæй у мад кадджын æмæ сæрыстыр. Æрмæст кадджын æмæ сæрыстыр сылгоймагæн йæ бон у схъомыл кæнын хæрзуд, хъæбатыр,

рæстзæрдæ, фæзминаг, кадæджы аккаг байзæддаг. Æз ныфсджынæй æрæвæрин ацы сылгоймæгты æмрæнхъ мæ фыдымад Хуыдæлты Варварæйы.

О, æз уарзын æмæ сæрыстыр дæн мæ ирон адæмæй. Ирон адæм раттой дунейæн ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг, поэт æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы, æппæт дунейыл хъуыстгонд ахуыргонд Токаты Гогийы, стыр ахуыргонд Абайты Васойы, зындгонд дирижер Джерджыты Валерийы.

Æз сæрыстыр дæн мæ фыдæлтæ Уæлладжырæй кæй сты, Алагирæй. Ардыгæй рацыдысты бирæ фысджытæ æмæ аивады архайджытæ: Барахъты Гино, Цæгæраты Максим æмæ Гиго, Æгъуызарты Æхсарбег, Цихиты Маирбег, Икъаты Маирбег, Суанты Ким æмæ Хъазбег.

Æз сæрыстыр дæн Хуыдæлты мыггагæй, сæ номдзыд лæппутæй.

Уымæн æвдисæн нæ мыггаджы истори.

Хуыдæлты мыггаг рацыдысты Æрхонæй. Ам æрвадиуæг кæнынц Гаджитимæ, Икъатимæ, Æлбегтимæ. Бирæ æнусты дæргъы фæцардысты æнгомæй, хæларæй.

Хуыдæлтæ уыдысты дæсны куырдтæ. Кодтой хæцæнгарз: хъаматæ, æхсæргæрдтæ, стæй ма суанг æхсон хæцæнгарздæр. Революцийы рæстæг сæхи хъæбатырæй равдыстой Хуыдæлты Тасолтан, Сæрæби, Темырболат, Быдзыго (Барис).

Быдзыго ма Шкуройы æфсæдтимæ дæр тох кодта Кисловодскы бынмæ. Фараст цæфы уыдис. Урсгвардионтæ йæ сæхæдæг цалдæр уæззауцæф æмбалимæ арвыстой Кисловодскмæ уæрдоны. Ома,

"...Уадз æмæ адæм зæгъой, урсытæ æбуалгъ митæ кæй нæ кæнынц, уый".

Быдзыго, Темырболат, Сæрæби, Тасолтан - иууылдæр аирвæзтысты уыцы тохы тымыгъæй. Ссардтой сæ фæрныг къонатæ.

Мæ зæрдыл æрлæууы ахæм таурæгъ.

Раджы заман бирæ адæмтæ хицæн зайæгойты, мæргъты, хъæддаг

цæрæгойты нымадтой сæ равзæрæг фыдæлтыл.

Ирон адæмы фыдæлтæм дæр арс, саг, бирæгъ, хъæддаг хуы, цæргæс, калм, халон уыдысты иуæй-иу мыггæгтæн кувыны аккаг.

Хуыдæлтæ, Хуыцъистатæ, Хуыдартæ, Хуыбецтæ, Хуыгатæ сæхи фæдзæхстой хъæддагхуыты æмæ æрсыты бардуаг - Æфсатийы кæстæр æфсымæрХуыджыры, кæнæ Хуыджерийыл. Ацы мыггæгтæ хъæддаг хуытыл цуан нæ кодтой, Хуыцаумæ кувгæйæ, куырдтой: "Нæ кæстæртæ уæнт фидар зæнг, хъæддыхбуар, хъаруджын, фæразон нæ рагфыдæл Хуыджерийы хуызæн..."

Дард балцы уæвгæйæ, кæнæ зын сахат Хуыцау æмæ Уастырджимæ скувыны фæстæ, сæхи фæдзæхстой сæ рагфыдæл Хуыджырыйыл.

О, ирон дæн æз, æмæ сæрыстр дæн Хуыдæлты мыггагæй.

Сæрыстыр дæн ныртæккæ Æрхоны дзуары лæг Хуыдæлты Сæхæнджерийæ.

Сæрыстыр дæн мæ фыдыфыд Хуыдæлты Дзбеттæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, сыздæхтис Сырх тырысайы 3 орденимæ æмæ 4 майданимæ.

Хъæздыг æрмæг æрæмбырд кодта, ирон цардыуаг музей æмæ йæ балæвар кодта Алагиры музейæн.

Фæнды ма мæ зæгъын уый дæр, æмæ нæ мыггаджы лæгтæ здæхт сты аивадмæ: ис нæм кадæггæнджытæ, зарæггæнджытæ.

Сæрыстыр дæн мæ фыдыфсымæр Хуыдæлты Валерийæ - Алагиры районы Стыр Ныхасы сæрдарæй.

Сæрыстыр дæн мæ фыдымад Хуыдæлты Варварæйæ. Дыууиссæдз азæй фылдæр бакуыста Алагиры 3 астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Цал æмæ цал сывæллоны ахуыдта ахуыры фæндагыл, цал æмæ цал сывæллоны зæрдæйы сæвзæрын кодта стыр уарзондзинад Фыдыбæстæмæ.

Мæхæдæг царды нырма фидар къахдзæфтæ нæма акодтон. Мæ хæс у ахуыр кæнын æмæ йæ намысимæ æххæст кæнын.

Дарддæр дæр мæ ныфс ис, кæй нæ фæдæлдæр кæндзынæн Хуыдæлты мыггаджы кад. Архайдзынæн кад æмæ радимæ хæссын ирон лæджы сыгъдæг ном.

О, ирон дæн æз, æмæ ма мæ ныхас фæуын фæнды ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæй:

"Мæнæн, мæнæн, нæ сахъ фыдæлтæ

Нæ ныууагътой бынтæн сæ фæстæ

Сæ галуантæ, сæ дард хæтæнтæ,

Сæ даргъ æнæкæрон цъæх фæзтæ.

Ныууагътой мын сæ фарн æмæ сеʼхсар,

Сæ лæджыхъæд, сæ намыс, сеʼфсарм,

Хæлæрттæм уарзт æмæ фæндаг,

Сæ рæсугъд азæлгæ æвзаг.

Æмæ сæ æз хæссын мæ туджы,

Хæссын нæртон лæгау, хæссын.

Мæн нʼазæлгæ нæрæмон дуджы

Кæнынц æхсарджын æмæ ныфсджын."


© 2010-2022