ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Открытый урок по спецкурсу «Организация внеурочной деятельности учащихся по осетинскому языку и литературе в классах, работающих в условиях ФГОС ООО»

Саутæты Альмæ, 25 скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Урочы темœ: Барахъты Гино «Æмбœлттœ ».

Урочы нысан: 1. Рацыд œрмœг зœрдыл œрлœууын кœнын.

2. Сывœллœтты базонгœ кœнын Барахъты Гинойы цард ӕмӕ сфœлдыстадимœ.

3. Ахуырдзауты зœрдœты гуырын кœнын уарзондзи­над œмбалмœ.

Урочы метод: Эксперимент.

Урочы тип: Ног œрмœг бацамонын.

Урочы фœлгонц: Хетӕгкаты Къостайы ныв «Дурсӕтджытӕ», чингуытœ, дидактикон œрмœг, œмбисœндтœ, таурœгъ, зарӕг «Хорз ӕмбал», компьютер, интерактивон фœйнœг, презентации.

Эпиграф: « Æмбалы хорзœх уœ алкœй дœр уœд» Чеджемты Æхсар.

Урочы цыд.

  1. Ахыргӕнӕджы разныхас.

  2. Сывœллœтты цœттœдзинадмœ хъус œрдарын.

  3. Ахуыргӕнӕг: Урокты зонгӕ кодтам Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ. Йе сфӕлдыстад у тынг цымыдисаг. Нӕ ахуырдзау Хететы Дианӕ лӕмбынӕгдӕр цы проектон куыст бакодта уыимӕ уӕ ныртӕккӕ базонгӕ кӕндзӕн. (Презентациимӕ.)

Дӕ хорзӕхӕй Дианӕ, дӕттӕм дын дзырды бар.

Ахуырдзау: Бузныг.

Уӕ бон хорз.

Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстад. Ӕрӕджы базыдтон Къоста ӕрмӕст поэт кӕй нӕу, фӕлӕ ма фыццаг ирон нывгӕнӕг дӕр кӕй у, уый.

Слайд. Хетӕгкаты Къостайы къам.

Мӕхӕдӕг дӕр уарзын ныв кӕнын, цӕуын не скъолайы фӕсурокты цы нывгӕнджыты къорд ис уырдӕм.

Слайд Дианӕйы хи конд нывтӕ.

Ахуырдзау: Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис йӕ хуыздӕр нывтӕй иу «Дурсӕттджытӕ».

Слайд ныв «Дурсӕттджытӕ».

Ахуырдзау: Нывы уынӕм диссаджы ӕрдз. Дардӕй зынынц хӕхты урс цъуппытӕ. Цъӕх арвыл мигътӕ сабыргай лӕсынц. Рӕсугъд ӕрдзы хъӕбысы Къоста равдыста дыууӕ хохаг лӕппуйы. Сывӕллӕттӕ сты мӕгуыр. Архайынц фӕндаджы арӕзтады. Сӕ уӕлӕ бызгъуыртӕ, сӕ буар гом, фӕлӕ сты цардбӕллон.

Бузныг Дианӕ, дӕ цымыдисаг проектон куыстӕн.


  1. Сывӕллӕттœ, базонын нӕ хъӕуы ацы дзырдбыд. Дзырдбыды ӕмбӕхст ис дзырд.

1. Афӕдзы афон. (Сӕрд.)

2. Арс цы уарзы? (Мыд.)

3. Хӕдзарон маргъ. (Бабыз.)

4. Къостайы чиныг «Ирон …». (Фӕндыр.)

5. Фӕткъуы цӕуыл зайы? (Бӕлас.)

6. Зымӕджы цы уары? (Мит.)

7. Цъиуы хӕдзар. (Ахстон.)

8. Бирӕ бӕлӕстӕ. (Хъӕд.)



С

Æ

Р

Д






М

Ы

Д






Б

А

Б

Ы

З



Ф

Æ

Н

Д

Ы

Р


Б

Æ

Л

А

С




М

И

Т





А

Х

С

Т

О

Н





ХЪ

Æ

Д




Ахуыргӕнӕг: Цавӕр дзырд нӕм рауади уӕлейӕ бынмӕ кӕсгӕйӕ ?

Ахуырдзау: «Ӕмбӕлттӕ».

Ахуыргӕнӕг: тынг раст.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ нӕ урочы темӕ уыдзӕн цавӕр?

Ахуырдзау: «Ӕмбӕлттӕ».

Ахуыргӕнӕг: тынг раст.

Слайд. Ацы нывмӕ 'рбакӕсут ӕмӕ зӕгъут, цымӕ чи сты адон кӕрӕдзийӕн?

Ахуырдзау: Уыдон дӕр сты ӕмбӕлттӕ.

5.Ахуыргӕнӕг: Абон скъоламœ цœугœйœ мемœ фœраст дзырд «œмбал», ирон œвзаджы рœсугъддœр œмœ мидисджындœр дзырдтœй иу.

Равзарœм - ма йœ лœмбынœгдœр.

(Иумœ бœлвырд кœнœм дзырдœн йœ нысаниуœг œмœ сусœгдзинœдтœ (этимологи)).

Сабитœ агурынц синонимтœ дзырд «œмбал» - мœ (хœлар, œрдхорд, лымœн).

  1. Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ радзырд «Ӕмбӕлттӕ» ныффыста ирон зындгонд фыссӕг Барахъты Гино.

Барахъты Гино райгуырди 1890 азы Цӕгат Ирыстоны Уӕлладжыры комы Бызы хъӕуы. Гино бирӕ уарзта сывӕллӕтты ӕмӕ сын ныффыста бирӕ радзырдтӕ.

7. Ахуыргӕнӕг: Нӕ урочы темӕмӕ эпигрӕфӕн райстон Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ «Ӕмбалы хорзӕх уӕ алкӕй дӕр уӕд».

Урочы кӕрон ӕм раздӕхдзыстӕм ӕмӕ йыл бӕстондӕр ӕрдзурдзыстӕм.

Уœ зœрдыл ма œрлœууын кœнут радзырд ӕмӕ зӕгъут иууыл дзырдтœ уын ӕмбӕрстгонд уыдысты.

Ракœсут ма нӕ интерактивон фœйнӕгмӕ (зынœмбарœн дзырдтœ нывты хуызы кœсынц радыгай).

8. Дзырдуатон куыст:

Бœгъœввад - босой

Æргъом - вязанка, ноша, тяжесть

Ӕмпъызтытӕ - заплатки

Тœскъ, чыргъӕд - корзина

Уафс - подошва

2. Текстыл бакусын. Дӕттынц дзуапп фӕрстытӕн.

Ахуыргӕнӕг :Чи уыдысты Мыдзоцц ӕмӕ Дзодзыкк?

Ахуырдзау: Мыдзоцц ӕмӕ Дзодзыкк уыдысты ӕмбӕлттӕ.

Ахуыргӕнӕг: Кӕм цардысты дыууӕ ӕмбалы?

Ахуырдзау: Дыууӕ ᾿мбалы цардысты

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр лӕппу уыди Мыдзоцц? Ссарӕм ма фыссӕг цы зӕгъы Мыдзоццы тыххӕй ӕмӕ йӕ бакӕсӕм.

Ахуырдзау

Ахуыргӕнӕг: Бӕгъӕввадӕй цӕмӕн цыди? Ссарӕм ма уыцы бынат дӕр?

Ахуырдзау

Ахуыргӕнӕг: Куыд дзырдта йӕ къӕхты тыххӕй?

Ахуырдзау

Ахуыргӕнӕг: Дыккаг лӕппу та цавӕр уыди? Ссарӕм ма уыцы бынат дӕр ӕмӕ йӕ бакӕсӕм.

Ахуырдзау

Ахуыргӕнӕг: Кӕдӕм-иу цыдысты иумӕ?

Ахуырдзау

Ахуыргӕнӕг: Дыууӕ ᾿мбалы уӕлдай хӕлардӕр кӕд баисты?

Ахуырдзау:

Ахуыргӕнӕг: Куыд уӕм кӕсы ацы дыууӕ лӕппуйы куы схъомыл уой, уӕд цавӕртӕ рауайдзысты?

Ахуырдзаутӕ: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

Ахуыргӕнӕг: Уӕззау уавӕрты чи схъомыл вӕййы, уыдонӕй рауайы ӕцӕг лӕгтӕ.

- Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты дыууӕ ᾿мбалы?

Ахуырдзаутӕ: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

3. Аулœфт.

4. Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, уӕ дзыппыты ма фенут, искӕмӕ уӕ ӕхца ис?

Ахуырдзаутӕ: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

Ахуыргӕнӕг: Ӕмӕ уӕм куыд кӕсы, ӕхцайы хуызӕн, ӕмбал дӕр афтӕ ᾿нцонтӕй ссарӕн ис?

Ахуырдзау: Нӕ. Ӕхца ӕнцондӕр ссарӕн у, хорз ӕмбал та зын.

Ахуыргӕнӕг: Уырыссаг ӕвзаджы ис ахӕм ӕмбисонд: «Не имей 100 рублей, а имей 100 друзей».

- Цы ᾿нцондӕр у ссарын ӕхца ᾿ви ᾿мбал?

Ахуырдзау: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

Ахуыргӕнӕг: Ирон адӕммӕ дӕр ис ӕмбалы тыххӕй ӕмбисӕндтӕ. Чи уӕ зоны ӕмбалы тыххӕй ӕмбисӕндтӕ.

Ахуырдзау: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

Ахуыргӕнӕг: Ноджыдӕр ма ис ахӕм ӕмбисӕндтӕ:

- « Ӕнӕ ᾿мбал цӕрӕн нӕй»

- «Хорз ӕмбал зын сахат сбӕрӕг вӕййы»

- Уӕдӕ чи у ӕмбал?

Ахуырдзаутӕ: (Дзурынц сӕ хъуыдытОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА. Барахъты Гино. Æмбæлттæ..)

Ӕмбал уый у …

- Раздӕхӕм ма нӕ эпигрӕфмӕ: «Ӕмбалы хорзӕх уӕ алкӕй дӕр уӕд».

- Куыд ӕмбарут ацы хъуыды?

- Цœмœн сœ ныффыста автор?

5. - Хъазт «Чыргъӕд».

- Сывӕллӕтӕ, рагœй-œрœгмœ дœр, ирон адœммœ кадджын уыд œрдхорд. Æмбалыл гадзрахатœй рацœуынœй œггаддœр ницы уыд œмœ нœй.

Ехх, œвœдза! Цас рœсугъд дзырдтœ œмœ кады ныхœстœ ис зœгъœн œмбалы тыххœй.

- Хорз œмгарœн аргъ нœй.

- Нœй йын ауœй кœнœн œмœ балхœнœн.

Алчидœр нœ хъуамœ œххœст кœна ныййарœджы фœдзœхст. «Макуы бахœр иунœгœй дœ… ( къœбœр).

Ацы алœмœты ныхœстœ хынцгœйœ, нœ хœлœрттœн кœндзыстœм уœлдай кад, œрхауынœй сын тœрсдзыстœм.

Таурӕгъ.

Иу лӕгӕн йӕ мӕлӕты бон ӕрхӕццӕ. Хуцау йын загъта: «Хорз адӕймаг уыдтӕ ӕмӕ дын ис бар равзарын рӕстӕг ацӕрынмӕ». Лӕг ахъуыды кодта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ацы хъӕды бӕлӕстыл цал сыфтӕры ис уал азы».

«Уый ӕгӕр бирӕ у» - загъта Хуцау.

Бӕлӕстыл цал фӕткъуыйы ис, уый бӕрц. «Уый дӕр ӕгӕр бирӕ у» - загъта Хуцау.

Уӕд лӕг исдугмӕ ницы сдзырдта, стӕй уӕд йӕ мидбылты бахудт: «Цал ӕмбалы мын ис, уый бӕрц уӕд мӕ цард дӕр!!!»

Ӕмӕ уӕ нӕ бауырндзӕнис, хорз адӕм, уыцы лӕг нырма дӕр цӕры.

- Куыд уӕм кӕсы, цӕмӕн? (Бирӕ ᾿мбӕлттӕ йын ис ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр у хорз ӕмбал.)

Уӕдӕ сымахӕн уӕ цӕрӕнбон бирӕ ӕмӕ уӕ ᾿мбалы хорзӕх уӕд.

IV.Хатдзӕг скӕнын.

- Цӕй тыххӕй дзырдтам абон нӕ урочы?

- Цы базыдтат ногӕй нӕ урочы?

- Ӕмбал уӕ алкӕмӕн дӕр ис?

- Хорз ӕмбал кӕмӕн вӕййы? (Йӕхӕдӕг хорз чи вӕййы).

- Уӕхӕдӕг ӕмбалӕн бӕззут?

- Ирон адӕммӕ ма ис ахӕм ӕмбисонд: «Зӕгъ мын чи у де ᾿мбал ӕмӕ дын зӕгъдзынӕн, чи дӕ».

Ӕмбӕлттӕ нын куы уа, уӕд алчидӕр уыдзӕн амондджын .

V.Бœрœггœнœнтœ сœвœрын.

VI. Хœдзармœ куыст раттын.

  1. Ӕмбалы тыххӕй ӕмбисӕндтӕ сахуыр кӕнын.

  2. Радзырдмӕ нывтӕ скӕнын.

Кӕронбӕттӕны ма байхъусут зарӕг «Хорз ӕмбал», азардзӕн уын ӕй

9-ӕм къласы ахуырдзау Стецович Дайанӕ.

Хӕрзбон.


© 2010-2022