5 кълас Темæ: Синтаксис рафæлхатын

Темæ: Синтаксис рафæлхатын.                                        Урочы нысан. 1. Хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдты тыххæй    рацыд æрмæг рафæлхатын.                  2. Ныхасы рæзтыл куыст.                  3.Синтаксисон æвзæрстыл бакусын.   Урочы цыд. 1.      Орг. хай. 2.      Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Сывæллæттæ цæмæй æрмæг сæ зæрдыл æрлæууын кæной, уый тыххæй иугай исынц карточкæтыл фыст фæрстытæ. Алы фарсты фæстæ дæр æххæст кæнынц фæлтæрæн.
Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

5 кълас

Темæ: Синтаксис рафæлхатын.


Урочы нысан. 1. Хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдты тыххæй рацыд æрмæг рафæлхатын.

2. Ныхасы рæзтыл куыст.

3.Синтаксисон æвзæрстыл бакусын.


Урочы цыд.

  1. Орг. хай.

  2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Сывæллæттæ цæмæй æрмæг сæ зæрдыл æрлæууын кæной, уый тыххæй

иугай исынц карточкæтыл фыст фæрстытæ.

Алы фарсты фæстæ дæр æххæст кæнынц фæлтæрæн.

Фыццаг сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц, хъуыдыйад цы хуыйны, уый.



1. а) Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

Цавæр æрхæцæн нысæнттæ сын февæрынц сæ фæстæ?

б) Хъуыдыйæдты фæстæ æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын.

  1. Хур скаст æмæ Бонвæрнон стъалы æрбайсæфт.

  2. Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн?

  3. Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!


  1. а) Хъæрон хъуыдыйæдтæй кæд фæпайда кæнæм?

Сæ кæрон сын цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм?

б) Дæнцæгтæ æрхæссын.

  1. а) Хъуыдыйады уæнгтæ цы хонæм?

Цавæр къордтыл дих кæнынц?

б) Хъуыдыйад равзарын.


Н.х.

Бæрзонд бæлæстæ сæ даргъ сыфтæрджын кьалиутæй ныллæг æркуывтой.

  1. а) Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ кæцытʼ сты?

Цы зонут сæйраг уæнгты тыхх¥й?

б) Сæйрæттæ цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцыдысты ацы хъуыдыйæдты ?

Номд.

Æрдз ныхъхъус.


Номив.

Мах араздзыстæм рухс фидæн.


Мин. ном. ролы

Рухс æмæ maр царды æмдзу кæнынц.


Нымæц.

Дæс дих кæны фондзыл.


5. а) Фæрссаг уæнгтæ ранымайын.

Хъуыдыйады фæрæссаг уæнгтæ цæмæн хъæуынц?

б) Хъуыдыйæдтæ фæрссаг уæнгтæй баххæст кæнын (алы рæнхъæн дæр иу хъуыдыйад).

зымæг æрцыди

хæхтæ фæлгæсынц.

хур рæвдауы

  1. а) Æххæстгæнæны тыххæй цы зонут?

б) Хъуыдыйæдты æххæстгæнæнтæ ссарын. Кæцы хауæнты сты?

Н.х.

Сæ зымæгон фынтæ уынынц гомхих бæлæстæ.

Г.х Ар.х.

Æнхъæлмæ кæсынц уалдзæджы æрцыдмæ.

Ар.х Н.х.

Мæргътæм сæ бæгънæг кьалиутæ бæргæ сивазынц, фæлæ уыдоны

Ар.х.

гомзæнг бæлæстæм неʼ вдæлы.

  1. а) Цы нысан кæны бæрæггæнæн?

Цæмæй загъд æрцæуы?

б) Нывмæ гæсгæ куыст.

Бæрæггæнæнтæй пайдагæнгæйæ нывмæ гæсгæ 3 хъ-ды ныффыссын.

  1. а) Фадатон дзырдты тыххæй радзурын.

б) Ссарын хъуыдыйæдты фадатон дзырдтæ. Цы нысан кæнынц?



Арх.хуыз бынат

Дон хъуынтъызæй цæуы, фыцы кьæйты ʼхсæн.


Афон æфсон

Рай сомæй хæхтæ тæмæнтæ скалдтой хуры рухсæй.

  1. а) Цы уæлдай ис хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæй?

б) Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæй хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ саразын.

Æрбахъуызыд зымæг. Бæлæстæ лæууынц. Æрбадымдта дымгæ. Мит уары.

  1. а) Хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй радзурын.

Цæй руаджы сæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ?

б) Бамбарын кæнын æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйæдты.


Хетæджы къохы зайы æнусон тулдзытæ, тæрсытæ, фатхъæдтæ æмæ кæрзытæ.


Зымæджы вæййы рæсугъд, фæлæ уазал æмæ митджын.

  1. а) Вазыгджын хъуыдыйæдты тыххæй радзурын.

Вазыгджын хъуыдыйæдты хæйттæ кæрæдзийæ куыд хицæн кæнæм?

Цæй руаджы баст цæуынц?

б) Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй вазыгджын хъуыдыйæдтæ саразын. Æрхæцæн нысæнттæ бамбарын кæнын.

  1. Уарыны æврæгътæ бамбæрзтой арвы...

  2. Æвиппайды хæххон салд айнæгыл фæзындысты рогкъах дзæбидыртæ æмæ...

  3. Цæгатæй æрбадымдта уазал дымгæ...


Кæд ма рæстæг баззайа, уæд саразын ерыс: чи рæсугъддæр хъуыдыйад æрхъуыды кæндзæн зымæгон æрдзы тыххæй.

БÆРÆГГÆНÆНТÆ.

Х/куыст:

© 2010-2022