Урок Гадиаты Секъа Азау

Раздел Другое
Класс -
Тип Другие методич. материалы
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:



Урочы темæ: Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы.

Урочы нысан: Бæстондæр æрлæууын æмæ бакусын Азауы фæлгонцыл, раргом кæнын сæйраг хъайтары трагикон хъысмæты аххосæгтæ, йæ миддуне; ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйы æнкъарæнтæн аргъ кæныныл, сæрибар, кад æмæ намыс хъахъхъæныныл, ивгъуыд цард абоны цардимæ абарын; ныхасы рæзтыл бакусын.

Цæстуынгæ æрмæг: 1. Фыссæджы къам.

2. Гом чиныг «Гæдиаты Секъайы сфæлдыстад».

3. Чингуыты равдыст - Секъайы уацмыстæ.

4. Докладтæ, рефераттæ.

5. Спектакль «Азау æмæ Таймураз»-ы афишæ, программæ.

6. Скъоладзауты конд нывтæ радзырд «Азау»-мæ: Ганисы хъæу, Азау æмæ Таймуразы фембæлд, сывылдз бæлас Азау æмæ Таймуразы ингæныл Ганисы хъæуы зæронд уæлмæрдты.

7. Æнкъард мелодитæ (ирон фæндыр)

Эпиграф урокмæ: Цыфæнды хуызы сæрибардзинадæн дæр йе 'цæг æвдисæн у сылгоймаджы уавæр. К Маркс.


Зæгъон ныр хъуамæ барджыны ныхæстæ

Уæ номæй дæр уæ куырм æгъдæуттæн æз.

Зæгъон ныр хъуамæ амонд æмæ уарзтæн

Кæй ныййардта ирон чызджы дæр æрдз.

Хостыхъоты Зинæ.

Урочы цыд: 1. Хъуысы сабыр æнкъард мелоди. Дзуры скъоладзау зæронд усы дарæсы: «Æз уæм æрцыдтæн аивгъуыд æнустæй,

Мæ уд дзынæзта, мин азы куыдта…

Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн…»

(æнкъардæй бандоныл æрбады).

2. Скъоладзау лæууы йæ разы æмæ дзуры Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæ «Сылгоймаг»

Йæ фæлурс уадултыл йæ цæссыг æрцæуы:

Уый рагон цæссыг у, æнусон цæссыг.

Сылгоймаджы хъарæг кæй зæрдыл нæ лæууы,

Кæй цæстыл нæ уайы сылгоймаджы хъыг?

… Æхгæд у сылгоймаджы фæндаг, хæрзæхгæд:

Чызг уа æви ус уа! - æмхуызон æхгæд.

Хъыгдард у, ыссæст у, йæхæдæг фыдæфхæрд.

Кæд уыдзæн сылгоймаджы рухсы дуг, кæд?

Фæллойгæнæг усæй, фæллойгæнæг чызгæй -

Æппæтдæр æнæскаст: бæрæг у сæ зын.

Цæй, равдисут абон уæ фæндтæ ныфсджынæй.

Цæй, равдисут абон æфхæрды бæллын.

Ахуыргæнæг: Уæдæ цæй Гæдиаты Цомахъы курдиат «Равдисут æфхæрды бæллын» сæххæст кæнæм æмæ нæ абоны урочы бæлвырддæр æрлæууæм ирон аив дзырды дæсны, курдиатджын фыссæг, ирон прозæйы бындурæвæрджытæй иу - Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъайы радзырд «Азау»-мæ гæсгæ Азауы фæлгонцыл. Раргом кæнæм сыгъдæгзæрдæ, йæ миддуне хъæздыг, фæлæ цардæй æфхæрд, æбар сылгоймаджы хъысмæт, абарæм сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимæ.

Тетрæдты скъоладзаутæ фыссынц фæйнæгыл фыст темæ, йæ бынмæ фыст пълан. Урок куыд цæуа, афтæ скъоладзаутæ фыссынц пъланы фæрстытæ. Хæдзары йыл бакусдзысты æмæ сочинени ныффысдзысты.

Дзырдуатон куыст: Концепци - авторы хъуыды царды фæзындты тыххæй. Символ - нысан. Ам «сау калм» - æнамонддзинады калм, фыдæлты фыдæгъдау - ирæд фенамонд кæндзæн дыууæ уарзон уды.

Цыбырæй равдисут хæххон сылгоймаджы уавæр ивгъуыд рæстæджы.

II. Равзарæм уæдæ Секъайы уацмыс æмæ бамбарæм, куыд æвдисы фыссæг сылгоймаджы хъысмæт.

Фронталон бафарст:

  • Уацмыс «Азау» цавæр литературон жанрмæ хауы?

  • У радзырд, литературон таурæгъ.

  • Гæдиаты Секъайы уацмысты сюжеттæ цæй бындурыл арæзт сты?

  • Йæ радзырды сюжеттæ фыссæг амадта æхсæнадон царды цауты бындурыл, пайда кодта историон таурæгътæй, æцæг хабæрттæй, æмбисæндтæй.

  • Цы у таурæгъ, йæ сæйраг миниуджытæ? ( Скъоладзаутæ дзурынц таурæгъы сæйраг миниуджытæ.)

  • Секъайы таурæгътæ куы кæсай, уæд дæм афтæ кæсы, цыма фыст ныхæстæ нæ кæсыс, фæлæ демæ чидæр ныхас кæны æмæ йын хъусыс йæ фæлмæн, фæлæ барджын хъæлæс.

  • Таурæгъгæнæг радзуры ахæм хабар, царды æцæг чи 'рцыд, йæхæдæг кæй федта кæнæ кæй фехъуыста, чи йæ федта, уыдонæй. Æцæг хабар, дам, уыдис Таймураз æмæ Азауы трагикон уарзондзинад дæр. Уымæн æвдисæнæн абон дæр ма Ганисы хъæуы сæрмæ зæронд уæлмæрды астæу сæ ингæныл цы стыр сывылдз бæлас. лæууы, уый.

  • Секъа йæ таурæгъты цы адæмы кой фæкæны, уыдонæн сæ хъысмæт, сæ царды фæндаг равдисы кæронмæ, мæлæты бонмæ.

  • Таурæгъгæнæг æрмæст хабæрттæ дзурæг нæу, фæлæ ма у дуджы, адæмы, хабæртты тæрхонгæнæг дæр. Секъа дзы кæмæн йæ хорзы кой ракæны, кæй та æгъатырæй бафхæры.

  • Таурæгъы цаутæ кæрæдзи ивынц, æмæ уацмыс асæй-чысыл, фæлæ хабæрттæй та хъæздыг вæййы.

  • Секъайы таурæгъты хъайтартæ самайынц хъæбатыр тох царды æнæраст хъуыддæгты ныхмæ. Хъæбатырæй мæлгæ дæр акæнынц.

  • Сылгоймаг уæлдай ссæст æмæ æбар кæм уыд, йæ тыхст, маст, хъизæмæрттæ æвдыст кæм цæуынц, Секъайы уыцы радзырдтæ-таурæгътай ма цавæртæ зонут?

Скъоладзаутæ нымайынц уацмыстæ:

«Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Айссæ», «Дыса», «Саударæг ус», «Сафиат» , «Зæлда» ,» Хо æмæ æфсымæр», «Садуллæ æмæ Манидзæ»…

- Æрлæууæм таурæгъ «Азау»-ы сюжетыл.

Скъоладзаутæ цыбырæй дзурынц радзырды сюжет:

Ахуыргæнæг: Сюжетæй бæрæг у, цы цæстæй кæсы автор патриархалон дунемæ. Æмæ уый у царды концепци. Мулк, исбон аивтой адæмы психологи, сæ зондахаст. Намыс æмæ рæстдзинадыл фæтых мулкмæ бæллын. Хъыгагæн, ацы хъуыддаг ис абарæн нæ абоны цардимæ.

(Цыбыр хъомыладон куыст ахуыргæнæджы фæндонмæ гæсгæ)

Секъа йæ таурæгъ «Садуллæ æмæ Манидзæ»-йы афтæ фыста:

«Ирон æгъдæутты рæхыс-бæттæнтæ сæттын нæ комынц. Зындзинад хъуырмæ схæццæ, цæсты рухс баталынг кодта. Фосмæ бæлгæйæ, ирон лæджы зæрдæ ферох кодта зæнæджы уарзондзинад. Хуыцауы стыр лæвар -зæнæг уæй кæнын æфсæрмы нæ кæнынц».

  • Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, чи сты таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ?

  • Таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ сты Азау æмæ Таймураз. Азау - трагедийы сæйраг у. Уымæн зындæр уыд фыдæлты æгъдауы ныхмæ рацæуын. Азау æмæ Таймураз агурынц рæстдзинад. Секъа, куыд фыссæг, афтæ у æрыгæтты фарс, сæ уарзондзинады фарс æмæ сæ ныв кæны иттæг уарзонæй, сæ уавæрыл сын хъыг кæны зæрдæбынæй.

  • Таурæгъы райдиан Азау æмæ Таймуразы трагикон уавæр цавæр символикон нывæй æвдисы автор? Чиныджы йæ ссарут æмæ йæ бакæсут.

  • Скъоладзау кæсы чиныджы :

  • Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбысы бафынæй сты…

  • Ам и стыр сау калм - фыдæлты мæлинаг æгъдау -ирæд дыууæ æрыгон зæрдæйы ахицæн кодта.

  • Зæгъут, цавæртæ сты Азауы характеры сæйраг миниуджытæ?

  • Азауы характеры сæйрагæй зыны сыгъдæгзæрдæ, амондмæ бæллын, уарзондзинады сæрыл хæцынхъом уæвын, рæстдзинадуарзаг.

  • Амонд, кæнæ мæлæт! - ахæм у дыууæ уарзон адæймаджы тæрхон.

2 скъоладзауы: Азау æмæ Таймуразы фембæлд (инсценировкæ). Чызг æмæ лæппу ирон дзаумæтты.

Хъуысы мелоди (диалог хрестоматийы,166 фарс)

Ахуыргæнæг: Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтой цæрын. Фыссæг æнахуыр зæрдæмæхъаргæ ахорæнтæй пайда кæны Азауы тыхст уавæр, йæ маст, йæ зæрдæйы катай равдисынæн.

Ссарут тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут.

…Азауæн-ма йæ фидауцджын сау цæстытæ арф кæцæйдæр сæ сау æндæрг хастой, йæ тæнæг былтæ ныххус сты, дзæгъæл змæлд кодтой, йе взаг басур, комы нал хатти, йæ уадултæ цъити хъæпæнау ныффæлурс сты…

…Азауæй хиуаг йæхицан ус скодта, залиаг калмы хъæбысы зындоны артæй сыгъди. Хиуаджы цур хуссынæй мæрдтæм цыд, йæ зæрдæ тъæппытæ хаудта. Иу дзырд йæ дзыхæй нæ цыд. Таймуразы уарзон мондæгтæ хуры тынтæй иста, йæхи сæ рæвдыдта. Æмæ-иу йæ салд зæрдæ батæфсти, бахъарм, йæхинымæры-иу дзырда: «Чи зоны, уæлæуыл куы нæ баиу уæм, - мæрдты уæддæр кæрæдзи фендзыстæм»…

… Азауæн йæ зæрдæ атыппыр, адæнгæл, цæсгом ацъæх ис, хурхуадындзтæ адымстысты, цæстытæ батартæ сты, сæры магъз ихы къæртт фестад…

Ам æртæ скъоладзауы ролтæм гæсгæ кæсынц (автор, Азау, Магда)

  • Азау бирæ азты фæстæ йæ хистæр фыртимæ Ганисмæ æрцыд. Хъæугæрон фембæлд иу ус Магдайыл. Азауы базыдта, фæцинтæ йыл кодта. Бацыдысты Азауы фыды хæдзармæ, тыргъы æрбадтысты. Азау Магдайæн афтæ зæгъы:

  • Дæ фæхъхъау фæуон, Таймураз цы фæци, Таймураз?

  • Раджы куы амард, дæ нывонд фон. Урс Туалты йæ мады 'рвадæлтæм. Ардæм æй æрхастой æмæ йæ Бибойы фарсмæ баныгæдтой.

  • Цом-ма, дæ нывонд фæуон, йæ ингæн мын фенын кæн!

  • Азау Магдайы фæстæ цух-мухтæгæнгæ араст. Бацамыдта йын ингæн. Азау ингæныл адæлгом, йæ дзыхыдзаг сыджыт фелвæста æмæ базыр-зыр кодта, æрбатымбыл, стæй адаргъ ингæны уæлæ æмæ йæ уд систа. Дыууæ уарзоны кæрæдзийы нал федтой, æрмæст ма Азау йæ зæронд фæлмæцыд стджытæ Таймуразы цур ингæны ныккалдта.

Ахуыргæнæг: Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ - (ирæд, хъоды бакæнын) мæгуырдзинад, тугкалды тас, фæлæ уæддæр нæ систой сæ къух сæ уарзондзинадыл. Хъазуат тохы бацыдысты æппæты ныхмæ, фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс - бæттæнтæ» атонын. Кæй аххос у, Азау æмæ Таймураз цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый? Кæд, мыййаг, сæхи аххос у.

Скъоладзау: Нæ, уый сæхи аххос нæу. Уый у се 'намонддзинад. Царды цæлхдуртæ - мулкмæ тырнындзинад, кæрæфдзинад, зианхæссæг рагон æгъдæутты сæрты ахизын кæронмæ сæ бон нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй - ис сын трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс - сæ лæгдзинады, сæ рæсугъд зæрдæ, се стыр уарзондзинады фарс.

III. Кæронбæттæн.

Ахуыргæнæг: Мæгуырæг, ирон сылгоймаг! Цымæ кæд фервæздзынæ дæ цагъары уавæрæй?.. - фыста Хъаныхъуаты Инал. Фæлæ нырма дард уыд сæрибары рæстæг. Сылгоймаджы сæрыл нырма бирæ фæдзурдзæн ирон литературæ. Сылгоймаджы сæрыл тохгæнгæнæг уыдзысты ирон фысджыты хуыздæртæ . Уыдонимæ Гæдиаты Секъа дæр.

Абайты Васо Секъайы рахуыдта «Иууыл адæмондæр фыссæг». Секъа рацыд адæмæй æмæ адæмон сфæлдыстадæй. Секъа уыд æппæт хæхбæсты цæрæг адæмы дугъон æмæ фæдисон. Йæ таурæгъты фылдæры кæд сылгоймаджы хъысмæтыл дзырдта, уæддæр æй уырныдта, йæ адæммæ рухсдæр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы. Сæрибары дуг кæй æрцæудзæн, уый уыд йæ бæллиц. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыссы:

Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ:

Гъе искуы ирон лæджы царды

Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ…

. Секъайы бæллиц сæххæст æви нæ?

Скъоладзау: Фыццаг ирон сылгоймаг-революционеркæ Калоты Нагъо 1911 азы ахст куы æрцыд, уæд афтæ загъта: «Мах сылтæ не стæм, мах сылгоймæгтæ стæм. Тох дæр нæ бартыл уымæн кæнæм. Тагъд æрцæудзæн ахæм рæстæг, æмæ сылгоймаг дæр адæймаджы æмрæнхъ æрлæудзæн».

Æрцыд ахæм дуг. Æлæууыд сæрибары рæстæг.

(Ахуыргæнæг фæйнæгыл цы эпиграфтæ фыст ис, цы цæстуынгæ æрмæг æрцæттæ кодта, уыдон хъуыды æмбарын кæны тухгæ чингуытæ, нывтæ, рефераттыл афæлгæст аразы).

Скъоладзау: Царды æмæ ахуыры фæндæгтæ байгом сты ирон сылгоймагæн дæр. Абон сæ къухы æфтынц сæ рæсугъд бæллицтæ. Нæ Иры чызджытæ ахуыр кæнынц, кусынц канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр.

Се 'ппæты кой нæ кæндзыстæм, нæ фыццæгты нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

Саламты Софья - фыццаг хæххон ирон сылгоймаг - каст фæци С.М. Кировы номыл хæстон-медицинон академи.

Бутаты Фатимæйæн - фыццаг ирон сылгоймагæн - лæвæрд æрцыд Паддзахадон премийы лауреаты ном.

Дудараты Вероникæ - фыццаг ирон сылгоймаг-дирижер.

Туаты Ольгæ - фыццаг ирон сылгоймаг-профессор.

Калоты-Барахъты Еленæ - фыццаг ирон сылгоймаг-прокурор æнæхъæн Цæгат Кавказы.

Фыццæгтæ иунæгæй нæ баззадысты. Бонæй-бонмæ рæзы, нæ чысыл Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы, уыцы сылгоймæгты нымæц. Англисæй, Канадæйæ æмæ бирæ æндæр рæттæй цæуынц Мæскуымæ, цæмæй базонгæ уой медицинон наукæты доктор, профессор Дзугаты Софьяйы наукон куыстытимæ. Кубæйы, Сирийы, Турчы, Англисы зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой ирон чызг-балеринæ Адырхаты Светланæйæн.

Чызг - скъоладзау дзуры йæ хъуыдытæ:

Сылгоймагæн сæрибар бæстæйы цы кад æмæ намыс ис, уый иттæг бæрæгæй зыны Ирыстоны сылгоймæгты уавæрыл.

Æз дæр уыцы сылгоймæгтæм хауын. Нырма ныр цæуын царды стыр фæндагмæ, æмæ мæ зæрдæ дарын, мæ бирæ фæндтæ мæ къухы кæй бафтдзысты, уымæн æмæ цæрын сæрибар дуджы. Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз - сылгоймаг» у ирон сылгоймæгтæн гимны хуызæн, æмæ йæ лæвар кæнын нæ абоны сылгоймаг - уазджытæн. (Хъуысы хъæлдзæг мелоди)

Æз - сылгоймаг - цардаразæг фарн дæн,

Кувут , лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Æз æфсарм дæн, нуазæн дæн уæ къухы.

Æз хæдзары - мин бæркады фынг.

Æз æдзухдæр - уе 'мдзу царды дугъы

Фарн - мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг.

Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн,

Æз - уæ радтæг, уе стыр мæт, уæ хур.

Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн.

Æз - уæ фидæн, уе 'нхъæлцау бындур.

Урокæн хатдзæг скæнын. Скъоладзауты дзуаппытæн аргъ скæнын.

Хæдзары - ныффыссын сочинени «Азауы фæлгонц».

© 2010-2022