Урок по осетинскому языку на тему Предложение

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Темæ: Хъуыдыйад (Иры тырыса)

Нысан: 1. а) Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæх æнын.

æ) Ирыстоны тырысайыл æрдзурын.

2. Ныхасы рæзтыл бакусын.

II. Ахуыргæнæджы разныхас:

(Ахуыргæнæг дзуры нæ республикæйы гимны фыццаг куплет)

Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн

Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй. . .

Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн

Ирыстон йæ адæмты фарнæй.

(Магнитафоныл фыст зарæг «Дидинæг калы нæ бсестæ...» -йæ 2 куплеты)

Æмæ Иры сæрмæ фæйлауы Ирыстоны тырыса.

Ацы бонты та йæ ном та ногæй æмæ ногæй кæмæн арæм, уыцы уарзон фыссæг Къостайы рæнхъытæ райстам эпиграфæн:

«Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй, -

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй.»

Уæдæ, сывæллæттæ, цомут æнгомæй хъуыдыйады сусæгдзинæдтæ ахуыр кæнынмæ.

(Сывæллæттæ фыссынц нымæц æмæ темæ)

III. Таблицæимæ куыст:

(Фæйнæгыл таблицæйыл текст «Тырыса» ;иу скъоладзау кæсы текст) «Ирон адæмæн ис æртæхуызон урс - сырх - бур тырыса. Ацы

хуызтæ сты удварны сыгъдæгдзинад (урс хуыз), хæстон æхсар (сырх

хуыз), фарн æмæ бæркады (бур хуыз) нысантæ.

Нæ тырысайы хуызтæ æмæ символты æмбарынæдтæ баст сты

фыдæлтыккон ирон (скифаг æмæ алайнаг) æхсæнады арæзтимæ, кæцы

дихгонд цыди æртæ социален къордыл: æфсæддон аристократи

(уæздæттæ), дины кусджытæ æмæ æхсæнады рæнхъон уæнгтæ (фосдарджытæ æмæ зæхкусджытæ).»


  1. Фонетикой æвзæрст ракæнын дзырд тырыса.

Т - [т] - æмхъ.(æзыл. (д)

Ы - [ы] - лæм. хъ.

Р - [р] - сон. æмхъ., зыл.

Ы - [ы] - лæм. хъæл.

С - [с] - æмхъ., æзыл. (з)

А - [а] - хъæл. тыхдж.

6д. 6м.

2. Текстæй рафыссын ирон тырысаимæ баст дзырдбæстытæ.

Урс хуыз, бур хуыз, сырх хуыз.

Фарст. Цы у дзырдбаст? Цавæр дзырдтæй арæзт æрцæуы?

Дзуапп. Дзырдбаст бæрæг кæны предмет æмæ йæ архайд. Дзырдтæ сæ кæрæдзимæ бает цæуынц мидисмæ гæсгæ æмæ грамматикой æгъдауæй. Дзырдбаст арæзт æрцæуы сæйраг дзырдæй æмæ дæлбар дзырдæй.

Кæрæдзийыл бает сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ иумæ хуыйнынц дзырдбаст.

  1. Равдисын, нæ фыдæлты ирон æхсæнады арæзт æмæ тырысайы хуызтæ кæрæдзийыл куыд баст сты, уый.

Æфсæддон аристократи - сырх хуыз;

Дины кусджытæ - урс хуыз;

Æхсæнады рæнхъон уæнгтæ - бур хуыз.

4. Нæ тырысайы 3 хуызæи уæхицæн равзакрут иу хуыз, уæ риуыл æй бакæнут.

(Партæтыл уæ разы тырысайы 3 хуызы.)

IV. (Хъусæм зарæг «Фарн» -мæ)

- Мæнмæ гæсгæ уын зонгæ у ацы зарæг.

Хæс. Чи фылдæр хъуыдыйæдтæ ныффысдзæн зарæджы текстæй?

(2 - 3 скъоладзауы бакастысты сæ хъуыдыйæдтæ)

  • Сбæрæг кæнæм, кæцы хуыз фæуæлахиз не.(Бур хуыз... )

Фарст. Зарæггæнæг уын не скъолайы ахуырдзаутæй уæ цæстытыл никæй

ауайын кодта?

Дзуапп. Уый у нæхи скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Джихаты Ромæ.

Фарст. 1. Цы хъуыдыйæдтæ рафыстат, уыдон уæлдæр дзырдбæстытæй

цæмæй хицæн кæнынц? 2. Цы у хъуыдыйад?

Дзуапп. Хъуыдыйады æвдыст цæуы æххæст хъуыды, дзырдбасты та хъуыды нæй.

Хатдзæг. Уæ хъуыдыйæдтæ иууылдæр сты раст, æххæст хъуыдыйæдтæ. Хъуыдыйæдтæ ма арæзт вæййынц иугай дзырдтæй дæр. Зæгъæм, Фарн, фарн, фарн; Фæззæг. Æрбауазал. æмæ а. д.

V. Чиныгимæ куыст:

  1. 1 скъоладзау кæсы раиртаст 7-æм §.

  2. æххæст кæнынц 53 -æм фæлтæрæн.

VI. Нарты кадджыты текст:

- Нæ рагфыдæлтау Нартæ дæр дих кодтой æртæ мыггагыл.

Хæс. Уæ разы текст. Уыцы тексты цухгонд æрцыдысты Нарты мыггæгтæ

æмæ сæ баххæст кæнут. (Иу скъоладзау хъсерæй кæсы текст).

Скифтау Нартæ дæр дих цыдысты æртæ мыггагыл: Æхсæртæггатæ (хæстонтæ), Алæгатæ (дины кусджытæ) æмæ Борæтæ (æхсæнады рæнхъон уæнгтæ). Фыццаг къордмæ хаудысты: Уырызмæг, Хæмыц, Батрадз, Сырдон. Дыккаг къорды уæнгтæ æххæст кодтой нарты æгъдæуттæ, сæ хæдзары æвæрд уыдис къус Уацамонгæ. Борæтæ та

уыдысты нарты бæркад æмæ фарны фæлдисджытæ.

Фарст. Уæдæ уæ риуыл цы хуызтæ ис, уьгдонмæ гæсгæ уæ чи кæцы

мыггагмæ хауы?

Дзуапп. Æхсæртæггатæй, Алæгатæй, Борæтæй.

Грамматикой хæс:


  1. Текст дал хъуыдыйадæй арæзт у? (цыппар)

  2. Алæгаты мыггаг хицæн кæнынц фыццаг хъуыдыйады номдартæ,
    æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнынц кæцы хауæны ис номдар,
    уъш.(Фыссынц сæ сæ тетрæдты)

  3. Борæтæ - мивдисджытæ ссарын æмæ сæ бахахх кæнын. Сæ
    сæрмæ сын фæнысан кæнын цæсгом, нымæц, афон.

4. Æхсæртæггатæ - рафыссын 2-3 дзырдбасты.

Абон нæ Нарты æртæ мыггаджы урочы хорз бакуыстой, сæ хæстæ иууылдæр кæронмæ сæххæст кодтой. Хæдзары та ныффысдзыстут 3-5 хъуыдыйады уæхи мыггæгты тыххæй, ома уæ мыггæгты равзæрды тыххæй.

VII. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VIII. Хатдзæгтæ скæнын.

© 2010-2022