• Преподавателю
  • Другое
  • Гаглойты Рутен (1888-1937). Хъæздгуыты цард æмæ мæгуыр сидзæр чызджы тæригъæддаг уавæр Гаглойты Рутены радзырд «Цард»-ы

Гаглойты Рутен (1888-1937). Хъæздгуыты цард æмæ мæгуыр сидзæр чызджы тæригъæддаг уавæр Гаглойты Рутены радзырд «Цард»-ы

Раздел Другое
Класс -
Тип Рабочие программы
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Гаглойты Рутен (1888-1937). Хъæздгуыты цард æмæ мæгуыр сидзæр чызджы тæригъæддаг уавæр Гаглойты Рутены радзырд «Цард»-ы.

Гом урок 7 «а» къласы 40æм скъолайы.

Ахуыргæнæг: Таймæзты Иринæ Сергейы чызг.



Урочы нысан. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын; аив кæсын æмæ ныхасы рæзтыл куыст; дзырдты лексикон нысаниуæгыл бакусын, æнæниздзинады технологитæй пайда кæнын; æвзаг, литературæ, истории, нывкæнынад æмæ царды бастдзинад; хъомыладон куыст (мæгуыртæ æмæ хъæздгуыты ахастытæ, патриотизм. Литерæтурæйы теории: антитезæ.

Цæстуынгæ æрмæг: Гаглойты Рутены портрет, Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Дурсæттæг сывæллæттæ», ахуыргæнæн чиныг-хрестомати.

Урочы тип. Комбинирон.

Метод. Беседæ, комментаритимæ кæсын.

Урочы цыд. 1. Рацыд æрмæгæй бафæрсын.

Беседæ. - Цы зонут Гæдиаты Секъайы тыххæй? Куыд фæзынд Гæдиаты мыггаг?

- Цавæр уацмыс ын ахуыр кодтат?

- Уæ зæрдæмæ фæцыдис? Цæмæн? Цавæр рæстæг æвдыст цæуы уацмысы? Цавæр жанрæй фыст у?

- Цавæр у радзырды темæ? Идея? Дзырд «идея» - йы растфыссынады тыххæй радзурын.

- Цавæр дыууæ социалон ныхмæвæрд социалон къордтæ дзы æвдыст цæуы?

- Ныхмæвæрд социалон къордты равдыст куыд цæй руаджы æфты фыссæджы къухы? (Антитезæ).

- Архайд кæм цæуы? Ранымайут архайджыты. Цавæр «адæймаг» у Нугзар? Радзурут ын йе ,нæуаг миты тыххæй.

- Куыд тох кодтой адæм сæ бартыл, сæ сæрибарыл?

- Куыд амардтой адæм æлдар Нугзар æмæ Дзимсеры? Ссарут æмæ бакæсут уыцы бынæттæ.

- Зынæмбарæн дзырдты лексикон нысаниуæгыл бакусын 87 фарсыл. Кæй фарс у фыссæг? Цæмæн? Сымах та кæй фарс стут?

Хъомыладон куыст. Цы пайда нын у ацы уацмыс ахуыр кæнын?

Ног æрмæг.

  1. Лит. тетрæдты ныффыссын нымæц, урочы темæ, эпиграф темæмæ.

«Ахæм рæстæг у, æмæ, кæнæ хъуамæ лæгæн фырмæстæй йæ зæрдæ фæрчытæ фæхауид фæйнæрдæм, кæнæ та хъуамæ йæ цардыл йæ къух сиса æмæ йæ туг ныккала адæмы знæгтыл».

Гаглойты Рутен.

Бакæсын Гаглойты Р. тыххæй чиныджы статья. Цы ма базыдтат Рутены тыххæй? (Уый уыд инженер, Транскамы фæндан конд æрцыд Гаглойты Р. проектмæ.

  1. Ахуыргæнæг кæсы радзырд комментаритимæ, æрлæууы аивадон мадзæлтты нысаниуæгыл.

  2. Дарддæр радзырд кæсынц ахуыргæнинæгтæ.

  3. Бакусын дзырдты лексикон нысаниуæгыл. Бонджын - исджын, хъæздыг.

Сахар - архаизм, горæт. Дзоныгъ - сани. Цæппузыр - сæхтæг, æгънæг. Басылыхъхъ - башлык. Дзæгъындзæг - сорока. Залмы сыф - лопух.

  1. Ссарут чызджы æддаг æрфыст (портрет) æмæ йæ бакæсут. Цæуыл дзурæг у ацы æрфыст?

  2. Ссарын тексты аивадон мадзæлттæ: эпитеттæ, абарстытæ. Сбæрæг сын кæнут сæ нысаниуæг.

Ног æрмæг ныффидар кæнын.

Беседæ. Цавæр у радзырды темæ, идея? Куыд æвдыст цæуы радзырды хъæздгуытæ æмæ мæгуырты цард? Бакæсут уыцы бынæттæ. Цæй æвдисæн сты радзырды галуан æмæ уынг? Цы ис иумæйагæй ацы радзырд æмæ Гæдиаты Секъайы радзырд «Арагуийы Ерыстау-æлдар»-æн?

  1. Предметты бастдзинад. Куыд баст сты цард, æвзаг, литературæ, истории æмæ нывкæнынад?

  2. Спайда кæнын Къостайы ныв «Дурсæттæг сывæллæттæ»-йæ.

  3. Спайда кæнын æнæниздзинады технологитæй.

  4. Бакæсын Гаглойты Р. æмдзæвгæ «Тарды сагъæс». Тард - изгнанный. Сагъæс - дума.

Цавæр æмбæхст хъуыды ис æмдзæвгæйы? Рутен уарзта йæ райгуырæн бæстæ? Куыд хонæм йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, ахæм адæймаг? Цавæр æвзагæй ист у ацы дзырд?

Радзурын патриотизмы тыххæй ахуыргæнинæгтæн. Цавæр патриотты зонут? Сымах та уарзут уæ райгуырæн бæстæ, уæ адæмы? Цавæр предметтæ нын æххуыс кæнынц патриот суæвынæн? Цы хоны фыссæг «æцæг цард» æмæ «уæллаг цард»? Куыд цæрут абон сымах? Куыд аивта цард? (Хъомыладон куыст). Абарут фыссæджы бæллиц абоны цардимæ. Йæ цавæр бæллиц сæххæст ис?

  1. Хатдзæгтæ скæнын.

  2. Нысæнттæ сæвæрын.

  3. Хæдзармæ.Аив кæсын радзырд, хи ныхæстæй йæ дзурын. Чиныджы статья «Антитезæ» рафыссын уæ тетрæдтæм.



© 2010-2022