Урок-викторина по осетинской литературе на тему Адамон сфалдыстады дунейы. (5 кл.)

Раздел Другое
Класс 5 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:


Урок - викторинæ ирон литературæйæ

5-æм кълǽсты æхсæн


Темæ: «Адæмон сфæлдытады дунейы»



Ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг

Елуаты А.Ю.





Урок-викторина по осетинской литературе на тему Адамон сфалдыстады дунейы.(5 кл.)

Урок - викторинæ ирон литературæйæ 5-æм къласы.


Темæ: «Адæмон сфæлдыстады дунейы»

Эпигрæф: «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæйдзургæ

сфæлдыстад ын куы нæ зонай, уæд»

Максим Горький

Урочы хæстæ: 1)Ахуырдзаутае цы фольклорон уацмыстæ рацыдысты,

уацмыстæ рацыдысты,уыдоныл афæлгæсын;

2) сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын,

хатдзæгтæ каенын, персонажтæн характеристикæ

дæттын; фольклорон уацмыстæн сæ жанртæ хицæн

кæнын æмæ сын анализ кæнын зонын;

3) Сабитызæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад,

лæгдзинад,хъабатырдзинад æмæ уарзондзинады

æнкъарæнтæ; скъоладзаутæм хъомылкæнын

тырнындзинад ахуырмæ (фольклоры алыхуызон жанртæ

кæсынмæ) æмæ уæлæхизмæ.

Урочы æрмæг: чингуыты равдыст,иллюстрацитæ, грамотæтæ, баллтæ

нысангæнæн æрмæг, дзырдбыд

Урок-викторина по осетинской литературе на тему Адамон сфалдыстады дунейы.(5 кл.)Урок-викторина по осетинской литературе на тему Адамон сфалдыстады дунейы.(5 кл.)Урок-викторина по осетинской литературе на тему Адамон сфалдыстады дунейы.(5 кл.)

баллтæ нысан кæнынц дидинæджы сыфтæртæ:

сырх сыфтæр - æххæст раст дзуаппæн,

цъæх сыфтæр - æнæххæст (хъæндзинæдтимæ дзуаппæн)



Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн хай.

Аруыргæнæг зæгъы, абоны урочы куыст цы хуызы цæудзæн, сывæллæтты размæ цы хæстæ æвæрд ис, викторинæйы домæнтимæ сæ зонгæ кæны.

Викторийы архайнц 3 командæйы - къласы: 5 «А», 5 «Б», 5 «В» (аллы командæйæн дæр ис раздзог).

Жюрийы уæнгтимæ базонгæ кæнын.

II. Сæйраг хай.

Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас.

- Нæ викторинæ райдайыны размæ уал нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы у адæмон сфæлдыстад.

Абоны урокмæ эпигрæфæн равзæрстон Максим Горькийы ныхæстæ (кæсын сæ фæйнæгæй). Зæгъут-ма, цы нысан кæнынц ацы ныхæстæ? Цæмæй ацы фарстæн дзуапп раттат, уый тыххæй æрхъуыды кæнут, мингай азты дæргъы цы адæмон сфæлдыстад æвзæрдис, уым цы æвдыст цæуы?

- Уæдæ-ма зæгъут, цы хонæм адæмон сфæлдыстад?

- Цавæр ном ма йын ис? (фольклор)

- Цавæр фольклорон жанртимæ базонгæ стæм?

- Рахизæм уæдæ нæ викторинæмæ.



1-аг хæслæвæрд - фæрстытæн дзуапп раттын.

1. Чи сты Æртæ Нарты? Кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц?

(Æхсæртæггæтæ - тыхджын, æхсарджын;

Борæтæ - бонджын,хъæздыг;

Алæгатæ - куырыхон, уаздан, зонджын)

2. Чермены мыггаг кæмæй уыди æмæ кæм царди?

(Тлаттаты Чермен царди Хъобаны)

3. Нарты хæцæн бон уавæр бон уыди?

(Майрæмбон)

4. Аргъæуттæ сæ хуыдымæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

(1.Цæрæгойты аргъæуттæ.

2.Цардыуаджы аргъæуттæ

3. Алæмæты аргъæуттæ)

5. Цæмæй фæтарстscns Нарты адæм, изæрæй сæ фосы размæ куы рацыдысты,

уæд?

(Михыл сæры къуыдыр куы ауыдтой, уæд, Хъулонзачъе Уæйыг æрцæуы,

зæгъгæ, фæтарстысты).

6. Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературонæй аргъауæй?

( 1.Адæмон аргъауæн нæ вæййы автор, йæ автор адæм; литературон

аргъауæн та вæййы иу автор;

2. Адæмон аргъауæн ваййы варианттæ, литературон аргъауæн тæ ваййы

æрмæст иу вариант).

7. Цæмæй базыдта зæронд лæг, Сарты фырт мæсыджы цъупмæ кæй схæццæ,

уый?

(Зæронд лæг бафарста Сарты фырты, кæд мæсыджы сæрæй акаст, уæд

дзы цы федта? Лæппу йын разырдта, мæсыджы сæрæй кæй федта

цыппар мæсыджы: иу дзы - сызгъæрин, иннæ - урс, аннæ - сырх, фæстаг

та - сау мæсыг)

8. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

(Зылынмæ - æнтыдджынтæ, Раст лæгмæ та - мыдамæстытæ).

9. Цæмæй хицæн кæнынц аргъæуттæ æмæ таурæгътæ?

(Таурæгъты хъайтар вæййы æцæг чи царди, ахæм адæймаг, вæййы йын

ном æмæ мыггаг, аргъауы та вæййы æрымысгæ. Таурæгъты архайд

фæцæуы цавардæр бæрæг ран, аргъæутты та - æбæрæг ран.

Таурæгъты бындур вæййы æцæг).



2-аг хæслæвæрд - Базонын, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ.

1. «Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг.»

(«Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

2. «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæцис»

(«Фаззæттæ»)

3. «Иубон кæсгон æлдар сфæнд кодта хъалонмæ фæцæуын. Йæ чегъретимæ

рараст и Хъобанмæ».

(«Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта»)

4. « - Дæлæ уыцы лæджы уыныс? Уый æппындæр ницы æмбары. Кæс-ма

йæм, кæддæра дзы хорз нæ саразин».

(«Зонд æмæ амонд»)

5. «Сæ уæрдæтты цур хъахъхъæнынæн се΄мбæлттæй æмæ Моргуаты

Хадзыйы. Сæхæдæг ацыдысты горæтмæ.»

(«Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куы ацыд.»

6. «- Дада, нæ рæгъаумæ фæцыдтæн, уыцы рауын-бауын фæкодтон

«нæ бæхты, æмæ дзы мæ аккаг бæх нæ разынд.»

(«Сарты фырт»)

7. «Уæд Нарты хистæртæ баунаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм, уырдæм

æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс.»

(«Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг»)

8. «- Цагъды фæуат, Нарт! Сау хæрæг уын сау митæ бакодта! Уый бæсты уын

уæ быныскъуыд куы фенин.»

(«Батрадз æмæ Тыхы фырт Мукара»)



















3-аг хæслæвæрд - Дзырдбыд



ф

æ

н

ы

к

а

з

о

н

д

з

æ


Б

т


æ

м

б

и

с

о

н

д

т


к


ы



р

к

æ

ф

хъ

у

ы

н

д

а

р

æ

ы

т

Б

у

дз

и


æ

л

х

у

ы

й

  1. Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй?

  2. Фиййауы фос бирæгъæн чи хæрын кодта?

  3. Дæлдзæхы кæмæн аласта Сарты фырт хъалонæн æлдары иунæг чызджы?

  4. Цы-иу сæппæрста Сарты фырт мæсыджы бадæг устытæн?

  5. Чи фервæзын кодта æдылыйы ауындзæнæй?

  6. Кæм хъазыди чысыл Батрадз, нарты куывдмæ йæм куы фæдзырдтой, уæд?

  7. Адæмон сфæлдыстады хуыз.

  8. Мæгур лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты?

  9. Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ?

  10. Нартæй бонджындæр (хъæздыгдæр) чи уыди?




4-æм хæслæвæрд - «Мах - сымахæн, сымах - махæн»

Командæтæ (кълæстæ) рагацау баццæттæ кодтой (кæрæдзийæн)

уыци-уыцитæ æмæ сæ кæрæдзийæн даттынц.

(Алы кълас дæр бацæттæ кодта фæйнæ 6 уыци-уыцийы - 3:3)

5- æм хæслæвæрд - Дзырдуат

Цы нысан кæнынц дзырдтæ:

  1. Калак -

  2. Мусонг -

  3. Стæр -

  4. Чырæ -

  5. Хъалон -

  6. Сомихаг -

  7. Джебогъ лæдзæг -

  8. Æнтыд -

  9. Идон -

6 - æм хæслæвæрд - Раздзогты ерыс.

I. Æмбисонд кæронмæ ахæццæ кæн.

1. Æдылы хъæдмæ (дыууæ цыды кæны).

2. Æмвæнд, æмдзырд адæмæн (Хох дæр нæ лæууы).

3. Зивæггæнагæн йæ (гуыл хомæй баззад).

4. Куыстæн йæ сæр - (сындз, йæ бын - сой).

5. Хуры разæй дæр (лæг йæ сыхаджы фæны).

6. Чи цас федта, (уый бæрц зоны).

II. Базон-базон, уый та циу?

  1. Йæ къоппа - хырх, йæ дымæг - æхсырф. (Уасæг)

  2. Сырх у, адджын у, йæ куырæт та цъæх у. (Харбыз)

  3. Къахынц æй, дасынц æй, уæддæр сын пайда хæссы. (Зæхх).

7-æм хæслæвæрд - Базонут, кæцæй сты ацы иллюстрацитæ.

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн иугай æвдисы иллюстрацитæ.

8-æм хæслæвæрд - Æмбисæндтæ чи фылдæр зоны.

Командæтæ радыгай дзурынц æмбисæндтæ. Се΄мбисæндтæ цы комадæйæн фæуой, уый ерысæй рахаудзæн. Дарддæр тох цæуы дыууæ командæйы æхсæн. Æмбисонд чи нал зона, уыцы командæ фембылды, иннæ та - рамбылдта.

9-æм хæслæвæрд - Адæмон хъæлдзæг ныхæстæ.

Алы командæ дæр рагацау бацæттæ кодта чысыл инсценировкæтæ ирон адæмон хъæлдзæг ныхæстæй.

III. Кæронбæттæн

  1. Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.

  2. Ахуыргæнæг дæр кæны хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ зæгъы сывæллæттæн,жюоийæн.

  3. Грамотæтæ раттын.

Спайдагонд литературæ:

Гæззаты Татьянæ. Ирон литературæйы урок 5 - æм къласы. «Аргъæутты дунейы»|| Рухстауæг, 2007, №1. ф.83 - 86.

© 2010-2022