Интегративон урок Малиты Геуæргийы поэмæ «Темур-Алсахъ»-æй

Раздел Другое
Класс 11 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

16

Темæ: Интегративон урок Малиты Геуæргийы поэмæ «Темур-Алсахъ»-æй.

Нысан: Лæвæрд пъланмæ гæсгæ равзарын поэмæ, скæнын тематикон æмæ композицион анализ, бабæттын истори æмæ музыкæимæ.

Пълан: 1. Уацмысы равзæрды историон цаутæ æмæ йæ бастдзинад фольклоримæ.

2. Сюжет.

3. Композици.

4. Фæлгонцтæ.

5. Темæ, идейæ.

6. Фыссæджы цæстæнгас цаутæм, йæ геройтæм.

7. Уацмысы аивадон мадзæлттæ.

8. Хъомыладон ахадындзинад.

9. Бастдзинад абон цардимæ.

10. Фыссæджы сфæлдыстады ахадындзинад.

Урочы фæлгонц: Фæйнæг. Геуæргийы портрет, цитатæтæ, буклеттæ, телевизор æд видео, проигрыватель, ирон фæндыр, иллюстрацитæ, журналтæ "Ирæф", "Мах дуг", газеттæ "Дигорæ", "Рæстдзинад", "Северная Осетия"-йы выставкæ хъæугæ æрмæгимæ.

Фæйнæгыл: урочы темæ, йæ бынмæ эпиграф:

... Æнцæ Дигорæ хецмæрез,

Æлдар хуннуй сæмæ стур нез...

... Фал дæн цæй туххæй æз лæгмар?

Æз нæ уодæнсун æлдайрад...

(Амæй бынмæ æрмæг уагъд у компьютеры).

Эпиграфы бын - Геуæргийы портрет ахæм фыстытимæ:

"Хормæ скæнетæ фæндаг".

Портреты фæйнæфарс - ципатæтæ:

Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуетæ æнгом,

Нифс, лæгдзинайдæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном...

Малиты Геуæрги

... Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй...

Къоста

Фæйнæгыл ноджы бындæр Абайты Васойы къам æд цитатæтæ:

"Иалиты Геуæрги у ирон

романтизмы бындурæвæрæг."

Абайты Васо

Теуæргийы æмдзæвгæ у уылæны хъазтау тасгæ-уасгæ,

арвæрттывдау - ирд, кристаллау - рæсуг."

Абайты Васо

Фæйнæгыл фæрсырдыгæй - урочы пълан уацмыс æвзарынæн.

Пълан:

  1. Уацмысы равзæрды историон цаутæ æмæ йæ бастдзинад фольклоримæ.

  2. Уацмысы сюжет.

  3. Композици.

  4. Фæлгонцтæ.

  5. Темæ, идейæ.

  1. Фыссæджы цæстæнгас цаутæм, йæ геройтæм.

  2. Уацмысы аивадон мадзæлттæ.

  3. Уацмысы хъомыладон ахадындзинад.

  4. Уацмысы цауты бастдзинад абоны цардимæ.

10. Фыссæджы сфæлдыстады ахадындзинад.

Хæсгæ фæйнæгыл терминтæ æмæ композицийы хæйттæ, зын дзырдтæ.

Композици:

7. Экспозици

  1. Бабаст

  2. Архайды рæзт

  3. Кулъминаци

  4. Архайды рæзт (райхæлдмæ)

  5. Райхæлд

Терминтæ:

7. Экспозици

  1. Романтизм

  2. Темæ

  3. Идейæ

  4. Поэмæ

  5. Сюжет

  6. Композици

  7. Бабаст

  8. Кулъминаци

  1. Райхæлд

  2. Символизм

  3. Ямб

  4. Æрфыст

  5. Фольклор

Зын дзырдтæ:

Новоосетинское - Мæсыгхъæу Черноярское - Дзæрæсте

Рæубес - сæгуытт

Хецмæрез - сæрыстыр

Нийвадæй - ныффæлурс

Зуст кæнуй - тызмæг кæны

Къуругъос - къуырма

Фалдзос - дарддæр

Æд цъел, æд мелæ - гыццылæй, стырæй

Индтуг - сыгъдæг туг

Булгъахъ - æгъатыр

Финддзæуæг - сгарæг

Мургъузæй - хъуынтъызæй

Иллюстрациты выставкæ композицимæ

(æмбæлы сæ хицæн щитыл бакæнын).

Буклеттæ поэты къам æмæ урочы пъланимæ, цитатæтимæ скъоладзаутæн æмæ уазджытæн.

УРОЧЫ ЦЫД:

I. Рацыд æрмæг.

1. Урочы темæ: у Малиты Геуæргийы поэмæ "Темур-Алсахъ".

Ахуыргæнæг: Ацы урочы нæ хæс у лæвæрд пъланмæ гæсгæ равзарын поэмæ, скæнын тематикой æмæ композицион анализ, бабæттын истори, музыкæ, нывкæнынад, уырыссаг литературæимæ.

  1. Ахуыр уæ кæнын хъуыды кæныныл, хи хъуыды æдæрсгæ зæгъын зонын, аивадон фæлгонцтæн анализ дæттын.

  2. Проблемой ситуацитæм хи цæстæнгасæй кæсын.

Ахуыргæнæг: Райстон эпиграфæн поэмæйы рæнхъытæй. Дыгур сты сæрыстыр адæм, æнæуынон сын у æлдарад. Æнæуынон у

æлдарад сæйраг герой Темур-Алсахъæн дæр. Куыд алы эпиграф, афтæ аи дæр у дæгъæл пæ темæмæ. Бафæлвардзыстæм дзы арæхстджын байгом кæнын темæ.

Хæдзармæ уын лæвæрд уыд бакæсыи поэмæ "Темур-Алсахъ" , æдæрсгæ йæ зонын кæсын æмæ дзурыи. Лæвæрд ма уын уыд афæлгæсш саразын Малиты Геуæргийы сфæлдыстадыл

конспекттæ æмæ докладты хуызы лæвæрд скъуыддзæгтæ та наизусть сахуыр кæнын.

Скъоладзау доклад кæсы 3-5 минуты Геуæргийы цардвæндагыл.

Ахуыргæнæг: Малиты Геуæрги у. дыгурон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг. Абайты Васойы загъдау, Геуæргийы æмдзæвгæ у уылæны хъазтау тасгæ-уасгæ, арвæрттывдау - ирд, кристаллау -рæсуг. Цавæр уацмыстимæ йын базонгæ стут астæуккаг кълæсты?

Скъоладзау: Æмдзæвгæ «Федог» , кадæг "Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт".

Ахуыргæнæг: «Федог» Геуæргийæн у йæ программон æмдзæвгæ. Радзурæм ма йæ наизусть.

Скъоладзауы дзуапп: наизусть дзуры.

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Къостайы æмдзæвгæ "Балцы зарæг".

Скъоладзауы дзуапп: наизусть дзуры.

Ахуыргæнæг: Цы сæм ис иудзинадæй дыууæ æмдзæвгæмæ?

Скъоладзау: Дыууæ поэты дæр сидынц махмæ, фæсивæдмæ, ныфсмæ, лæгдзинадмæ, æфсымæрдзинадмæ.

Ахуыргæнæг: (Цитатæтæ фæйнæгæй кæсы «Федог» æмæ "Балцы зарæг"-æй). Бæгуыдæр, дыууæ куырыхон поэты æнусы сæрты дæр сидынц сымахмæ иудзинадмæ, лæгдзинадмæ, ныфсмæ. Ныр та ма, скъоладзаутæ , зæгъут, цымæ нæ бæстæйы историйы цæуыл дзурæг у 1937 аз?

Цыбыр разныхас зæгъы историйы ахуыргæнæг Милдзыхты Ибрагимы фырт Батырбег: доклад 3-5 минуты 1937 азы репресситы тыххæй.

Ахуыргæнæг æй æххæст кæны:

О, уыдонæй иу уыд Малиты Геуæрги, ирон адæмы ахсджиагдæр хъæбултæй иу (цитатæ фæйнæгыл), йæ уацмысты рæнхъытæ уылæны хъазтау тасгæ-уасгæ кæмæн сты, арвæрттывдау - ирд, кристаллау - рæсуг. Фæлæ, стыр хъыгагæн, доклады куыд загъта, ирон адæм дæр кæрæдзимæ фесты. Кæйдæр æдзæстуарзон хахуыр ныхасæй поэт аххосджын æрцыд. Йæ аххос ын фæкодтой, Хъиргъуты Дзанте колхозы арæзтады ныхмæ цы æмдзæвгæ ныффыста, уый.

Фæлæ рæстæг алцыдæр йæ бынаты сæвæры. Бирæ азты размæ йе нахъом сывæллæттæн фæстаг хъæбысы бар кæмæн нæ уыд, Сыбыры бинаг къæйы чи бабын, мидхъеллауы рæстæджы рохуаты чи уыд, уыцы поэты ном ацы бон аккаг бынат бацахста ногæй, чи йæ уарзта, уыцы дзыллæйы æхсæн. Уымæн æвдисæндар-йæ цыртдзæвæны байгом 1999 азы. Æцæг адæмтæ нæ мæлынц. Чи фесты цыртдзæвæн, чи - уътджы ном, чи - зарæг. Чи та ма, уымæй уæлдай, бæлас ныссадзы, фырт схæссы, йæ фæстæ арф уидæгтæ ныууадзы.

Кæд Малиты Геуæргийæн йæ фыртты схæссын нæ бантысти, уæддæр рахъомыл сты, сидзæр зынтæн фидар у, фæразон. Разагъды лæгтæ сæ рауад. Малиты Мурат -зындгонд хирург. Малиты Васо - зындгонд поэт. Малиты Геуæргийы тулдз бæлæстæ.

Ныр та бакæсæм видеокассетæмæ (3-5 мин.)

Дзæуджыхъæуы Геуæргийы цыртдзæвæны байгом.


НОГ ÆРМÆГ

Уæдæ, куыд загътон, нæ урочы темæ у Малиты Геуæргийы "Темур-Алсахъ" . Равзардзыстæм æй лæвæрд пъланмæ гæсгæ (фæйнæгыл пълан). Раздæр уал зын дзырдтыл бакусæм, уымæй уæлдай литературæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.


ДЗЫРДУАТ

Новоосетинское - Мæсыгхъæу Черноярское - Дзæрæсте Рæубес - сæгуыт Хецмæрез - сæрыстыр

(Афыссут сæ литературæйы тетрæдты)


ТЕРМИНТÆ

(Ахæм терм. æмбæлдзыстæм абон урочы)


Романтизм, поэмæ, идейæ, экспозици, сюжет, композици, фольклор, ямб, символизм, æрфыст.

Ныр та пъланимæ базонгæ уæм: (хайгай)

1 . Уацмысы равзæрды историон цаутæ.

Æцæгдзинадæй, раджы заманы, 18 æнусы, Чиколайы цур уыдис хъæу Кет, ныр дæр ма йæ дæрæнтæ уым сты. Кæсгон æлдар аскъæфта рæсугъддæр чызджы хъæубæстæй. Кетойнæгтæй иу хъайтар лæппу æлдары лæгæй-лæгмæ амардта æмæ сын уым фæцæрæн нал уыд. Сыстадысты æмæ иууылдæр алыгъдысты Мæздæгмæ. Æрбынæттон сты дыууæ хъæуы: Новоосетинское (Мæсыгхъæу) æмæ Черноярское (Дзæрæсте). Абон дæр кетонты байзæддæгтæ цæрынц уым. Адæм ацы хъæуыл сарæзтой таурæгътæ "Мæсыгхъæу", "Мæсыгхъæу æмæ Дзæрæсте". Ацы таурæгъты, адæмон сфæлдыстады бындурыл Геуæрги сарæзта йæ поэмæ "Темур-Алсахъ", кæцы сси йæ поэзийы астæумагъз. Фæлæ кæд æцæг цауы бындурыл арæзт у поэмæ, уæддæр у романтикой, уымæн æмæ автор иаутæ афтæ сарæзта, киыд æй фæндыд йæхи сæ фенын. Абайты Васо, цы телеграммæ сæрвыста цыртдзæвæны байгомы рæстæджы, уым зæгъы: "Малиты Геуæрги у ирон романтизмы бындурæвæрæг" .

2. Уацмысы сюжет:

а) Цал хайæ конд у сюжет? (2)

æ) Цалгай сæргæндтæ сæ ис? (I - 6, II - 10)

б) Æрлæууæм ма I хайыл (дзурынц сюжет);

в) II хайыл (музыкæимæ, раздæр хъæлдзæг, уый фæстæ

æнкъард, сюжет бабæттын хъæуы уыимæ). Фæндырæй цæгъд. Хъæлдзæг цагъд скъоладзаутæ бæттынц I сæргондимæ, куывдимæ. Фæлæ «Ханты цагъд» фехъуысгæйæ хатдзæг скодтой, фæдисы зæлтæ дзы кæй хъуысы, ахастой йæ композицийы бабастæй суанг райхæлдмæ. Ам хорз у, ахуыргæнæг куы зæгъа «Ханты цагъды» равзæрды тыххæй. Уый бынтон ахъаз у цагъд темæимæ дæр бабæттынæн.

3. Композицн:

Цы хонæм уацмысы композиции? (Дзуапп).

Щитыл скъоладзауты конд нывтæ æмтъерыйæ. Композици æвзаргæ æвзарыны сæ фæд-фæдыл равæрдзыстæм

Экспозици. I сæрг. айв кæсын. (Кеты хъæуы бынат).

Ныв: Ирæф æмæ Хæзнидон, сæ разы хъæу.

а) Бабаст. II сæрг. наиз. ("рæсугъд æмæ дзæбæх"-ы онг).

Ныв: бæхджыны фæзынд куывды адæмы раз.

æ) Архайды рæзт. IV сæрг. наиз. (чызджы скъæфт, кæсгон æлдары амард).

Ныв: æлдар чызджы фескъæфы, фæдисæпппæ йæ фæстæ, йæ размæ кардæлвæстæй Темур-Алсахъ.

б) Кулъминаци. XIII сæрг. наиз. (геройты амард).

Ныв: Алсахъ æмæ Дигиза мардæй.

в) Райхæлд. XV, XVI сæрг. наиз. (мæрдпгы баныгæд).

Ныв: Куыд сæ сæвæрдтой зæрæджы?.

4. Уацмысы фæлгонцтæ:

æвæрццæг æппæрццæг

Темур-Алсахъ Дзасболат

Дигиза Ахъбад

Кеттаг зæронд лæг Уæздæттæ

Адæмы фæлгонц

Адих ма кæнæм фæлгонцтæ къордтыл. (Скъоладзауы дзуапп).

1. Сæйраг фæлгонц у Темур-Алсахъ. Фыццаг хатт ыл æмбæлæм V сæргонды, æлдары куы амардта, уæд ("Æз дæн кетонтæй"). Дарддæр VII сæргонды ("Мулкæй мæгур, нифсæй - идзаг, худта алке дæр уй лæггаг"). VIII сæргонды рабæрæг йæ удыхъæд, йæ царды нысан.

2. Ссарут ма чиныджы, кæм дзырдта, чызджы кæм куырдта: "... Цæуй нур анз фулдæр, гъай-гъай…" (уый дзурæг у йæ сæрыстырдзинадыл) .

3. Фæлæ ма йæ ноджы иу аххосæй нæ куры. Ссарут ма чиныджы:

"... Æз дæн æлдартæй нур тогдар..."

4. Темур-Алсахъ у хъæбатыр, герой, уæздан, уымæн æмæ йæ цард нывондæн хæссы адæмы сæраппонд. Риу-æмриу æрлæууы фыдгæнджыты ныхмæ. Кæд фæмард уыдзæн уыцы тохы, уый бæрæг нæу.

Алсахъы фæстаг хай уынæм XII сæргонды: Ахъбады æфсад ын йæ хъæу куы басыхтой, уæд уыдонимæ тохы.

  1. Кæсæм XII сæргонд иууылдæр. Ам хъæбатыр ссардта йæ мæлæт.

  2. Темур-Алсахъæн поэмæйы нæй йæ æрфыст, йæ портретон характеристикæ. Фæлæ йæ митæм, йæ ныхæстæм гæсгæ ис саразæн æххæст фæлгонц. Чи уæ куыд хъуыды кæны?

(Скъоладзауы дзуапп).

Уый уыд бæрзонд, хæрзконд, бæзæрхыг лæппу. Йæ бæхыл фидыдта хæххон цæргæсы хуызæн. Йæ фезмæлд - цырд, домбай. Йе сныхас - уæздан, ахадгæ. Фæзындис-иу æппæты бахъуаджы рæстæг йæ адæмæн æххуысæн. Уый у адæмы мастисæг (народный мститель).

Йæ тохы у иунæг, адæмимæ йæм иудзинад нæй, æмæ мæм уый раст нæ ксесы. Адæм-иу фæдисы фæстейы цæмæн баззадысты? Кæнæ та хъæу Ахъбад куы сыгъта, уæд иууылдæр хъæдмæ цæмæн алыгъдысты? Хæцынхъом чи уыд, уыдон Темур-Алсахъы фарсмæ цæуыннæ æрлæууыдыспгы?

Кæд искæйы фæнды, уæд мын дзуапп раттæд.

Æндæр скъоладзау дзуры: Мæнмæ афтæ кæсы, цыма автор барæй

иуварс аиста адæмы, æмæ æппæт фадæттæ дæр сарæзта, Алсахъы лæджыхъæд фенын кæнынæн. Романтикон поэмæйы аивадон æгъдаумæ гæсгæ, ам дæр хъайтар иунæгæй бакæны йе сгуыхтдзинад, кæд адæмы сæрвæлтау æмæ адæмы амондæн у, уæддæр. Ам эпикон адæмон змæлдæй райгуырд романтикон хъайтары сгуыхтдзинад.

Ахуыргæнæг хатдзæгтæ кæны.

7. Ахуыргæнæг: Уæдæ поэмæйы цы сылгоймаг-персонаж ис,

уымæн дæр ма характеристикæ раттæм. Уый у Сеойты Дигиза, æрдхæрæны рæсугъд. Темур-Алсахъ дæр уый уарзы, æлдар дæр уый скъæфы. (VII сæрг. "Адтæй и кизгæ Сеойтæй..."). Тынг дæсны æрфыст у йæ сурæт. Цæстыты раз слæууыд аргъæутты хæрзконд, сæрыстыр чызг. Ахæм чызджы тыххæй-иу æрцæуы фыдбылызтæ, лæгмæрдтытæ.

Чызгæн йæ зæрдæйы уаг райхæлы Темур-Алсахъы марды цур.

Уарзта йæ рагæй, æвæццæгæн, фæлæ йæ фыды ныхасы сæрты

йæ бон ахизын нæ бацис, Темур-Алсахъ æй куы куырдта, уæд

(ХIV - ХV сæргæндтæ кæсæм).

8. Уæ хъуыдытæ зæгъут ацы персонажы тыххæй.

Скъоладзауы дзуапп: Кæд æй Дигиза афтæ уарзта, уæд

цæуылнæ бауæндыд йæ фыды ныхмæ рацæуын. Мæн ахæм арф æнкъарæнимæ ничи бауромид. Дигиза мæм кæсы æгæр тæппуд. Йæхи кæй амардта, уый дæр мæм тæппуддзинад кæсы. Лæппуйы æгасæй йæ хъуыд стох кæнын йæ уарзондзинадыл.

(Иннæтæ дæр сæ хъуыдытæ зæгъæд).

Æндæр скъоладзау: Мæнмæ та афтæ кæсы, Дигиза дæр сгуыхтдзинад кæй равдыста. Ныр кæй æрбацыд Темур-Алсахъы мардмæ, уымæй дæр карз æгъдæутты сæрты ахызт. Равзæрста мулк нæ, фæлæ адæймагон хъæздыгдзинад, кæцыйæ хайджын уыд Темур-Алсахъ. Адæймагмæ вæййы æвæрд хъарутæ, кæцытæ йæхæдæг дæр нæ фæзоны. Уыдон райхæлынц экстремалон ситуацийы. Ахæм ситуаци та Дигизæйæн у Темур-Алсахъы амард.

9. Чи зæгъдзæн, ирон литературæйы ма цавæр уацмыстæ зонут ахæм кæронимæ («Азау», «Азджериты Куыцыкк»).

  1. Кетаг зæронд лæг. У адæмæй æрвыст. Æвдыст дзы æрцыд йæ фæлгонцы адæмы æппæт хорздзинæдтæ. (III сæрг. «Уæд æристадæй æд лæдзæг»).

а) Адæмы фæлгонц. Поэт æвдисы адæмы зондджын. сæрыстыр, æгъдауджынæй. Фæлæ, хъыгагæн, бахъуаджы сахат Алсахъы фарсмæ не 'рлæууыдысты. Уымæн ис йæхи аххосæгтæ, кæсгон æфсады ныхмæ æгæр гыццыл уыдысты.

б) Дзасболат æмæ Фыдæй-фыртмæ сты тугцъиртæ. (III сæрг. «…Æлдар нийвадæй, зуст кæнуй». X сæрг. «Ахъбад æ билтæ æууелуй».)

(Скъоладзаутæн ныхасы бар).

5. Темæ, идейæ:

а) Темæ - кеты адæмы тох кæсгон æлдæрттимæ.

æ) Идейæ - дыгурон, ирон адæймаг цагъардзинад йæ сæрмæ кæй нæ хæссы, æнæуынон ын кæй у.

... Æнцæ Дигорæ хецмæрез,

Æлдар хуннуй сæмæ стур нез...

6 Фыссæджы цæстæнгас цаутæм, йæ геройтæм:

Геуæргийы цæстæнгас цаутæм, йæ геройтæм бæлвырд у. Æнæуынон у йæ геройæн цагъарад. Адæмы фидæн уыны сæрибардзинады. Йæ æвæрццæг геройты уарзы тынг бирæ. Йæ геройыл Темур-Алсахъ кæй сæвæрдта, уый дæр ууыл дзурæг у, йæ уарзон ном у. Уый та баст у ахæм таурæгъимæ:

Раджы, 13 æнусы, тыхгæнæг Темур-Алсахъ бацыд алайнаг хæдзармæ æмæ дзы раскъæфта авд æфсымæры хойы. Æфсымæртæ йæ расырдтой. Æхсæвыгон, зæгъы, арвмæ куы скæсай, уæд дзы фендзынæ авд æфсымæры - авд стъалыйы, кæцытæ ссурынц сæ хойы, Бонвæрноны, æмæ йæ не ййафынц. Райсомырдæм æм куы фæцæйхæццæ кæнынц, уæд æрбайсæфы. Уыцы дугъ цæуы æнусгай. Зæгъынц, Темур-Алсахъ æмæ уыцы хойæ цы цот рацыд, уыдонæй иутæ сты Малитæ. Уымæ гæсгæ Геуæрги йæ сæйраг геройы схуыдта йæ уарзон номæй. Дигизайы куыд уарзы, уый дæр бæлвырд у æрмæст йæ сурæты æрфыстæй дæр.

Поэмæйы æвзаг у тынг музыкалон. Абайты Васойы загъдау, йæ хъуыды йын нæма бамбардзынæ, афтæ дын дæ зæрдæ балхæндзæн йæ кæлæнгæнæг ритм æмæ азæлд. Уылæны хъазтау - тасгæ-уасгæ, арвæрттывдау - ирд, кристаллау -рæсуг, - ахæм у Геуæргийы æмдзæвгæ.

Поэзи у арвæрдыны хуызæн, - нæй йæм къухæй æвналæн, йæ сæрты агæпп кæнæн. Уæлдайдæр та Геуæргийы поэзи. Поэмæ "Темур-Алсахъ" у зарæджы мелодийы хуызæн. Хъус æмæ йæм хъус.

(Скъоладзауы доклад).

7. Поэмæйы аивадон мадзæлттæ:

Поэмæ фыст у ямбæй, къайон рифмæйæ.

Поэмæйы ис аивадон мадзæлттæ.

Абарæнтæ: II сæргонды: "Уæд æвеппайди цавд дорау

Бæхгин æ сæргъи фæссæгъдæй".

XII сæргонды: "Гъе æвеппайди уотемæй

Фæсзард и цъеутæ къуаремæй".

Æрфыст: III сæргонды барджыты ифтотдзинад дзурæг у сæ царды мидисыл: "...Сæ бæхтæ хъал æмæ тæлтæг".

VII сæргонды: "Адтæй и кизгæ Сеойтæй".

Пейзаж: I сæргонды: "Ледзгæй гъæди хурфи аууон

Тундзуй Ирæфмæ Хæзнидон..."

Æнæнхъæлдзинад (внезапность появления): æнæнхъæлæджы-иу кæй фæзынд Темур-Алсахъ, уый у романтикой поэмæйы фæлтæрд амал.

V сæргонды: "Æваст сæ размæ лæг фæцæй".

XII сæргонды: 1 строфа.

Æлгъыст: пайдагонд дзы цæуы эффект фæтыхджындæрæн.

IV сæргонды: чызджы аскъæфты фæстæ : "Уо, Кет,..."

Риторикой фарстатæ: VII - ка и, кæмæй адтæй и лæхъуæн?

XII - йе ка и, ие ка и - бæхбæл мед арт?

XIV - йе ка и - талинги ка цæуй?

Символизм: XVI сæргонды калм хъахъхъæны Алсахъ æмæ Дигизайы æнцойдзинад , цыма раст фыссæг уымæй афтæ зæгъынмæ хъавы, сгуъхтдзинад у фæзминаг æмæ хъахъхъæнинаг абоны фæлтæрæн. Фæлæ, куыд алы символизм, гæнæн ис, æмæ йын æндæр нысаниуæг дæр уа.

8. Уацмысы хъомыладон ахадындзинад:

Скъоладзау: Райгуырæн бæстæ уарзын, сæрибарыл.пгох кæнын нæ ахуыр кæны ацы уацмыс. Куы бахъæуа, уæд, Темур-Алсахъау , нæ цард снывонд кæндзыстæм йæ сæраппонд.

(Æндæр скъоладзау радзурдзæн)

9. Уацмысы цауты бастдзинад абоны цардимæ:

Абоны цардимæ поэмæ раст цыма иу тугдадзинтæй баст у. Уым - XVIII æнус, ныр - XX æнусы кæрон. Адæм та базмæлыдысты. Æппæт дунейы дæр, æппæт Кавказы дæр цы стыр фыдбылызтæ цæуы, уыдон та сæмбæлдысты нæ Ирыстоныл дæр. Нæ сабыр цард та нын халынц. Уый хъулгъайы æрбабырст 1992 азы, Цæцæны змæстытæ, æппынæдзухы амынæттæ, лæгмæрдтытæ.

Æрмæст нæ районы, нæ хъæуы цы фыдбылызтæ цæуы æмæ æрцыд, уыдонæн нымæц дæр над, ис.

10. Фыссæджы сфæлдыстады ахадындзинад:

Йæ ахадындзинад у æгæрон. Геуæргийы поэзийы сыгъдæг суадонæй чидæриддæр фæхъæстæ, уый дзы мыггагмæ бузныгæй баззайдзæн, нал æй ферох кæндзæн. Уымæн йæ алы уацмыс дæр у шедевр, кæсæджы зæрдæскъæфт чи фæкæндзæн, ахæм.

Мæхицæй та ма бафтаудзынæн: ахæм у йæ уацмыстæй æппæты фыццаг " Темур- Алсахъ" . Ацы урочы фæспгæ афтæ кæд исчи зæгъа, дыгурон дзырд мæм фæхæстæгдæр Малиты Геуæргийы сфæлдыстады руаджы, уæд мæ урочы хæс нымайын æххæстыл.

Æмæ йын æнæ афтæ уæвæн дæр нæй. Æнусты сæрты дæр нæм куы дзурынц, куы сидынц иудзинадмæ, ныфс, лæгдзинадмæ нæ разагъды лæгтæ - Хетæгкаты Къоста æмæ Малиты Геуæрги (цитатæтæ кæсын):

"Цæйут, æфсымæртау…" (Къоста).

"Рохсмæ фæсевæд ,тундзетæ..." (Геуæрги).

Ныууадзæм къуыдайраг, дыгурон, ирон.

Иууылдæр ирон стæм, иу лæджы фырттæ, æфсымæртæ. Иудзинады ныхмæ знаг дæр æдых у. Иугай та нæхæдæг æдых стæм.

Бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст: хæдзары ныффыссын сочинени «Цы райстон зондæй Малиты георгийы поэмæ «Темур-Алсахъ» бакæсгæйæ».

Урок фæцис Геуæргийы уарзон зарæг «Чермены зарæг» æмæ Малиты Васойы раныхасæй.

Интегративон урок Малиты Геуæргийы поэмæ «Темур-Алсахъ»-æй.

© 2010-2022