Урок осетинского языка в 10 классе

                                            Ирон  æвзаджы урок 10-æм къласы. Темæ: Синонимтæ æмæ антонимтæ. Урочы  нысан: 1.Сфæлхатын  æмæ  бафидар  кæнын  синонимтæ  æмæ  антонимты  нысаниуæг, сæ  хуызтæ. Арæхсын  сæ тексты пайда  кæнын. Бакусын  ныхасы рæзтыл. 2. Литературæйы  урочы  рацыд  æрмæгимæ  бабæттын темæ. Къордтæй  куыст.  1-аг къорд – ссарын  æмæ  рафыссын  комкоммæ  синонимтæ. Ныффыссын  семæ  дзырдбæстытæ. 2-аг къорд - ссарын  æмæ  рафыссын  контекстуалон  синонимтæ. Ныффыссын  семæ  дзырдбæстытæ.
Раздел Другое
Класс 10 класс
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат rar
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Ирон æвзаджы урок 10-æм къласы.

Темæ: Синонимтæ æмæ антонимтæ.

Урочы нысан:

1.Сфæлхатын æмæ бафидар кæнын синонимтæ æмæ антонимты нысаниуæг, сæ хуызтæ. Арæхсын сæ тексты пайда кæнын. Бакусын ныхасы рæзтыл.

2. Литературæйы урочы рацыд æрмæгимæ бабæттын темæ.

Урочы цыд:

  1. Урочы эпиграф бакæсын æмбæлгæ хъæлæсы уагæй.

Сæумæрайсом,

Сæумæдæвдæг,

Куыдрæсугъддæ,

Куыдхъæлдзæг!

Сыгъдæг дымгæ,

Фæлмæн кæрдæг,

Мæ зæрдæ уæ

Куысцæрдæг.

( Барахъты Гино «Сæумæрайсом» )

- Зæгъут-ма, цæмæн цин кæны поэт боны райдайæныл? Цæмæ йæм æнхъæлмæ кæсы?

- Мæнæн дæр уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ алы бон дæр райдайа зæрдæрухс æмæ æрдзы рæсугъддзинадæй.

Къордтæй куыст.

1-аг къорд - ссарын æмæ рафыссын комкоммæ синонимтæ. Ныффыссын семæ дзырдбæстытæ.

2-аг къорд - ссарын æмæ рафыссын контекстуалон синонимтæ. Ныффыссын семæ дзырдбæстытæ.

Иумæйагфарст:

- Цæмæй хицæн кæнынц комкоммæ æмæ контекстуалон синонимтæ?

- Рафыссут æнгом дзырдбаст: Мæ зæрдæ уæ куы сцæрдæг.

Бацамонут ын йæ хъуыды, ссарут æм антонимон æнгом дзырдбæстытæ. Семæ саразут хъуыдыйæдтæ.

- Интерактивон фæйнæгыл сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ æмæ сын сæ æвæрынад бамбарын кæнын.

- Хибарæй скæнын фонетикон æвзæрст :

1 вариант - РÆСУГЪД,

2 вариант - ХЪÆЛДЗÆГ

2.Эпиграфæн цы æмдзæвгæ равзæрстон, уый автор у не ʹмхъæуккаг Барахъты Гино. Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цы зонæм йæ царды хабæрттæй?

- Иухатт-ма бакæсæм, Алагиры сæумæрайсом куыд æвдисы поэт.

Цæй рæсугъддзинад равдыста Гино? (Нæ Бæстæйы)

- Дзырдтæ Бæстæ æмæ Рæсугъддзинад Гиномæ цавæр уацмысы баиу сты? («Бæстырæсугъд» æмæ «Азджериты Куыцыкк»)

- Зæрдыл æрлæууын кæнын уацмысты жанртæ («Бæстырæсугъд» - радзырд, «Азджериты Куыцыкк» - кадæг), сæ сæйраг хъуыды.

- АУЛÆФТЫ РÆСТÆГ: цавæр дзырд, дзырдтæ æвдисынц лæвæрд нывтæ?

- «Азджериты Куыцыкк» - æй скъуыддзагимæ куыст.

Ныххуды уым, ныззары уæд Азджериты

Хæрзты хуыздæр, ныццæвы уæд йæ сау бæхы.

Йæ ехсыцæф у арвыцæф. Йæ бæхы змæлд

У арвы ʹрттывд. Хæцаг калмау сæрæй хъазгæ,

Куы батæхы уый фалæрдæм йæ сау æфсургъ.

Æфсæст рæгъау хъæддаг сырдтау уым фестъæлфынц.

Сæ фалеты æрбакæны уый зилæнтæ.

Фæстæрдыгæй фæхъæр кæны уый рæгъауыл.

Фæлæ та ʹваст йæхæдæг дæр куы фестъæлфы:

«Азджериты хъазуат Куыцыкк, - куы ныдздзуры, -

Куыд уыдзæн уый? Цы зæгъдзысты, куы фехъусой:

Азджериты хъæбатыр гуырд тыхисæджы

Куы ʹрбатардта фыд-Араппæн сæ бæхрæгъау

Æнæгæрах… æнæтоппы иу хорзгæрах?

Куыд уыдзæн уæд! Уæууай, Куыцыкк, куыд дыл уыдзæн

Уæд зарджытæ, фыдхудинаджы зарджытæ.

Ды сусæгæй куы ратæрай Араппы фос!»

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

  1. Бакæсут текст. Куыд ивы кæсгæйæ хъæлæсыуаг?

  2. Цæмæй фæтарст Куыцыкк?

  3. Ссарут, текст дыууæ дихы акæнæн кæм ис, уыцы бынат. Цавæр ныхмæвæрды бæттæгтæй баст сты кæрæдзиуыл тексты хæйттæ? Куыд æвдисы уыцы бæттæг хъуыдыты раивд?

  4. (Къордтæй куыст - ерысы хуызы) Рафыссын мивдисджытæ разæфтуантимæ(сæ нысаниуæг сын сбæрæг кæнын).

  5. Тексты бахахх кæнын синонимтæ, ссарын сын сæ антонимтæ.

  6. Ставддæрæй фыст дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæн синонимты фæрцы бацамонын сæ нысаниуæг.

  7. Индивидуалон куыст (иу ахуырдзау та кусы фæйнæгыл) Нысангонд хъуыдыйæдтæ равзарын синтаксисон æгъдауæй.

  8. Орфограммæтæм гæсгæ текстæй рафыссын дзырдты къордтæ.

Къордтæ бæрæг кæнынц кæрæдзийы дзуæппытæ, æвæрынц бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст. Ныффыссын нывæцæн-тæрхæттæ ахæм райдианмæ гæсгæ: «Знагыл фæуæлахиз уæвынæн алы мадзал дæр хорз у, фæлæ…»



© 2010-2022