Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат docx
Изображения Есть
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

йцукенгшРГгащзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсмитьбюйцукенгшщзхъчсмитьбюйцукенгшщзхъфывапролджэячсукенгшщзхъфывапролджэячс



Гом урочы пълан


Ирон литературӕйӕ


19.03.2014


Габеты М.Д.


ГАПОУ «СЕВЕРО-КАВКАЗСКИЙ АГРАРНО-ТЕХНОЛОГИЧЕСКИЙ КОЛЛЕДЖ»

Утверждаю

Зам. директора по УР

_________ Ж.Э. Дзебоева

«____»_________2014 г.






Гом урочы пълан

ирон литературӕйӕ 25 къордӕн.

УРОЧЫ ТЕМӔ:

Коцойты Арсены сфӕлдыстад. Йӕ радзырд «Ӕмбӕлттӕ».




ГАБЕТЫ М.Д.

г. АРДОН



УРОЧЫ НЫСАНТӔ:

1. Арсены сфӕлдыстады руаджы банкъарын мӕгуыр адӕмы хъизӕмӕрттӕ, бамбарын фыссӕджы фӕдис, йӕ хъуыды, цы хъавыд адӕмӕн зӕгъынмӕ .

2. Аив кӕсын ӕмӕ инсценировкӕты руаджы ахуырдзаутӕм гуырын кӕнын ирон фысджытӕм уарзондзинад;

3. Ахуырдзаутӕ зоной ӕмгӕртты ᾽хсӕн ӕмбӕлттӕ агурын, темӕмӕ гӕсгӕ.

Урочы фӕлгонц: фӕйнӕг, компьютер, интерактивон фӕйнӕг, презентаци, хикъухтӕй конд карикатурӕтӕ, сценкӕтӕ, хъазтытӕ, райуаргӕ ӕрмӕг, дзырдбыд.

Эпиграф: « Хуыздæрты æвзарын,

Æмбæлтты 'хсæн зон!»

Дырдуатон куыст: Хуыснæг - давæг

Куырыхон - кадджын

Бæзæрхыг - фæтæн риу, фæтæн уæхск

Гæрзарм - хæрзарæхст

Абырæг - тыхгæнæг, хъæуæй лыгъд

Тæраз - уæзбарæн

Урочы цыд:

1.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг: Уӕ бонтӕ хорз!

Ахуырдзаутӕ: Ӕгас цӕут!

Ахуыргӕнӕг: Абон иууылдӕр ам стӕм?

Дзуапп: Абон иууылдӕр стӕм ам, Цӕбиты Муратӕй дарддӕр. Мурат у рынчын ӕмӕ ӕртӕ боны сӕрибар ӕрцыд уроктӕй.

Ахуыргӕнӕг: Цахӕм боныгъӕд уыдзӕн абон, уымӕ цыбыртӕй айхъусӕм.

Ахуырдзау: (дзуры ӕмӕ зонгӕ кӕны абоны боныгъӕдимӕ йе ᾽мбӕлтты).

2. Мотиваци:

Ахуыргӕнӕг: Дарддӕр кӕрӕдзимӕ байхъусӕм лӕмбынӕг, уымӕн ӕмӕ абон мах хъуамӕ нӕ зонындзинӕдтӕн нӕхӕдӕг ӕсаргъ кӕнӕм. Стӕй кӕрӕдзимӕ хъусгӕйӕ дӕр фылдӕр зонындзинӕдтӕ райсдзыстӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы.

Фарст: Кӕрӕдзимӕ бӕстон байхъусӕм. Кӕрӕдзимӕ хъусын хъӕуы ӕви нӕ, уый тыххӕй ӕрхӕссӕм ӕмбисӕнттӕ нӕ царды практикӕйы.

Дзуапп: «Иу зонд хорз, бирӕ та хуыздӕр»;

Дзуапп: «Иу зонд, иннӕмӕн никуы рахъыг кодта»;

Дзуапп: «Ӕмзонд адӕмӕн, тыгӕнӕг тых нӕ ары».

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз.

3. Урочы проблемон уавӕр саразын ӕмӕ цӕлхдур аиуварс кӕнын:

Ахуыргӕнӕг: Абон махӕн фӕйнӕгыл фыст ис эпиграф. Акӕсӕм ӕй ӕмӕ иу хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм. Цымӕ фыссӕг цы хъавыд зӕгъынмӕ? Стӕй нӕ абоны урочы темӕ цы уыдзӕн, цӕуыл дзурдзыстӕм цымӕ?

Ахуырдзау: (кӕсы)

Эпиграф: « Хуыздæрты æвзарын ,

Æмбæлтты 'хсæн зон!»

Дзуапп: Нӕ урочы мах ӕнӕмӕнгдӕр дзурдзыстӕм ӕмгардзинадыл, ӕмбӕлттыл.

Ауыргӕнӕг: Тынг раст зӕгъут. Уӕдӕ бӕстон фӕйнӕгмӕ кӕсут. Кӕд мыййаг зонут ацы фыссӕджы.

1 слайд:

(Фӕйнӕгыл фӕзынд Арсены къам).

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Дзуапп: Коцойты Арсен.

Ауыргӕнӕг: Тынг хорз. Кӕй зонут фыссӕджы, уый мын тынг ӕхсызгон уыд.

2 слайд: Коцойты Арсены цард ӕмӕ сфӕлдыстад. Радзырд «Ӕмбӕлттӕ».

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ауыргӕнӕг: Куыд загътат ӕмӕ куыд уынут, афтӕмӕй мах хъуамӕ абон ӕрдзурӕм Коцойты Арсены цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ. Базонгӕ уӕм Арсены радзырд «Ӕмбӕлттӕ»- имӕ. Урочы мидӕг уыдзӕн фембӕлӕн мӕнӕ ахӕм зынӕмбарӕн дзырдтимӕ:

(уӕ тетрӕдтты сӕ фыссут)

3 слайд:

Дырдуатон куыст: Хуыснӕг - давӕг

Куырыхон - кадджын (фӕзминаг)

Бӕзӕрхыг - фӕтӕнриу (фӕтӕнуӕхсг)

Гӕрзарм - хӕрзарӕхст хӕцӕнгарзӕй

Абырӕг - тыхгӕнӕг, стъигъӕг, хъӕуӕй лыгъд

Тӕраз - уӕзбарӕн.

Ахуыргӕнӕг: Нӕ разы махӕн абон иумӕ ис мӕнӕ ахӕм хӕстӕ ӕмӕ нысӕнттӕ:

4 слайд:

Урочы хӕстӕ ӕмӕ нысӕнттӕ:

1. Арсены сфӕлдыстады руаджы банкъарын мӕгуыр адӕмы хъизӕмӕрттӕ, бамбарын фыссӕджы фӕдис, йӕ хъуыды, цы хъавыд адӕмӕн зӕгъынмӕ;

2. Аив кӕсын ӕмӕ инсценировкӕты руаджы ахуырдзаутӕм гуырын кӕнын ирон фысджытӕм уарзондзинад;

3. Ахуырдзаутӕ зоной ӕмгӕртты ᾽хсӕн ӕмбӕлттӕ агурын, темӕмӕ гӕсгӕ.

Ахуыргӕнӕг: Абоны бонмӕ ӕз иу ахуырдзауӕн бахӕс кодтон цӕмӕй нын бацӕттӕ кӕна Арсены портретыл афӕлгӕст. Радзурӕд йӕ цӕстӕнгас Арсены портретмӕ? Куыд цӕстӕй йӕм кӕсы? Кӕд исты фиппаинӕгтӕ рахатат, уӕд уӕ хъуыдытӕ зӕгъдзыстут смах дӕр.

5 слайд:

Арсены портрет.

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Портретыл афæлгæст:

Ахуырдзау: (Рагацау æй æрцæттæ кæндзæн.)

Кæд искуы исчи ахъуыды кодта дзырд «куырыхон лæг» -ыл, уæд дын мæнæ æргом дзуапп (æвдисы портрет). Арсен у æцæг куырыхон ирон лæг. Йæ портретмæ йын куы æркæсæм бæстон, уæд нæ цæстыты раз слæудзæн, хæрзаив, бæзæрхывг, кары бацæугæ, кадджын ирон лæг. Йæ цæстытæ мæнг æрттывд кæнынц йе'нцъылд ных æмæ æрфгуыты бынæй. Æвæццæгæн йæ адæмы хъысмæтыл у афтæ æнкъард. Йæ фæтæн ных бæрзонд йæхи хæрдмæ систа лæгуынæй. Фæлæ та, уый дæр зондджын лæджы нысæнттæ сты. Йæ дыууæ æрфыджы 'хсæнты даргъгомау фындз хæрзаив йæхи æруагъта йæ урс рихиты астæумæ. Йæ даргъ рихитæ æмæ боцъотæ тынг фидауынц йæ рæсугъд цæсгомыл, раст Уæларвон зæдау. Арсен уарзта хæрзаив конд дзаумæттæ, кæддæриддæр дардта урс хæдон сау галстукимæ æмæ морæхуыз костюмтæ.

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз. Абон нын цалдӕр ахуырдзауы та бацӕттӕ кодтой Арсены царды хабӕрттӕ.

1 - ахуырдзау:

Скъуыддзаг Коцойты Арсены автобиографион къухфыстытӕй.

Ӕз райгуырдтӕн 1872 азы, январы 3-аг бон, Джызӕлы хъӕуы, Терчы облӕсты. Мӕ фыд Бибо уыдис Бӕтӕхъойы хъӕуӕй, Бӕцӕзаты чызг, хъӕздыг хӕдзарӕй. Сабийӕ рынчынтӕ хастон ӕмӕ мӕ ас ме ҆мгӕрттӕй уыд 2-3 азы къаддӕр.

2 - ахуырдзау:

9-10 азы мыл куы ацыд, уӕд мӕ радтой хъӕуы скъоламӕ. Ахуыр тынг хорз кодтон, фӕлӕ иннӕ ахуырдзауты фӕзмгӕйӕ, ӕз дӕр ӕвӕндонӕй цыдтӕн скъоламӕ. Мӕ зӕрдыл лӕууы, иу хатт скъоламӕ нӕ цыдтӕн ӕмӕ мӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр нӕмгӕ-нӕмын бӕгъӕввадӕй ногуард митыл бахӕццӕ кодта скъоламӕ.

3- ахуырдзау:

Рынчынтӕ кӕй хастон, уымӕ гӕсгӕ арӕх цухтӕ кодтон. Иу хатт рынчын уӕвгӕйӕ айхъуыстон, хорз чи ахуыр кодта, уыдонӕн лӕвӕрдтой чингуытӕ 3 ахуыргӕнинагӕн. Уыдонӕй иу ӕз уыдтӕн, фӕлӕ нӕ ирон ахуыргӕнӕг тӕболты Музабег мӕн рынчын ӕнхъӕлгӕйӕ, ӕндӕрӕн снысан кодта мӕ чиныг. Æз ӕссыдтӕн. Мӕ чиныг мӕхи фӕци, фӕлӕ уыцы лӕппуйӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты, ӕмӕ йын уӕд ахуыргӕнӕг йӕхи ног чиныг «Ног фӕдзӕхст» балӕвар кодта.

6 слайд:

Æрыдоны семинар. (Ӕвдиы семинары къам).

4 - ахурдзау:

1888 азы ахуыр кодтон Æрыдоны духовон училищӕйы, фӕстӕдӕр ӕй рахуыдтой семинар. Ам фӕцалх дӕн ӕмдзӕвгӕтӕ фыссыныл дӕр. Ничи мыл тых кодта фыссынӕй, кӕддӕриддӕр истон 5- тӕ.

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуыргӕнӕг: Ӕрыдоны семинары кой скӕнгӕйӕ мах абон ма ӕрхъуыды кӕнӕм иннӕ ирон фысджыты, уый раст нӕ уыдзӕн. Мӕн фӕнды кӕд мыййаг Ӕрыдоны цӕргӕйӕ зонут, чи ма ахуыр кодта уыцы семинары Арсенӕй дарддӕр ирон фысджытӕй?

Дзуапп: Барахъты Гино, Дзанайты Иван (Нигер), Малиты Георги, Гӕдиаты Секъа. (Кӕд ӕй нӕ зоной, уӕд сӕ мӕхӕдӕг ранымайдзынӕн.)

7 слайд:

Барахъты Гино, Нигер, Малиты Георги, Гӕдиаты Цомахъ, Илас Ӕрнигон, Мамсыраты Дӕбе.Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуыргӕнӕг: Арсен 1900 - 1910 азы цардис Калачы, уыцы заман куыста Хуссар Ирыстоны, Чысангомы ахуыргӕнӕгӕй. Уыдис журнал «Ӕфсир»ы сӕйраг редактор. Йӕхи цӕстӕй федта ирон адӕмы хъизӕмӕрттӕ, гуырдзиаг ӕлдӕртты къухы. Мӕгуыр адӕм кӕд уӕгъдгонд ӕрцыдысты ӕлдӕртты уӕззау ӕфсондзы бынӕй, уӕддӕр зӕххытӕ сӕ къухты баззадысты: «Дӕ фӕдджитӕ дӕ фӕсрон асадз ӕмӕ ацу, кӕдӕм дӕ фӕнды уырдӕм» - уыцы бар сын радтой мӕгуыр ирон адӕмӕн. Ӕмӕ уӕд Арсен ныффыста йӕ диссаджы радзырдтӕ: «Фӕдис», «Джанаспи», «Саломи», «Цуанонтӕ», ӕмӕ «Ӕнхъӕл нӕ уыдысты». Ацы радзырдты равдыста мӕгуыр ирон адӕмы хъизӕмӕрттӕ гуырдзиаг ӕлдӕртты къухы, кӕцытӕ федта иууылдӕр йӕхи цӕстӕй. Ам пайда кодта ахӕм псевдонимтӕй: «Хабос», «Ботас», «А.К.» Арсен уыд прозӕйы бындурӕвӕрджытӕй иу, Гӕдиаты Секъайы фӕстӕ.

Арсен 1927 азӕй 1929 азмӕ куыста Цхинвалы журнал «Фидиуӕджы» бӕрнон секретарӕй. Уый фӕстӕ ӕрцыд Дзӕуджыхъӕумӕ. Арсен Амард 1944 азы.

8 слайд:

Арсен Амард 1944 азы. Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуыргӕнӕг: Абоны урокмӕ бацӕттӕ кодтам цыбыр диалогтӕ, скъуыддзӕгтӕ радзырд «Ӕмбӕлттӕ»мӕ гӕсгӕ:

Бамбарӕм пъырыстыфты зыд ӕмӕ ӕгад митӕ, раттӕм сын характеристикӕ сӕйраг архайджытӕн. Табуафси!

Сценкӕ:

1-аг ахуырдзау: - кӕсӕг (автор)

2-аг ахуырдзау: - Иван Кузьмич Топтыго

3 -аг ахуырдзау: - Батырбег

4 -аг ахуырдзау: - облӕсты дохтыр.

9 слайд: Топтыго ӕмӕ Батырбег хъазынц къамӕй.

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Кӕсӕг: Ӕртыккаг зылды пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыго ӕнкъард у абон. Бады стъолы фарсмӕ, цӕуылдӕр тынг тыхсы, хъазы къамӕй облӕсты дохтыримӕ ӕмӕ ӕмбылды фӕци.

Иван Кузьмич: (дзуры облӕсты дохтырмӕ) - 25 сомы мын ӕфстау ратт ӕмӕ ахъазӕм дарддӕр.

Дохтыр: - Нӕ! Нӕ! Нӕ дын ратддзынӕн ӕфстау. Кӕд дӕ дарддӕр хъазын фӕнды, уӕд дӕ бӕх ӕрӕвӕр. Ды йӕ 200 сомӕй балхӕдтай, ӕз та дын йӕ ныхмӕ 400 сомы ӕрӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ хъаздзыстӕм дарддӕр.

Иван Кузьмич: - Цы загътай! (хъӕр кӕны). - Мӕ бӕх! Фӕлтау мӕхи Терчы доны бахсойдзынӕн, мӕ бӕхы ницӕуыл баивдзынӕн… (фестад ӕмӕ хылгӕнӕгӕ фӕцӕуы.)

- Цъуй дӕ нӕ хъӕуы, цъуй? (ацыд)

Кӕсӕг: Уыцы ныхӕсты фӕстӕ чысыл йӕ маст ссыд. (ацыдысты)

Фарст: Сӕйраг архайджытӕ цавӕр литературон терминӕй спайда кодтой?

Дзуапп: - Диалогӕй.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ алчидӕр зонӕд, Арсены «Ӕмбӕлттӕ» фыст у сӕрӕй кӕронмӕ диалогтӕй, бирӕ рӕтты дзы ис монологтӕ дӕр.

10 слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуырдзау: (кӕсы 5- фарс). Диссаджы бӕх та куыд нӕ у пъырыстыфы бӕх: ӕгас горӕты уый хуызӕн никӕмӕ ис. Уыцы бӕхы тыххӕй Топтыгойы ӕгас облӕсты дӕр зонынц. Дохтыр дӕр ӕм рагӕй хъавы, фӕлӕ йӕ къухы не ᾽фты.

11 - слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Батырбег ӕмӕ Иван Кузьмич ӕмбӕлттӕ сты, хӕлӕрттӕ, иумӕ аразынц дӕлгом хъуыддӕгтӕ. Батырбег давы бӕхтӕ, уӕй сӕ кӕны, ӕмӕ алы бӕхӕй дӕр 15 сомы дӕтты Топтыгойӕн. Батырбегӕн фӕндӕгтӕ уый амоны, давд бӕхтӕн гӕххӕттытӕ уый фыссы, йӕ фӕдтӕ дӕр ын уый ӕмбӕхсы.

Ахуыргӕнӕг: Топтыгомӕ раст нал кӕсы Батырбег ӕхцайы фылдӕр хай йӕхицӕн кӕй уадзы, ӕмӕ ӕргомӕй куры Батырбегӕй ноджы дӕр 5 сомы. (Бакӕсӕм цыбыр диалогмӕ ноджыдӕр.)

(дарддӕр диалог)

12 - слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Иван Кузьмич: О,о,о! Батырбег! Раст мӕ ды хъуыдтӕ. Сбад мӕ хӕлар, демӕ мӕ аныхӕстӕ фӕнды.

Батырбег: Бӕргӕ ӕрбадин, фӕлӕ рӕстӕг нӕй, тагъд кӕнын.

Иван Кузьмич: - Рагӕй дын хъавыдтӕн зӕгъынмӕ. Мӕнмӕ дӕ пайдайӕ ӕгӕр гыццыл хауы. Алы бӕхӕн мын 20 сомы куы фидис, уӕд ӕмбӕлттӕй баззаиккам.

Батырбег: (фесхъиудта) - 20 сомы? Уый никуы уыдзӕн! Давгӕ сӕ ӕз кӕнын, уӕй сӕ ӕз кӕнын, топпы размӕ ӕз дарын мӕ риу, уӕд дын цӕттӕйӕ 15 сомы фаг нӕу? Иу гӕххӕт афыссыс ӕмӕ та 15 сомы цӕттӕ.

Иван Кузьмич: - Дӕ бар дӕхи Батырбег. Фӕлӕ нӕ тӕрсыс мыййаг дӕ хицӕутты къухмӕ куы бадӕттон?

Батырбег: - Ӕз дӕн ӕвзӕргӕнӕг, сӕттын ыл ӕз, фӕлӕ уӕд ды та дыууӕ хатты ӕвзӕргӕнӕг куы дӕ. Фӕхыл дӕ де ᾽мбалимӕ, уӕд дӕ дзыхыл хӕцын зон. Ахъуыды кӕн Топтыго. Ӕз джын, уымӕй фылдӕр нӕ раттдзынӕн. Стӕй дӕ рох ма уӕд, ацы фӕндагыл мӕ ды слӕууын кодтай, фӕндӕгтӕ мын ды амыдтай. Фӕлӕ мыл хъастмӕ куы цӕуай, уӕд- иу дӕхи дӕр ма ферох кӕн. ( Ацыд.)

Иван Кузьмич: Цы бакодтон мӕхицӕн! Мыййаг мӕ 15 сомы дӕр куыннӕ уал фӕуа. Мӕхи ӕрбайсӕфтон.

13 слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуыргӕнӕг: Батырбег уӕдмӕ дзӕгъӕлы нӕ бадт, Иван Кузьмичӕн йӕ бӕх фӕбырын кодта. Райсомӕй Топтыго бӕхдоны дуар гомӕй куы ауыдта, уӕд бауад ӕмӕ дзы фыстӕг ауыгъд. (иу ахуырдзау ӕй акӕсдзӕн).

Ахуырдзау: «Дӕ бӕх дын ласын, ӕгӕр хорз у дӕуӕн. Дӕ разы дон цы бӕхӕй фӕласыс, уый дын фаг у. Хӕрзбон Б.».

Иван Кузьмич: - Аргӕвста мӕ! - Аргӕвста мӕ ӕнӕ кардӕй!!!

14 слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

Ахуыргӕнӕг: Уый адыл Топтыго баззад ӕнӕ бӕхӕй. Уыцы бӕх дӕр йын Батырбег рауӕй кодта 200 соммӕ, ӕмӕ йӕ абон фӕстӕмӕ адавта. Уый адыл ӕмбӕлттӕн фӕцис сӕ хӕлардзинад. Сӕ фӕндаг дӕр фӕдих.

15 слайд:

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

5. Ӕрмӕг бафидар кӕнын:

Фарст: Ацы радзырды мидӕг фӕзминаг фӕлгонц ис мыййаг? Фидӕны дӕ царды мидӕг дзы искӕй бафӕзмис?

Дзуапп: Фӕзминаг фӕлгонц мӕм дзы ничи фӕкаст. Кӕд Батырбег мӕгуыр уыд, уӕддӕр хъуамӕ давыны къахыл ма ныллӕуыдаид.

Фарст: Смахмӕ гӕсгӕ уӕддӕр Батыбег бамбӕрста йӕ рӕдыд?

Дзуапп: Бамбӕрста. Уымӕн ын афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕн ӕвзӕргӕнӕг, сӕттын ыл ӕз, фӕлӕ уӕд ды та дыууӕ хатты ӕвзӕргӕнӕг куы дӕ».

Фарст: Топтыгомӕ цы цӕстӕй ракастыстут смах та?

Дзуапп: Топтыго уыд, зыд, кӕрӕф, мӕгуыры цард ӕм хъуысгӕ дӕр нӕ кодта, йӕ бӕллицц уыд ӕхца ӕмӕ хъӕздыгдзинад.

Фарст: Смахмӕ гӕсгӕ хъӕздыгмӕ чи тырны, бирӕ ӕхцамӕ, уый ӕвзӕр миниуӕг у?

Дзуапп: Ӕвзӕр нӕу, фӕлӕ йӕ искӕй фӕллой ӕмӕ дзыппӕй хъуамӕ ма уарзай, бакус ӕмӕ дын уыдзӕн. Топтыго та Батырбеджы дӕр хуыснӕджы къахыл слӕууын кодта йӕхи пайдайӕн.

Фарст: Батырбег уӕм куыд фӕкаст, ӕнцонтӕй цӕмӕн слӕууыд ахӕм къахыл?

Дзуапп: Уымӕн ӕмӕ мӕгуыр лӕг уыд, йӕ бинонты хӕссын йӕ бон нӕ уыд ӕмӕ йӕм хорз фӕкаст.

Фарст: Фӕйнӕджы эпизодмӕ гӕсгӕ Батырбег хорз ӕмгар ссардта?

Дзуапп: Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы нӕ, мӕгуыр лӕг уыд ӕмӕ йын пъырыстыфимӕ цы уыд иудзинад..

Ахуыоргӕнӕг: Уӕдӕ ӕз дӕр уемӕ разы дӕн. Кӕд фӕрӕдыд Батырбег, уӕддӕр афоныл бамбӕрста Топтыгоимӕ сын иу фӕндаг кӕй нӕй. Ӕргом ӕй загъта, Топтыго кӕй у аххосджын йӕ бӕллӕхтӕн.

6. Рефлекси:

Фарст: Абон смахмӕ гӕсгӕ уӕ урочы темӕ иууылдӕр бамбӕрстат? Чи уыд активондӕр? Зӕгъут уӕ хъуыдытӕ, кӕд ӕз дӕр уемӕ разы он, уӕд сӕ иумӕ раппӕлӕм.

Дзуапп: Абон урочы ӕрмӕг мӕнмӕ гӕсгӕ ӕрцыд ӕмбӕрстгонд, уымӕн ӕмӕ ахуырдзаутӕ сӕхӕдӕг кастысты, диалогты мидӕг ролты хъазыдысты сӕйраг архайджыты бӕсты. Стӕй презентацийы дӕр ӕргомӕй алцыдӕр уыд ӕвдыстгонд, ӕмӕ ӕмбӕрстгонд ӕрцыд темӕйы идея ӕмӕ сюжет. Хуыздӕр та мӕм фӕкаст сценкӕтӕ чи бацӕттӕ кодта, уыцы архайдтытӕ.

Фарст: Смах абон ацы урокмӕ байхъусгӕйӕ уӕ разы исты хӕс ӕвӕрынмӕ хъавут, кӕнӕ исты базыдтат?

Дзуапп: Базыдтам ног дзырдтӕ цалдӕр.

Дзуапп: Базыдтам, ӕцӕгӕйдӕр ӕмбал дӕхи хуызӕн хъуамӕ агурай ӕмбӕлтты ᾽хсӕн.

Дзуапп: Уӕйгӕнӕг кӕй никуы бӕззы. Ӕмбалыл комдзог макуы хъуамӕ рацӕуай.

Дзуапп: Зыд ӕмӕ кӕрӕфӕн йӕ фӕндаг цыбыр кӕй у.

Дзуапп: Давыны фӕндагыл лӕууын нӕ хъӕуы.

Дзуапп: Арсен кӕй уыд ирон прозӕйы бындурӕвӕрджытӕй иу, Гӕдиаты Секъайы фӕстӕ.

Ахуыргӕнӕг: Арсены тыххӕй цас фӕнды куы дзурӕм, уӕддӕр уыдзӕн гыццыл. Фӕлӕ ма мӕн фӕнды Арсены карикатурӕтыл нӕ цӕст адарӕм. Арсен адӕмы царды бартыл тохгӕнӕг кӕй уыди, уый бамбӕрстам, фӕлӕ ма нӕ рӕсугъд ӕгъдӕутты ᾽хсӕн цы фыдуынд ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдоныл дӕр тынг тыхст. Фыста сӕ ныхмӕ, ныв кодта карикатурӕтӕ дӕр, цӕмӕй нӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной сӕ митӕ, ахъуыды сыл кӕной ӕмӕ сӕ нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕй аппарой.

16 - слайд: ?????????????

(карикатурӕтӕ ӕвдисӕм , иу ахуырдзау дзуры цы хъавыд Арсен зӕгъынмӕ, уый, цӕуыл уыд йӕ хъуыды.)

7. Къордтӕй хъазт: Райуаргӕ ӕрмӕг:

Ахуыргӕнӕг: Нӕ урочы темӕмӕ гӕсгӕ ӕрцӕттӕ кодтон дзырдбыд. Дыууӕ дихӕй кусӕм. Чи раздӕр фӕуа, уый фӕуӕлахиз. Рӕстӕг 3 минут.



Хӕдзар аразынӕн хъӕуы…


Сӕрд хъуамӕ уа…


Мӕ райгуырӕн…

Сахатау кусы…

Хорз чи цӕры иумӕ уыдон…

Хъӕддзауы дзаума…

Хуылфы дзаума…

Раздарӕн…

Æ


1


М

Б



Æ

Л



Т

Т



Æ





ДЗУАППЫТÆ: Æрмæг, хъарм, бæстæ, зæрдæ, лымæн, фæрæт, тъанг, куатӕ.

8. Бӕрӕггӕнӕнтӕ: Абон иууылдӕр бакуыстам тынг хорз, мӕ зӕрдӕ уӕ тынг барухс.

Иугай цӕут ӕмӕ алчидӕр мӕнӕ ацы смайликтӕм гӕсгӕ йӕхицӕн равзарӕд бӕрӕггӕнӕн. Ӕрмӕст рӕстдзинадыл уӕхи ахуыр кӕнут. Скӕнут уӕхицӕн раст аргъ, куыннӕ уыл фӕхуда искӕй зӕрдӕ, афтӕ. Ӕвӕрын сын бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Æз куыстон иттæг хорз!

Æз куыстон хорз!

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæÆз куыстон лæмæгъ!

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз. Мӕ зӕрдӕ уыл нӕ фӕхудт. Смах та? Куыд у уӕ хъуыды , мыййаг исчи йӕхицӕн раст аргъ не скодта?

Дзуапп: Махмӕ гӕсгӕ, алчидӕр раст бӕрӕггӕнӕн равзӕрста йӕхицӕн.

Ахуыргӕнӕг: Хӕдзары бакӕут радзырд «Ӕмбӕлттӕ». Ныффыссут Арсены карикатурӕты тыххӕй , абарут сӕ абоны цардимӕ. Хъуыдысты мыййаг Арсен кӕуыл худы, уыцы ӕгъдӕуттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕгъдӕутты ᾽хсӕн? Уый тыххӕй мын цыбыртӕй ныффыссут уӕ хъуыдытӕ.

Абон нӕ урок фӕци. Стыр бузныг уын зӕгъын.

Хӕрзбон.











Хетӕг Ирыстонмӕ цӕмӕн лыгъд?

Хетӕджы Уастырджийы кувӕн къохы равзӕрды таурӕгъ ирон адӕмӕй чи нӕ зоны, ахӕм зын ссарӕн у. Куыд зонӕм, афтӕмӕй йыл Къоста фыста кадӕг ӕмӕ йын кӕронмӕ нӕ фӕци. Уырыссагау дӕр ӕм ис "Хетӕг", йӕ сӕргонды бын ын бафыста: "Кӕрон кӕмӕн никуы уыдзӕн, ахӕм поэмӕйы райдайӕн". Йӕ этнографион очерк "Особа"-йы та Хетӕджы хоны йӕ мыггаджы фыдӕл. Уый фыссы: Нары комы цӕрӕг Хетӕгкатӕ сӕхи нымайынц Хъубаны цӕугæдоны фале ӕрбалидзӕг Хетӕджы байзӕддагыл...

Хетӕг йӕхӕдӕг, куыд дзурынц, афтӕмӕй уыдис къниаз Иналы кӕстӕр фырт. Уыдон цардысты Хъубаны цӕугӕдоны ӕдде йӕ къабаз Стыр Зеленчукы был. Хетӕг чырыстон дин куы райста, уӕд ӕм йе'фсымӕртӕ сфыдӕх сты, ӕмӕ уый адыл ралыгъд Ирыстонмӕ хӕхбӕстӕм. Хетӕджы хистӕр ӕфсымӕр Биаслан нымад цӕуы Кӕсӕджы къниазтӕн сӕ мыггаджы фыдӕлыл, дыккаг Аслӕнбаг та ӕнӕзӕнӕгӕй баззад. Хетӕг Ирыстоны фыццаг хатт кӕм ӕрбынат кодта, уыцы ран ныр дӕр ма кувӕндоныл нымад у. Уый у рагон егъау бӕлӕсты иттӕг рӕсугъд, хъӕдӕй иппӕрд къох Куырттаты комы дымӕгмӕ. Рагон таурӕгъ куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хетӕджы фӕсте сырдтой кӕсгон тыхгӕнджыты бал, ӕмӕ уӕд хъӕды къох Хетӕджы сидтмӕ хъӕдӕй сыстад ӕмӕ Хетӕджы знӕгтӕй бааууон кодта". Уый Уастырджийы фӕрцы. Уый йын баххуыс кодта. Уый йӕм рацыд ӕргом, ӕмӕ йӕ ӕргом зӕд дӕр уымӕн хонӕм. Йӕ тыхсты йӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыд, уымӕ гӕсгӕ та йӕм фӕкувӕм: "Уастырджи, табу дын. Царды нӕ тыхсын макуы бауадз, фӕлӕ-иу, мыййаг, куы фӕтыхсӕм, уӕд Хетӕгӕн куыд баххуыс кодтай, афтӕ - махӕн дӕр!".

Хетӕг чырыстон диныл иузӕрдион кӕй разынд, уымӕ гæсгӕ йӕм йе 'фсымӕртӕ, йӕ хиуӕттӕ, кӕсгон хъӕздгуытӕ сфыдӕх сты. Фӕстагмӕ тæссаг уыди йӕ цардӕн дӕр ӕмӕ йӕ сӕр бафснайынмӕ Хъубанӕй ралыгъд Ирыстонмӕ - зӕгъы адӕмон таурӕгъ. Фӕсте йӕ карз ӕмӕ ӕгъатыр знӕгтӕ кӕй сырдтой, марынмӕ йӕ кӕй хъавыдысты, уый бӕрӕг у таурӕгъы кульминаци - Хетӕджы къохы равзӕрдӕй.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй ацы таурӕгъы фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ цӕуы адӕмы ӕхсӕн. Уымӕн ӕмӕ Хетӕджы фыд Инал цы адӕмыхаттӕй уыд, уый таурӕгъы бӕрӕг-бӕлвырд нӕу. Поэмӕ "Хетӕджы" сау къухфысты йыл бирӕ фӕсагъӕс кодта Къоста дӕр. Иналы адӕмы хоны куы кӕсӕг, куы - алан. Хетæджы хабӕрттӕ кӕцы историон дугимӕ бабӕтта, ууыл дӕр, йӕ къухфыстӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыд дызӕрдыг хъуыдыты: куы Чингисханы кой кӕны, куы - Мамайы, Хъырым-саухалы ӕмӕ Хъырым ханы. Поэмӕйы урсфысты ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: "Алан фӕтӕрынц Мамайы ӕфсӕдтӕ".

Уӕдӕ кӕд Иналы адӕм алан уыдысты, уӕд ма таурӕгъы кӕсӕджы кой цӕмӕн ис ӕмӕ Хетӕг алантӕй Ирыстонмӕ цӕмӕн лыгьд? Иуӕй алантӕ ӕмӕ ир иу адӕм куы сты, иннӕмæй сӕ дин дӕр иу куы уыд. Куыд зонӕм, ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй Хъубаны зылды цы алантӕ цардысты, уыдон чырыстон дин уырысӕй раздæр райстой. Уымӕн ӕвдисӕн Стыр Зеленчукы ӕмӕ Ӕрвхуызы (Архызы) историон аргъуантӕ. Уымӕй алантӕ нӕ ферох кодтой сӕ фыдӕлты ариаг дин дӕр. Уый дӕр раиртасӕн ис, уӕлдӕр амынд историон цыртдзӕвӕнты арӕзтадтыл. Гъе уымӕ гӕсгӕ Хетӕджы чырыстон дин райсыны сӕр ницӕмӕн хъуыд. Ӕмӕ кӕд чырыстон диныл иузӕрдион кӕй разынд, уый тыххӕй йӕм сызнаг сты, уӕд йӕ сӕр хъуамӕ бафснайдтаид чырыстон адӕммӕ. Зӕгъӕм, Гуырдзыстоны, кӕнӕ Хъырымы грекъмӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уыдаид, Хетӕг Хъубанӕй чырыстон Абхазмӕ йӕ ных куы сарӕзтаид, уӕд. Ирыстонӕй йӕм Абхаз ӕввахсдӕр уыд, фӕлӕ уый равзӕрста Ирыстон. Уымӕн ӕмӕ зыдта, уым кӕй цӕрынц йе 'мирон адӕм. Гуыргӕ та ракодта, манголты-тӕтӕры ныббырсты фæстæ ма кӕсӕджы ӕхсӕн алантӕй цы къордтӕ-къордтӕ баззад, уыдонӕй. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй аланты бӕстӕ манголтӕ-тӕтӕр гӕныстон куы фӕкодтой, уӕд нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ иу хай йӕхи бааууон кодта хӕхты, иннӕтӕ къордгӕйттӕй Кавказы иннӕ адӕмты ӕхсӕн баззадысты. Ферох кодтой се 'взаг, се 'гъдæуттӕ, сӕ дин, ӕрмӕст дзы иу хайӕ бынтон нӕ байрох сӕ равзӕрд. Хуымӕтӕджы балхъайрӕгтӕ ӕмӕ хъӕрӕсейӕгтӕ аланты сӕ фыдӕлтӕ нӕ хонынц.

Мӕ хъуыды бафидар кӕныны тыххӕй ӕрхӕсдзынӕн В.А. Кузнецовы чиныг "Очерки истории алан"-ӕй цитатӕ: "Таким образом, аланы имеют ощутимые генетические связи и контакты и с некоторыми другими народами Северного Кавказа - карачаевцами, балкарцами, ингушами, чеченцами, адыгами, в состав которых в различные исторические периоды и по разным причинам оказались включенными более или менее значительные аланские этнические группы".

Уӕдӕ афтӕ: Хетӕг уыд кӕсӕджы ӕхсӕн цы аланты къордтӕ баззад ӕмӕ, пысылмон кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй. Чырыстон дин райсыны сӕр ӕй ницӕмӕн хъуыд. Уыцы ӕгъдау йӕ фыдӕлтӕ бакодтой ӕмӕ йӕ пысылмон динӕй баивтаид, йӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ рауӕлдай кодтаид, уый йӕ сӕрмӕ нӕ хаста ӕмӕ йӕм иннӕтӕ хӕрам кодтой. Ууыл сӕ ардыдтой пысылмон дин парахатгӕнджытӕ. Ӕмӕ йӕм ӕгӕр куы сфыдӕх сты, уӕд йӕ сӕр бафснайдта йе 'мӕвзаг йе 'мгуг, йе 'мдин, адӕмы - ирон адӕмы ӕхсӕн.

Цгъойты Хазби

Открытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен ÆмбæлттæОткрытый урок по осетинской литературе Коцойты Арсен Æмбæлттæ

© 2010-2022