Комкомммӕ ныхас фӕрссаг ныхасӕй ивын

Раздел Другое
Класс -
Тип Конспекты
Автор
Дата
Формат doc
Изображения Нет
For-Teacher.ru - все для учителя
Поделитесь с коллегами:

Урочы темӕ. Комкомммӕ ныхас фӕрссаг ныхасӕй ивын.

Урочы нысан. Бацамонын ахуырдзаутӕн комкомммӕ ныхас

ӕмӕ фӕрссаг ныхасы функцитӕ.

Ахуырдзаутӕн сӕ адӕмы кад, тых, зондимӕ

бӕттын , цӕмӕй сӕ удыхъӕд кӕна хъӕздыгдӕр.

Урочы цыд.

I. Организацион хай.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

III. Ног ӕрмӕг.

1 . Хӕс. Равзарын фӕйнӕгыл фыст хъуыдыйӕдтӕ.

1). Нинӕ скъоламӕ куы рацӕйцыди, уӕд ын йӕ мад загъта: « Нӕ бинонты ма фӕхудинаг кӕн, дӕхи хорз дар! » .

Фарст. Цал хайӕ конд у хъуыдыйад? Кӕм сты кӕйдӕр дзырдтӕ?

Куыд хонӕм мады ныхӕстӕ та? Кӕм лӕууы комкоммӕ ныхас?

Куыд ын ис равдисӕн схемӕйӕ?

Фарст. Цӕмӕн хонӕм мады фӕдзӕхст « комкоммӕ ныхас?» .

2). Ӕри-ма, мӕ мад, цъылын, ныр та ӕз амӕрзон», - загъта Зинӕ, йӕ мадмӕ бауайгӕйӕ.

Фарст . Кӕм лӕууы ныр та комкоммӕ ныхас? Цавӕр ӕрхӕцӕн нысантӕ дзы ис ӕвӕрд? Цавӕр дамгъӕйӕ райдайы комкоммӕ ныхас кӕмфӕнды куы лӕууа, уӕддӕр?

2. Бакӕсын ӕмӕ равзарын раиртӕст.

3. Фӕлтӕрӕнтыл куыст.

1) 235-ӕм фӕлтӕрӕн ( фӕйнӕгыл);

2) 236-ӕм фӕлтӕрӕн ( хибарӕй).

Фарст. Куыд ивы хъуыдыйады пунктуации комкоммӕ ныхасы бынатмӕ гӕсгӕ?

3. Ахуыргӕнӕг. Комкоммӕ ныхасы хъомыс бирӕ у, фӕлӕ йыл бавӕргӕ

дзырдтӕ: дам, зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕмӕ бӕттӕгтӕ: кӕй, куыд, цӕмӕй- куы

амбӕлынц, уӕд йӕ тых асӕттыц, йе 'рхӕцӕн нысантӕ дӕр ӕрбайсӕфынц,

цыбыр дзырдӕй дзы рауайы, фӕрссаг ныхас.

Хӕс. Цы дыууӕ хъуыдыйады ныффыстат фӕйнӕгӕй, уыдонӕй бавӕргӕ

дзырдтӕ: дам, зӕгъы, зӕгъгӕ -йы рауджы саразут фӕрссаг ныхӕстӕ.

4. Бафидар кӕнын рацыд ӕрмӕг.

Ахуыргӕнӕг. Комкоммӕ ныхас ӕрмӕст грамматикон функцитӕ не 'ххӕст

кӕны, фӕлӕ ма, йӕ ныхасыхъӕд,йе стиль, йӕ загъдмӕ гӕсгӕ хъусӕгмӕ

сӕвзӕрын кӕны, равдисы дзурӕджы бӕлвырд удыхъӕд, сурӕт, цӕстӕнгас

истӕмӕ.

Хӕс. Бакӕсын текст « Планетӕ Дударон».

Фарст . Кӕй кой цӕуы ацы тексты? Кӕй ма зонут Иры дирижертӕй?

Хӕс. Ссарут комкоммӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ раивут фӕрссаг ныхӕстӕй.

Фарст. Цӕй руаджы раивтат комкоммӕ ныхас фӕрссагӕй?

Цавӕр бавӕргӕ дзырдтӕ ӕмӕ ма бӕттӕгты руаджы ис раивӕн комкоммӕ

ныхас фӕрссагмӕ?

IV. Кӕронбӕттӕн.

V. Хӕдзармӕ куыст .



© 2010-2022